Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.
методическая разработка (8 класс)
Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй,
уым ӕгъдау дӕр нӕй.
Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
u5.docx | 24.71 КБ |
Предварительный просмотр:
Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы
Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.
Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.
Ахуыргӕнӕг: Беккуызарты Фатимæ
Урочы нысантӕ | Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтыл бӕстондӕр бакусын, кӕрӕдзийӕ сӕ иртасын, Æххæст æмæ мидисджын дзуæппытыл фæлтæрын, аив дзурын æмæ касыныл ахуыр кæнын. Ахуыр сӕ кӕнын адӕймаджы ӕвӕрцӕг миниудджытӕн аргъ кӕнын. |
Урочы хуыз | Ног ӕрмӕг амоныны урок |
Урочы ахуырадон фӕстиуджытӕ | Предметон: предметӕй ног зонындзинӕдтӕ райсын, текстæй хъæугæ информаци райсын. Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын. Регулӕтивон: нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси. Коммуникативон: арӕхсын диалог аразын скъоладзаутимӕ ӕмӕ ахуыргӕнӕгимӕ У Удгоймагон: адӕймаджы ӕвӕрцӕг миниудджытӕн аргъ кӕнын, ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад адӕймаджы ӕппӕрццӕг миниуджытӕм.
|
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ, текст, ӕмбисӕндтӕ, тест |
Урочы эпиграф | Честь, порядочность, совесть — это качества, кото¬ рыми дорожить нужно так же, как мы дорожим своим здоровьем, ибо без этих качеств и человек — не человек. |
Урочы организацион структурæ
Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ Организацион хай | Ахуыргæнæджы архайды мидис
- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ. - Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ . --- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ? | Скъоладзауы архайды мидис Cалам дӕттынц | Универсалон ахуырадон архайд Удгоймагон: (æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ |
Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци | -Куыд бацӕттӕ кодтат хӕдзармӕ куыст? Сӕвӕрут -ма уӕхицӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ. Нӕ урок мӕ фӕнды райдайын ахӕм ӕмбисӕндтӕй: Уæздандзинад адæймагæн йæ туджы ис. Æфсарм кæм и, ’гъдау дæр уым и; æгъдау кæм и, кад дæр уым и. -Зӕгъут-ма куыд сӕ ӕмбарут -Куыд уӕм кӕсы абон цӕуыл дзурдзыстӕм? -Раст. Нӕ урочы темӕ у « Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй». -Эпиграфӕн та райстон Д.С. Лихачевы ныхӕстӕ. Фӕстӕдӕр ӕм не ргом раздахдзыстӕм | Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ -Ӕфсарм, ӕгъдауыл | Зонадон: ӕмба- рынц ахуырадон- зонадон хӕс. Регулӕтивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдты- тӕн . Коммуникативон: ныхасы раст пайда кӕнынц ӕрбайсгӕ дзырдтӕй |
Зонындзинӕдты актуализаци | Ахуыргӕнӕг дӕтты алы къордӕн дӕр «Зонындзинады хӕзнадон». | Къордты уӕнгтӕй алчидӕр гыццыл сыфыл фыссы фарст кӕнӕ хӕс рацыд ӕрмӕгӕй, ӕмӕ йӕ ‘ппары хӕзнадоны. Зонындзинӕдты хӕзнадонтӕ къордтӕ фӕивтой. Алчи дӕр исы хӕслӕвӕрд ӕмӕ дзуапп дӕтты. Сывӕллӕттӕ кӕрӕдзийӕн ӕвӕрынц бӕрӕггӕнӕнтӕ. | Регулӕтивон: хи Архӕйдтытӕм хъус дарынц Коммуникативон: быцӕу кӕнын зонын, хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнынц |
Къуылымпытӕ кӕм ӕмӕ цӕмӕн ӕййафдзысты ,уый сбӕрӕг кӕнын. | .- Бакӕсут - ма фӕйнӕгмӕ. Цы уынут? (1 слайд) - Нӕ поезд рыджы бын фӕци. Вагӕттӕ нӕ зыныц. Алы вагон дӕр у хӕс. Хӕслӕвӕрдыл куы фӕтых уат,уӕд вагон дӕр разындзӕн.ӕмӕ та дарддӕр араст уыдзӕн зонындзинӕдты фӕндагыл. Хӕс. Тест баххаст кӕнын. Ссарын раст хъуыды(4 слайд) а. Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ вӕййынц ӕрмӕст хуымӕтӕг даргъ хъуыдыйӕдтӕ. ӕ. Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ хонӕм ӕнӕххӕст хъуыдыйӕдтӕ, кацыты цухгонд арцыд хъуыдыйады сайраг уанг. б. Иуварсыг хъуыдыйадта хонам ахам хъуыдыйадта,кӕцыты ис ӕрмӕст иу сӕйраг уӕнг – сӕйрат. в.Цӕмӕй хъуыдыйады хъуыды бамбарай,уый тыххӕй дзы нӕ хъӕуы хъӕуыдыккаг сӕйраг уӕнг. Ссарын раст хъуыды(5 слайд) Иувӕрсыг хъуыдыйад - у ахӕм хъуыдыйад, кӕцыйы: а. Цухгонд ӕрцыд сӕйрат. ӕ. Цухгонд ӕрцыд зӕгъинаг. б. Нӕй дзы фӕрссаг уӕнгтӕ. в. Грамматикон бындур арӕзт у ӕрмӕст иу сӕйраг уӕнгӕй. Ссарын раст хъуыды (6 слайд) Бӕлвырдцӕсгомон хъуыдыйӕдты зӕгъинаг – мивдисӕг вӕййы: а. Ӕбӕлвырд формӕйы. ӕ. Бирӕон нымӕцы 3-аг цӕсгомы ӕмӕ иууон нымӕцы 1-аг, 2-аг цӕсгомы. б. 1-аг цӕсгомы иууон ӕмӕ бирӕон нымӕцы, 2-аг цӕсгомы иууон ӕмӕ бирӕон нымӕцы. в. Ӕххуысгӕнӕг мивдисӕг уӕвын-ы иууон нымӕцы 3- аг цӕсгомы формӕйы. Ссарын раст хъуыды(7 слайд) Ӕбӕлвырдцӕсгомон хъуыдыйӕдты зӕгъинаг- мивдисӕг вӕййы: а. Номдар номон хауӕны. ӕ. Зӕгъинаг -мивдисӕг фӕлӕууы 1-аг кӕнӕ 2-аг цӕсгомы. б. Зӕгъинаг - мивдисӕг фӕлӕууы 3-аг цӕсгомы бирӕон нымӕцы,кӕнӕ 2-аг цӕсгомы иууон нымӕцы. в. Мивдисӕг – инфинитив. Ссарын рӕдыд хъуыды(8 слайд Ӕнӕцӕсгомон хъуыдыйӕдт зӕгъинаг вӕййы: а. Мивдисӕджы ӕнӕцӕсгомон формӕ. ӕ. Ӕрдзон фӕзындтӕ ӕвдисӕг мивдисджытӕ иууон нымӕцы ӕртыккаг цӕсгомы ӕвӕрдӕй. б. Мивдисӕг – инфинитив. в. Ӕххуысгӕнӕг мивдисӕг уӕвын-ы иууон нымӕцы 3-аг цӕсгомы формӕтӕ фӕрссагмиимӕ кӕнӕ инфинитивимӕ . г. Адӕймаджы ӕмӕ цӕрӕгойты уавӕр ӕвдисӕг мивдисджыты фӕндын, цӕуын, ӕвдӕлын ӕ.ӕнд. Иууон нымӕцы 3-аг цӕсгомы ӕвӕрдӕй | - Поезд ,кӕцы рыгӕй хорз нӕ зыны. Тест ӕххӕст кӕнынц | Зонадрн: хъӕугӕ информаци ссарынмӕ арӕхсынц Коммуникативон : хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнынц. Регулӕтивон: хи рӕдыдтытӕ раст кӕнынц |
Рацыд ӕрмæгыл куыст Къордты куыст Текстыл куыст Æрмæг бафидар кæныныл куыст | - Куыд уӕм кӕсы, цӕуыл дзурдзыстӕм абон? - Тесты фӕрцы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам иувӕрсыг хъуыдыйӕдты арӕзт Дарддӕр кусӕм ӕмбисӕндтыл. Афыссут абоны нымӕц ӕмӕ темӕ. Цы ӕвдисынц ацы ӕмбисӕндтӕ? Кӕсӕм.!1 слайд) Хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз. Цардӕн уаг ӕмӕ фӕтк.(номхуындон хъ-д) Хин ӕмӕ мӕнгардӕй дӕхи хъахъхъӕн.(ӕбӕлвырдцӕсгомон хъ-д) Ӕгад йӕ сӕрмӕ нӕ бахӕсдзӕн.( ӕбӕлвырдцӕсгомон хъ-д) Дыдзӕсгом адӕймагыл ӕууӕнк най.(ӕнӕцӕсгомон хъ-д) Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй. Ӕгъдауджын у адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ.(бӕлвырдцӕсгомон хъ-д) Хӕларзӕрдӕ адӕймаг- адӕмӕн уарзон у. Цӕсгомуӕгъд ӕмӕ ӕнӕфсарм адӕймагӕй цы домыс.(бӕлвырдцӕсгомон хъ-д) Ирон кад, уӕздандзинад, ӕфсарм.(номхуындон хъ-д) Эпиграфӕн та райстон Д.С. Лихачевы ныхӕстӕ: Честь, порядочность, совесть — это качества, которыми дорожить нужно так же, как мы дорожим своим здоровьем, ибо без этих качеств и человек — не человек. (3 слайд) Куыд ӕмбарут нӕ урочы эпиграф? Зӕгъут – ма цавӕр хъуыдыйӕдтӕ сты сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ? Хӕс. Рафыссут ивӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ ӕмӕ сӕ равзврут.Фӕйнӕгыл та ӕвзарӕм вазыгджын хъуыдыйӕдтӕ. Кӕсӕм 1 къорды текст. (12 слайд) Цардысты ӕмӕ уыдысты ӕртӕ ӕфсымӕры. Уыдонӕй дыууӕ уыдысты къӕрныхтӕ. Кодтой давыны куыст.Ӕртыккаг та уыдис раст лӕг. Иухатт ӕй йӕ ус иу ран нал уадзы: - Де’фсымӕртӕм нӕ кӕсыс? Радав ма исты. - Хорз,- сразы лӕг. Иу ӕхсӕв ацыд къарных кӕнынмӕ. Йахи хъуг радавта. Ӕмӕ йӕ йӕ усимӕ аргӕвстой.Лӕг зӕгъы йӕ усӕн: - Цырагъ рахӕсс ӕмӕ йа бастигъӕм. Ус цырагъ рахаста ӕмӕ рухсмӕ сӕ хъуджы куы базыдта,уӕд йӕ рустӕм фӕлӕбурдта. Уӕд ӕм йӕ лӕг дзуры: - Гормон, ӕз кӕй хъуг радавон, уый дӕр афтӕ ӕрдиаг кӕндзӕн ӕмӕ тӕригъӕд у,тӕригъӕд! 2 къорды текст (13 слайд) Иу чъынды лӕг бадти сӕ хӕдзары ӕмӕ кӕрдзын мыдимӕ хордта. Бацыдис ӕм йа зонгӕ. Чъынды фӕтыхсти. Кӕрдзын амбӕхста. Фӕлӕ йын мыд амбӕхсын нӕ бантысти. «Цӕй, ницы кӕны! – хъуыды кӕны чъынды. Мыд айдагъӕй нӕ бахӕрдзӕн!» Баввахс кодта мыд йӕ зонгӕмӕ. - Мыд дӕ хъӕуы? - Стыр бузныг! –бацин кодта уазӕг ӕмӕ райдыдта хӕрын. Чъынды йӕхи урӕдта, стӕй загъта: - Ӕгӕр куы нӕ хӕрис мыд. Дӕ зӕрдӕ срисдзӕни. Уазӕг бахудти ӕмӕ загъта: Мӕнӕн бӕргӕ ницы у! Дӕхи зӕрдӕ ма сриссӕд. 1 къорд аразы синквейн дзырд ӕфсарм- ӕн 2 къорд та -дзырд кад-ӕн | - Абон дзурдзыстӕм иувӕрсыг хъуыдыйӕдтыл.(2 слайд) Кусынц тетрӕдты. Скъоладзауты дзуаппытӕ: - Ӕвдисынц адӕймаджы хорз ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ. - Цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не’мбӕлы кӕнын. - Сӕрмӕ хӕссын цы хъӕуы ӕмӕ нӕ хъӕуы, уый. Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ Скъоладзауты дзуаппытӕ: -Хуымӕтӕг ӕмӕ вазыгджын. - Иувӕрсыг ӕмӕ дыварсыг. 1 къорд Хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз.(Бабӕтгӕваз.хъуыдыйад,арӕзт у иувӕрсыг ӕбӕлвырдцӕсгомон хъ-ай) 2 къорд Ӕфсарм кӕм нӕй,уым ӕгъдау дӕр нӕй.(домгӕваз. хъ-д,арӕзт у дыууӕ дывӕрсыг хуымӕтӕг даргъ хъ-ӕй) Скъоладзауты дзуапп дӕттынц къордтӕм гӕсгӕ.Ссардтой иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ 1 къорд.Хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынц. 1.Раттын сӕргонд. 2.Сбӕрӕг кӕнын сӕйраг хъуыды. 3.Лӕг ӕмӕ усы фӕлгонцтыл ӕрдзурын 4.Ссарын тексты иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ ӕмӕ сӕ рафыссын. 2 къорд.Хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынц. 1.Раттын сӕргонд. 2.Таурӕгъы архаджытыл ӕрдзурын. 3.Сӕйраг хъуыды сбӕрӕг кӕнын. 4.Рафыссын ӕмӕ равзврын иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ. Хӕсыл кусынц ,сӕ хъуыдытӕ дзурынц | Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын Зонадон: рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзи- нæдтæ райсын Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын Зонадон: рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзи- нæдтæ райсын |
Рефлекси | Нӕ хӕслӕвӕрдтыл бакуыстам. Нӕ поезд дӕр рыг фастейы фӕуагъта ӕмӕ дарддӕр хъӕлдзӕгӕй фӕтӕхы .Вагӕттӕ байдзаг сты зонындзинӕдтӕй ӕмӕ хорз бӕрӕггӕнӕнтӕй. Адӕмон сфӕлдыстад: аргъӕуттӕ, таурӕгътӕ, ӕмбисӕндтӕ, Нарты кадджыта, зарджытӕ; литературон уацмыстӕ адӕймаджы ахуыр кӕнынц хуыздӕр цардмӕ тырныныл, рӕстдзинадыл кусыныл, ӕвзӕрдзинадӕй та хи хъахъхъӕнын.Цӕгӕраты Максим афтӕ фыста: « Мӕнмӕ гӕсгӕ адӕймаджы бирӕ хорз миниуджытӕн сӕ сӕр у рӕстдзинад. Афтӕ фехъуыстон ӕз мӕ фыды фыдӕй, афтӕ-иу дзырдта мӕ фыд дӕр.Ӕмӕ мӕхи зонынхъом куы фӕдӕн, уӕдӕй нырмӕ мӕ бон цас уыди, уыйбӕрц сыгъдӕгӕй фӕхастон мӕ зӕрдӕйы, мӕ зонды уыцы рӕстдзинад….Ӕнӕхъуаджы адӕймаджы зӕрдӕхудты бацӕуын, адӕймагӕн смаст кӕнын мӕ сӕрмӕ никуы ӕрхастон.Цардмӕ комкоммӕ кӕсын мӕ бон у, ницӕмӕй мӕ рахъаст кӕндзӕн». Скӕнӕм хатдзӕгтӕ Рефлекси Ма зӕрдӕмӕ фӕцыди... Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди… Ногӕй базыдтон… Къорты уӕнгтӕй хуыздӕр бакуыста.. | Зонадон: хатдзӕгтӕ кӕнынц,исын ног информаци Регулӕтивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты. Коммуникативон: дӕттынц фӕрсты- тӕ, цӕмӕй райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ. | |
Хæдзармæ куыст | Хӕдзармӕ куыст. - Ныртӕккӕ уын бакӕсдзынӕн ӕмбисонд.Ӕмбисондмӕ гӕсгӕ ныффысдзыстут гыццыл нывӕцан. Йӕ арф хъуыды йын раргом кӕндзыстут. Фыды фарн Кӕддӕр иу ирон лӕг балцы цыдис ӕмӕ йӕ мады фӕрсы: - Фӕндаггаг мемӕ цы ахӕссон? - Дӕ фыды ном, дӕ фыды фарн, - уыд мады дзуапп. Ӕмӕ лӕппу балцы йӕ фыды ном, йӕ фыды фарнимӕ фӕндараст кодта. Алы ран дӕр ыл ӕмбӕлдысты ӕхсызгонӕй | Сывӕллӕттӕ хъусынц лӕмбынӕг ӕмӕ хӕдзармӕ куыст бӕрӕг кӕнынц | |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.
Темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 7-æм кълассы
Темæ: Мивдисæг.Фæлхат кæныны урок.Ныхасы темæ: "Дуне нæ алыварс"....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»
Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын; æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Предметон: фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрсс...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»
Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»
Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.» Урочы нысантæЦыбыр тексты руаджы сфæлхат кæнын зонындзинӕдтӕ; зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ бæстон...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.»...