Урок по родной литературе в 9 классе
методическая разработка (9 класс)
Рассматривая тематику мифа и религии в контексте развития осетинской литературы, невозможно не отметить вклад выдающейся личности в истории осетинской поэзии Коста Левановича Хетагурова. Главные герои произведений Коста являются носителями основных религиозных догматов и наделены мифической стилистикой, в которых нуждается общественность. Также строки данного автора выступают в качестве, так называемых, лозунгов, которые поучают и побуждают человека на «правильное» восприятие жизни.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
afsati.docx | 338.47 КБ |
Предварительный просмотр:
Урок… Урок – это по моему, мой дом знаний, и я, учитель, – хозяин этого дома.
Осетинский народ очень гостеприимный народ. Хозяин, первым делом, угощает своего гостья, и только потом спрашивает о цели его визита. Мне кажется, что хозяин – учитель, пригласивший на урок – в дом знаний гостей – учеников, должен провести урок, используя весь свой опыт и знания, чтобы дети в дальнейшем захотели прийти на урок снова, должен принять их так, как гостеприимный хозяин принимает гостей, пробудить у них интерес к предмету.
Полученные на уроке знания, так же как и вкус приготовленной пищи, горький или сладкий, полностью зависят от учителя.
«Большое несчастье, когда приёмы учителя отбивают у ребёнка всякую охоту к знаниям, прежде чем он может понять разумные основания, по которым он должен любить их. Первый шаг на пути образования - это привязанность к своему наставнику...» З. Роттердамский
Урок родного языка. Учить подрастающее поколение родному языку, учить, знать и любить его, использовать его неисчерпаемые запасы в жизни – задача и учителя, и родителей.
«Язык народа всегда теснейшим образом связан с национальным духом».
Вильгельм Гумбольт,
Темæ: «Миф æмæ религи Къостайы сфæлдыстады ».
Урочы хуыз: Урок-иртасæн.
Урочы нысантæ:
- Ирон адæмы бардуагты зонын; Къостайы «Ӕфсати»-йы сюжет равзарын.
- Логикон хъуыдыкæнынады райрæзтыл бакусын, къордты кусын зонын, хатдзæгтæ кæнын.
- Адæймаджы удварн фæхъæздыгдæр кæнын.
Универсалон ахуырадон архæйдтытæ урочы:
- удгоймагон – тексты анализ, хъæугæ нформаци ссарыныл куыст;
- регулятивон – къорды кусгæйæ, хи архайдмæ хъус дарын, куысты фæстиуджытыл æрныхас кæнын;
- базонынадон – иртасæн куыст æххæст кæнын;
- коммуникативон – хи хъуыдытæ æххæстæй æмæ аивæй æргом кæнын; иртасæн куысты хæстæ æмæ фарстытæ хынцын.
Урочы цыд
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотиваци. Интерактивон фæйнæгыл ирон адæмы бардуагты ныв.
Ахуыргæнæджы ныхас:
Фæйнæгмæ ма æрбакæсут. Ацы ныв скодта зынгæ ирон нывгæнæг Лотиты Игорь. Абон цæры Мæскуыйы, фæлæ Ирыстоны нæ рох кæны, лæггад ын кæны йæ куыстæй æмæ нын мæнæ ахæм хуызы равдыста ирон адæмы бардуæгты. Кæцыйы кой дзы кæндзыстæм нæ урочы, уый та мын уæхæдæг зæгъдзыстут.
- Ӕрбайхъусут ма мæнæ иу диссаджы таурæгъмæ.
Иуахæмы зæронд цуанон æмæ æрыгон цуанон ацыдысты цуаны. Фæхицæнтæ сты. Зæронд лæг амардта иу саг, арфæ ракодта … æмæ æнхъæлмæ кæсы йе ’мбал.
Уыцы рæстæг æрыгон цуанон къæдзæхты астæу баййæфта сагты рæгъау æмæ сæ цæгъдын райдыдта. Дæс дзы куы амардта, уæд æм … хъæр кæны: «Æгъгъæд у, мæ фосы мын мауал цæгъд!» Фæлæ уый уæддæр мары æмæ мары.
Уæд æм … афтæ тынг смæсты æмæ йæ саугуырм бакодта. Афтæ æрыгон цуаноныл æрцыд сырдты бардуаджы æлгъыст.
Цавæр бардуаджы ном дзы цухгонд æрцыд? Цæмæй йæ базыдтат? ( Уый у сырдты бардуаг Ӕфсати.)
II. Урочы темæйыл куыст. Интерактивон фæйнæгыл Ӕфсатийы ныв.
Ахуыргæнæг:
- Уæдæ абон ныхас кæндзыстæм сырдты бардуаг Ӕфсатийыл, фендзыстæм, миф æмæ религи кæрæдзийы æддаг-мидæг куыд ауадысты Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады, уый.
Чысыл хъусынгæнинагӔфсатийы тыххæй бацæттæ кодта нæ къласы историк. Байхъусæм ма йæм.
Ахуырдзау:
«Ӕфсатийы фæлгонцы баиу сты ирон адæмы мифологи æмæ динуырнынад. Адæм бирæ зарджытæ æмæ таурæгътæ скодтой ацы бардуагыл. Уый дзурæг у ууыл, æмæ сæм цуан кæныны хъуыддæг бæрзонд æмвæзадыл æвæрд кæй уыдис.
Раст æмæ тызмæг бардуагыл нымад у Ӕфсати. Цуанон-иу цуаны æнгуылдзæй ма хъуамæ амыдтаид: Ӕфсати ма фæхæрам уа, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ-иу æгомыгæй амоныны сæр куы бахъуыдис, уæд амыдтой мустучъийæ. Кæд æмæ ацы табу хæлд цыдис, уæд-иу азымджынæн йе̛ нгуылдз æрцавтой лæдзæгæй, афтæ дзургæйæ: «Ӕфсати дын æххуыс кæнæд. Рæнтон Ӕфсатийæн йæ цæст ма къах!»
Цуанкæныны бынатмæ-иу куы бахæццæ сты цуанæттæ, уæд-иу скуывтой Ӕфсатимæ, цæмæй сын йæ хъæддаг фосы рæгъæуттæй фæхай кæна.
Нæ адœммœ Ӕфсатийыл цы зарджытœ ис, уыдоны ацы бардуаг æвдыст цæуы, куыд мœгуыр лœджы сæрхъуызой, йæ аудæг. «Фсати – бог охоты, покровитель бедных охотников и враг знатных»
Ахуыргæнæг:
-Бакæсæм ма Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ӕфсати». ( Съоладзаутæ кæсынц радгай). Къостайы поэзии баст у адæмон сфæлдыстадыл, ирон æвзаджы рæсугъддзинадыл, адæмон фразеологи æмæ фольклоры стилистикон хæзнадоныл. Фольклорон уацмысы бындурыл Къоста ныффыста оригиналон уацмыс.
Фсатийœ зœронддœр
Дауджытœм кœм и?
Къорд «лингвисттæ»-йæн хæслæвæрд уыдис, цæмæй бакусой æмæ сбæрæг кæной дзырдтæ «зæд» æмæ «дауæг»-ы историон ратæдзæнтæ. Байхъусæм ма сæм.
I-аг лингвист: «Дзырд «дауæг» ирон эпосы œмбœлы дзырд «зœд»-имœ иумœ бирœон нымœцы: зœдтœ œмœ дауджытœ. Абон ацы дыууœ дзырды нысаниуœг œмбœрст цœуы иу бœлвырд хъуыдыхœссœгœй.
«Зœд» œмœ «дуаг» сты рагон ирайнаг дзырдтœ: зœд – бардуаг, хуыцау, (иуœй-иу ахуыргœндтœ та йœ тœлмац кœнынц куыд «цыткœнинаг»), дауœг – «тых», «тых хœссœг» рагонирайнаг дзырд «тав»-œй, кœцы нысан кœны «тыхджын уœвын». Уœдœ дыууœ дзырды иумœ нысан кœнынц «хуыцœуттœ œмœ тыхтœ». «Представление о «силах» как особых божественных сущностях рядом с богами коренится в древних иранских и арийских народных верованиях». Уымœн фœнысан кœнынц Ирыстоны алы кœмтты дœр июны мœйы стыр бœрœгбон Дауджытœ.
Къоста дœр Ӕфсатийы дауджытыл нымайы, уый та ирон адœммœ стыр нымад зœд уыд».
II-аг лингвист: «Æндœр адœмтœм дзырд «язат»-œй («зœд»-œй) нысан кœнынц сœ хуыцœутты дœр. Зœгъœм, ног персайнаг эпосы сœ уœлдœр лœууœг хуыцау Ормазды хонынц Изед, Йездан. Кœнœ зороастризмы дœр: «Сам Ахура Мазда именуется язатом – достойным почитания, именно этим словом будут названы старые индоарийские боги, когда восстановится их культ и они войдут в зороастрийский пантеон как «созданные Ахурой».
Зороастризмы уœлдœр хуыцау Ахура Мазда рафœлдыста œвœрццаг уœларвон тыхтœ œмœ сœ схуыдта «Язат»-тœ (ома зæдтæ), сœ цœрœн бынат та ссис Гаронмана, бœрзонд хох Хукарьяйы цъуппыл. Хукарья нымад цыдис иуыл стырдœр хохыл – Хара Березайти (авест. «Высокая гора», среднеперсидский - Харбурз, фарси – Албурз). Ацы фœстаг дзырдœй равзœргœ у абоны Эльбурс – хœхты рагъ Ираны цœгаттаг фарс. Рагон адœмы мифологон дунеœмбарынадмœ гœсгœ та – хœхты рœнхъ Хуссар Кавказœй суанг ныгуылœн Индийы онг. Персайнаг зороастрийаг космологийы Харбурз баст цыдис Эльбурсимœ. Топоним Харбурзœй ма равзœргœ у Кавказы хох Эльбрусы ном дœр. Уœдœ Къостайы Всати дœр бады хœхтœй бœрзонддœрыл:
Хœхтœй дœр бœрзонддœр
Чи у, уый йœ фœци.»
Ахуыргæнæг:
- Замманайы иртасæн куыст бакодтой нæ лингвисттæ.
Ныр та бакæнæм ахæм куыст: дыууæ къордыл фæдих ут æмæ равзарут ацы дыууæ скъуыддзаджы.
Дарддзæст лæппу араст
Айнæджы былмæ,
Къухаууонæй акаст
Сау комы бынмæ...
– Федтон, – загъта, – диссаг:
Комы нарæджы
Курынц иу мæллæг саг
Фараст барæджы!..
Топп — йерæдзыпп, хъримаг,
Бæх — саулох бæхтæ...
Исты сын хæринаг
К'уаид уал цæттæ!.. –
– Гъе, 'рра! – Всати загъта, –
Ахæмты тыххæй
Уастырджи фæдавта
Фос нæ мæгуыртæй;
Ауадз сæ йæхимæ! –
Уый та сæ хынцдзæн,
Давæггаг фыдимæ
Карз арахъхъ дæтдзæн!.
Авд цуаноны бадынц
Айнæджы ныхыл,
Тынг хъазуатæй зарынц,
Нал хæцынц зæххыл...
– О, уæрæйдæ, Всати!
Ракæс, рафæлгæс,
Бæрзондæй ныллæгмæ
Хорз нæ бафæдзæхс!
Мах – дæ уазæг, Всати,
Ды – нæ фæдзæхсæг!
Бæрзондæй ныллæгмæ
Ракæс, рафæлгæс!..
Дзабыр нæй, – æрчъитæ!
Топп рæхсæнтæй баст,
Пакахуд нысчъилтæ,
Сæр æхсырфæй даст...
– Гъе, ныр, гъе, нæхион, –
Разын ныр рæдау!
Аскъæр сыл нæ сион,
Хорз сæ фен, лæгау.
Ахуыргæнæг:
-Ӕфсатийæ кусарт чи куырдта, уыцы цуанæттæ цавæр социалон къæпхæныл лæууыдысты?( 1-аг къорд кусы фыццаг скъуыддзагимæ, 2-аг къорд та дыккаг скъуыддзагимæ).
1-аг къорд. Уыдон хъæздыг адæмы минæвæрттæ уыдысты.
2-аг къорд. Мæгуыр адæм.
-Цæмæй бæрæг у? Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ сты ууыл дзурæг.
1-аг къорд. Топп — йерæдзыпп, хъримаг,
Бæх — саулох бæхтæ...
2-аг къорд. Дзабыр нæй, – æрчъитæ!
Топп рæхсæнтæй баст,
Пакахуд нысчъилтæ,
Сæр æхсырфæй даст...
- Скъоладзаутæ, уæ хъуыдымæ гæсгæ, Ӕфсати кæй фарс балæууыдис, кæмæ раздæхта йе̛ ргом? Мæгуыр адæммæ. – Гъе, ныр, гъе, нæхион, –
Разын ныр рæдау!
Аскъæр сыл нæ сион,
Хорз сæ фен, лæгау.
- Ӕмæ хъæздыг адæмы тыххæй та цы зæгъы ?
- Ӕфсати «ахœмты» хоны хъœздыджыты, зœгъгœ, саулох бœхтыл œрбалœууыдысты фараст барœджы œмœ курынц иу мœллœг саг. Фсати сœ «арвит» нœ зœгъы, фœлœ «ауадз», цымœ сœ фœндаг Фсатийы тыгъдадыл цыдис, афтœ. Уастырджи сœ, зœгъгœ, «фендзœн» мœгуыр адœмœй «радавœггаг фыд» œмœ «карз арахъхъœй». Дзырдтœ «фараст», «давœггаг фыд», «карз арахъхъ» не сты хорз миниуœг œвдисœг. Уастырджи кœцыфœнды бœлццоныл дœр ауды: фœнды абырœг уœд, фœнды раст лœг. Фœлœ Ӕфсати хорзœх œмœ фыдœхы ̕хсœн œвœры цæхгæр арœн.
Ахуыргæнæг:
- Сывæллæттæ, уæдæ ма ахъуыды кæнут æмæ мын зæгъут, уæды дуджы цавæр социалон ныхмæлæуд равдыста автор йе̛ мдзæвгæйы?
Ахуырдзау:
- Уæды заманы социалон дихдзинад тынг ирдæй зындис æхсæнады. Къоста зыдта, царды уæз мæгуыр адæмы уæхсджытыл тынгдæр кæй æрæнцайы, уый æмæ æдзух тох кодта сæ бартыл.
Ӕмдзæвгæйы дæр уынæм ацы ныхмæлæуд. Ам та мæгуыр адæмы фарс балæууыд Ӕфсати, уый у сæ сæрхъуызой.
III. Урочы кæронбæттæн.
Ахуыргæнæг:
- Скæнæм ма синквейн дзырд «Ӕфсатийæн».
Ӕфсати
Тыхджын, раст.
Ӕххуыс кæны, сæрхъуызой у, арфæ кæны.
Хъæддаг сырдты хицау æмæ бардуаг.
Рæстдзинад.
-Абон нæ урочы дзырдтам Ӕфсатийыл. Уый иу кæны ирон адæмы мифологи æмæ религи. Ирыстоны кæмтты абон дæр кувынц æмæ табу кæнынц ацы бардуагæн. Ӕвæдза, стыр тых ис нæ рагфыдæлты динуырнынадæн!.. Уый арф уидæгтæ ауагъта нæ дунеæмбарынады рагзамантæй фæстæмæ, нæ монон культурæйæн та у йæ сæйрагдæр цæджынг. Фæнды мæ, цæмæй нæ урочы кæрон афыссæм æрмæст Ӕфсатимæ нæ, фæлæ æппæт нæ бардуагтæм дæр чысыл кудиаттæ (скъоладзаутæ кусынц къордтæй, фыссынц сæ тетрæдты, кæсынц).
1-аг къорд.
Курæг уæ стæм, цæмæй ирон адæмы фарсмæ лæууат æдзухдæр, цудын сæ макуыуал бауадзут, сæ рагфыдæлты тых æмæ сæм ныфс раздахут!!!
2-аг къорд.
Курæг уæ стæм, цæмæй нын ахъазгæнæг уат, уæ рахиз базыры бын нæ дарут!!!
Ахуыргæнæг:
- Уый хорз у, фæлæ сын сымах дæр исты дзырд хъуамæ раттат, цæмæй уæ куринаг фехъуыса уыдонмæ?
Скъоладзаутæй сæ иу:
-Мах та дзырд дæттæм, нæ фыдæлтæн аккаг сомбон кæй уыдзыстæм, сæ сæр мах тыххæй кæй никуы æркъул кæндзысты.
Ахуыргæнæг:
- Мæ хæлæрттæ,тынг хорз кæрон скодтат нæ урокæн. Ацы ныхæстæ æдзух уæ зæрдыл лæудзысты æмæ уæ никуы ферох уыдзысты. Зæдтæ æмæ дауджыты фæдзæхст уæм не̛ ппæт дæр!
IV. Хæдзармæ куыст: равзарын иу хæслæвæрд:
- Ӕмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.
- Ӕфсатимæ курдит ныффыссын.
Урочы технологон картæ.
№ | Урочы этап | Ахуыргæнæджы архайд | Ахуырдзауты архайд | УАА |
1. | Мотиваци. Интерактивон фæйнæгыл ирон адæмы бардуагты ныв. | Ахуыргæнæджы ныхас: Фæйнæгмæ ма æрбакæсут. Ацы ныв скодта зынгæ ирон нывгæнæг Лотиты Игорь. Абон цæры Мæскуыйы, фæлæ Ирыстоны нæ рох кæны, лæггад ын кæны йæ куыстæй æмæ нын мæнæ ахæм хуызы равдыста ирон адæмы бардуæгты. Кæцыйы кой дзы кæндзыстæм нæ урочы, уый та мын уæхæдæг зæгъдзыстут. Ӕрбайхъусут ма мæнæ иу диссаджы таурæгъмæ. Иуахæмы зæронд цуанон æмæ æрыгон цуанон ацыдысты цуаны. Фæхицæнтæ сты. Зæронд лæг амардта иу саг, арфæ ракодта … æмæ æнхъæлмæ кæсы йе ’мбалмæ. Уыцы рæстæг æрыгон цуанон къæдзæхты астæу баййæфта сагты рæгъау æмæ сæ цæгъдын райдыдта. Дæс дзы куы амардта, уæд æм … хъæр кæны: «Æгъгъæд у, мæ фосы мын мауал цæгъд!» Фæлæ уый уæддæр мары æмæ мары. Уæд æм … афтæ тынг смæсты æмæ йæ саугуырм бакодта. Афтæ æрыгон цуаноныл æрцыд сырдты бардуаджы æлгъыст. Цавæр бардуаджы ном дзы цухгонд æрцыд? Цæмæй йæ базыдтат? | Кæсынц, хъусынц, дзуапп кæнынц. -Уый у сырдты бардуаг Ӕфсати. | Регулятивон: Куысты нысан сбæрæг кæнын. |
2. | Темæмæ рахизыныл куыст | Интерактивон фæйнæгыл Ӕфсатийы ныв. Ахуыргæнæг: - Уæдæ абон ныхас кæндзыстæм сырдты бардуаг Ӕфсатийыл, фендзыстæм, миф æмæ религи кæрæдзийы æддаг-мидæг куыд ауадысты Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады, уый. Чысыл хъусынгæнинагӔфсатийы тыххæй бацæттæ кодта нæ къласы историк. Байхъусæм ма йæм. | Ахуырдзау-историк: «Ӕфсатийы фæлгонцы баиу сты ирон адæмы мифологи æмæ динуырнынад. Адæм бирæ зарджытæ æмæ таурæгътæ скодтой ацы бардуагыл. Уый дзурæг у ууыл, æмæ сæм цуан кæныны хъуыддæг бæрзонд æмвæзадыл æвæрд кæй уыдис. Раст æмæ тызмæг бардуагыл нымад у Ӕфсати. Цуанон-иу цуаны æнгуылдзæй ма хъуамæ амыдтаид: Ӕфсати ма фæхæрам уа, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ-иу æгомыгæй амоныны сæр куы бахъуыдис, уæд амыдтой мустучъийæ. Кæд æмæ ацы табу хæлд цыдис, уæд-иу азымджынæн йе̛ нгуылдз æрцавтой лæдзæгæй, афтæ дзургæйæ: «Ӕфсати дын æххуыс кæнæд. Рæнтон Ӕфсатийæн йæ цæст ма къах!» Цуанкæныны бынатмæ-иу куы бахæццæ сты цуанæттæ, уæд-иу скуывтой Ӕфсатимæ, цæмæй сын йæ хъæддаг фосы рæгъæуттæй фæхай кæна. Нæ адœммœ Ӕфсатийыл цы зарджытœ ис, уыдоны ацы бардуаг æвдыст цæуы, куыд мœгуыр лœджы сæрхъуызой, йæ аудæг. «Фсати – бог охоты, покровитель бедных охотников и враг знатных» | Базонынадон: иртасæн куыст æххæст кæнын. |
3. | Иртасæн куыст. | Ахуыргæнæг: -Бакæсæм ма Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ӕфсати». Къостайы поэзии баст у адæмон сфæлдыстадыл, ирон æвзаджы рæсугъддзинадыл, адæмон фразеологи æмæ фольклоры стилистикон хæзнадоныл. Фольклорон уацмысы бындурыл Къоста ныффыста оригиналон уацмыс. Фсатийœ зœронддœр Дауджытœм кœм и? Къорд «лингвисттæ»-йæн хæслæвæрд уыдис, цæмæй бакусой æмæ сбæрæг кæной дзырдтæ «зæд» æмæ «дауæг»-ы историон ратæдзæнтæ. Байхъусæм ма сæм. | Съоладзаутæ кæсынц радгай. I-аг лингвист: «Дзырд «дауæг» ирон эпосы œмбœлы дзырд «зœд»-имœ иумœ бирœон нымœцы: зœдтœ œмœ дауджытœ. Абон ацы дыууœ дзырды нысаниуœг œмбœрст цœуы иу бœлвырд хъуыдыхœссœгœй. «Зœд» œмœ «дуаг» сты рагон ирайнаг дзырдтœ: зœд – бардуаг, хуыцау, (иуœй-иу ахуыргœндтœ та йœ тœлмац кœнынц куыд «цыткœнинаг»), дауœг – «тых», «тых хœссœг» рагонирайнаг дзырд «тав»-œй, кœцы нысан кœны «тыхджын уœвын». Уœдœ дыууœ дзырды иумœ нысан кœнынц «хуыцœуттœ œмœ тыхтœ». «Представление о «силах» как особых божественных сущностях рядом с богами коренится в древних иранских и арийских народных верованиях». Уымœн фœнысан кœнынц Ирыстоны алы кœмтты дœр июны мœйы стыр бœрœгбон Дауджытœ. Къоста дœр Ӕфсатийы дауджытыл нымайы, уый та ирон адœммœ стыр нымад зœд уыд». II-аг лингвист: «Æндœр адœмтœм дзырд «язат»-œй («зœд»-œй) нысан кœнынц сœ хуыцœутты дœр. Зœгъœм, ног персайнаг эпосы сœ уœлдœр лœууœг хуыцау Ормазды хонынц Изед, Йездан. Кœнœ зороастризмы дœр: «Сам Ахура Мазда именуется язатом – достойным почитания, именно этим словом будут названы старые индоарийские боги, когда восстановится их культ и они войдут в зороастрийский пантеон как «созданные Ахурой». Зороастризмы уœлдœр хуыцау Ахура Мазда рафœлдыста œвœрццаг уœларвон тыхтœ œмœ сœ схуыдта «Язат»-тœ (ома зæдтæ), сœ цœрœн бынат та ссис Гаронмана, бœрзонд хох Хукарьяйы цъуппыл. Хукарья нымад цыдис иуыл стырдœр хохыл – Хара Березайти (авест. «Высокая гора», среднеперсидский - Харбурз, фарси – Албурз). Ацы фœстаг дзырдœй равзœргœ у абоны Эльбурс – хœхты рагъ Ираны цœгаттаг фарс. Рагон адœмы мифологон дунеœмбарынадмœ гœсгœ та – хœхты рœнхъ Хуссар Кавказœй суанг ныгуылœн Индийы онг. Персайнаг зороастрийаг космологийы Харбурз баст цыдис Эльбурсимœ. Топоним Харбурзœй ма равзœргœ у Кавказы хох Эльбрусы ном дœр. Уœдœ Къостайы Всати дœр бады хœхтœй бœрзонддœрыл: Хœхтœй дœр бœрзонддœр Чи у, уый йœ фœци.» | Коммуникативон: ныхасы рæзтыл куыст. Базонынадон: иртасæн куыст æххæст кæнын. |
4. | Къордты куыст. Беседа. | Ахуыргæнæг: - Замманайы иртасæн куыст бакодтой нæ лингвисттæ. Ныр та бакæнæм ахæм куыст: дыууæ къордыл фæдих ут æмæ равзарут ацы дыууæ скъуыддзаджы. Ахуыргæнæг: -Ӕфсатийæ кусарт чи куырдта, уыцы цуанæттæ цавæр социалон къæпхæныл лæууыдысты?(1-аг къорд кусы фыццаг скъуыддзагимæ, 2-аг къорд та дыккаг скъуыддзагимæ). -Цæмæй бæрæг у? Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ сты ууыл дзурæг. - Скъоладзаутæ, уæ хъуыдымæ гæсгæ, Ӕфсати кæй фарс балæууыдис, кæмæ раздæхта йе̛ ргом? - Ӕмæ хъæздыг адæмы тыххæй та цы зæгъы ? - Сывæллæттæ, уæдæ ма ахъуыды кæнут æмæ мын зæгъут, уæды дуджы цавæр социалон ныхмæлæуд равдыста автор йе̛ мдзæвгæйы? | 1.Дарддзæст лæппу араст Айнæджы былмæ, Къухаууонæй акаст Сау комы бынмæ... – Федтон, – загъта, – диссаг: Комы нарæджы Курынц иу мæллæг саг Фараст барæджы!.. Топп — йерæдзыпп, хъримаг, Бæх — саулох бæхтæ... Исты сын хæринаг К'уаид уал цæттæ!.. – – Гъе, 'рра! – Всати загъта, – Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыртæй; Ауадз сæ йæхимæ! – Уый та сæ хынцдзæн, Давæггаг фыдимæ Карз арахъхъ дæтдзæн!. 2. Авд цуаноны бадынц Айнæджы ныхыл, Тынг хъазуатæй зарынц, Нал хæцынц зæххыл... – О, уæрæйдæ, Всати! Ракæс, рафæлгæс, Бæрзондæй ныллæгмæ Хорз нæ бафæдзæхс! Мах – дæ уазæг, Всати, Ды – нæ фæдзæхсæг! Бæрзондæй ныллæгмæ Ракæс, рафæлгæс!.. Дзабыр нæй, – æрчъитæ! Топп рæхсæнтæй баст, Пакахуд нысчъилтæ, Сæр æхсырфæй даст... – Гъе, ныр, гъе, нæхион, – Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен, лæгау. 1-аг къорд. Уыдон хъæздыг адæмы минæвæрттæ уыдысты. 2-аг къорд. Мæгуыр адæм. 1-аг къорд. Топп — йерæдзыпп, хъримаг, Бæх — саулох бæхтæ... 2-аг къорд. Дзабыр нæй, – æрчъитæ! Топп рæхсæнтæй баст, Пакахуд нысчъилтæ, Сæр æхсырфæй даст... Мæгуыр адæммæ. – Гъе, ныр, гъе, нæхион, – Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен, лæгау. - Ӕфсати «ахœмты» хоны хъœздыджыты, зœгъгœ, саулох бœхтыл œрбалœууыдысты фараст барœджы œмœ курынц иу мœллœг саг. Фсати сœ «арвит» нœ зœгъы, фœлœ «ауадз», цымœ сœ фœндаг Фсатийы тыгъдадыл цыдис, афтœ. Уастырджи сœ, зœгъгœ, «фендзœн» мœгуыр адœмœй «радавœггаг фыд» œмœ «карз арахъхъœй». Дзырдтœ «фараст», «давœггаг фыд», «карз арахъхъ» не сты хорз миниуœг œвдисœг. Уастырджи кœцыфœнды бœлццоныл дœр ауды: фœнды абырœг уœд, фœнды раст лœг. Фœлœ Ӕфсати хорзœх œмœ фыдœхы ̕хсœн œвœры цæхгæр арœн. - Уæды заманы социалон дихдзинад тынг ирдæй зындис æхсæнады. Къоста зыдта, царды уæз мæгуыр адæмы уæхсджытыл тынгдæр кæй æрæнцайы, уый æмæ æдзух тох кодта сæ бартыл. Ӕмдзæвгæйы дæр уынæм ацы ныхмæлæуд. Ам та мæгуыр адæмы фарс балæууыд Ӕфсати, уый у сæ сæрхъуызой. | Коммуникативон: хи хъуыдытæ бæлвырдæй æмæ æххæстæй дзурын |
5. | Кæронбæттæн. Рефлекси. Къордты куыст. | - Скæнæм ма синквейн дзырд «Ӕфсатийæн». -Абон нæ урочы дзырдтам Ӕфсатийыл. Уый иу кæны ирон адæмы мифологи æмæ религи. Ирыстоны кæмтты абон дæр кувынц æмæ табу кæнынц ацы бардуагæн. Ӕвæдза, стыр тых ис нæ рагфыдæлты динуырнынадæн!.. Уый арф уидæгтæ ауагъта нæ дунеæмбарынады рагзамантæй фæстæмæ, нæ монон культурæйæн та у йæ сæйрагдæр цæджынг. Фæнды мæ, цæмæй нæ урочы кæрон афыссæм æрмæст Ӕфсатимæ нæ, фæлæ æппæт нæ бардуагтæм дæр чысыл кудиаттæ (скъоладзаутæ кусынц къордтæй, фыссынц сæ тетрæдты, кæсынц). - Уый хорз у, фæлæ сын сымах дæр исты дзырд хъуамæ раттат, цæмæй уæ куринаг фехъуыса уыдонмæ? - Мæ хæлæрттæ,тынг хорз кæрон скодтат нæ урокæн. Ацы ныхæстæ æдзух уæ зæрдыл лæудзысты æмæ уæ никуы ферох уыдзысты. Зæдтæ æмæ дауджыты фæдзæхст уæм не̛ ппæт дæр! | Ӕфсати Тыхджын, раст. Ӕххуыс кæны, сæрхъуызой у, арфæ кæны. Хъæддаг сырдты хицау æмæ бардуаг. Рæстдзинад. 1-аг къорд. Курæг уæ стæм, цæмæй ирон адæмы фарсмæ лæууат æдзухдæр, цудын сæ макуыуал бауадзут, сæ рагфыдæлты тых æмæ сæм ныфс раздахут!!! 2-аг къорд. Курæг уæ стæм, цæмæй нын ахъазгæнæг уат, уæ рахиз базыры бын нæ дарут!!! Скъоладзаутæй сæ иу: -Мах та дзырд дæттæм, нæ фыдæлтæн аккаг сомбон кæй уыдзыстæм, сæ сæр мах тыххæй кæй никуы æркъул кæндзысты. | Регулятивон: къорды кусгæйæ хи архайдмæ хъус дарын зонын, зонындзинæдтæ иу уагмæ æркæнын. |
6. | Хæдзармæ куыст | Равзарын иу хæслæвæрд: Ӕмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй. Ӕфсатимæ курдит ныффыссын. | Коммуникативон: курдиат фыссын, ныхасы рæзтыл куыст. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок по родной литературе 10 класс "П.Н.Тобуруокап ырыа буолбут хоһоонноро"
Урок внеклассного чтения с объяснительно-иллюстративным методом, использованием аудиопрослушивания и мультимедиа. Авторский образовательный ресурс «П.Н.Тобуруокап ырыа буолбут хоһоон...
Конспект открытого урока по родной литературе для 5 классов
Предмет: Якутская литература. Тема урока: "Поэзия - состояние души" («Хо´оон - дуу´а хамсаа´ынын таайыы») для 5-х классов. Учитель: Павлова Мария Егоровна, учитель якутского языка и литературы МБОУ-Ко...
Разработка урока по родной литературе в 8 классе "З.Намзырай "Авам ынак куштары""
Разработка урока по тувинской литературе в 8 классе З.Намзырай "Авам ынак куштары" (новая тема)...
Открытый урок родной литературы 7 класс
Техническая карта открытого урока родной литературы 7 класс "П.А.Ойуунускай "Сурэх" кэпсээнин аа5ан, бырайыактааьын ньыма5а тахсыы"...
Рабочая программа по родному языку и родной литературе 5 класс
Рабочая программа для родного русского языка...
программа по родному русскому и родной литературе 7 класс
Тематический план (родной...