Зынгхуыст поэт.
материал (8 класс)

Внеклассное мероприятие.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл Внеклассное мероприятие.24.84 КБ

Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛЬНОЕ БЮДЖЕТНОЕ         ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ                        СРЕДНЯЯ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ

ШКОЛА №46  имени И.М Дзусова                                                                       г. Владикавказ



                Разработка внеклассного мероприятия


На тему: 100 лет со дня рождения Хазби Калоева


                                                     Автор: Джимиева Анжела Ахсаровна

учитель родного(осетинского) языка

                                                    и литературы


                                 

                                            г. Владикавказ

Фæсурокты куыст.

Сценарий :  Калоты Хазбийы райгуырды 100 азы бонмæ.

Нысан:

1. Базонгæ кæнын  скъоладзауты Калоты Хахбийы царды æмæ сфлдыстадон фæндæгтимæ.

2. Скъоладзаутæм гуырын кæнын уарзондзинад адæймагмæ, æрдз, цард æмæ райгуырæн зæхмæ.

3. Рæзын кæнын аив кæсыны хæрзхъæддзинад.

Æрмæг: 1. Интерактивон фæйнæг.2. Калоты Х. æмæ иннæ зынгхуыст поэтты къамтæ. 3. Чингуыты равдыст хæсты темæйыл

4.Скъоладзауты сфæлдыстадон куыстытæ – сочиненитæ.

5. « Хорзæй баззай, Ир», Презентаци.

Эпиграф « Æз нæ зонын, цавæр хъуамæ уа поэт. Фæлæ мæм цæмæндæр афтæ кæсы, цыма æцæг поэт хъуамæ Калоты Хахбийы хуызæн уа- æнæхин, хæдæфсарм æмæ ныфсхаст, къæрцхъус, æргомдзырд æмæ цæстуарзон».

                                                                          Хъозаты Æхсар.

  Ахуыргæнæджы разныхас:

  « Йæ цар сгуыхтдзинад кæмæн сси, поэттæ судзгæ зарджытæ кæуыл скæной, ахæм у Калоты Хазби»- афтæ фысты Дзуццаты Хадзы- Мурат Хазбийы тыххæй.

    Ныр ыл цæуид 100 азы. Фæлæ никуы никæй цæстыл ауайдзæн 100- аздзыдæй Хазби. Уый адæмы зæрдæты баззади æрыгонæй, салдатæй, поэтæй.

Дыууæ æмæ ссæдз азы… Уыцы кары  лæг адæмы рæнхъы рацæуынмæ нæма вæййы, фæлæ Хазбийæн афтæ бирæ саразын бантысти æмæ æххæст лæгæй æрлæууыди ирон дзыллæйы раз.

   Скъоладзау:

         Ирон нывæфтыд литературæйы рæсугъд арвыл, бонвæрнон стъалыйау, иу æрттывд фæкодта æмæ стæй райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æхсарджын тохы бастъæлд.  О, фæлæ уыцы ферттывды алæмæты тæмæн никуы бамынæг уыдзæн, цалынмæ ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ. Раст загъта Хъозаты Æхсар Хазбийы тыххæй: « Йæ ном, йæ поэзи æнусмæ баззайдзысты ирон литературæйы дзырддзæугæдæр фысджыты фарсмæ.

   Скъоладзау:

                Калоты Хазбийы цард зарæгау уыд цыбыр, фæлæ рæсугъд æмæ мидисджын. Райгуырд Байыкомы(Захъа). Цард Къостайы хъæуы. Ахуыр кодта пединституты филологон факультеты (1938-1941). 1941-42 азты йæхи хæстмæ цæттæ кодта Камышины танкисты скъолайы, уырдыгæй йæ фæндаг цыд хæцæг æфсадмæ. Хъæбатырæй хæцыд æппæты карздæр хæстыты. Фæмард 1943 азы Курскы къæлæты. Ныгæд æрцыд уыцы сыгъд зæххыл, хъæу Красная Полянайы. Хазби хайджын уыд нæртон æхсар æмæ хъомысджын сфæлдыстадон курдиатæй. Йæ иу æмдзæвгæйы загъта: «Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл». Æмæ радта йæ цард Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Поэзийæн.

 Скъоладзау:  

         Къаннæг хæххон хъæу æмæ Белгород- се хсæн сæдæгай километртæ кæмæн ис, ахæм дыууæ географион бынаты. Уыдон сты йæ цыбыр цардвæндаджы райдиан æмæ кæрон. Хазбийæн æрдз  скарста æнусмæ æвзонгæй баззайыны хъысмæт. Уымæн чысыл бантыст рацæрын- дыууæ æмæ ссæдз азы, фæлæ йын бантыст сæйрагдæр хъуыддаг- равдыста æвæджиауы лæгдзинад, йæ цард нывондæн æрхаста Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.

 Скъоладзау:

          Хазби фыссын райдыдта, суанг ма æхсæзæм къласы куы каст, уæд. Йæ фыццаг къахдзæфтæй дæр бæрæг уыд, ацы лæппуйы фыссын кæны канд æвзонджы бæллиц нæ, фæлæ æндæр цыдæр, æрдзон бæрзонд æнкъарæн. Йæ рагæмдзæвгты дæр бæрæг уыдысты йæ удыхъæд, сыгъдæг ритм, аив абарстытæ.

               Ленк кодта æрхуы мæй арвыл,

               Цъитирухсæй сыгъд.

               Æрдз йæ тынтæй ‘рттывта цардыл,

               Мигъ цæгатмæ лыгъд.

                                                          «Æрдзы нывтæ».

    Ахæм хуымæтæг нывæфтыд хъæлæсы суагъд куыд дарддæр кодта аивдæр, зæрдæмæдзæугæдæр.

   Поэт æууæндыд, йæ курдиаты рухс фидæныл. Фидар ныфс æй уыд нæ поэзийы йæхи сæрмагонд хъæлæс кæй азæлдзæн, ууыл æмæ, æвæццæгæн уымæн дзырдта:

«Тырнын, нæ поэттæ куыд нæ фыссынц, афтæ фыссынмæ». Æмæ ацы хъуыддаг бæрæгæй зындис.

  Скъоладзау:

              Хазби кæм фæнды фыстаид йе ‘мдзæвгæтæ, дард  Уæрæсейы быдырты, æви хæстон судзгæ тæмæнты, уæддæр зындис райгуырæн уæзæджы комулæфт, ардта ахæм аивадон фæрæзтæ, аив абарстытæ æрмæст ам Ирыстоны чи фидауы, ам кæмæн ис райгуырæн, стæй йæхи сæрмагонд поэтикон æнкъарæнтæй чи æвзæры.

   Скъоладзаутæ кæсынц Хазбийы æмдзæвгæтæ: « Къæвда», «Фæззæг», «Зымæг», «Царды фæндаг», « Тыхгæнджытæн- мæлæт», «Бæргæ».

 Скъоладзау:

         Хазби тæнзæрдæ  хъæбулы уарзтæй уарзта йæ ныййарæг Иры. Йæ уæздан зарджытæ баста уый абон йæ сом, йæ амондыл. Цас æй фæндыд, цас Ирæн лæггад кæнын, йе ппæт æхсидгæ хъарутæ дæттын. Йæ прозæйæ фыст аив æмдзæвгæ « Хорзæй баззай, Ир»- ы мыдадзын цырагъау, тайы:  

Æз цæуын… Цæуын, æмæ, чи зоны, фæстаджы балцы…

Гъей, цæй даргъ у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг!

Хорзæй баззай, мæ райгуырæн Ир!.. Уарзын дæ…

 Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн.

Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг…

Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын, бауромæн кæмæн нæй, ахæм уарзондзинадæй.

 Скъоладзау:

                 Цы загъдæуа?Ацы зæрдæйы скъуыддзæгтæ кæсгæйæ судзгæ хъыг æмæ æнæфаугæ тæригъæд арауынц адæймаджы зæрдæ. Æвæццæгæн, йæ райгуырæн уæзæг, йе схъомылгæнæг адæмы афтæ тынг чи нæ уарза, уый зынгзæрдæ курдиатджын поэт никуы уыдзæн, нæдæр æндæр исты хъуыддаджы кады лæг суыдзæн. Хазбийы дæр йæ поэтикон æмæ хæстон сгуыхтдзинæдты суадон сты Райгуырæн бæстæйы  уарзондзинад, патриотизм æмæ йе схæссæг адæм. Уыдон ын лæвæрдтой æхсар, лæгдзинад æмæ цыфæнды тæссаг уавæрты дæр болатвидар хъару.

 Йе ‘мдзæвгæ «Фæстаг салам»- ы фыссы:

Æз лæгæй лæджыхъæд домын,

Хорзы агурын æмбалæн…

Æмæ, æцæгдæр, цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы йæ цард не скодта æвгъауаг, йæ хæстон танчы, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, цырагъау басыгъд. Йемæ басыгъдысты йæ фидæны бирæ поэтикон бæллицтæ, йæ поэзии ног бæрзæндмæ кæмæй схызтаид, уыцы цинтæ æмæ судзгæйæ ирон зæххыл зæллангæй чи нæрыдаид, уыцы дзæнгæрæг зарджытæ. Цыбыр, фæлæ рæсугъд уыди.

   Ахуыргæнæг.

         Калоты Хазбийы царды фæндаг. Нæ райгуырæн бæстæйыл тæссаг бонтæ куы скодта гитлерон фашизм зæххыл сау рыгау куы сыстад, уæд советон адæмимæ Хазби дæр æрлæууыд знаджы ныхмæ тохы. Бæргæ литературон бынтæ  нæ ныууагъта йæ фæстæ Хазби, фæлæ къухфыстытæм куы æркæсай, уæд фендзынæ бирæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ фæндтæ йæм кæй уыди. Æрыгон поэтмæ ис ахæм зарджытæ, кæронмæ ахæццæ йын кæй нæ бантысти. Хæсты быдыры нарæг акъоппыты фæстох фæлладæй бадгæйæ, фыста йæ уацмыстæ Хазби. Цас æмæ цас цæхæр уыди йе ‘взонг риуы! Зæрдæбынæй цин кодта цардыл, бирæ уарзта райсомы хурыскаст, уалдзыгон изæртæ, булæмæргъы тъæлланг.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Сравнительный анализ стихотворений А.С.Пушкина "Поэту" и В.Брюсова "Юному поэту"

Материал содержит примерный  сравнительный анализ двух стихотворений разного времени...

урок литературы в 5 классе "Русские поэты и поэты Алтая о Родине и о родной природе"

Цели урока: • преподнести учащимся тему Родины в русской поэзии как неподвластную времени и расстоянию, познакомить их со стихотворениями русских поэтов XIX века и поэтов Алтая о Родине и о родной пр...

В одном букете - яркие цветы ( Урок-исследование по творчеству А.Твардовского- русского поэта и Я.Ухсая- чувашского поэта)

1.выработать навыки сопоставительного анализа творчества писателей (тĕрлĕ çыравçăсен пурнăçĕпе хайлавĕсене танлаштарса вĕрентесси). 2. Развитие творческих и индивидуальных способностей учащихся; нав...

Урок-диалог с поэтом по теме творчества в лирике поэта Серебряного века Валерия Брюсова.

Урок по теме творчества поэта "Технология исследования поэтического материала"....

Русские поэты о Родине,родной природе и о себе.Поэты Русского зарубежья об оставленной Родине.

Данный материал учит понимать поэтический язык; помогает  ученикам осмыслить прочитанное; развивает навыки анализа поэтического текста....

Поэт мысли - литературный вечер, посвященный поэту Е.А. Баратынскому

Материал для учителей русского языка и литературы....

«Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сфæлдыстады»

laquo;Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сфæлдыстады»Фыдыбæсты сæраппонд тохыМыййаг, куы фæмард уон рæстæй,Уæд-иу мæ мард фæласут хохмæ,Мæ Ир, мæ фыдæлты бæстæм…К...