Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
план-конспект урока (5 класс)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.»
Урочы нысантæ | Цыбыр тексты руаджы сфæлхат кæнын зонындзинӕдтӕ; зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ бæстон бакусын рацыд ӕрмӕгыл. |
Урочы хуыз | Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: фæарфдæр кæнын ирон ӕвзаджы тыххæй зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хъуыдыйадтӕ аразыныл . Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын. Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ. |
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
tehnologicheskaya_karta_po_rodnomu_osetinskomu_yazyku5klass.docx | 37.67 КБ |
Предварительный просмотр:
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.»
Урочы нысантæ | Цыбыр тексты руаджы сфæлхат кæнын зонындзинӕдтӕ; зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ бæстон бакусын рацыд ӕрмӕгыл. |
Урочы хуыз | Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: фæарфдæр кæнын ирон ӕвзаджы тыххæй зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хъуыдыйадтӕ аразыныл . Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын. Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ. |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд (УАА) |
Организацион хай | - Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ. - Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ, æмæ фарнӕйдзаг ут! --- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ? | Cалам дæттынц Сигналон карточкатæй æвдисынц сæ цæттæдзинад | Удгоймагон: (æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ) |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) | Фонетикон зǽрядкǽ.Фæйнæгыл ǽвдыст цǽуынц нывтǽ,кǽцыты ис кавказаг мыртǽ. Кавказаг мыртæ раст дзурын. Нывтæм гæсгæ дзырдтǽ дзурын. ГЪ,ХЪ,КЪ,ЧЪ,ЦЪ,ТЪ,ПЪ,ДЖ,ДЗ.(булкъ,цъиу,хъæд,хъæдындз,хъаз,мæргътæ,хъуг,чъири,джитъри,къабуска,кърандас, тæбæгъ, хъæндил,хърихъупп,денджыз). Слайд- Ныхасы зарядкæ. Дзырдбыд райхалын сбæрæг кæнын ныхасы темæ. Дзырдбыд файнæгыл, сывæллæттæ тæлмац кæнынц лæвæрд дзырдтæ æмæ халынц дзырдбыд. Сæйраг дзырд-бæллиц. (стремиться-бæллын, убирать-æфснайын,галерея-галерей, тоннель-тъунел,добро-хорздзинад, станция-станцæ). Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, зæгъут-ма цывæр дзырд райхæлдтам, цы нысан кæны? -дзуапп.Цы у бæллиц? Бæллиц у нæ сусæг фæндон, кæцы нын дæтты амонд.( это наши сокровенные желания) -Уæда абон нæ урочы мах æрныхас кæндзыстæм нæ бæллицты тыххæй. «Æнусон у æрмæстдæр бæллицты дуне.» Уырыссагау дæр æй зæгъдзынæн: «Вечен мир только мечты.» Нысан кæнынц ацы ныхæстæ уый, ома æнæ бæллицæй цæрæн нæй. Алкæмæ дæр хъуамæ уа бæллиц, уымæн æмæ адæймаг царды хорздзинæдтæм бæллы. Ама уадæ, зæгъут , кæмæ цавæр бæллицтæ ис? Чи уæ цæмæ бæллы?
| - сæйраг дзырд баст у бǽллицимǽ . - Абон дзурдзыстӕм нǽ бǽллицты тыххǽй. | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын) |
Актуализаци (зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ) | ---Байгом кӕнут уæ тетрæдтæ, афыссут абоны нымæц ӕмӕ къуырийы бон. Ама уадæ, зæгъут , кæмæ цавæр бæллицтæ ис? Чи уæ цæмæ бæллы? -дзуапп. - дзуапп.(мечта повидать Москву) -Зæлинæмæ дæр ис æхæм бæллиц Хъуыды ма кæнут Зæлинæ та у нæ чиныджы сæйраг хъайтар.(Мæскуы фæнын). Байхъусæм ма Зæлинæ æмæ йе’мабал Светланæйы ныхасмæ. (Ахуыргæнæг баиу кодта аудио рацыд тǽкстмǽ гǽсгǽ) Диалогическая речь. (Диалогон куыст) А.-Сывæллæттæ, сымахæй Мæскуыйы чи уыдис? -дзуæппытæ. -Ама уæдæ байхъусæм Светланæ Зæлинæйы куыд базонгæ кодта Мæскуыимæ,цы йын фенын кодта? Аудировани. (дорожка- 025+ слайды.) | Скъоладзаутæ дзуапп дǽттынц. Скъоладзаутæ кусынц къæйттæй: Кæрæдзийы куыстытæ раст кæнынц æмæ æвæрынц нысæнттæ | Зонадон: (рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын) Коммуникативон: (искæй архайдæн аргъ кæнын) |
Ног æрмæгыл куыст. Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст. | Фæрстытæн дзуапп радтын.Дзуæппытæ æвдыст цæудзысты интерактивон фæйнæгыл дзырдты кæрæттæ бæрæггондæй.(хауæнты кæрæттæ) - Кæимæ ацыдис Зæлинæ Мæскуымæ? -йæ мадимæ, Аминæтимæ - Кæм сымбæлдысты Зæлинæ æмæ Светæ? - аэропорты -Кæдæм ацыдысты? -метромæ -Цæуыл ныццыдысты зæххы бынмæ? -эсколаторыл -Кæмæй разы у Светланæ? -йæхицæй -Кæмæн радзырдта йæ горæты тыххæй С.? -йæ уазджытæн. - Сыв-тæ сымах æвæццæгæн раиртæстат дзырдтæн сæ кæрæттæ бæрæггонд кæй сты уый. ( Дети , вы наверное ,заметили , что в наших словах(ответах) окончания выделены. Давайте еще раз обратим внимание на них.) Иухатт ма цæм æркæсæм. (ахуыргæнæг дзыртæ кæсы) - Цы сты ацы кæрæттæ? -дзуапп(хауæнтæ) -Раст стут. Цал хауæны ис ирон æвзаджы, уырыссаг? -Цавæртæ сты, æмæ цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц? ( презентация) Н.х- чи ? цы? Г.х. –кæй? Цæй? ….. | Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ. Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц. Къордтӕ кӕрӕдзийы дзаппытӕм хъусынц Къордтӕ аргъ кӕнынц сӕ куыстӕн ӕмӕ иннӕ къордӕн дӕр. Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц | Зонадон: (рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) Удгоймагон: (æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды) |
Текстимǽ куыст | -Хорз . Хъуыды кæнут номдарты тасындзǽг. Уæдæ уæ разы æвæрд ис тексттæ, æмæ сæ баххæст кæнут. Цымæ кæцы къорд фæуæлахиз цыдзæн. (работа с текстом Ме ’мбал сæхимæ никæцы куыстмæ зивæг кæны. Арæх йæ мад____(кæимæ?) вæййы базар___(кæм?) æмæ дуканиты, феххуыс ын кæны хæдзар æфснайынмæ. Изæры та 5 сахат___(цæуыл?) фæкæны йæ хæдзармæ куыстытæ. Уый фæстæ ацæуы йæ мад____(кæимæ?) нывты галерей___ (кæдæм?)кæнæ театр___ (кæдæм?). Ме ’мбалы бинонтæ сты хæлар æмæ æнгом. Сæрды нæ республикæйы автовокзалты, аэропорты бирæ адæм вæййы.Чи тагъд кæны денджызы был___(кæдæм?), чи та æндæр сахарт___ (кæдæм?)æмæ хъæут___(кæдæм?). Бирæ сывæллæттæ сæ ныййарджыт_____(кæимæ?) фæсарæнт____(кæдæм?) дæр ацæуынц, фенынц æндæр бæстæтæ, базонгæ вæййынц æндæр культурæ____(цæимæ?),æгъдæутт____(цæимæ?).) | . Къордтӕ кусынц ǽмǽ аргъ кӕнынц сӕ куыстӕн ӕмӕ иннӕ къордӕн дӕр. | Регулятивон : (чиныджы хъæугæ информаци ссарын) Зонадон: (ног зонындзинæдтæ фидар кæнын) |
Физкультинутка | ---Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм. | Кæнынц физминуткæ | Удгоймагон: (баулæфын) |
Ног зонындзинæдтæ фидар кæнын. | ---Ныр та аргъ скӕнӕм нӕ къордты куыстӕн. ---Хорз бакуыстат, фæлæ-ма зæгъут, кæцæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ? Физминуткǽйы ǽвдыст уыдис Ирыстон _( слайд-шоу Ирыстоны нывтимæ) Нывимæ куыст. – Сыв-тæ, ацы видеоæрмæгыл федтам нæ уарзон Ирыстоны рæсугъд бынæттæ. Ирыстон у зындгонд йæ хæхтæй. Фæлæ нын Светæ куыд радзырдта, афтæ Мæскуыйы дæр ис бирæ зæрдылдарæн бынæттæ. Уыцы бынæтты тыххæй нын бацæттæ кодтой чысыл æрмæг ________________________________, æмæ сæм байхъусæм. (Мæскуыйаг къупец Павел Михайлович Третьяков балæвар кодта Мæскуыйæн йæ зындгонд галерей.Уым æмбырдгонд æрцыдысты уырыссаг нывгæнджыты куыстытæ. Абон Третьяковы галерейы ис 6 мин уацмысæй фылдæр. Ацы галерей лæууы дунейы стырдæр музейты æмрæнхъ. Мæскуыйы кремль – диссаджы историон æмæ архитектурон цыртдзæвæн,æрбынат кодта Мæскуыйы астæу. Кремль фыццаг уыдис фидар. Царджыты хъахъхъæдта знæгты ныббырстытæй. Бирæ туристтæ бæллынц кремль фенын. Кремлы алыварс ис бирæ æндæр рæсугъд бынæттæ) | Къордтæ кусынц цалдæр минуты, стæй сæ хъуыдытӕ зӕгъынц | Зонадон: (зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) |
Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст. | ---- Бузныг. Тынг цымыдисагæй уæм хъуыстам. -Сыв-тæ, куыд æй базыдтам , афтæ Зæлинæйы бæллиц сæххæст ис, федта Мæскуы. Махæн дæр ис бæллицтæ.Æмæ мæ фæнды цæмæй нæ бæллицтæй самайæм мæсыг. Цымæ нын рауайдзæн? (дети выходят и на доске строят башню желаний, проговаривая вслух свою мечту) (Артем, Марат, Фатима, Саида, Даша, Альберт) | Скъоладзаутæ дарддæр раст дзурыныл архайынц, сæ зонындзинæдтыл æнцойгæнгæйæ. | Зонадон: (ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) |
Хатдзæгтæ скæнын. | - Бакæсут ма , цы рæсугъд у нæ масыг. Абон мах тыг хорз бакуыстам, æмæ ма на зардыл æрлæууын кæнæм цæй кæй кодтам нæ урочы? -дзуæппытæ. -хорз. Сыв-тæ,мæ зæрдæ уын зæгъы ,цæмæй уæ бæллицтæ аххæст кæной. Арфæгонд ут. --Цы базыдтат ногæй? ---Цы уæм фæкаст зындæр? Æнцондæр? - Цǽмǽн нǽ хъǽуынц хауǽнтǽ? Смайликтæй сывæллæттæ сæхицæм бæрæггæнæнтæ авæрынц. | Сæ хъуыдытæ дзурынц | Регулятивон: (æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын ) |
Хæдзармæ куыст | Светланæ загъта, алчи хъуамæ зона цы ран райгуырдис æмæ цæры, уый хорз зона æмæ æнæкæрон бирæ уарза. Уæдæ сымах дæр иннæ урокмæ гыццыл хъусынгæнинаг бацæттæ кæнут уæ райгуырæн бæстæйы тыххæй. | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
ДИРЕКТОР РУБАЕВА С.В.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.
Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.
Темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....
Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ 7-æм къласы Темӕ: Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»
1 Сӕйраг хъайтары архайдӕн аргъ скӕнын.2.Скъоладзауты размӕ цы проблемон фарста ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уый алыг кӕнын базонын.3. Скъоладзауты сфӕлдыстадон потенциал сбӕрӕг кӕнын, рӕзын кӕнын.4 Логикон...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»
Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын; æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Предметон: фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрсс...
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».
Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын аив дзурын æмæ кæсыныл....
Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Цардфæлварæны уæлахиз тыхфæлварæныл" (Барахъты Гинойы радзырд «Цæр!» - мæ гæсгæ. )
Уацмысы тугисыны фарста куыд лыггонд цæуы, уый равзарын.Бакусын ахуырдзауты ныхасы разтыл, темæмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын. Скьоладзаутæм хъомыл кӕнын раст цӕстӕнгас нæ ирон ӕгьдӕуттӕ ӕмæ тради...
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)
Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.»...