Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»
учебно-методический материал (5 класс)
Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.
Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнын
Номдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
nomdar_5klas.docx | 27.64 КБ |
Предварительный просмотр:
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы
Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»
Урочы нысантæ | Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын. Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнын Номдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын. |
Урочы хуыз | Рацыд æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон:зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ахадындзинад ныхасы æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын; текстæй хъæугæ информации райсын. Метапредметон:логикон хъуыды кæнынад рæзынкæнын; хи хъуыдытææргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын. Регулятивон:нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси. |
Ахуыры методтæ æмæформæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | Компьютер, презентаци, чингуытæ, дзырдбыд. |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд (УАА) | |
Организацион хай | - Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ. | Cалам дæттын | Удгоймагон: (æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ) | |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) Проблемон амынд. | -Нæ урок райдайæм ахæм дивизæй: «Алы дзырд дæр у хæрз гыццыл дуне, йæ сусæсдзинад ссарын æрмæст зондæн ахъаз нæу, фæлæ мА у зæрдæрайгæ куыст». Ацы ныхæстæ ныффыссут уæ тетрæдты нымæцы фæстæ. Дзурын лингвистикон аргъау Морфологийы паддзахады горæт орфографийы. Хох Ныхасы культурæйы царди-уыди иу сæрмагонд ныхасы хай. Уый нысан кодта предмет æмæ дзуапп лæвæрдта фарстатæ чи? цы?-йæн. Уыдис сæрмагонд æмæ иумæйаг, удджын æмæ æнæуд, ивта хауæнтæ æмæ нымæцтæм гæсгæ. Хъуыдыйады арæхдæр уыдис сæйрат, æххæстгæнæн æмæ фадат. Хуынгæ та кодта уыцы ныхасы хай… Ахуыр æй кодтат райдайæн кълæсты. Чи зæгъдзæн? -Уæдæ куыд хъуыды кæнут, абоны урочы цæуыл дзурдзыстæм? | Скъоладзаутæ кусынц тетрæдты Сывæллæттæ дзуапп дæттынц: -Номдар Сывæллæттæ сæхæдæг сбæрæг кодтой урочы темæ - Дзурынц сæ хъуыдытæ. | Регулятивон (ахуырадон нысанæвæрын) Коммуникативон: (хи хъуыдыæргомкæнын) Удгоймагон: (кæрæдзийæн æххуыс кæнын, хъæдхой æрдзæнæххуыс у, уыйæмбарын) | |
Ног æрмæгыл куыст. Архайды зындзинæдтæ нысан кæнын. | Фронталон куыст аргъауимæ: - Ацы аргъауы горæт Орфографи æмæ хох Ныхасы культурæйы кой цæмæн кæнынц? - Аргъауы мидисмæ гæсгæ радзурут, цавæр миниуджытæ ис номдарæн? - Лæвæрд текст баххæст кæнут: Номдар у…ныхасы хай, нысан кæны…æмæ дзуапп дæтты фæрстытæ… Номдартæ ивынц… , хъуыдыйады вæййынц… Архайды алгоритм: 1.Чи? – удджын Цы?- æнæуд 2.Фарст 3. Ивы хауæнтæм гæсгæ 4. Нымæц: иууон, бирæон. | Дзурынц номдары тыххæй цы зонынц, уый. | Зонадон: (рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын. | |
Ног æрмæг фидар кæнын. Чиныгимæкуыст Къордгай куыст (дифференциалон) | -1.Сæххæст кæнын фæлтæрæн. Номдартæ цавæр предметтæ нысан кæнынц, уымæ гæсгæ рафыссут 1 къорд-лæмæгъдæр скъоладзаутæ хъуыды кæнынц дзырдтæ ахæм темæйыл «Уалдзæг» 2 къорд- рæстæмбис скъоладзаутæ: 10 номдары зын орфограммæтимæ. 3къорд-капитантæ: чысыл текст ныффыссын «Уалдзыгон æрдз» 3. Аулæфт. Базон-базон: Дунетыл нæй мæнæй фылдæр, Цæрын æмбæлттимæ æнгом, Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр. Хæссын æз предметæн йæ ном… 4. Дзырдтæн сæ синонимтæ ссарын: Знаг-фыдгæнæг Сæрибар-уæгъибар Мæнг-гæдыдзинад Саби-сывæллон Фæтк -æгъдау | Чиныгæй кусынц Къордгай кусынц Сывæллæттæ базон-базон дзурынц | Регулятивон : (чиныджы хъæугæ информации ссарын) Зонадон: (ног зонындзинæдтæ фидар кæнын) | |
Рефлекси. | -Ногæй цы базыдтат абон урочы? -Цавæр грамматикон æууæлтæ ис номдарæн? -Дæнцæгтæ -Цы уын уыд зынæй урочы? -Цы фæцыд уæ зæрдæмæ урочы? -Сбæрæг кæнут, куыд бакуыстат,уый. | Сывæллæттæ дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фарстатæн. Бæрæг кæнынц, куыд бамбæрстой ног æрмæг,уый. | Зонадон: (ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) | |
Хæдзармæ куыст | Ныффыссын текст ахæм райдайæнимæ: «Нырма ныр æрхаудысты фæстаг арыны æртæхтæ» | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.
Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.
Темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 7-æм кълассы
Темæ: Мивдисæг.Фæлхат кæныны урок.Ныхасы темæ: "Дуне нæ алыварс"....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»
Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын; æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Предметон: фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрсс...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»
Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.» Урочы нысантæЦыбыр тексты руаджы сфæлхат кæнын зонындзинӕдтӕ; зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ бæстон...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.»...