Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»
план-конспект урока (5 класс)

Дзгоева Валентина Тотрбековна

Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын;  æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын.

 

Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.    

 

Предметон:  фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрссаг уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хъуыдыйады æххæстгæнæн арыныл, ма йæ хæццæ кæной сæйратимæ.

 

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

 

Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын.

 

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnologon_karta_5_kl_iron_avzag.docx27.83 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы  урокмæ 5-æм къласы

Темæ: «Æххæстгæнæн»

Ахуыргæнæг: Дзгойты Валентина

Урочы  нысантæ

Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын;  æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын.

Урочы хуыз

Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.    

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон:  фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрссаг уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хъуыдыйады æххæстгæнæн арыныл, ма йæ хæццæ кæной сæйратимæ.

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.

                                                                           

                                                                                 Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы  архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

--- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ?

Cалам дæттынц

Сигналон карточкатæй æвдисынц сæ цæттæдзинад

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Фæйнæгыл фыст хъуыдыйæдтæ: (2 слайд)

Лæппу кæфы. Чызг зары. Гæды уасы. Куыдз рæйы гæдыйыл.

 ---Иухуызон сты ацы хъуыдыйæдтæ?

---Уæдæ-ма мын зæгъут, абон цæуыл дзурдзыстæм?

-Фæстаг хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй уæлдай ис фæрссаг уæнг.

- Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтыл.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

---Байгом  кæнут уæ тетрæдтæ, афыссут абоны нымæц æмæ ныффыссæм  Нымæцон диктант. (3 слайд)

(Ахуыргæнæг дзуры фарст, скъоладзаутæ дзуæппытæ фыссынц сæ тетрæдты нымæцонты хуызы: 1 – раст хъуыды, 0 – рæдыд.)

1.Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады грамматикон бындур.

2.Сæйрат у хъуыдыйады кæй кæнæ цæй кой цæуы

3.Зæгъинаг у  архайд.

4.Æрмæст сæйраг уæнгтæй конд хъуыдыйад хонæм хуымæтæг цыбыр.

5.Иу сæйраг уæнгимæ хъуыдыйад хонæм иувæрсыг.

6.Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады  сæйраг уæнгтæ.

7.Синтаксис ахуыр кæны хъуыдыйад æмæ дзырдбаст.

(Ахуыргæнæг байгом кодта фæйнæгыл æмбæхст фыст:

1001101 – раст дзуæппытæ)

Скъоладзаутæ кусынц сæ тетрæдты хибарæй.

Скъоладзаутæ кусынц къæйттæй:

Кæрæдзийы куыстытæ раст кæнынц æмæ æвæрынц нысæнттæ

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон:

(искæй архайдæн аргъ кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

---Фæйнæгыл фыст æмбисонд: (4 слайд)

Мадæлон æвзаг мадау адджын у.

---Куыд æй æмбарут?

--- Ссарут гамматикон бындур.

---Сæйрат цавæр фарстæн дзуаппи дæтты?

---Цавæр хауæнтæ-ма зонут?

---Ссарут-ма ацы хъуыдыйады хауæнты фарстатæн дзуапп чи дæтты, ахæм дзырд?

---Цавæр хауæны ис æвæрд?

---Уæдæ, хауæнты фарстатæн цавæр фæрссаг уæнг дзуапп дæтты?

---Нæ урочы темæ дæр у «Æххæстгæнæн». Абон мах бакусдзыстæм хъуыдыйады æххæстгæнæн хицæн кæныныл, стæй йæ сæйратимæ цæмæй ма хæццæ кæнат, ууыл.

---Æххæстгæнæнимæ базонгæ стут райдиан кълæсты. Цы ма дзы хъуыды кæнут.

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

- æвзаг адджын у

- Номон хауæны фарстатæн: чи? цы?

Дзурынц хауæнтæ сæ фарстатимæ.

-Мадау

-Цæдисон: кæйау? Цæйау?

-Æххæстгæнæн

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Чиныгимæ куыст

---Абарæм нæ дзуæппытæ чиныджы æрмæгимæ.

(5 слайд)

Скъоладзаутæ сæ чингуыты кæсынц æххæстгæнæны тыххæй зæрдылдаринаг.

Регулятивон :

(чиныджы хъæугæ информаци ссарын)

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Физкультинутка

---Гыццыл баулæфæм æмæ та нæ куыст адарддæр кæнæм.

Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

---Ныр та бакусæм къордты.

(Æртæ къордыл дих кæны ахуыргæнæг скъоладзауты. Дæтты сæм карточкатæ хæслæвæрдимæ: баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ æххæстгæнæнтæй.) (6 слайд)

Карточка

1.(Кæмæн?)……. сæ хæхты фæзынд хъулонзачье  уæйыг?

2.Хонджытæ æппæт (кæй?)……. дæр æрхуыдтой.

3.Батрадз (кæимæ?)……… хъазыныл фæци.

4.Батрадз (цы?)…….. амардта , йæ (цæмæй?)…….. мусонг акодта.

---Хорз бакуыстат, фæлæ-ма зæгъут, кæцæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ?

---Ныр та фæйнæгыл  акусæм.

Ссарут хъуыдыйæдты æххæстгæнæн,  йæ бын ын бахахх кæнут. (7 слайд)

Марат фыссы фыстæг.

Мæ мад цæттæ кæны сихор.

Нæ сыхаг ныссагъта бæлас.

Къордтæ кусынц цалдæр минуты, стæй сæ карточкатæ дæттынц ахуыргæнæгмæ.

Нарты кадджытæй. «Батрадз æмæ хъулонзачъе уæйыг»

Скъоладзаутæ иугай цæуынц фæйнæгмæ, хъуыдыйæдтæ фыссынц æмæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Зонадон: 

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

---Адарддæр кæнут хъуыдыйæдтæ. (8слайд)

Хъуыдыйады вæййы сæйраг æмæ ….

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ сты:….

Æххæстгæн у хъуыдыйады…

Дзуапп дæтты фарстатæн…

Нысан кæны….

Скъоладзаутæ дарддæр кæнынц хъуыдыйæдтæ, сæ зонындзинæдтыл æнцойгæнгæйæ.

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.

--Цы базыдтат ногæй?

---Цы уæм фæкаст зындæр?

--- Æнцондæр?

Сæ хъуыдытæ дзурынц

Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын )

Хæдзармæ куыст

14 –æм урок, 6 –æм фæлтæрæн

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....

Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ 7-æм къласы Темӕ: Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»

1 Сӕйраг хъайтары архайдӕн аргъ скӕнын.2.Скъоладзауты размӕ цы проблемон фарста  ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уый алыг кӕнын базонын.3. Скъоладзауты сфӕлдыстадон потенциал сбӕрӕг кӕнын, рӕзын кӕнын.4 Логикон...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Цардфæлварæны уæлахиз тыхфæлварæныл" (Барахъты Гинойы радзырд «Цæр!» - мæ гæсгæ. )

Уацмысы тугисыны фарста куыд лыггонд цæуы, уый равзарын.Бакусын ахуырдзауты ныхасы разтыл, темæмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын. Скьоладзаутæм хъомыл кӕнын раст цӕстӕнгас нæ ирон ӕгьдӕуттӕ ӕмæ тради...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Хъӕздыг цы нӕ кӕны, мӕгуыр цы нӕ бары" (Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Номылус» - мæ гæсгæ. )

Адæймаг рæсугъд цæмæй вæййы, уый равзарын. Скьоладзауты ахуыр кӕнын раст цӕстӕнгасӕй кӕсын ирон ӕгьдӕуттӕм,ӕмбарын сын сӕ актуалондзинад ныры царды. Зӕлийы фӕлгонц равзарын....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»

Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...