Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.
план-конспект урока (9 класс)

Музаев Важа Тигранович

История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кроме воспоминаний историков и путешественников. Первая книга на осетинском языке появилась в 1798 году, а основу осетинской литературе положил сборник стихов К.Л. Хетагурова, напечатанная 1899 году. 

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon iron_liter.urok_9_kl.doc40 КБ

Предварительный просмотр:

Хæстæ:          1. Саразын афæлгæст ирон литературæйы историйы фыццаг периодыл.

        2. Базонгæ кæнын ахуырдзауты цард æмæ литературæйы бастдзинады æууæлтимæ

        3. Æвзарын кæнын ахуырдзаутæм патриотон анкъарæнтæ нæ фыдæлты историйы хицæн бынæттæ æмбарын кæныны бындурыл.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ.

Ахуыргæнæн чингуытæ; фыццаг чиныг ирон æвзагыл;

В.Ф.Миллеры чиныг «Осетинские этюды»;

Абайты В. чиныг «Религия, фольклор, литературæ»;

Челехсаты Казбекы арæзт чиныг «Ирыстон æмæ ирæттæ».

Ирыстоны тырыса æмæ герб экраныл.

Цыбыр æрныхасы фæрцы æрцæуæм хатдзæгтæм:

- Ирон адæмæн ис вазыгджын историон фæндаг.

- Нæ фыдæлтæ тырныдтой рухс цардмæ (сæхи хуыдтой хурмæ цæуджы тæ)

- Литературæ у царды айдæн.

Фæйнæгыл фыст темæ æмæ эпигрæф Челехсаты К. ныхæстæ:

 Хъысмæт! Ǽз бузныг дæн дæуæй,

Кæй фæзындтæн дунемæ иронæй!

УРОЧЫ ЦЫД.

Ахуырдзаутæ фыссынц урочы темæ æмæ эпигрæф. (фыссынц фарст)     - Нæ фыдæлтæн цæй фæрцы  бафтыд сæ къухы бахъахъхъæнын ирондзинад? (се взаг, се гъдау æмæ ирон адæймаджы хорз миниуджытæ)?

Ахуыргæнæджы ныхас.

Фæрныг ирон адæм цæрынц Ирыстоны, сæ фыдæлты намыс дарынц сæ зæрдыл; сæ рагон уæздан æгъдауыл нæ ауагътой сæ къух. Иронæн нырма фидар у йæ зæнг, парахат йæ зонд, йæ сæр хæссы сæрмæ; йæ кадыл æфтауы кад, йæ намыс фидар кæны зын царды дæр. Афтæ уыд, у æмæ уыдзæн, цалынмæ Ирон адæм хъуыды кæной сæ зæххон зæд сыгьдæг Къостайы фæдзæхст «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!»

О, Иры уидæгтæ, рухсы бадæг фыдæлтæ; мады æхсырау нын сты  уæ мыртæ. Мæнæ рæсугъд фæсивæд, цæй æмæ та æнусты  тарæй фехъусæм нæртон арфæ – мады хъæлæс.

Ахъуырдзаутæй иу аивæй кæны нарты Сатанайы куывд (рагацау бацæттæ кодта йæхи).

Монгол æмæ Тæтæры æрбабырстытæ æмæ сæ фæстиуджытæ (цыбыр беседæ).

Экраныл рагон историкты ныхæстæ нæ фыдæлты тыххæй.

Ахуыргæнæджы ныхас.

Фыдæлтæй арфæгонд адæмæн нæй фесæфæн, сæ фарнæн нæй бамбæх сæн, нæдæр адавæн, уый рæстæджы цалхы бынæй дæр суадзы талатæ, рафтауы дидинæг æмæ йæ рæсугъд  рухсæй йæ адæмæн свæййы рухстауæг. Ахæм фарнхæссæг адæм ирон адæммæ бирæ уыд. Абон  скæнæм уыдонæй цалдæры  кой.

Рагацау сæхи чи бацæттæ кодта, уыдоны презентацитæ.

А) Æгъуызаты И. тыххæй, йæ фæдзæхст.

Б)  Колыты А. тыххæй.

Ахуыргæнæн чиныгимæ бакусын фадатмæ гæсгæ.

Фæбæлвырд кæнын хатдзæгтæ, æмæ зæрдыл бадаринаг цаутæ.

Æстдæсæм æнусы кæрон ирон адæм баиу сты Уæрæсеимæ, рухсмæ цæуæг фæрныг фыдæлтæн нæ уыд хуыздæр амал. Уый фæрцы фæзынд фыццаг скъола, арæзт æрцыд 1753 азы æмæ уыдис Мæздæджы. 1798 азы рацыд мыхуырæй фыццаг чиныг ирон æвзагыл. Зæххы къорийыл та сæрттывта ирон стъалы. Уыцы стъалыйы тынтæ уыдысты нæ хуыздæртæ.    О! Фæлæ сæ тынтæ пырх кодтой æндæр бæстæтыл. Ирыстонмæ-иу сæ фæстæмæ æрбаздæхт æрмæстдæр муртæ. Ахæм амондджын тын уыд нæ адæмæн Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстад.

 Дзуры ахуырдзау Мамсыраты Темырболаты  цард амæ сфæлдыстады тыххæй цыбыртæй.

Ахуыддзауты зонындзинæдтыл æнцой кæнгæйæ кæнæм хатдзæгтæ.

- Уыцы азты Иры бæгъатыр хъæбултæ Уырысы æфсады рæнхъыты дунеты дзыллæтæн сæ зæрдыл лæууын кодтой сæ фыдæлты кадджын нæмттæ: Сæрмæттæ, Скифтæ, Алантæ.

О, уый кад уыд, стыр кад Ирыстонæн!

Фæзынди та Ирæн сæрхъузойтæ: Тлаттаты Чермен, Коцты Бега, Алæгаты Хазби, Колыты Аксо, Байаты Гаппо, Гæдиаты Секъа æмæ иннæтæ. Уыдон уыдысты иугай цырæгътæ, иугай тынтæ, кæд уыдысты Иры фарны æхсыст, цыдысты ирон цардуарзон зæрдæйæ, уæддæр. Сæ нæмттæ æрфидар сты адæмон сфæлдыстады.

Уыцы уавæры нæртон адæмы риуы, рухсмæ цæуæг адæмы зæрдæйы, кадыл мард адæмы хъуыдыйы æвзæрди стыр бæллиц. Æмæ æрцыд  кувæг лæджы куывд Ирыл. Се ,хсæн, хуыцауы лæварау, сæвзæрд æмæ рахъомыл «Цыкурайы фæрдыг» - нæхи Къоста. Уый хурау зæлдаг тынтæ луæрста зæрдæтæм. Зæдау адæмыл аудгæ, Ирæн сси «заххон зæд». Къостайы цард æмæ уацмыстæ ирон адæмæн систы царды скъола дæр æмæ аивады фидæр бындур дæр.

Ирон литературæйы æппæт жанрты дæр: поэзийы, прозæйы æмæ драматургийы дæр фæзынд ахæм уацмыстæ, кæцытæ æрлæууыдысты æппæт дунейы литературæйы хуыздæр уацмысты æмрæнхъ. Се сфæлдисджытæ та уыдысты: поэзийы – Къоста, драматургийы – Брытъиаты Е., прозæйы – Гæдиаты С. æмæ Коцойты А. (Беседæ ацы фысджыты тыххæй).

Экраныл Иры тырыса æмæ герб.

ФАРСТ. Куыд равдыстой нæ фысджытæ сæ уацмысты Иры тырыса æмæ гербы символтæ? (Ахуырдзауты дзуæппытæ æмæ ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас.

Рæстæгмæ гæсгæ экраныл цæстуынгæ æрмæгимæ куыст æмæ бæрæггæнæнтæ.

ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ. Лæмбынæг бакæсын ахуыргæнæн чиныджы æрмæг æмæ  ныффыссын урочы эпигрæфы тыххæй хи хъуыдытæ. Дзуапп раттын тетрæдты фыст фарстæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Что есть любовь? (по стихотворению Н.Некрасова "Я не люблю иронии твоей")

В уроке испльзована методика лингвистического анализа текста, исследовательского метода обучения, а также элементы концептного подхода (каким предстает данное понятие « любовь как противоречие» в худо...

ирония и апатия - формы профессионального предательства в образовании

Эссе на тему "Взгляд на образование" раскрывает авторскую точку зрения на сегодняшнее отношение педагогов к своему делу....

Ирон литературайы фалвараны дзуаппыта

Ответы на экзаменационные вопросы по осетинской литературе...

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты

В работе говорится о  жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства...

Анализ урока Ирон адæмы психологи «Ирон хъæуы»

Анализ урока  Ирон адæмы психологи  «Ирон хъæуы»...