Тема урока осетинского языка в 9 кл. "Санкт-Петербург - славный город России" («Уæрæсейы цытджын горæт - Бетъырбух»)
план-конспект урока (9 класс)

План урока осетинского языка в 9 классе в дефференцированной группе на тему: "Санкт-Петербург - славный город России" .

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл plan_uroka_piter.docx20.55 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ:  «Уæрæсейы цытджын горæт - Бетъырбух»

Хъомыладон хæс: адæмы æвзаг æмæ культурæйæн кад кæнын ахуыр                                    кæнын; коммуникативон æмæ æвзаджы культурæйыл ахуыр кæнын.

Ахуырадон хæс:    Уæрæсейы рæсугъддæр горæтыл адзурын.

Райрæзтон хæс:     Уæрæсейы горæтты  тыххæй  зонындзинæдтæ фылдæр кæнын, сæ бастдзинад Ирыстонимæ.

Урочы цыд.

  1. Бацæттæгæнæн æрмæг.
  2. Раст дзур     (2 сл)

А)   Хъуыстгонд – куыстхъом

       Æнæхъæн – æнæконд

        Рахъавын – ракафын

        Хъæугæ – кæугæ

        Хъæздыг – кæрдæг

        Фехъусын – фæкусын

        Хъахъхъæнын – кад кæнын

Б) 48     925    1812   18    1000    600    (3 сл)

  1. Бакæсын видео нывмæ æмбазонын урочы темæ.  (4 сл)

Урочы темæ «Уæрæсейы цытджын горæт - Бетъырбух»     (5  сл)

  1. Сараз раст дзырдбæстытæ    (6 сл)

Æддагон                Торговля  

Уырыссаг              Внешний

Куыстуат               Крепость

Фидар                    Предприятие

Æнæмæлгæ           Памятный

Базарад                  Бессмертный

Зæрдылдарæн       Русский

Разамонæг             Правительство

Хицауад                Руководитель

  1. Хъуыдыйæдтæ ахæццæ кæн дарддæр, тексты æрмæгæй пайдагæнгæйæ (7 сл)

- Бетъырбух у (цавæр?) …, …, …  .

- Бетъырбухы фидауц æмæ хъæздыгдзинад сты (цы?) …, …, …  

- Къоста Цæгат Пальмирæйы базонгæ …, …, … уацмыстимæ.

 - Ирон адæм сæрыстыр сты, Бетъырбухы чи цæры, уыцы ʼмзæххонтæй: …, …, …  .

  1. Базон, цæуыл дзурынц нывтæ. Ссар тексты хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ратæлмац кæн     (8-12 сл)

«Æрхуы барæг»  

Ленин      

Эрмитаж, Уырыссаг музей    

Исаакийы аргъуан, Марсы фæз, Сæрдыгон дыргъдон, Нывкæнынады академии, Хетæгкаты Къ.

«Балтика», Пивоваренный завод «Балтика», Боллоты Т.

Мариины театр. Гергиты Валерий

«Цæгатаг Пальмирæ»

  1. Текст кæсын æмæ тæлмац кæнын:     (13 сл)

Уæрæсейы цытджын горæт – Бетъырбух.

Бетъырбухæн бындур æвæрд æрцыдис 1703 азы. Уæрæсемæ æддагон знæгтæ бырстой алы заманты дæр. Цæмæй паддзахадæн йæ цæгатаг сыхæгтæй тæссаг ма уал уа, уый тыххæй Петр I сфæнд кодта цæугæдон Невайы былгæрæттыл горæт-фидар саразын. Уырыссаг паддзахы ном хъуыстгонд уыдис æнæхъæн Европæйы. Йæ реформæтæ бындуронæй базмæлын кодтой Уæрæсе. Уыдоны фæрцы бæстæйы фæзындис индустриалон куыстуæттæ, хæцæнгарзуадзæн заводтæ, райрæзтис базарад, арæзт æрцыдысты æфсад æмæ денджызон флот.

     Хæрз чысыл рæстæгмæ Бетъырбух ссис дунейы рæсугъддæр горæттæй иу. Горæт бавзæрста æртæ революцийы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты та – блокадæ.

     Ирыстон æмæ Бетъырбухы æхсæн æнгом бастдзинæдтæ фæзындис дыууæсæдæ азы размæ. Ацы горæты, Нывкæнынады академийы ахуыр кодта Хетæгкаты Къоста. Ам арфдæр базонгæ ис уырыссаг литературæйы бындурæвæрæг Пушкины поэзиимæ, Достоевский, Тургенев, Толстой æмæ иннæ уырыссаг фысджыты уацмыстимæ, уырыссаг культурæимæ. Мадæллон æвзагау бауарзта уырыссаг æвзаг, уырыссагау фыста аивадон уацмыстæ дæр. Хæлардзинады руаджы дард Цæгатаг Пальмирæ алы ирон адæймаджы зæрдæмæ дæр у æввахс.

     Бетъырбухы иунæг татт чи уыдис, уый йæ цæрæнбонтæм нал ферох кæндзæнис.

  1. (14 сл) Знаете ли вы, что в Академии художеств Санкт-Петербурга

учился не только Коста Хетагуров? По его пути прошли еще два представителя Хетагуровых – это Казбек и его сын Аслан.  Что примечательно, но Аслан Хетагуров реставрировал стены Алагирского собора, которые когда-то расписывал его далекий предок - Коста.

  1. Ныхмæвæрд дзырдтæ ссар:  

Рæсугъд –

Æввахс –

Размæ –

Бацыдис –

Цæгат –

Сыгъдæг –

  1.  Тест:   (15 сл)

Тест

  1. «Æрхуы барæджы» цыртдзæвæн æвæрд æрцыдис :

а) Петр I            æ) Екатерина  II             б)  Николай  II

  1. Цавæр цæугæдоны былгæрон ис горæт Бетъырбух?

а) Волга             æ) Нева                          б) Терк

  1. Цал революцийы бавзæрста горæт?

а) 1                      æ) 2                               б) 3

  1. Бетъырбухы зындгонддæр бынæттæ сты:

а) Эрмитаж, Уырыссаг музей, Кремль;

æ) Смольный, Зымæгон галуан, Эрмитаж;

б) «Æрхуы барæг», Третьяковы нывты галерей, Невайы проспект.

  1. Бетъырбухы нывкæнынады академийы ахуыр кодта:

а) Тугъанты Махарбег        æ) Хетæгкаты Къоста         б) Сабанты Хаджумар

  1. Мариины театры разамонæг у:

 а) Гергиты В.           æ) Сохиты Т.               б) Кокойты А.

  1. Урочы хатдзæг –  Бетъырбухы иунæг татт чи уыдис, уый йæ цæрæнбонтæм нал ферох кæндзæнис.
  2.  Хæдз. куыст

Урочы кæрон чысыл видеоныв Бетъырбухы тыххæй.

(Тест есть в бумажном варианте и в программе ГЕНЕРАТОР ТЕСТОВ)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Повторительно-обобщающий урок по истории и культуре Санкт-Петербурга "Новый город - новая столица."

Урок с использованием технологии "Критериальная оценка учебной деятельности"...

Презентация к классному часу по теме "Санкт - Петербург - открытый европейский город"

Идея развития Санкт-Петербурга как "открытого европейского города". Многочисленные традиционные международные  культурные мероприятия, которые проводятся в Северной столице....

Методическая разработка. Интегрированный урок геометрии, истории и культуры Санкт-Петербурга, английского языка. 5 класс. Тема «Виды линий. Ограды для парков и набережных рек.Школа дизайнеров в рамках международного сотрудничества»

Инттегрированный урок дает возможность показать обучающимся 5 класса взаимосвязь предметов математики, истории города и английского языка. Урок способствует расширению кругозора обучающихся, повы...

Конспект урока по Истории и культуре Санкт-Петербурга по теме: "Санкт-Петербург - город светской культуры"

Урок-исследование с постановкой проблемного вопроса. Учащиеся опираются на знания, полученные на предыдущих уроках, знакомятся с новым материалом, анализируют, дают собственную оценку. В конце урока ч...

Методические разработки урока по теме: «Санкт-Петербург – это мой город, город молодежи»

Методические разработки урока по теме: «Санкт-Петербург – это мой город,  город молодежи»...

План-конспект урока по Истории и культуре Санкт-Петербурга для 7 класса по теме "Вырос город на болоте..."

Материал адресован учителям, преподающим предметную область Петербурговедение. Урок посвящён первым постройкам Санкт-Петербурга эпохи Петра I....