Открытый урок в 10 классе по теме "Этикет"
план-конспект урока (10 класс)
Этикет — совокупность правил поведения и вежливости, принятых в каком-либо обществе. Правила этикета являются социальными нормами и опираются на обычай. Следование этикету было обязательным условием жизни в осетинском обществе. Выдающийся русский ученый Всеволод Миллер писал, что в бедных осетинских домах «соблюдается этикет строже, чем в европейских раззолоченных палаццах».
Когда заходит речь о наших традициях и обычаях, почему-то всегда начинают с описания народных праздников, элементов застолья и тп. Несомненно, они важны. Но есть и другая составляющая нашего бытия, которая на сегодняшний день гораздо более актуальна и важна. Это – духовно-нравственный мир осетина, нормы его поведения и правила взаимоотношений с окружающим обществом.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
gom_urok_etiket.doc | 63.5 КБ |
Предварительный просмотр:
Ирон æвзаджы урок 10 къласы.
Æвзаджы темæ: Этикет. Этикетон ныхас.
Ныхасы темæ: Фыдæлты æгъдæуттæй диссагдæр нæй.
Урочы нысантæ:
- Синтаксис фæлхатын.
- Нæ ныхасы хæрзхъæддзинадыл кусын (уæздандзинад æвдисæг дзырдтæ иртасын).
- Нæ фыдæлты хæзнатыл (нарты эпос, æгъдæуттæ,таурæгътæ,кадджытæ) æрдзурын.
Эпиграф. Дзырд марг у, марæн фат - æхсынмæ,
Дзырд маргъ у - базырджын хæзна…
/Гæлуаты Аким/
Урочы цыд.
- Организацион хай.
- Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Текст «Адæймаг æмæ денджыз».
Адæймаг бацыд Денджызы былмæ. Лæгъз, æмдымбыл дуртæ йæ дисы бафтыдтой. Бафæндыд æй йæхи къухтæй ахæмтæ саразын. Айнæджы кæрдих равзæрста æмæ йæ ныццавта стыр дзæбугæй. Кæрдихыл алырдæм азгъордтой дæсгай зыхъхъыртæ. Райста дыккаг кæрдих, ныццавта та уый дæр лыстæг ныммур. Æмæ уæд Адæймаг бафарста: «Денджыз, дæуæн дæ дуртæ цæмæн сты рæсугъд æмæ лæгъз?»
Æмæ йын дзуапп радта Денджыз: «Ды цæвгæ кæныс, æз та - узæлгæ».
Ах.-г. Тексты сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?
1.Хæслæвæрдтæ къордты кусгæйæ.
- Ссарын антонимтæ:
Цæвгæ - рæвдаугæ ,узæлгæ
2. Ссарын синонимтæ дзырдтæм:
Кæрдих –
Ныммур кæнын-
Ах.-г. Цавæр æмбисонд æрлæууыд уæ зæрдыл?
- Лæгъз ныхас дурмæ дæр хъары
2.Беседæ ныхасы культурæйыл .
Лæмбынæг бакæсут Хæутаты Къостайы хъуыдытæ ныхас æмæ ныхас кæныны æгъдæутты тыххæй. Зæгъут, цы базыдтат ногæй. Йæ фæдзæхстытæй уæм кæцытæ кæсынц æппæтæй ахсджиагдæр, æнæмæнг æххæстгæнинагдæр?
Æрхæссут дæнцæгтæ уæхи цардæй. Цы уын æнтысы æххæст кæнын Хæутаты Къостайы фæдзæхстытæй? Цæуыл ма уæ хъæуы бацархайын, цæмæй ныхас кæныны æгъдæуттæ иууылдæр æххæст кæнат?
Ныхасы культурæ.
Ныхас домбай хæцæнгарз у, æмæ кæддæриддæр тæрсын хъæуы йæ дзæгъæл гæрахæй, æнæ топы кæсæнмæ гæсгæ дзы хъуамæ æххæст мацы цæуа, фат цæмæй æнаххосыл ма суайа, уымæн.Цамынмæ ныхас нæма зæгъай, уæдмæ йын йæфæстиуæг дæ цæстытыл ауайын кæн. Ныхасгæнгæйæ хиуыл хæцын уæздандзинады бæрæггæнæн у. Ныхас лæджы кадджын дæр кæны æмæ æгад дæр.
Æвæццæгæн, дунейы ныхасæй тыхджындæр нæдæр хæцæнгарз у, нæдæр удгоймаджы хъару. Фыдæлтæ-иу уымæн загътой: «Ныхас адæймаджы мæрдтæм дæр тæры, мæрдтæй дæр æй здахы», зæгъгæ, кæнæ: «Рæстдзæвин ныхас уæлахиз хæссы!»
Ныхас домбай хæцæнгарз у, æмæ кæддæриддæр тæрсын хъæуы йæ дзæгъæл гæрахæй, æнæ топпы кæсæнмæ гæсгæ дзы хъуамæ æххæст мацы цæуа, фат цæмæй æнаххосыл ма суайа, уымæн. Цалынмæ ныхас нæма загътай, уæдмæ йын йæ фæстиуæг дæ цæстытыл ауайын кæн.
Ныхасгæнгæйæ хиуыл хæцын уæздандзинады бæрæггæнæн у. Ныхас лæджы кадджын дæр кæны æмæ æгад дæр. Ныхасгæнæгæн цæмæй йæ ныхасы уæз уа, нысаныл æмбæла, уый тыххæй лæг хъуамæ ахъуыды кæна мæнæ ацы фондз уагæвæрдыл:
- зæгъын æй хъæуы æви нæ,
-цы хуызы йæ аивдæрæй загъдæуа (сабырæй, хъæрæй, мæстыйæ, хъæлдзæгæй, æргомæй, дæлгоммæ, хъазгæмхасæн),
- кæд æмæ йæ кæцы ран загъдæуа,
- кæмæн æй хъæуы зæгъын.
Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Дæ ныхас уал баууил, стæй йæ зæгъ». Науæд: «Дзырд топпы фатæй уæлдай нæу, æхст куы 'рцæуа, уæд æй нал раздахдзынæ».
/Хæутаты Къоста/
- Ног æрмæг.
Э пос
Т аурæгъ
И рæд
К адæг
Е благъуæ
Т радицитæ /СЛАЙД /
Цы дзырд нæм рауад? - ЭТИКЕТ. Уый у нæ урочы темæ.
Этикет (французаг дзырд etiquette амоны «гакк», «нысан»)-хи дарыны æгъдæуттæ æхсæнады,бинонты 'хсæн.
/СЛАЙД /
Этикет-афтæ хонынц, æхсæнады кæнæ æхсæнадæн йæ иу хайы цы уагахасты æмæ уæздандзинады æгъдæуттæ ис, уыдон иумæ райсгæйæ. Этикетон уагæвæрдтæ сты социалон (æхсæнадон) нормæтæ, кæнæ æгъдæуттæ. Зæгъæм, ирон адæммæ-фынджы этикет,кафæг нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы этикет æмæ æнд.ах.
(Ирон адæмы этнографии æмæ мифологи)
IV. ÆМБИСÆНДТÆ РАВЗАРЫН ÆМÆ ТЕТРÆДТЫ НЫФФЫССЫН.
Æнæууылд ныхас æнæдæндагыл дæр нæ фидауы.
Дзырд хъазинаг нæу.
Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис.
Дзырд халæг дæр у æмæаразæг дæр.
Ныхас мæрдтæй здахы.
1.Фынджы этикет
Ирон фынджы æгъдау –
Æгъдауы фурды нау.
Ирон фынджы æгъдау –
Кæстæр,дæуæн у скъола.
Уым ахуыр кæн лæгау,
Æмæ дæм уа æгъдау.
2.Кафæг нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы этикет.
/Ахуыргæнæджы раныхас кафты этикеты фæдыл/ /СЛАЙД /
3.Тæфæрфæсы этикет.
/Ахуыргæнæджы раныхас кафты этикеты фæдыл/ /СЛАЙД /
… Мæгуыр ирон лæджы хæдзары æгъдау у европæйаг æргъæу галуанты куыд у, уымæй фидардæр æвæрд» /«…соблюдается этикет строже, чем в европейских раззолоченных палацах»/ /Всеволод Миллер/
- Къордты куыст
Уайсадыны æгъдау | Хистæр æмæ кæстæры ахастдзинæдтæ | Уазæджы æгъдау |
Æфсин цы уагыл уайсады,чындз дæр уыцы равгыл | Хистæры буц дар-ды дæр зæронд кæндзынæ | Буц ныхас-уаæгæн минас. |
Чындзы уаг дзыхылхæстæй фидауы. | Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны бар нæй. | Уазæг æфсæды хæрд æмæ нозты бæрцæй нæ, фæлæ цæстырухсæй æмæ ныхасы рæвдыдæй. |
VI. ЧИНЫГИМÆ КУЫСТ
Ф.161
Уæздандзинад æвдисæг ныхæстæ:
Дæ хорзæхæй,бахатыр кæн,хорз уаид, кæд дын зын нæу,мæ хур акæнай,нæ мады хай,мæ къона.
Ф.162
Этикетон ныхæстæ дихгонд цæуынц цалдæр къордыл:
Салам дæттын
Арфæ кæнын
Хатыр курын
Ф.165
Алдзæн-æвæджиау æрцæугæ æмæ нæрцæцгæ,фенгæ æмæ 'нæфенгæ диссаг.
.Æмбисондæн,тæхудиагæн чи баззад,ахæм диссаг.
Уырындыхъ-сынтæг
Æртыскъæн-æфсæйнаг мигæнæн зынг кæнæ æндæр тæвд истæуыл ныххæцынæн
Стуан-змæнтæн
VII. Урочы хатдзæг.
(Скъоладзауты хъуыдытæ).
Урочы кæрон равзарын нæ фысджыты сфæлдыстад, скæнын хатдзæгтæ.
Дзырд марг у, марæн фат –æхсынмæ,
Дзырд маргъ у-базырджын хæзна,-
Дзырд знагæй аразы æфсымæр,
Дзырдæй æфсымæр фесты знаг.
(Гæлуаты Аким.)
Словом можно убить,
Словом можно спасти,
Словом можно полки
За соьой повести.
Вадим Шефнер)
VIII. РЕФЛЕКСИ
Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрд абон нæ урочы?
-Абон æз базыдтон….
-Уыдис зын….
-Æз кодтон хæслæвæрдтæ
-Ныр мæ бон у…
-Æз сахуыр дæн….
-Мæнæн рауадис….
Æз æвзардзынæн ….
Мæн дисы бафтыдта…
-Мæн бафæндыдис…
IX. Хæдзармæ куыст.
Ф.167 Ныффыссын хуынды гæххæт (бæрæгбоны, юбилейы,кадджын изæры фæдыл) хуызæгмæ гæсгæ.
АРФÆГОНД УТ!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок 9 класс. Тема урока: «Уравнения, приводимые к квадратным»
Цель: 1. Проверка знаний учащихся по теме; 2. Умение решать квадратные уравнения с параметром; 3. Правильная запись решений....
Разработка открытого урока по классу фортепиано «Работа над полифонией в старших классах»
Трёхголосное полифоническое произведение. И.С. Бах Фуга С-dur....
Открытый урок 8 класс. Тема урока: “Global ecological problems”
Задачей современной школы является обеспечение условий для формирования у обучаемых адекватной современному уровню знаний картины мира и интеграции личности ученика в систему мировой и националь...
Открытый урок (мастер-класс) по русскому языку, проведённый на Фестивале инновационных идей в региональном образовании «Педагогические открытия 21 века» по теме Урок – исследование. «Предлог». (7 класс)
Тема: Предлог. (Закрепление знаний)Цель урока а) учебная: систематизировать и обогатить знания учащихся о предлоге, на основе заданий-исследований предупредить возможные ошибки в употреблении предлого...
Проект открытого урока 9 класса "Открытие нейтрона. Состав атомного ядра. Массовое число. Изотопы"
Проект открытого урока «Открытие нейтрона. Состав атомного ядра. Массовое число. Изотопы»...
Презентация и технологическая карта к открытому уроку(мастер классу) по английскому языку 6 класс " Британские праздники" ФГОС
Презентация, технологическая карта, карта самоанолиза деятельности учащегося на уроке к открытому уроку(мастер классу) по английскому языку 6 класс " Британские праздники" ФГОС. Урок давался в рамках ...
Открытый урок 5 класс. Тема урока :«Present Perfect Tense»
Развитие грамматических навыков употребления времени Present Perfect Tense в различных видах речевой деятельности....