Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе. Тема урока: Кочысаты Мухарбек "Фыдыбаста"
методическая разработка (8 класс)

Накусова Ирина Ахсарбековна

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе. Тема урока: Кочысаты Мухарбек "Фыдыбаста".Интегрированный урок

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kochysaty_m._fydybasta.docx584.27 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд!»

                     Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-мæ гæсгæ.

Урочы нысантæ: 1.Раиртасын, куыд бæстон базонгæ сты скъоладзаутæ Кочысаты  Мухарбеджы   цард æмæ сфæлдыстадимæ;

2)    Ахуыр кæнын сывæллæтты сæ хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын, аив дзурын  æмæ кæсын;

3)    Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, ныфсхаст æмæ сæрæн уæвыныл ахуыр кæнын ахуырдзауты.

Урочы фæлгонц: проектор: компьютер, презентаци, музыкæ, хæстон нывтæ.

 Урочы эпиграф:     «Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

                             Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

                             Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,

                              Циу цард æнæ сымах? – Ингæн.

                                                Урочы цыд

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Урочы интригœ. Хъуысы сабыр музыкœ Гæджынаты Р. «Фыстæг мадмæ»

Дуар чидæр æрбахоста.Мидæмæ æрбахызт постхæссæг æмæ ахуыргæнæгмæ радта фыстæг-æртæтигъон.

Ахуыргœнœг: Сывœллœттœ,цы мæм радта постхæссæг? Кæцæй æрвыстой ахæм фыстæджытæ? Чи сæ æрвыста? (сывœллœтты дзуаппытœ).

-Цы зарæгмæ хъусут, уый та кæй ныхæстыл фыст у? Сымахмœ гœсгœ,кæуыл  æмæ цæуыл  цœудзœн нœ ныхас абоны урочы? (сывœллœтты дзуаппытœ).

Урочы мотиваци.Ахуыргæнæг: Æртæтигъоны цы фыст ис,уый базондзыстæм нæ урочы кæрон. 

https://ds02.infourok.ru/uploads/ex/11e2/00036d41-8de3ad94/hello_html_3d60fbee.gif

III.Урочы темæйыл куыст

1.Зонындзинæдты актуализаци. Ахуыргæнæг:  22 июнь… 1941 аз. Уыцы сау бон… Тугмондаг немыцаг фашисттæ сæ сау фæндтимæ æрбабырстой нæ сæрибар Райгуырæн бæстæмæ…

Фыдыбæстæйы сæрвæлтау  Ирыстонæй ацыди 84 мин адæймаджы. Уыдонæй 43 минæй фылдæр нал раздæхтис хæсты быдырæй. Бирæтæ дзы уыдысты хæрз æрыгон. Хӕсты быдырӕй нал сыздӕхтысты ӕртын (30) суинаг ирон фыссӕджы, уыдонимӕ Кочысаты Мухарбег дæр. Фыдыбæстæ тæссаг уавæры куы бахауд, уæд  уый  дæр рæстæгмæ ныууагътæ йæ фæндыр æмæ ацыд хæстмæ. 

http://romantikipobedi.ru/cache/7/a/7/d/5/7a7d5532769bb16a9f4623a3a9ee8ef44488eef1.jpeg

Фæуагътон мæ фæндыр рæстæгмæ,

Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард.

Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ,

Æз райстон мæ топп æмæ кард.

Гъеуый тыххæй абон, Ирыстон,

Дæ разы мæ цæсгом у рухс.

Гъеумæн дæн афтæ сæрыстыр, 

Гъеуымæн дæн афтæ хъал æз. 

http://www.iti-museum.com/site_media/media/uploads/instrument/main/dijatonska_harmonika_EMI-2258.png   

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, Мухарбеджы царды хабæрттæ нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм нæ зæрдыл цыбыр тест сæххæст кæнгæйæ.

Тест.

1.Кæд æмæ кæм райгуырдис Кочысаты Мухарбег?

а. 1859 азы Джызæлы

æ.1920 азы Ольгинскæйы хъæуы;

 

2. Кæдæм бацыд ахуыр кæнынмæ 1938 аз?

а. Педагогон техникуммæ

æ.Педагогон институтмæ;

3.Кæцы аз райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ?

а.1930 аз

æ.1934 аз;

4. Кæд рацыд мыхуыры йæ чиныг æмæ цы хуынд?

а.1899 азы  «Ирон фæндыр»

æ. 1940 азы «Мах уарзæм»

5.Кæдæм арвыстой  ахуыр кæнынмæ Мухарбеджы 1941 аз?

а. Ессентукимæ æфсæддон скъоламæ

æ.Дзæуджыхъæумæ танкисты скъоламæ;

6.Цавæр хæрзиуджытæй хæрзæхджынгонд æрцыд?

а. Кады гæххæттæй

æ.Сырх Стъалыйы  орден æмæ майдан «За отвагу»-йæ;

7.Кæд æмæ кæм фæмард фыссæг?

а.1945 азы Берлиныæ

æ.1944 азы Ямполы

8.Кæм баныгæдтой Мухарбеджы?

а.Дзæуджыхъæуы

æ.Украинæйы.

 2.Урочы эпиграфыл куыст.

Хæс: Æрдзурын Райгуырæн бæстæйы ахадындзинадыл адæймаджы царды.

                                «Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

                             Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

                             Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,

                                    Циу цард æнæ сымах? – Ингæн»

Хæс: Æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнын,бамбарын сын кæнын сæ нысаниуæг. (Интерактивон фæйнæгыл куыст)

          1.Йæ Райгуырæн бæстæ  чи нæ уарзы,          (уый царды уæз нæ зоны)

2.Хи хуыккомы мыст дæр…                            ( хъабатыр у)

3.Фыдыбæстæ мадау …                                    (адджын у)

4.Мад, хæдзар, Райгуырæн бæстæ…               ( адджын сты)

3.Ахуыргæнæг: Бирӕ ӕмдзӕвгæтӕ, зарджытӕ, радзырдтӕ фыст ӕрцыд Фыдыбӕстӕ тыххӕй. Абон мах базонгӕ уыдзыстӕм ӕмӕ равзардзыстӕм Кочысаты Мухарбеджы фыст ӕмдзӕгӕ. Цавæр, уый та мын зæгъдзыстут уæхæдæг,лæвæрд дамгъæтæй дзырд куы саразат,уæд. (Фыдыбæстæ)

æ ф б ы с т æ д ы

4. Æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ» зæрдывæрдæй кæсы ахуыргæнæг.

5. Дзырдуатон куыст

а.Дзырдты нысаниуæг æмбарын кæны ахуыргæнæг.

зад хуымтæ- богатые урожаи

дидинæгджын фæз- цветочная поляна

æдас-безопасный

цардамонд-счастье

æвдадзы хос- полезное лекарство

дæ сæрвæлтау- за тебя

б.Къордты куыст.Хæс: Алы къордæн дæр раттын иу дзырд.Сывæллæтты хæс у басгарын дзырды нысаниуæг,ратæлмац æй кæнын уырыссаг æвзагмæ.Йемæ саразын пирамидæ текстыл æнцойгæнгæйæ.

1 къорд                                                                  2 къорд

Бæркад                                                                  Ныфс

бæркадджын фæллой                                           ыстыр ныфс

Нæ бæркадджын фæллой                                    ыстыр ныфс у

Нæ бæркадджын фæллойæ йæ                            Ыстыр ныфс у лæгæн

6.Æмдзæвгæ хи нымæр кæсынц ахуырдзаутæ,стæй та йæ кæсынц хъæрæй радгай.

 7.Ахуыргæнæг. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта æмдзæвгæ?Цы ауад уæ цæстытыл? Цæмæн?

Сныв-ма кæнут уе `нкъарæнтæ гæххæттыл? (Алы къордæй дæр рацæуы иу скъоладзау æмæ ныв кæны.

8.Æмдзæвгæйы анализ.

-Цæмæн схуыдта Мухарбег йæ æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»? Зæгъут ын йæ синонимтæ.(Райгуырæн бæстæ ,фыды зæхх,ныййарæг зæхх)

- Цæмæн у поэтæн райгуырæн зæхх æппæтæй зынаргъдæр?

-Сымах та цавæр сæргонд радтаиккат æмдзæвгæйæн? Цæмæн?

 9.Кластер

-Цавæр ард бахордта нæ лирикон хъайтар?

-Куыд æй у нæ бон схонын? (Патриот)

-Цавæр миниуджытæй хайджын вæййы патриот?        

Хæс: Алы къорды раз дæр авæрын сыгъдæг сыфтæ.Рагацау сын бацæттæ кæнын адæймаджы миниуæг æвдисæг дзырдтæ.Ахуырдзаутæ хъуамæ равзарой се `хсæн ,

патриотмæ ахæссæн цы миниуджытæ ис,уыдон. Баныхасын сæ сыфыл.

адæймагуарзон                    ардауæг

амалджын                            æбæззон

амондджын                          æбуалгъ

артуд                                    æбузн

æвæрццæг                            æвзæр

æгъдауджын                        æвидауц

æмбаргæ                              æгад

æнæзивæг                            æдылы

æнувыд                                æнæрхъуыды

æхсарджын                          æнæууылд

æфсæрмджын                      æнæпайда

æххæстгæнаг                       бæрнон

дзырдарæхст                       дзæбæх

зæрдæхæлар                        зондджын

намысджын                          фыдуаг

IV. Рефлекси. Ахуыргæнæг:  Райгуырæн бæстæ… Фыды зæхх… Ныййарæг мад… Уыдон сты адæймагæн йæ ахсджиагдæр, бæрзонддæр царды нысæнттæ, хæстон тырысатæ. Уыдоны сæрвæлтау æвгъау нæ кодтой сæ рæзгæ цард, сæ удтæ нæ сагсур фæсивæд…   

Нæ сахъ фæсивæд тохы фæзы баззад,

Нæ сахъ фæсивæд нал цауы хъæумæ…

О, цал рæсугъды судзгæ уарзт фæсайдта,

О, цал идæдзæн нал раздæхт йæ мой.

О, цал мады сæ уæлæ скодтой саутæ,

О, цал фыртæн йæ фыд йæ цуры нæй?..

1.Хæс:

1 къорд                                                                    2 къорд

Саразын дзырд «фыдыбæстæ»                            Саразын дзырд «фыдыбæстæ»  

-имæ синквейн                                                      -имæ акростих

 

2.  Кæронмæ ахæццæ кæнын

 Урокæй мæхицæн райстон …

 Æз ахъуыды кодтон…

Мӕн урочы фӕстӕ  бафӕндыд…

3.Байгом кæнын æртæтигъон æмæ бакæсын фыстæг сывæллæттæн.

V. Хæдзармæ куыст. 

1.Œмдзæвгæ  «Фыдыбæстæ» сахуыр кæнын зæрдывæрдæй

2.Ныффыссын фыстæг салдатмæ. 

http://forum-msk.info/attachments/hello_html_m6b48cc74-jpg.9932/


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План-конспект проведения интегрированного урока. Предмет: история и обществознание 8 класс. Тема урока: «Подвиг бескорыстной любви». (В РАМКАХ ИЗУЧЕНИЯ ТЕМЫ "ВОСТАНИЕ ДЕКАБРИСТОВ)

План-конспект проведения интегрированного урока. Предмет: история и обществознание 8 класс. Тема урока: «Подвиг бескорыстной любви» Продолжительность урока: 40 мин.Урок:интегрированнный,по хара...

Урок родного (хантыйского) языка 5 класс Тема урока: «Время глагола».

Урок  родного (хантыйского) языка 5 классТема урока: «Время глагола»....

Технологическая карта урока музыки в 5 классе. Тема урока: «Что роднит музыку и изобразительное искусство…»

Задачи урока:1.    Образовательные - Показать учащимся на примере произведения М.П.Мусоргского взаимосвязь музыки и изобразительного искусства;Развивающие –1....

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе на тему "Мады харзтан бафидан най"-историон-хъайтарон зараг "Задалески Нана"-ма гасга

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе на тему "Мады харзтан бафидан най"-историон-хъайтарон зараг "Задалески Нана"-ма гасга....

Конспект урока по родной(русской) литературе. 8 класс "Иван Сусанин"

Конспект урока по родной (русской)литературе для 8 класса...

Урок по родной русской литературе 6 класс на тему : Былина «Илья Муромец и Святогор». Образ богатырей в былине.

Урок был проведен 25  января 2022 г. в рамках недели открытого урока. Урок был построен в соответствии с его содержанием и поставленным целям и задачам. Время, отведенное на урок было использован...