Доклад "Скъоладзауты эстетикон рæзтыл куыст ирон литературæйы урокты».
статья по теме

Тедеева Анджела Викторовна

Доклад о пословицах.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл aembisaendtae.docx21.56 КБ

Предварительный просмотр:

Бацæттæ кодта

 ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Тедеты Анджелæ


Æмбисæндтæ.

Адæмон сфæлдыстады уацмыстæй программæмæ хаст сты æмбисæндтæ дæр. Ахуыргæнæг, æмбисæндтыл кусгæйæ, скъоладзаутæн æмбарын кæны, уыдонæн сæ ахадындзинад царды, нæ ныхасы.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 5-æм, 6-æм къласы скъоладзаутæ рæвдз нæмæ вæййынц дзырды ахæсгæ нысаниуæг иртасынмæ, æмæ сын æмбисæндты хъуыды зын бамбарæн вæййы. Уымæ гæсгæ, ахуыргæнæг æмбисæндтыл хъуамæ, программæтæ куыд амонынц, афтæ дыууæ урочы дæргъы ма куса, фæлæ куыд арæхдар гæнæн ис, афтæ, уымæн æмæ уыдон стыр ахъаз сты сывæллоны этикон хъомылады æмæ йæ ныхасы хъæд хъæздыгдæр æмæ аивдæр кæныны хъуыддаджы. Адæймаджы ныхасæн стыр тых ис царды, æмæ сывæллæттæн фыццаг урокæй фæстæмæ æмбарын кæнын хъæуы дзырдмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн кæй нæй, уый.

Спайда кæнæн ис æмбисæндтæн сæхицæй: «Дæ дзыхæй æнæрхъуыды ныхас ма уадз!», «Дзырд хъазинаг нæу!», «Уæздан ныхасмæ калм дæр хъуысы».

Æмбисæндты æвдыст æрцыд, адæммæ æнусты дæргъы царды алы хъуыддаджы фæдыл дæр цы фæлтæрддзинад æрæмбырд, уый: цыргъзонддзинад, хъару, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

Адæм æмбисæндты худтысты æмæ тæрхон кодтой, æгаддзинадыл кæй нымадтой, уыцы миниуджытæ: тæппуддзинадæн, хиндзинадæн, æнæуæздандзинадæн æмæ аф.д.

Адæймаг, æвæццæгæн, не замантæй нырмæ йæ царды уагмæ, йе ′взагмæ, йæ ныхасы хъæдмæ куыдфæндыйы цæстæй никуы каст.

Хъуыды кодта, йæхи кæм æмæ куыд дарын хъæуы, кæд æмæ кæм цы дзурын æмæ куыд дзурын хъæуы, ууыл. Афтæмæй ныхасмæ, æгъдаумæ цы домæнтæ уыд, уыдон æнцон раиртасæн сты адæмон сфæлдыстады уацмысты, уæлдайдæр та æмбисæндты. Цымыдисы куысты хуызтæ сæххæст кæнæн ис æмбисæндтæ ахуыр кæнгæйæ.

Скъоладзаутæн дæттæм ахæс хæс: ахъуыды кæнын æмæ зæгъын, цавæр æмбисæндтæй спайда кæнæн ис ахæм уавæрты:

  1. Чидæр дзуры, æмæ гæды ныхæстæ кæй кæны, уый бæлвырд бæрæг у. Куыд сын фæзæгъынц уæд?

 «Дæ гæды мыст рацахста», «Къæхтæ æмæ ма йыл къухтæ бафтыдта».

  1. Рæстытæ дзурут, фæлæ уыл не ууæндынц?

 «Дзырд æрмæст хæйрæджы на уырны».

  1. Сывæллоны гыццылæй фæстæмæ ницæуыл сахуыр кодтой, куы рабæрæг ис, æгъдау æм кæй нæй уый, уæд та ахуыр кæнын нал бакуымта. Куыд фæзæгъынц, ахæм хабар фенгæйæ та?

 «Бæлас талайæ тасы».

  1. Саби йæ мад æмæ йæ фыды уаг æвдисы.

 «Сау хохæй урс дур нæ тулы», «Сæгъæй сæныкк гуыры».

  1. Хорз цот кæмæн нæ рацæуы, уыцы ныййарджыты тыххæй та куыд фазæгъынц?

 «Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр», «Фыдцот – фыдниз».

Скъоладзаутæ æмбисæндтæ куыд бамбæрстой, уый сбæлвырд кæнæн уыдзæн, куыст иннæрдæм рацаразгæйæ. Иу дзуры æмбисонд, иннæ скъоладзаутæ-та бæлвырд кæнынц, кæд загъд æрцæуы, уый.

Дарддæр сывæллæттæн дæттæм хъуыдыйæдтæ æмбисæндтæй баивыны хæс.

  1. Æнæрхъуыды ныхас ма кæн!

 «Дзырд хъазинаг нæу», «Ныхас бæхыл бады».

  1. Кæм цы дзурын хъæуы, уый зон!

 «Цы зоныс, уыдон иууылдæр ма дзур, фæлæ цы дзурыс, уыдон иууылдæр зон!», «Дон æмæ ныхас аразгæ сты».

  1. Цы дзурдзынæ, ууыл рагацау ахъуыды кæн»

 «Ныхас сæрæй куы нæ ракæнæй, уæд къуырма у».

  1. Иу ныхас цалдæр хаты ма кæн!

 «Æвзар йæ иу дзырд сæдæ дзырды кæны», «Иухатты ныхас алы бон ма кæн», «Дæс хатты цы ныхас зæгъай, уым кад нал ис».

  1. Куыд æмбарут ацы æмбисæндты хъуыды?

Йæ хъуыды цавæрдæр конкретон адæймаджы миниуæгимæ баст кæмæн вæййы, ахæм æмбисæндты хъуыды æхуыргæнæг йæхæдæг радзуры скъоладзаутæн.

Цæмæй скъоладзаутæ æмбисæндты хуыздæр бамбарой æмæ бахъуыды кæной, уый тыххæй ма æххæст кæнæм ахæм куысты хуызтæ дæр:

  1. Æмбисæндтæ дарддæр æхæццæ кæнын:
  2. Зиваæггæнаг хъæдмæ... ; Иу зонд хорз, дыууæ та... ; Мæнг зæгъын... ; Зивæггæнаджы гуыл....

Уымæй уæлдай ма сын бабар кæндзыстæм дыууæ взагыл дæр цы æмбисæндтæ ис, уыдон хицæнæй рафыссын, темæтæм гæсгæ сæ фæкъордтæ кæнын, бамбарын, цæмæн афтæ дзурæм æмæ аф.д.

Ахуыргæнæг сын цавæрдæр рæстæгмæ хæс дæтты, цæмæй сæ хистæрты æххуысæй ныффыссой адæймаджы удыхъæды миниуджытæ æвдисæг цымыдисаг æмбисæндтæ.

Æмбисæндтыл куыст рохуаты уадзын нæ хъæуы. Пайда кæнын сæ хъæуы, аивадон уацмыс ахуыр кæнгæйæ, литературæйы урокты, æвзаджы урокты та сыл æнтыстджынæй кусæн ис фæлтæрæнты тексттæн æвзаргæйæ. Афтæмæй æмбисæндтæм фаг хъусдард куы цæуа, уæд ахуырдзауты къухы бафтдзæн бæлвырд æнтыстытæ скъоладзауты ныхасы этикет æмæ удыхъæды миниуджытæ бæллиццагдæр кæныны хъуыддæгты.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...

«Ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæм цымыдисдзинад гуырын кæныны фæрæзтæ»

Кæд искæй ахуыр кæныс, уæд бирæ дзурыныл ма архай, цæмæй   коммæгæс зонд бамбара дæ ныхæстæ æмæ сæ ма ферох кæна. Уæлдай цыдæриддæр вæййы, уый зондæй рох кæны.  (Гораций)....

Скъоладзауты проектон куыст ирон литературæй урокты

quot;Проект" – бæлвырд куыстытæ, документтæ æмæ текстты иудзинад; предмет, объект кæнæ теоретикон продукт саразыны фæнд. Кæддæриддæр баст у сфæлдыстадон куыстимæ....

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ».

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ»....