Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ».
материал

Кулаева Светлана Рубеновна

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ».

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл faesurokty_kuyst_iron_literaturaeyae.docx20.18 КБ

Предварительный просмотр:

Д О К Л А Д

                   Тема: «Фæсурокты куыст ирон литературæйæ».

       Нæ абоны скъолайы ахуырадон æмæ хъомыладон куысты сæйрагдæр фæзилæнтæй иу у фæсурокты куыст ахуыргæнинæгтимæ. Уыцы куыст уæлдай ахадгæ дæр у литературæйæ, уымæн æмæ аив литературæ рагæй æрæгмæ дæр уыд æвзæрст хатых хъомыладон куысты, уый руаджы сырæзыд бирæ адæмты хиæмбарынад æмæ хибардзинад.

         Сусæггаг нæу, ахуыргæнинæгтæ фæстаг азты тынг зивæггæнгæ исынц сæ къухмæ чиныг, уæлдайдæр та ирон чиныг. Урочы мидæг уацмыс æвзарынмæ зынтæй сцымыдис кæндзынæ абоны скъоладзауы, æмæ уæд ацы ран уæлдæй æргом аздахын æмбæлы фæсурокты куыстмæ. Литературон изæртæ ирон музыкæимæ, фысджытимæ хъарм фембæлдтытæ, литературон-музыкалон композицитæ-уыдæттæ цæттæ кæнынмæ зынгæ тынгдæр разæнгард кæнынц ныртæккæйы ахуырдзауты. Ацы бирæвæрсыг куыст иудадзыгдæр баст у иу нысаныл-ахуырдзауты ирондзинад, сæ ирон хиæмбарынад арфдæр кæнын, ирон аив литературæ рæзгæ фæлтæрæн уарзын кæнын, мадæлон æвзагыл сыстырзæрдæ уæвынæй бахизын.

       Мæнмæ, куыд ахуыргæнæгмæ, хæстæгдæр сты литературон изæртæ, музыкалон-литературон композицитæ æмæ драмон къорды куыст. Цыдæриддæр скъолайы афæдзыдæргъы бæрæгбæттæ нысангонд цæуы, уыдон вæййынц куыд уырыссаг, афтæ мадæлон æвзагыл дæр. Литературон-музыкалон изæртæ афæдзы дæргъы саразæм цалдæр хатты.

        Ǽз бæлвырддæр зæгъдзынæн, литературæйæ фæсурокты куыст куыд сарæзтон, уый. Бирæ хорз куыстытæ кæнæн ис литературæйы æппæт жанртæй (поэзи, прозæ, æмæ драмæйæ) фæсурокты.

         Прозæ уарзджыты литературон къорды сæйраг нысан у: прозæ цы у, уый хуыздæр æмæ арфдæр базонын. Цавæр уацмыстæ хауынц прозæмæ. Ирон прозæйы бындурæвæрджытæ.

Хуыздæр прозаикон уацмыстæ кæсын æмæ æвзарын. Чиныгкæсджыты конференцитæ аразын (гæнæн æмæ амалæй, афæдз дыууæ хатты). Викторинæтæ æмæ диспуттæ цæттæ кæнын.        

          Хистæр кълæсты ахуырдзаутæ фылдæр уарзынц диспут. Ацы кары ахуырдзаутимæ адзурæн ис ахæм темæйыл: «Цы у уарзондзинад», зæгъгæ. Диспут саразыны размæ, скъоладзауты бацæттæ кæнын хъæуы. Уымæ гæсгæ скъолайы къулыл сауындзын хъæуы рæсугъд фыст хъусынгæнинаг ахæм темæйыл: «Цы у уарзондзинад?» Скæнын ын хъæуы æмгъуыд. Диспутмæ, куыд загътон, хуынд цæуы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Раттын литературæ. Къостайы-«Фатимæ», Секъайы-«Азау», Мысосты-«Дыууæ зæрдæйы», Арсены –«Афтæ дæр вæййы». Цæмæй скъоладзаутæ арф æмæ раст бамбарой, «Цы у æцæг уарзондзинад», уый тыххæй скæнын хъæуы хатдзæг. Дзырд «уарзондзинад» æмбарын хъæуы цалдæр хуызы.

       Фыццаг-адæймаг фæуарзы исты рæсугъд дзаума, дарæс, æрдзы рæсугъддзинад, Райгуырæн бæстæ, кæнæ хъæздыгдзинад.

       Дыккаг-адæймаг фæуарзы йæ ныййарджыты, хотæ æмæ æфсымæрты, хорз æмгæртты, кæнæ куысты хорз æмбæлтты.

        Ǽртыккаг-адæймаг бауарзы кæйдæр æмæ йæ цард цæрæнбонтæм баиу кæны йемæ. Ацы цалдæр хуызы уарзондзинадæй иу иннæйы хуызæн нæу. Ам скъоладзаутæн зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ диспуты уарзондзинады тема баст кæй у зæрдæйы уидæгтимæ, кæцы йæхиуыл къæм абадын нæ уадзы æмæ уарзы рæсугъд дидинæгау цæрын.                    

         Сыгъдæг æмæ æцæг уарзондзинады цардæй цардысты ссадз азы дæргъы Азау æмæ Таймураз (Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»), фæлæ Таймуразы фыд Бибойы æд фос, æд рæгъау зæй фæласта. Таймураз ирæд цæмæй бафыстаид, уый йæм нал уыд, æмæ Азауы Таймуразæн нал лæвæрдтой. Фæмæгуыр ис, зæгъгæ.

 Азауы раттой хъæздыгдзинады фæдыл Биганатæн, кæд йæхи æппындæр нæ фæндыдис, уæддæр.

          Радзырд «Азау» у æцæг уарзондзинады кадæг. Литературæйæ, стæй адæмы цардæй æрхæссæн ис бирæ хабæрттæ сыгъдæг æмæ æцæг уарзондзинады тыххæй.

        Сыгъдæг æмæ æцæг уарзондзинад раджы дæр уыд æмæ ныр дæр ис. Зæронды бонмæ рæсугъдæй чи фæцæры, уыдон чысыл не сты æппæт адæмы хсæн. Уыдонæн сæ царды сæйрагдæр нысан у кæрæдзийæн аргъ кæнын, кæрæдзи сыгъдæг æмæ æцæгæй уарзын.

      Литературæйы æртыккаг жанр у драмæ, æмæ кæй зæгъын хъæуы, драмæ уарзджытæ хъуамæ уой драмон къорды. Къорды сæйраг нысан у: хуыздæр æмæ бæлвырддæр базонын, цы у пьесæ, цавæр пьесæйы хуызтæ хауынц драмæмæ? Чи у ирон драматургийы бындурæвæрæг, ирон зынгæдæр драматургтæ æмæ сæ пьесæты ахадындзинад.

       Драмон къорд цæттæ кæны иуактон пьесæтæ, аргъæуттæм гæсгæ арæзт инсценировкæтæ, сатирикон сценкæтæ æмæ афтæ дарддæр.

        Фæсурокты куыстæн нæй бæлвырд амындзинад раттæн. Уый у сфæлдыстадон куысты хуызæн, æмæ йæм хуыздæр чи арæхсы, уымæн йæ къухы æфты фылдæр æнтыстдзинæдтæ. Фæсурокты куыст дæтты сывæллонæн бæлвырд хуыздæр ахуыр кæнын сæ мадæлон æвзаг æмæ литературæ.

Комсомольскы скъола,

Хъуылаты Света.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Материалы для участия во Всероссийском конкурсе мастер-класса учителей родного языка и литературы «Туган тел» учителя родного языка и литературы МБОУ «Чувашско-Бурнаевская СОШ» Алькеевского муниципального района Республики Татарстан

Материалы для участия  во Всероссийском конкурсе мастер-класса учителей родного языка и литературы «Туган тел» учителя родного языка и литературы МБОУ «Чувашско-Бурнаевская СОШ» Алькеевского...

Материалы на Всероссийский конкурс мастер-класса учителей родного языка и литературы "Туган тел" учителя родного( чувашского) языка и литературы МБОУ "Альшеевская средняя общеобразовательная школа Буинского муниципального района РТ" Зайцевой А.П.

Заявка для участия в заочном туре Всероссийского конкурса Туган тел.Согласие на бработку персональных данных.Сочинение - эссе "Мои методические находки".Портфолио. Материалы по воспитат...

Скъоладзауты проектон куыст ирон литературæй урокты

quot;Проект" – бæлвырд куыстытæ, документтæ æмæ текстты иудзинад; предмет, объект кæнæ теоретикон продукт саразыны фæнд. Кæддæриддæр баст у сфæлдыстадон куыстимæ....