"Человек благороден своими хорошими поступками" ( по стихотворению в прозе Гадиева Цомака "Два цветка")
учебно-методический материал (6 класс)

Тема урока: «Человек благороден своими хорошими поступками» (по стихотворению в прозе Гадиева Цомака «Два цветка»). Данный урок запланирован в рабочей программе по родной (осетинской) литературе для 6 класса,  составленной  на основе примерной Программы основного общего образования по родной (осетинской) литературе, авторской программы под редакцией Дзасоховой Ф. и Зангиевой Р. (Владикавказ: «ИР», 2009г.).

Тип урока: урок изучения нового материала, беседа.

  Цель урока: освоение идеи произведения (стихотворения в прозе) Гадиева Цомака «Два цветка» через анализ образов-персонажей и содержания.

Прогнозируемые результаты:

Предметные:

- формировать навыки анализа художественного текста;

- учить понимать и  оценивать поступки героев;

- находить изобразительно-выразительные средства языка;

         Метапредметные:

- способствовать развитию умений и навыков работы с художественным текстом;

- содействовать развитию критического и творческого потенциала учащихся средствами творческих заданий;

- развивать навыки чтения, пересказа, память, наблюдательность.

Личностные:

- способствовать формированию морально-нравственных ценностей;

- прививать доброе отношение к окружающим людям;

- уметь сочувствовать и сопереживать, откликаться на чужую беду;

- совершать добрые поступки.

         Урок  призван способствовать развитию у учащихся универсальных учебных действий:

Познавательные УУД: самостоятельно выделять и формулировать познавательные цели, осмысленно читать текст, отыскивать и выделять в нём необходимую информацию, осознанно строить речевое высказывание, устанавливать причинно-следственные связи, аргументировать собственное мнение.

Регулятивные УУД: уметь ставить цели, планировать, контролировать учебную деятельность на уроке.

Личностные УУД: иметь ценностно-смысловую ориентацию, соотносить поступки и события с принятыми в обществе этическими принципами и моральными нормами, мотивировать себя на процесс и результаты деятельности.

Коммуникативные УУД: умение слушать и слышать, принимать чужую точку зрения, формулировать и аргументировать собственное мнение        .

      Урок  построен в соответствии с идеями системно-деятельностного подхода в обучении, что позволяет не только существенно повысить качество усвоения знаний по предмету, но и способствует развитию мышления и познавательных способностей учащихся при включении их в самостоятельную учебно-познавательную деятельность, что исключает пассивное восприятие материала.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл 2_urok_literatura_gadiev_tsomak_dva_tsvetka.docx42.3 КБ

Предварительный просмотр:

Урокы темæ: «Адæймаг рæсугъд у йæ хорз миниуджытæй».

(Гæдиаты Цомахъы уацмыс «Дыууæ дидинæг»-мæ гæсгæ.)

Урокы нысантæ:

1. Анализ скæнын прозæйæ фыст æмдзæгæйы текстæн.

2. Фæхъæздыгæр кæнын скъоладзауты дзырдуат диалогон ныхасы руаджы.

3. Скъоладзаутæн гуырын кæнын адæймаджы хуыздæр миниуджытæм цымыдисдзинад, уыдон фæзмынынмæ.

Урокы ахуырадон фæстиуджытæ:

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын, авторы цардыл абаргæйæ быдырон дидинæджы хъысмæт.

Урочы хуыз: ног зонындзинӕдтӕ райсын.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ: карточкæтæ, презентаци, интерактивон фæйнæг.

6 къласы ирон литературӕйы урочы технологион картӕ:

Темæ: «Адæймаг рæсугъд у йæ хорз миниуджытæй»

(Гæдиаты Цомахъы уацмыс «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.)

Урочы этаптæ

Куысты хуызтӕ

Ахуыргæнæджы архайд

Скъоладзауты куыст

1. Мотивацион

нысан: (скъоладзауты сцымыдис кӕнын урокы ӕрмӕгмӕ)

Скъоладзауты сразæнгард кæнын ног зонындзинӕдтӕ райсынмӕ.

Салам радта сывӕллӕттӕн.

Таурӕгъ дзуры: «Куырм лӕг ӕмӕ цырагъ».

Скъоладзаутӕ салам радтой. Хъусынц таурӕгъмӕ.

II. Урокы хӕстӕ ӕмӕ нысантӕ сӕвӕрын (актуализаци):





Урокы темæйыл куыст:


Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст:
















Ног æрмæгыл куыст:

Беседӕ саразын.



















Рольтæм гæсгæ каст.



Къордтӕй куыст.




Авторы цӕстӕнгас дыууӕ дидинӕгмӕ.


1. Сымахмӕ та куыд кӕсы, цӕмӕн хъуыдис куырм лӕджы цырагъ?

2. Загъут-ма уӕдӕ сывӕллӕттӕ,адӕм се ′ппӕт афтӕ ӕххуыс кӕнынц кӕрӕдзийӕн?

3. Нӕ урокы эпигрӕфмӕ ма ӕркӕсӕм.

4. Кӕй ныхӕстӕ сты?

5. Цы нысан кӕны быдырон дидинӕджы ныхас, уый та бамбардзыстæм урокы кӕрон.

6. Цӕуыл дзурдзыстӕм абоны урокы?

7. Цавӕр литературон жанрмӕ хауы Гӕдиаты Цомахъы уацмыс «Дыууӕ дидинӕджы»?

8. Чи сты уацмысы сӕйраг архайджытӕ?

9. Цæмæй хуыздæр бамбарæм уацмыс, уый тыххæй йæ бакæсæм.

Фӕйнӕ сыфы уын авӕрдтон уӕ разы. Ис дзы дзырдбӕстытӕ, миногонтӕ фыст. Уӕ хӕс у равзарын, чи дзы кӕцы дидинӕгмӕ хауы, уый.


Комкоммæ ницы зæгъы автор, йæ персонажтæй раст æмæ æнæраст чи у, уый тыххæй.

9. Автор цæй руаджы равдыста йæ ахаст дыууæ дидинæгмæ?

а) цӕмӕй адӕмӕн сӕ фӕндаг срухс кӕна; фӕндыд ӕй, цæмæй исты хорздзинад фӕуа адæмæн.

б) адæм арæх не ′ххуыс кæнынц кæрæдзийæн, фæлæ уæддæр хорз адæм фылдæр ис.

«Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у…»


Скъоладзаутæ бӕрӕг кӕнынц урокы темӕ.

«Цард ӕмӕ амондыл».

Прозӕйӕ фыст ӕмдзӕвгӕ

Хӕххон ӕмӕ быдырон дидинджытӕ.


Кӕсынц дидинджыты монологтӕ.


Фыссынц дзырдтӕ чысыл сыфтыл ӕмӕ сӕ ныхасынц хъӕугӕ дидинӕджы нывыл фӕйнӕгыл.

Рӕсугъд у хӕххон дидинӕг. Йӕхимӕ ӕлвасы цӕст. Хъал у йӕ бӕрзондӕй, йӕ фидауцӕй, йӕ царды фадатӕй. Нарцисау ныббуц йӕхи уындӕй, уарзы ӕрмӕст йӕхи ӕмӕ уымӕй разыны йӕ уды афтиддзинад. Ӕндӕр зондахаст ис быдираг дидинӕгмӕ – адӕмы хорздзинад ӕмӕ иумӕйаг амондыл хъары йӕ уд.

Сывӕллӕттӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынц. Бӕлвырд сӕ кӕнынц тексты рæнхъытӕй.

III. Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын:






Дзырдуатон куыст:

















Интерактивон фӕйнӕгыл куыст:

Беседӕ.

 

Къӕйттӕй куыст





Анализ



Дзырд «амонд» Абайты Васойы дзырдуатæй равзарын.








Цомахъы миддунейы ахаст цард ӕмӕ амондмӕ








Лӕвӕрд ӕмбисӕндтӕй равзар дыууӕ дидинӕгмӕ чи хауы, ахӕмтӕ.

1. Цавӕр аивгӕнӕн мадзӕлттӕй спайда кодта Гæдиаты Цомахъ дыууӕ дидинӕджы фӕлгонцтӕ равдисынмӕ?

2. Алыхуызон  ӕмбарынц амонд ӕмӕ царды нысан дыууӕ дидинӕджы – дыууӕ удгоймаджы.


1. Сывӕллӕттӕ, сымах та куыд амбарут дзырд «амонд»?

2.Цы зæгъынмæ хъавыд Цомахъ хæххон дидинæг кӕй фесӕфт, уымӕй?

3. Цæмæн ис ахæм кæрон æмдзæвгæйæн?




Авторы ахаст амондмӕ раргом кӕнӕм: « Гæдиаты Цомахъ быдираг дидинӕджы фӕлгонцӕй ӕргом кӕны йӕхи царды философи: адӕмы хорздзинад ӕмӕ иумӕйаг амондыл уд хъарын. Уый хъӕздыг у йӕ уды цардӕй, рӕсугъд у йӕ зӕрдӕйы рухсӕй, йӕ уӕздан митӕй».

Амоны хæслæвæрд, разӕнгард кӕны фӕйнӕгмӕ цӕуынмӕ.




Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц:

эпитеттӕ, олицетворенитӕ. Агурынц сæ æмæ сæ ныхасынц, гӕххӕттыл фыстӕй фӕйнӕгыл.





Скъоладзатæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Сывӕллӕттӕ дзурынц адæймаджы царды нысаны тыххæй: иунæгæй адӕймагӕн цард нæй, адæймаг хъуамæ баст уа йӕ уарзон адӕмимӕ. Ахæм хуызы уыны царды нысан быдырон дидинæг. Йæ хъысмæт дæр амондджындæр уымæн рауад.

Скъоладзаутӕ хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ.









Хорз адæймагæн зæлдаг — йæ ныхас, зæлдаг — йæ кæлмæрзæн, зæлдаг — йæ сæрбæттæн. Хорз лæг дзыхъхъæй дæр зыны. Иунæг мæгуыр у. Иунæгæй хъæды маргъ дæр нæ цæры. Алы лæгæн дæр йæ уæздандзинад йæ бындурæй бæрæг кæны.

Хибарӕй куыст.

Хъуыдыйадтӕ ахӕццӕ кӕнут кæронмæ.

Ӕз мӕхи амондджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ…

Ӕз амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ…

Ӕз амондыл нымайын…

IV. Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.






1. Цавæр нысæнттæ æвæрд уыдис нæ урокы размæ?

2. Сæххæст сæ кодтам?

3. Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрди ацы уацмыс æвзаргæйæ?

4. Сымахмæ гæсгæ ацы урокы цы уыдис цымыдисагæй?

5. Алы урок дæр ахæм хъæлдзæг хъуамæ уа æви нæ?

6. Сывæллæттæ, цы райстат уæхицæн ногæй?

1. Цы базыдтат ногæй урокы?

2. Урок уæ зæрдæмæ фæцыд  æви нæ?

3. Цæмæй хицæн кодта нæ урок иннæ уроктæй?

4. Кæцы дидинæг фæцыд фылдæр уæ зæрдæмæ? Цæмæн?

Ахуыргӕнӕг кӕсы: урокы эпиграф равзæрстам. Цы нысан кæны, уый бамбӕрстам. Дыууӕ дидинӕджы конфликт: дыууӕ зонды быцӕу ахицӕн –бӕрзонддӕр ӕмӕ сыгъдӕгдӕр удæй чи уыд, уый фæуæлахиз. Сывæллæттæ, уæ зæрдыл бадарут, царды алкæддæр уæлахиз кæндзæн «сыгъдæг æмæ æргом уд».










Сывæллæттæ дзуапп дӕттынц ахуыргæнæджы фӕрстытӕн.

Скъоладзаутæ дзуæппытæ дæттынц фæрстытæн.

IV. Хӕдзармӕ куыст раттын

Аргъ кӕны скъоладзауты куыстӕн, ӕмбарын сын кӕны хæдзармæ куыст.

Скæнын Гæдиаты Цомахъы  прозæйæ фыст æмдзæвгæмæ  гæсгæ нывтæ.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Стихотворения в прозе И.С.Тургенева «Как хороши, как свежи были розы...», «Старуха». Конспект урока в 10 классе.

Знакомство учащихся с жанром "стихотворение  в прозе". выявление особенностей тургеневского мировосприятия  впоследние годы жизни, Тонкость духовного мира, глубина переживаний, философский н...

Урок-исследование Литература (7 класс) Тема: «Стихотворение в прозе И.С. Тургенева «Как хороши, как свежи были розы…»

 Развить навыки исследовательской работы, сравнительного анализа текста, работы с дополнительной литературой; развить знания учащихся о жанре стихотворения в прозе; углубить знание о мастерстве И.С. Т...

Открытый урок "Воспитание души. Совесть и ответственность человека за свои поступки. Прощёное воскресенье на Руси."

Открытый урок "Воспитание души. Совесть и ответственность человека за свои поступки. Прощёное воскресенье на Руси."...

"Плохие и хорошие поступки"

Занятие для воспитанников 5  класса....

Беседа, воспитывающая нравственные чувства и гуманность детей "Мои плохие и хорошие поступки"

Поговорим о хороших и плохих поступках. Люди живут рядом друг с другом, общаются, совершают разные поступки. Иногда красивые внешне люди совершают неприличные поступки, ведут себя грубо, неэтично. Так...