Методическая разработка по внеурочной деятельности на тему: «ВЕЛИКОЕ ИМЯ - КОСТА» для 5-9 классов
методическая разработка (5, 6, 7, 8, 9 класс)

Гассиева Фатима Графовна

Цель мероприятия: развивать логическое мышление, познавательный интерес, творческую активность учащихся; развивать культуру речи учащихся на внеклассных мероприятиях; воспитывать умение работать в группах, воспитывать любовь к родному языку.

Скачать:


Предварительный просмотр:

      Методическая разработка по внеурочной деятельности на тему:

«ВЕЛИКОЕ ИМЯ - КОСТА» для 5-9 классов, посвященная 161 - летию со дня рождения Коста Левановича Хетагурова.

Цель мероприятия: развивать логическое мышление, познавательный интерес, творческую активность учащихся; развивать культуру речи учащихся на внеклассных мероприятиях; воспитывать умение работать в группах, воспитывать любовь к родному языку.

Задачи мероприятия:

- Расширить представления детей о поэте, художнике, прозаике К. Л. Хетагурове.

- Прививать любовь к творчеству К. Л. Хетагурова.

- Воспитывать уважение К.Л.Хетагурову.

Оборудование:

1. Портрет К. Л. Хетагурова

2. Выставка репродукций картин Коста Хетагурова.

3. Экран с презентацией о Коста Хетагурове

Форма организации деятельности детей: общешкольное мероприятие на осетинском языке.

Хетæгкаты Къостайы райгуырды 161 азы бонмæ                                                     сценари : «ЦЫТДЖЫН НОМ -  КЪОСТА!»

(Хъуысы хъисын фӕндыры мелоди. Ахуырдзау кулисӕты аууонӕй кӕсы ӕмдзӕвгӕ: «ВЕЛИКОЕ ИМЯ – КОСТА»

-В горном ауле в селении Нар                                                                                                       Родился великий поэт,                                                                                                       Всевышним был послан невиданный дар                                                                                   Ему, как меж тьмы просвет.

Лирой своей осветил весь Кавказ,                                                                                         Осетия помнит навеки                                                                                                                Как от горя слезинки пролил не раз,                                                                                       Как испытывал тяжкие муки.

В песне своей воспевал он народ                                                                                                               В житейские бедные годы,                                                                                                   Слушали мрачно рыдания сирот                                                                                          Сжато высокие горы.

Он указал нам жизненный путь,                                                                                                    К единству призвал весь народ,                                                                                          Счастье народа - в этом и суть,                                                                                                             К свободе продолжил наш род.

Ясно с небес над Осетией моей                                                                                                  Ярко сверкает звезда,                                                                                            Блаженствует нас искрой своей                                                                                          Великий наш  гений -  Коста!

                                                     Автор: ЦИПМА-йы 2 курсы студенткӕ                             

                                                                          Дриаты Дианӕ.

Бæрæгбоны райдайæн:

1 амонæг:

 -Уæ бон хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæнт!  Абон нæ республикæйы адæм бæрæг кæнынц сæ уарзондæр хъæбултæй иу – Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 161 азы бон.

2 амонæг:

 – Мин аст сæдæ фæндзай фарастæм азы Нары хъæуы Хетæгкаты Леуаны хæдзары райгуырди, фидæны Ирыстонæн кад чи  æрхæсдзæн, ахӕм саби.

1 амонæг:

  - Рацæудзæн къорд азтæ æмæ Ирыстоны зæххыл айхъуысдзæн Къостайы сидт:

«Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!»…

2 амонæг:

 – Иры уарзондæр поэт, драматург, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг  абон дæр нæу рох Иры зæххыл. Алы аз дæр Кæфты мæйы фынддæсæм боны ирон адæм фæмысынц Къостайы цытджын ном. Алы адӕймаг дӕр кӕддӕр ӕрымысы йӕ сабийы бонтӕ. Цыма Къостайы зӕрдыл та цы ӕрлӕудзӕ йӕ сабийы бонтӕй? Хонæм уӕ  цыбыр театралон равдыстмæ: «Къостайы сидзæр бонтæ».

Инсценировкæ :

(Сценæйы    бады зæронд лæг…..Нана кæрты цыдæртæ архайы

Уалынмæ фæзындысты скъоладзаутæ. Дадайы ӕмӕ нанайы куы ауыдтой, уæд сӕс хӕстӕг бацыдысты ӕм сын салам радтой.)

1 скъоладзау: 

- Уæ бон хорз!

Дада :

- Кæй бон у, уый хорзæх уæ уæд, дадайы хуртæ!

Нана:

ӕстӕгдӕр сӕм балӕууыд)

Боны хӕрзтӕй хайджын ут, мӕ уды гагатӕ! Кæцæй цæут?

2 скъоладзау: 

 - Скъолайæ, нана, скъолайæ!

Дада :

 - Уӕ рынтӕ ахӕрон, æмæ уæ зæрдæмæ цæуы ахуыр кæнын?

3 скъоладзау: 

   - О, тынг, нана, нӕ ахуыргӕнджытӕ нын бирӕ диссаджы хабӕрттӕ фӕкӕнынц.

Дада:

 - Уый хорз у!

1 скъоладзау: 

 - Абон нын ахуыргæнæг ирон номдзыд лæгты тыххæй дзырдта...

Дада: - Æцæгæй?!....Гъама, махæн дæр ма истытæ радзурут!

2 скъоладзау: 

 - Ирыстоны бирæ кадджын лæгтæ уыдис, фæлæ нын абон Хетӕгкаты Къостайы царды хабӕртты тыххӕй дзырдта,

1 скъоладзау: 

- Къостайы райгуырдыл сæдæ ӕхсай иу аз сӕххӕст ӕмӕ не скъолайы бӕрӕгбон уыд, фӕсурокты  уый фӕдыл мадзал ауагътам.

Нана :

( Ӕрбадти дадайы фарсмæ)  Къоста……Ирон адæмы уарзондæр хъæбул…..

3 скъоладзау: 

(Дисхуызæй) Дада, нана, сымах дӕр йæ зыдтат?

Нана:

 - Æмæ Ирыстоны йæхи ирон чи хоны, уыдонæй та чи нæ хъуыды кæны Къостайы ном?!

1  скъоладзау: 

 -  Сымах дӕр ма нын йӕ царды хабӕрттӕй истытӕ радзурут.

2 скъоладзау: 

- Мæнмæ тынг диссаг кæсы иу хабар…

Дада:

 - Цавæр хабар?

2 скъоладзау: 

- Ахуыргæнæг нын афтæ загъта: « Къостайы райгуырдыл ныр сæдæ ӕхсай иу азы рацыди, фæлæ Ирыстоны зæххыл йæ ном рох нæу. Азæй – азмæ  ногæй – ногдæр кæнынц йæ æмдзæвгæйы рæнхъытæ»,-зӕгъгӕ. Цымæ цæмæн?

Дада :

- Гъе, мæ хуртæ!.. Иуæй-иу  адæймаг фæцæры, æмæ иу бæлас дæр нæ ныссадзы йæ номыл. Иннæмæн та, царды уæрæх фæндæгтыл цæугæйæ, баззайы йæ арф фæд. Уалдзыгон хуры тынтау ауды йæ адæмыл.

Нана:

 - Къоста йæ царды фæстаг бонмæ йæ адæмæн арвы стъалыйау фæндаг амыдта. Мæгуыр  адæмы царды рæстдзинадыл тохгæнгæйæ басыгъд.  Уымæн  у æнæмæлгæ йæ ном.

Дада :

 - Уый раджы уыд…….Нары  комы …  Хетæгкаты Леуаны хæдзары райгуырди фидæны номдзыд поэт. Цины хабар айхъуысти æппæт Хетæгкаты мыггагыл. Арфæтæй байдзаг ис бæстæ. Куыд нæ цин кодтаид йæ фыд Леуан, йæ хæдзары бындар фæзынд …..фæлæ…..сæ цин бирæ нæ ахаста….

Нана:

 -Ноггуырд дунейы рухсæн йæ рæсугъд ахорæнтæ нæма федта, нæма банкъардта йæ алфамбылай æрдзы рæсугъддзинад, нæ бафсæст йæ мады хъæбысы хъармæй, афтæ сидзæрæй аззад.

Сценæмæ рацæуы скъоладзау Гуыбианы ролы, йæ къухы саби

(кукла).

Мад: 

- Сидзæр мæгуыр у! Кæй   хъæуы? Чи йæ рæвдаудзæн? Чи йын дæтдзæн ныфс? …..нæ-æ-æ, æнæ мæнæй йын нæй фæцæрæн! Куы ахицæн уон а дунейæ, уæд – иу мæ сидзæры  дæр бавæрут мæ фарсмæ! Уæддæр нæ фæцæрдзæн!…

Сценæмæ рацæуы Чендзе, Гуыбиан сывæллоны дæтты Чендземæ, йæхæдæг ацæуы.

Чендзе : 

– Уый та куыд??? Цардæгас сабийы куыд нывæрон чырыны? Бакæсут ма йæм, йæ сау цæстытæй мæм куыд æдзынæг кæсы. Йæ мидбылты мæм худы, цыма мæм афтæ дзуры: «Мæн цæрын фæнды...» Нæ-æ-æ, уыйбæрц  хъару мæм разындзæн! Схъомыл æй кæндзынæн!.. Адæм хорз сты!..(Сывæллоны йæ хъæбысы ныккæны æмæ ацæуы).

Дада :

- Цыдысты азтæ. Къоста рæзыд хъæлдзæг æмæ зæрдæргъæвд сывæллонæй. Ам Нары хъæуы арвыста йæ сабийы бонтæ. Ам акодта фыццаг къахдзæфтæ, фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Ам йæхи цæстытæй федта мæгуыр æмæ æфхæрд  хæххон адæмы уæззау цард æмæ сæ йæ амæлæты бонмæ нæ ферох кодта.    

Скъоладзау дзуры ӕмдзæвгæ «Чи дæ?»

Мæн иу ус фæхаста

Сывæллон ахуыр

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй мæгуыр…..

Куыд фæрæзта уыййас,

Æппæтæй дæр фаг…

Фæцардтæн æм иу аз,

 Фæдæн  æм дыккаг…

Фæхъомыл дæн афтæ,

Æдæрсгæ цыдтæн….

Кæм заргæ, кæм кафгæ

Æмбырдтыл зылдтæн.

Нана:                                                                                                                                       - Иухатт Чендзе Къостайæн бацамыдта йæ мады ингæн. Уæдæй фæстæмæ алы бон дæр цыдис уæлмæрдтæм. Хаттæй-хатт – иу афтæ бафæлладис кæуынæй, æмæ-иу йæ  мады ингæныл бафынæй.

Ды куы уаис, куыд бирæ йæ уарзис!

Æмбарис дæ фырты зæрдæ.

Тыхмитæ, фыдæй йæ цæргæсау

Ды хъахъхъæнис царды бæргæ.

Нана: 

- Æцæг у, æви мæнг у, чи ма йæ базондзæн, фæлæ….Цард цæуы æмæ Леуан æрхаста дыккаг ус. Йæ иунæг фырты ракодта йæхимæ. Фыдыус мады рæвдыд стæм хатт  бакæны сидзæр сабийæн.

Инсценировкæ :

Гыццыл лæппу Къоста бады зæххыл . къæйдуртыл  цыдæртæ ныв кæны

(Чендзе ссæуы донхæссæнæй, ауыдта Къостайы).

Чендзе:

 -Къоста? Къоста, мæ лæппу, ам иунæгæй цæмæн бадыс? Бæгъæввадæй, бæгъæмсарæй? Фæрынчын уыдзынæ, мæ лæппу. (Хъæбыс æй кæны)

Къоста:

- (Фæгæпп кодта, ратахт йæ размæ,  ныхъхъæбыс ын кодта)

 Гыцци! Цы хъарм къухтæ дын ис. Æвæццæгæн мæхи гыццийæн дæр ахæм къухтæ уыдис.

Чендзе:

- Хæдзармæ цæуылнæ цæуыс?

Къоста:

 -Хæдзармæ? Кæмæ дзы цæуон, исты мæм дзы мæ ныййарæг мад æнхъæлмæ кæсы?   Чындзæн та мæ уынд дæр зын у. Исты  æфсонæй та мæм хæццæн.

Чендзе:

- Цытæ дзурыс, Къоста, уый йæхи афтæ тызмæгæй барæй æвдисы, æндæр дæ уарзгæ нæ кæны?

Къоста: 

-Нæ мæ уарзы , нæ! Куы мæ фены, уæд йæ уазал цæстæнгасæй ме уæнгтæ ауазал вæййынц, мæ буар базыр-зыр кæны æмæ мæм йæ цуры фæлæууыны бæсты зæххы скъуыды ныххауын фæцæуы. Æмæ уæд ралидзын хæдзарæй ацы къуыбырмæ æмæ мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кæнын:

(Æрхауы йæ зонгуытыл йæ къухтæ арвмæ сисы)

- Гыцци, кæм дæ, мæхи гыцци! Акæн мæ дæхимæ. Мæ  бон нал у схуыст ныхас  хъусын, æппаргæ къæбæр хæрын. Ацы царды бæсты мæлæт хуыздæр у!

Чендзе:

-(Тарстхуызæй) Цытæ дзурыс уый?!    Ныхъхъус у! Ды  хъуамæ цæрай!   Хуыцау дæ ацы  Дунемæ дзæгъæлы нæ рауагъта! Цавæрдæр нысан æвæрд ис дæ размæ æмæ йæ хъуамæ сæххæст кæнай! Ма тыхс, мæ хур, дæ тухæнтæ фæуыдзысты.

Ды нын, Къоста, Стыр лæг суыдзынæ! Стыр лæг! Ирыстон сæрыстыр кæмæй уыдзæн, ахæм лæг!

Нана:

 – Рацыд бирæ азтæ æмæ Къоста сси Ирыстонæн кад чи рхаста, Иры адæм сæрыстыр кæмæй сты, ахæм лæг! 

(Ацæуынц )

1 скъоладзау:  Къоста йе ‘мдзæвгæйы афтæ фыста…

 Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ: «Зонын».

Зонын æфсæрмæй кæудзыстут

Бавæрдзыстут мын мæ мард…

Рухсаг у, рухсаг, зæгъдзыстут,

Ницæмæн уал уыд дæ цард.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иубон кæндзыстут мæ дзырд,

Уыйфастæ ферох уыдзынæн

Ничиуал зондзæн мæ цырт…

Фæлæ ам раст раст нæ разынд!

1 скъоладзау: 

- Абон мах, ныры фæсивæды,  тынг фæнды æмæ зæрдиагæй архайæм, цæмæй Къостайы ном ма уа рох Ирыстоны зæххыл!

2 скъоладзау: 

 – Мах тынг фæнды, цæмæй фидæны суæм Ирыстонæн кад чи хæссы, уыцы фæсивæды æмрæнхъ! Æмæ нæ хъысмæт кæдæмдæриддæр куы ахæсса, уæддæр ма ферох кæнæм не ‘взаг, не гъдау, нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, нæ куырыхон хистæрты.

Дада :

 Уæ фæндтæ уæ къухты  бафтæнт, мæ хуртæ!

Нана:

- Рæствæндаг ут, кæддæриддæр!

Скъоладзаутæ:

– Бузныг,  дада!  Бузныг,  нана! (Ахизынц сценæйæ)                                                                       Дарддæр сывæллæттæ кæсынц цыбыр презентацимæ – «Ды Иры зæд- нæ кад æмæ нæ намыс…».

Кæронбæттæны зарæг «Зарæм мах дæуыл, Къоста!»

Зарæм мах дæуыл, Къоста,

Буц кæнæм дæ ном.

Ды «Ирон фæндыр» фыстай,

Бастай Ир æнгом!

Базард:

Хæхтæ æмæ рухс быдыртæ

Цардыл цин кæнынц.

Симды кафты райгæ мыртæ,

Рухс хурмæ зынынц.

Ды куы дæ нæ цин, нæ кад,

Демæ мах цæуæм.

Фарны рухс æмæ бæркад,

Зæрдæйы хæссæм.

1 амонæг : Ахӕм цытджын бӕрӕгбон ӕнӕ кафтӕй нӕ фидауы. Хонӕм уӕ «Хонгӕ кафт»ӕ. (Кафынц «Хъуыбады»-йы мелодимæ ) 

3 скъоладзау:

-Цæудзысты азтæ,

 Ивдзысты фæлтæртæ,

 Æнусты ивдзæнис æнус.

 Фæлæ уæддæр Къостайы дзырды зæлтæ

 Ирон зæххыл сымах уыдзыстут буц.

2 амонӕг:

-«Азтæ цæудзысты, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном

не' рмынæг уыдзæн, раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау æмæ адæм

хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, æнусон сфæлдыстадæй»

(С. Михалков).

Рох не сты нæ фæсивæдæй йæ фарны фæдзæхстытæ:

Чтите науки, любите искусства,

Без малодушья беритесь за труд.

Дети! Тогда благородный чувства,

В вас благодатную почву найдут.

1 амонæг : Нӕ мадзал кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Стыр бузныг, хӕрзбон!

2 амонæг : Нӕ ног фембӕлдмӕ!



По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка по внеурочной деятельности (метапредметная: литература, обществознание) "История появления Конституции"

Методическая разработка по внеурочной деятельности (метапредметная: литература, обществознание). Разработана и проведена к 20 - летию Конституции с обучающимися 8 класса....

Методическая разработка занятия внеурочной деятельности по теме "Природные лекарственные средства"

Разработка включает в себя технологическую карту и сценарий занятия, презентацию и приложения по теме. Цель занятия: сформировать у учащихся убеждение, что каждый человек, собирающийся в поход, должен...

Методическая разработка мероприятия внеурочной деятельности «Нешкольная история. Петербург Петра Великого», 8 класс

Методическая разработка «Нешкольная история. Петербург Петра Великого» сформирована для внеурочной деятельности по программе «История международных отношений» и предназначена д...

Методическая разработка по внеурочной деятельности к 9 мая на тему «День Победы»

Методическая разработка посвящена  героям - землякам Оредежского сельского поселения Ленинградской области Лужского района. Для учеников 5-11 классов....

Методическая разработка занятия внеурочной деятельности по биологии в 8 классе «Культура здоровья человека» по теме: Строение и гигиена ротовой полости.

Данную методическую разработку можно использовать во внеурочной деятельности для проведения классных часов по здоровому образу жизни, на факультативных занятиях, в рамках проведения предметной недели ...

Методическая разработка занятия внеурочной деятельности для 6-8 классов «Деловая игра»

Методическая разработка занятия внеурочной деятельности для 6-8 классов "Деловая игра".  Форма работы- групповая(командная). Цель игры-- формирование математической, финансовой гра...

Методическая разработка занятия внеурочной деятельности по финансовой грамотности на тему: «Кредиты и займы» для учащихся 8-9 классов

Цель занятия: осознание учащимися наличия финансовых рисков, ответственности за выплату кредита.Задачи:1)познакомить учащихся с принципами кредитования, видами кредита;2)развить навыки работы с различ...