Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»
учебно-методический материал (8 класс)
Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.
Ныхасы рæстыл бакусын.
Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон æвзагмæ.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
huydyyady_aemhuyzon_uaengtae.docx | 12.39 КБ |
Предварительный просмотр:
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы
Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»
Урочы нысантæ | Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын. Ныхасы рæстыл бакусын. Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон æвзагмæ. |
Урочы хуыз | Рацыд æрмæгфæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: зонын хъуыдыйады уæнгтæ бæрæг кæнын, текстæй хъæугæ информаци райсын. Метапредметон:логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын. Регулятивон:нысан æвæрынзонын, фæткæвæрын, рефлекси. Удгоймагон: уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон æвзагмæ. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | компьютер, чингуытæ, |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалонахуырадонархайд (УАА) | |
1. | Организацион хай | - Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ. - Равдисут ма куыд цæттæ стæм урокмæ. | Cалам дæттынц Скъоладзаутæ цæттæ сты урокмæ | Удгоймагон: (æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ) |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæбамбарынæнæххуысчиуахæмæрмæг.) Презентаци Ногиры тыххæй. | Фæйнæгыл эпиграф: «Ирæттæй нæ æрмæстдæр зонынц уымæн, Кæй нын ис «Нартæ», «Симд» æмæ Къоста» -Загъут ма цы сты ирон адæмæн «Нартæ», «Симд» æмæ « Къоста»? -Ирон адæмы кæд базыдтой «Нарты кадджыты», нæртон симды æмæ дзæнæты бадинаг Къостайы руаджы, уæд нæ райгуырæн хъæу Ногиры та йæ адæмы фæрцы. -Бакæсут презентаци Ногиры тыххæй. -Сымах бакастыстут презентации Ногиры тыххæй.Уæда ма зæгъут, кæмæй сæрыстыр у Ногир? -Тынг рæсугъд хъуыдытæ загътат æмæ ма сæ ныффыссæм: Рæсугъд, фæрнджын,тыхджын æмæ уæздан олимпиаг чемпионтæй хъуыстгонд у Ногир. Уыдон сты Таймæзты Тимур æмæ Артур, Тедееты Эльбрус æмæ Хуыгаты Алан.Канд Ногиры ном нæ айхъуысон кодтой, Ирыстон, Кавказ æмæ Уæрæсейы ном.Ирон лæджы ном бæрзонд æвæрд æмæ нымад æрцыд зæххы къорийыл. -1-аг хъуыдыйад –синтаксисон æвзæрст. | Скъоладзаутæ бамбарын кодтой, куыд ахадгæ сты ирон адæмы царды ацы нæмттæ. Кæсынц презентацимæ, аразынц баст текст Фыссынц тетрæдты текст. Скодтой синтаксисон анализ - Дзурынц сæ хъуыдытæ. | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын) Коммуникативон: (хи хъуыды æргом кæнын) | |
Ног æрмæгылкуыст. Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст. | -Ссарут ма хъуыдыйады ахæм дзырдтæ, кæцытæ дзуапп дæттынц иу фарстæн,хауынц уыцы иу дзырдмæ æмæ сты уыцы иу хъуыдыйады уæнг. -Цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты? -Уыдон сты хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ. -Уæдæ цавæр æрмæгыл кусдзыстæм абон? | Скъоладзаутæ ссардтой дзырдтæ Сывæллæттæ дзурынц урочы темæ | Зонадон: (рацыд æрмæгбафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргомкæнын, искæй хъуыдыйæн аргъкæнын ) | |
Чиныгимæкуыст | - Ссарут чиныджы раиртæст æмæ йæ бакæсут -Равзарæм тексты иннæ хъуыдыйæдæ дæр. -Цавæр хатдзæг ис скæнæн? | Чиныджы кæсынц раиртæст Скъоладзаут æ æвзарынц хъуыдыйæдтæ. Скъоладзаут æ скодтой хатдзæг: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгт æ вæййынц куыд сæйраг, афт æ фæрссаг уæнгтæ дæр | Регулятивон : (чиныджы хъæугæ информации ссарын) Зонадон: (ног зонындзинæдтæ фидар кæнын) | |
Ног зонындзинæдтæ фидар кæнын. Чиныгимæ куыст | 1.-Баххæст кæнут фæлтæрæн 2.Къордгай куыст.Ныв «Бинонтæ»-мæ гæсгæ саразын хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтимæ. 1-аг къорд: сæйрæттимæ. 2-аг къорд: зæгъинæгтимæ 3-аг къорд: бæрæггæнæнтимæ | Фыссынц фæлтæрæн Къордгай куыст | Зонадон: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ фидар кæнын; Коммуникативон: (дзырдуат хъæздыг кæнын) | |
Рефлекси. | -Цы базыдтат ногæй? -Цы уæмфæкаст зындæр? Æнцондæр? - Аргъ скæнут уæ куыстæн. | Скъоладзаутæ дзурынц, цы базыдтой ногæй урочы, аргъ кæнынц сæ куыстæн. | Зонадон: (ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) | |
Хæдзармæкуыст | -Ныффыссын нывæцæн «Мæ райгуырæн хъæу» æмхуызон уæнгтимæ. | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.
Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.
Темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 7-æм кълассы
Темæ: Мивдисæг.Фæлхат кæныны урок.Ныхасы темæ: "Дуне нæ алыварс"....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»
Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын; æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Предметон: фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрсс...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»
Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.» Урочы нысантæЦыбыр тексты руаджы сфæлхат кæнын зонындзинӕдтӕ; зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ бæстон...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.»...