Доклад :«Ног технологитæй пайда кæнын ирон æвзаджы урочы».
материал

Кулаева Светлана Рубеновна

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы:«Ног технологитæй пайда кæнын ирон æвзаджы урочы».

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл doklad.nog_tehnologitaey_payda_kaenyny_faeltaerddzinad.docx21.25 КБ

Предварительный просмотр:

                                  ДОКЛАД

 

Темæ:«Ног технологитæй пайда кæнын ирон æвзаджы урочы».

     

        Фæстаг азты ахуырадон системæйы ивддзинæдтыл дзургæйæ арæх пайдагонд цæуы термин «педагогон технологи».Дзырд «технологи» грекъаг æвзагæй тæлмацгондæй нысан кæны «дæсныйадыл ахуырад».

      Нæ царды цы социалон-экономикон рацарæзтытæ цæуы, фæзындысты ахуырадон системæйыл дæр, домынц, цæмæй ивддзинæдтæ æрцæуа ахуырадон-хъомыладон куысты дæр. Хъуамæ ногдзинæдтæ хаст æарцæуа ахуыргæнджыты æмæ ахуыргæнинæгты куыстмæ.    

     Ахуырадон ног технологитæ сæйрагдæр арæзт сты скъоладзауты интеллекты æмæ ныхасы рæзтмæ, сæ удварны хъомыладмæ, сфæлдыстадон æмæ критикон хъуыдыкæнынады рæзтмæ.

      Нырыккон дуне адæймаджы раз цы домæнтæ æвæры, уыдон аххæстгæнæн ис, æрмæст активонæй æмæ арæхстджынæй пайдагæнгæйæ ног технологитæй, интернетæй, телеуынадæй, мыхуырæй.

       Ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл рæстæджы домæнтæм гæсгæ стыр хæстæ æвæрд ис: Фыдыбæстæ уарзын, царды фæзилæнтыл ахуыр кæнын, сабиты раст зондыл æфтауын, хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зылын, уарзт æмæ фыдох кæрæдзийæ иртасын.

       Урочы æрмæг хъуамæ дзуапп дæтта, царды цы ногдзинæдтæ æмæ ивддзинæдтæ цæуы, уыдонæн.

           Цæмæй æрмæг æнцон æмбарæн æмæ цымыдисагдæр уа, уый тыххæй ирон æвзаджы уроктæ аразæн ис тематикон принцип хынцгæйæ. Тематикон урок у æмбарынæдты æнæхъæн системæ: грамматикон, лексикон æмæ логикон. Тематикон уроктæ ахъаз сты скъоладзауты хъуыдыкæнынады рæзтæн, сæ ныхасы хъæд аив кæнынæн, кæрæдзиуыл баст ныхас фæд – фæдыл раст равæрынæн, æвзаджы литературон нормæтæй раст пайда кæнынæн.

         Эстетикон хъомыладæн царды егъау нысаниуæг ис. Ацы хъуыддаджы национ традицитæ, литературæ, музыкæ, нывкжнынад, скульптурæ, хореографи, оперæ, аивады жанры хуызтæ сæйраг бынат, кжй ахсынц, уый дызæрдыггаг нæу. Уыдон хъæздыг кæнынц ахуырдзауты эстетикон æнкъарынад, парахатæй йын райхалынц йæ миниуджытæ æмæ сфæлдыстадон гæнæнтæ – иу ныхасæй, дуне базонын æмæ хи бамбарыны фадат ын дæттынц.

        Технологиты хыгъд цæуынц скъоладзауты кар, сæ индивидуалон-психологон хицæндзинæдтæ. Скъоладзау ахуыры процессы у сæйраг архайæг, бар ын ис ахуыргæнæгимæ ахуырадон нысан сæвæрынмæ, ахуыры процесс бацæттæ кæнынмæ æмæ сæ куысты фæстæуджытæн анализ скæнынмæ. Ахæм иумæйаг архайды ахуыргæнæджы хæс у:

  1. Ахуырдзаутæн æмбæлгæ уавæртæ аразын ахуыры процессы архайынмæ, цæмæй алы скъоладзау дæр активоной тырна ног технологитæй зонындзинæдтæ райсынмæ.
  2. Аразын ахæм ситуацитæ, кæцыты рæзы скъоладзауы арæхстдзинад ахуыры проблемæтæ аиуварс кæнынмæ.
  3. Скъоладзауты зонгæ кæнын ног технологитæй информаци куыд райсын хъæуы, уый.
  4. Алы скъоладзауы дæр хибарæй кусыныл æфтауын, хи хъуыдытæ йæм куыд æвзæра, афтæ.

          Ирон æгъдæутты (ТКО-йы) урочыты

алы урочы темæмæ дæр ис спайда кæнын ног технологитæй. Зæгъæм, «Ирон бæрæгбæттæ» ахуыр кæнгæйæ байхъусын æмбæлы зарæгмæ, равдисын видео-равдыст, бæрæгбон куыд кодтой нæ фыдæлтæ, уый.

       Ног ахуырадон технологитæ традицион методикон мадзæлттæй хицæн кæнынц уымæй, æмæ, ахуырадон æмæ практикон хæстæ æххæст кæнынæн ам фыццаг бынаты ис ахуыргæнæг æмæ скъоладзауы æмгуыстад.

       Ахуырадон технологи арæзт у ахæм хæйттæй (компоненттæй):

  1. Ахуырадон æрмæг куыд æмбæстгонд æрцыд, уый сбæрæг кæнын æмæ ахуырдзауты сæ зонындзинæдтæм гæсгæ хицæн къæрдтыл дих кæнын.
  2. Ног зонындзинæдтæм тырнындзинад гуырын кæнын æмæ йæ дарддæр дæр рæзын кæнын.
  3. Ахуыры рæстæг алыхуызон ног мадзæлтты фæрцы скъоладзаутæн сахуыр кæнинаг æрмæг æмбарын кæнын.
  4. Ног технологитæй æрмæг куыд æмбæрстгонд æрцыд, уый хæрзхъæд сбæрæг кæнын.

Ранымад компоненттæ хицæнгонд цæуынц алыхуызон технологиты: модулон ахуыры технологийы, хъазты технологийы, чысыл къордты ахуыр кæныны технологийы, проекты методы, информацион технологиты æмæ æндæрты…

    Урочы мидæг ахуырадон технологийы сæйрагдæр нысан у хæрзхъæд ахуыр райсыны фæндæгтæ агурын. 

      Ацы куысты хуызтыл æнцайгæйæ, скъоладзаутæ хуыздæр арæхсынц æрмæг базонынмæ. Ахуыргæнæг æмæ ахуырдзау урочы хъуамæ уой æмбар, уымæн æмæ кусгæ дæр иумæ кæнынц, сæ нысан дæр у иу. Гæнæн æмæ амал куы уа, уæд хынцын хъæуы алы ахуырдзауæн дæр йæ хъуыдытæ, йæ авналæнтæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджы уроктæм.

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджыуроктæм.Ныхасы культурæ æмæ коммуникативон этикæ....

Ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытæ

Урочы хуыз: урок-хъазт.Урочы нысантæ:  ахуырадон:- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ,          базон-базонтæ, æнгом дзырдбæстытæ, дзырд...

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат иннæ ‘взæгты ‘хсæн.

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат  иннæ ‘взæгты  ‘хсæн....

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»

Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»

Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....