Доклад на тему "Такаты Гай - фыцаг ирон алфавит саразаг"
статья (9 класс)
Доклад на тему " Такаты Гай - фыццаг ирон алфавит саразаг"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
takaty_gay-fytstsag_iron_alfavit_sarazag.docx | 18.13 КБ |
Предварительный просмотр:
« Гайоз Ректор (Такъаты) -фыццаг ирон алфавит саразӕг»
1. XVIII ӕнусы гуырдзы ӕмӕ ирон адӕмы ‘хсӕн ӕнгом бастдзинад, уӕлдайдӕр та Хуссар Ирыстоны, стӕй Куырттаты, Туалты ӕмӕ Уӕлладжыры кӕмтты цӕрӕг адӕмимӕ.
2. 1777 азы Мӕздӕджы скъолайы ӕрцыди ахӕм уынаффӕ, цӕмӕй скъолайы ахуыры куыст цыдаид сӕ мадӕлон ӕвзагыл, уый тыххӕй саразын хъуыд ирон алфавит, ирон чиныг. Ацы хъуыддаг хӕсгонд ӕрцыд Такъаты Гайӕн.
3. Гайы куысты сӕйраг нысан уыд Мӕздӕг – Маджӕры епархийы паддзахы колониалон политикӕ сфидар кӕнын.
4. Стыр ахсджиаг куыст бакодта ирон фыссынадӕн бындур ӕрӕвӕрыныл- аргъуаны чингуытӕ уырыссаг ӕвзагӕй ирон ӕвзагмӕ раивыны тыххӕй.
Уый уыди уӕды рӕстӕджы ахуыргонд лӕг.
5. Такъаты Гайы царды фӕндӕгтыл афӕлгӕст. Калакӕй Астраханы онг.
6. 1798 азы Уӕрӕсейы синодалон типографийы мыхуыргонд ӕрцыд чырыстон дины ахуыры чиныг (катехизис). Йӕ саразӕг - Такъаты Гай. Ацы чиныгӕй райдайы ирон фыссынады истори уырыссаг алфавиты бындурыл.
7. Фӕсныхас.
XVIII ӕнусы райдайӕны, (1724 азӕй фӕстӕмӕ) Гуырдзыйы миссионертӕ Турк ӕмӕ Персы тыхмитӕй нал фӕрӕзтой ӕмӕ лидзын байдыдтой Гуырдзыйӕ Уӕрӕсемӕ се ‘мдингӕнӕг паддзахадмӕ ӕмӕ фӕстагмӕ сӕ куыст баиу кодтой Уырысы миссионертимӕ (динамонджытимӕ). Уыцы заманы гуырдзы ӕмӕ ирон адӕмы хсӕн уыдис бастдзинад, тынгдӕр та Хуссар Ирыстоны, стӕй Куырттаты, Туалты ӕмӕ Уӕлладжыры кӕмтты цӕрӕг адӕмимӕ.
1777 азы Мӕздӕджы скъолайы ӕрцыди ахӕм уынаффӕ, цӕмӕй скъолайы ахуыры куыст цыдаид сӕ мадӕлон ӕвзагыл, уый тыххӕй саразын хъуыд ирон алфавит, ирон чиныг. Ацы хъуыддаг хӕсгонд ӕрцыд Такъаты Гайӕн. Гай сарӕзта ирон алфавит уырыссаг алфавиты бындурыл. Уый фӕстӕ та ирон ӕвзагмӕ раивта чырыстон дины ахуыры чиныг (катехизис). Уый Гайы фӕрцы мыхуыргонд ӕрцыди 1798 азы Мӕскуыйы синодалон типографийы. Чиныг хуындис «Начальное обучение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Уыцы чиныгӕй исы йӕ райдиан ирон фыссынады истори уырыссаг алфавиты бындурыл
Гай уыди йӕ рӕстӕджы ахуыргонд лӕг. Уый уыди фыццаг ирон алфавиты автор.
Уымӕй уӕлдай ма нын архивон ӕрмӕг амоны уый, ӕмӕ Гай кӕй сарӕзта гуырдзиаг ӕвзаджы цыбыр грамматикӕ ӕмӕ кӕй кодта тӕлмацы куыст дӕр. Гай ӕрвыста Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕндӕр районтӕм гуырдзиаг сауджынты, цӕмӕй ирон адӕмы хсӕн чырыстон дин ахӕлиу кодтаиккой.
Мӕздӕг- Маджары епархийы алчерӕй нысангонд ӕрцыд Такъаты Гай. Йӕ куысты сӕйраг мидис уыди – паддзахы колониалон политикӕ сфидар кӕнын. Гай ӕхсӕз азы дӕргъы йӕ епархийы аргъуантӕ дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодта, сӕ нымӕц ссис 75 бӕрц.
Раздӕр зындгонд уыд, куыд Бараташвили, фӕлӕ йе ‘цӕг мыггаг уыди Такъатӕй, Хъуды комӕй равзӕргӕ, Гуырдзыстонӕй, иттӕг хорз зыдта ирон ӕвзаг. Гай райгуырдис 1750 азы Магъаройы хъӕуы, Калачы губернийы, йӕ ном хуындис Георгий. Йӕ сабийы бонтӕ арвыста гуырдзиаг паддзахы хӕдзары фыссӕгӕй. 1770 азы гуырдзиаг католик-ос- Антоний йӕ райста моладзантӕм. 1771 азы гуырдзыстоны минӕвӕрттимӕ Гай ацыдис Бетъырбухмӕ ӕмӕ уым баззад Александр Невскийы лавры. Уый фӕстӕ Мӕскуыйы академийы сахуыр кодта уырыссаг, латинаг ӕмӕ бердзенаг ӕвзӕгтӕ.
1778 азы паддзах Ираклийы фӕндонмӕ гӕсгӕ Гай ӕрыздӕхти Гуырдзыстонмӕ ӕмӕ Калачы байгом кодта гуырдзиӕгтӕн уырыссаг ӕвзаг ахуыр кӕныны скъола, фӕлӕ та йӕм фӕстӕдӕр фӕсидтысты Уӕрӕсемӕ ӕмӕ йӕ баурӕдтой Кавказы наместник инӕлар Потемкины раз кусынмӕ.
1779 азы Мӕздӕджы ӕмӕ Маджары епархи иугонд ӕрцыд фӕстӕмӕ Астраханы епархиимӕ. Гай нысангонд ӕрцыди Саратов ӕмӕ Пензӕйы алчерӕй. Уыцы ран фӕкуыста 1808 азы онг. Гай Пензӕйӕ Астраханмӕ ивд ӕрцыди архиепископӕй, уым фӕкуыста йӕ амӕлӕты онг. Гай амарди 1821 азы 21 февралы 72- аздзыдӕй ӕмӕ ныгӕд ӕрцыд Астраханы Успенскийы аргъуаны кӕрты.
Ахӕм у цыбыргондӕй ног ссаргӕ ӕрмӕг ирон фыццаг алфавиты автор Такъаты Гайы тыххӕй.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Доклад "Скъоладзауты эстетикон рæзтыл куыст ирон литературæйы урокты».
Доклад о пословицах....
Доклад "Ирон ныхасы культурæ"
Доклад...
Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.
История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...
«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»
laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».
Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын аив дзурын æмæ кæсыныл....
Доклад :«Ног технологитæй пайда кæнын ирон æвзаджы урочы».
Доклад на РМО учителей родного языка и литературы:«Ног технологитæй пайда кæнын ирон æвзаджы урочы»....
Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ».
Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ»....