«Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сфæлдыстады»
методическая разработка

Томаева Белла Казбековна

«Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сфæлдыстады»

Фыдыбæсты сæраппонд тохы

Мыййаг, куы фæмард уон рæстæй,

Уæд-иу мæ мард фæласут хохмæ,

Мæ Ир, мæ фыдæлты бæстæм…

Кочысаты М.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл temae.docx26.43 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ: «Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сфæлдыстады».

Урочы нысантæ:

  • Зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ равзарын, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æрыгон поэтты цард æмæ сфæлдыстад.
  • Скъоладзауты æххæст æмæ мидисджын дзуаппытыл фæлтæрын, аив дзурыныл ахуыр кæнын, уацмыс æвзарыны арæхстдзинады райрæзтыл кусын.
  • Ахуыргæнинæгтæм Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзт æвзæрын кæнын.

Урочы æрмæг:

  • Чингуыты равдыст.
  • Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци.
  • Тухгæ чиныг зынгхуыст поэтты къамтимæ.

Урочы цыд

Фæйнæгыл фыст урочы лейтмотив: «Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл…».

Урочы эпиграф:

Фыдыбæсты сæраппонд тохы

Мыййаг, куы фæмард уон рæстæй,

Уæд-иу мæ мард фæласут хохмæ,

Мæ Ир, мæ фыдæлты бæстæм…

Кочысаты М.

Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл:

Цард цæуы, æхсæрдзæнтæй кæлы.

Мæн хъæуы фæстаджы тохы ‘рхауын,

Мæн хъæуы сæрыстырæй мæлын…

Калоты Х.

Равзарын æмбисæндты хъуыды.

  • «Райгуырæн бæстæ мадау адджын у»
  • «Æнусы царды бæсты æнусы кад хуыздæр у.»
  • «Лæджы сæр æрмæст худ дарынæн нæу».

/Хъуысы зарæг-романс «Дидинæг федтон…», фæйнæгыл саст дидинæджы ныв, æмдзæвгæ/.

Ахуыргæнæг кæсы Калоты Х. æмдзæвгæ «Дидинæг федтон…».

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл…

Дидинæг худти, йæ сæрæй куывта,

Уалдзыгон райсом йæ рæууон æнгасæй

Бæстæн æрвыста йæ цинад, йæ пъа…

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл…

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл,

Дидинæгау мæм æркасти мæ цард.

Рæзын æз дæр æмæ хуримæ хъазын,

Быдырты гауыз – мæ хуыздæр хæлар.

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл…

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл,

Йе ‘рттиваг къуырфы мæ зæрдæ ныххауд,

Йе ‘рттиваг цупал мæ былтæм æртасыд,

Бамбæрстон: цард у мæлæтæн æвгъау.

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл…

Ахуыргæнæг дзуры:

  • Ацы рæнхъыты автор у саст бæласы дидинæгау, йæ рæсугъд зарæг æмбисыл кæмæн аскъуыд, уыцы æрыгон зынгхуыст поэтæй иу – Калоты Х.

Нæ абоны урокæй мах ссардзыстæм, Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ цы цардбæллон курдиатджын æрыгон поэттæ ацыд, уыдоны рухс нæмттæ.

(Слайдты равдыст.)

  • Цъититы дæлфæдтæм райдзаст æрдузы абузынц суадæттæ. Адæмæн, мæргътæн, бæлæстæн сæттынц сæ дойны. Фæлмæн зарæгæй рæвдауынц уарзæтты. Кæд иу комы сты, уæддæр сæ алкæмæн дæр йæхи хъæлæс ис, алкæцыйæн дæр – æндæр ад. Зарынц суадæттæ сæрдæй, зымæгæй, агурынц фæндаг денджызмæ.

Фæлæ иуахæмы мигътæ æртыгуыр сты арвыл, стæй тæрккъæвда ныккалдта. Йæ хъæлæсы ахаста къæйты, бæлæсты, мæсгуыты.

Чи зоны, цас рæстæг рацыд,фæлæ та иузаман комы азæлыдысты чысыл æхсæрдзæнты хъæлæстæ. Бирæ фæтох кодтой суадæттæ зæххы бын, стæй айгæрстой къæйдуртæ. Ногæй та æвдадзы хос хæссынц адæмæн, мæргътæн, бæлæстæн.

Афтæ рауади сæ хъысмæт, Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ цы æрыгон поэттæ ацыд, уыдонæн. Хæсты райдайæны се ‘ппæты хистæр Гутнаты Хъанымæтыл цыди 36 азы, сæ тæккæ кæстæртæ Елехъоты Мурат æмæ Хайманты Георгийыл та – æвддæсгай азтæ. Уыдон нæ зыдтой æфсис уалдзæджы цъæхæй, хæхты уындæй. Сæ зонд, сæ хъару æвгъау нæ кодтой дзыллæйы амондæн.

Фæлæ иуахæмы «мæлæтон дымгæ сæдæ ‘взагæй ныхситт кодта, атахти быдырты, стыдта фурды уылæнтæ æмæ сæ ныццæлхъ кодта айнæджы фидар ныхыл». Райдыдта карз хæст. Ныууарыди туджы къæвда. Ацы лæппутæ хæрзбон загътой сæ бинонтæн, сæ уарзон чызджытæн, Ирыстонæн, рæстæгмæ фæуагътой сæ фæндыртæ æмæ ацыдысты лæгæвзарæн хæстмæ.Æмæ сæ иу дæр нал сæмбæлд йæ фыдыуæзæгыл. Æнусмæ бафынæй сты Уæрæсейы æмæ Европæйы быдыртæ. Сæ зарæг сын æвирхъау тыгъдызæй æрдæгыл аскъуыдта. Фæлæ зарæгæн мæлæт нæй. Зарæг цы-фæнды цыртæй æнусондæр у, уымæн æмæ уый адæмы зæрдæйы цæры, фæлтæрæй фæлтæрмæ цæуы.

(Фæйнæгыл æвдыст цæуынц слайдтæ зынгхуыст поэтты къамтимæ).

  • Скъоладзаутæ, сымахæн хæдзармæ хæслæвæрд уыди, ссарын æмæ бацæттæ кæнын æрмæг зынгхуыст поэттæ Кочысаты М. æмæ Калоты Х. цард æмæ сфæлдыстадæй.

(иу скъоладзау дзуры Кочысаты М. биографи, иннæ скъоладзау æххæст кæны дзуапп йæхи бацæттæгонд æрмæгæй.) (Скъоладзауты дзуаппытимæ хъуысы зарæг «Салам Ирыстонæн», фæйнæгыл æвдыст цæуы æрмæг Кочысаты М. тыххæй).

  • Фыдыбæстæ æмæ патриотизм хæсты заманы уыдысты ирон поэзийы сæйраг темæтæ. Уыдон систы йæ зарæджы сæр Кочысаты М. дæр.

Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, дæлдæр кълæсты Кочысаты М. сфæлдыстадæй цы æмдзæвгæтæ ахуыр кодтат, уыдон. Фæлæ уал интерактивон фæйнæгыл сæххæст кæнæм иукъорд хæслæвæрдтæ.

1 хæс: базонут рæнхъыты авторты:

«Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн

Салам мæнæй.

Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон

Зæрдæбынæй…»

«Мад сæ иуæн дæр йæ фырттæй

Нал æрлæгъз кæндзæн йæ сæр,

Фæлæ се сæфтыл бæлвырдæй

Зæрдæ не 'ууæнды уæддæр».

«… Кæм уæ агурон?Кæдæм уæм фæцæуон? Чи мын ракæндзæн уæ фæстаг ныхæстæ? Уæ, цæрæнбоны «мад, мад» фæкæна, сымах ныййарæг хъуаг кæй тыххæй фестут! Цы фыдбоны хæст у! Чи йæ æрхъуыды кодта!»

«Уый дын тохæй рарвыста лæварæн…

Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах…

Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,

Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд».

/Плиты Грис, Кочысаты Мухарбег, Калоты Хазби, Цæгæраты Максим/

2 хæс: базонут уацмысты авторты:

«Æнхъæл нæ уыдысты» Нигер

«Иудзонгон» Малиты Геуæрги

«Темур-Алсахъ» Барахъты Гино

«Уый» Коцойты Арсен

«Хидыл» Фæрнион Къоста

«Ос-Бæгъатыр» Гæдиаты Цомахъ

«Уады уынæр» Хъуылаты Созырыхъо

Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ «Фæстаг салам», «Фыдыбæстæ».

  • Зæгъут-ма, цæуыл у йæ катай, йæ мæт поэтæн? («Фæстаг салам»)
  • Цы равдыста автор ацы æмдзæвгæйы? («Фыдыбæстæ»)
  • Кæм æмæ цы уавæрты фыссы йе 'мдзæвгæ Кочысаты М.? («Фыстæг мадмæ»)
  • Цы уайы йæ цæстытыл? Кæцы рæнхъытæ æвдисынц æмдзæвгæйы оптимистон хъуыды?
  • Уырыссаг литературæйæ уын цавæр æмдзæвгæ уæ зæрдыл æрлæууын кодта? («Жди меня» К. Симонов).

  • Цымæ куыд баст у Кочысаты М. ном Хетæгкаты Къ. номимæ? Мухарбег хæстмæ куы цыди, уæд йæ амæлæты онг йемæ хаста Къостайы чиныг «Ирон фæндыр». Поэт Дзаболаты Х. уый тыххæй ныффыста æмдзæвгæ. Чи йæ радзурдзæн?

Скъоладзауы дзуапп. (Æмдзæвгæ «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар…»).

(Фæйнæгыл æвдыст цæуы К. Хазбийы тыххæй æрмæг )

«Æз Хазби дæн æмæ Хазбийæ баззайдзынæн. Ницавæр кадмæ æнхъæлмæ кæсын. Нырма ногæй ницыма сарæзтон… Чизоны, æрмæст мæм иунæг хорз миниуæг ис – тырнын, нæ поэттæ куыд нæ фыссынц, афтæ фыссынмæ».

Ацы ныхæстæ ныффыста Калоты Хазби йæ иу фыстæджы.

Хазби уыд цæхæрцæст æмæ цардбæллон лæппу. Хорз æй чи зыдта, уыдон сæ мысинæгты фыссынц, зæгъгæ, Хазби уыд «хæлархуыз, худæндзаст, тынг цæстуарзон, фæлмæн, уæздан æмæ хурзæрдæ адæймаг». Уыдон уыдысты йæ æрдзон миниуджытæ. Лæджыхъæд раргом вæййы лæгæвзарæн тохы. Хазби уыд патриот, намысджын æмæ æхсарджын адæймаг.

  • Кæй уæ фæнды бафтауын мæ ныхæстæм Хазбийы тыххæй?

Скъоладзауы дзуапп Хазбийы тыххæй бацæттæгонд æрмæгæй.

  • Уæ зæрдыл цы лæууы Хазбийы фыст æмдзæвгæтæй?

Иу скъоладзау дзуры æмдзæвгæ «Кард».

  • Цы равдыста поэт æмдзæвгæйы?
  • Хæстмæ цæуын у традицион мотив. Хазби йæ систа стыр аивады бæрзæндмæ. Ног поэтикон фæзынд уыди прозæйæ фыст æмдзæвгæ «Хорзæй баззай, Ир…». Чи радзурдзæн ацы æмдзæвгæ? (иу скъоладзау дзуры.)
  • Автор æрмæст йæхи цард æмæ хъысмæт равдыста æмдзæвгæйы?
  • Куыд æргом кæны поэт йæ æгæрон уарзондзинад райгуырæн Ирмæ?
  • Хазбийы хуызæн ныфс æмæ хъаруйы хицау чи у, уыцы адæймагæн ис амарæн, фесафæн, фæлæ йын нæй æртасын кæнæн, басæттæн. Хазбийæн йæ фæстагдæр æмдзæвгæтæй иуы реквиемы мыртау азæлынц кæронбæттæн рæнхъытæ:

Æз цæуын мæлæты фыддæрадæн.

Немыцаджы туг мæ джебогъæй фæтагъд…

Мæн цæрын фæнды, фæуром-ма дæ тахт,

Сау нæмыг! –

Æрра дæн…

Рæнхъ аскъуыд æрдæгыл…

Æрдæгыл аскъуыд поэтæн йæхи цард дæр. Хъусут, хæхтæ? Хусыс, Ирыстон? Сымахæй куры Калоты фæйнæгфарс лæппу: «Хорзæй баззай, мæ райгуырæн Ир!.. Уарзын дæ… Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн» . Махмæ та дзуры: «Уырны мæ, иу бон дæм кæй фæзындзынæн, иу бон дын æнæнхъæлæджы дæ рудзынг кæй бахойдзынæн, уый… Æнхъæлмæ кæс… Ма ферох кæн!..»

Хатдзæг.

  • Абон цы æмдзæвгæтæм байхъуыстам зынгхуыст поэтты сфæлдыстадæй, уыдонæн бæлвырд у сæ мотив – Фыдыбæстæ æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад – патриотизм.
  • Сымахмæ гæсгæ та патриотизм цы у?
  • Цавæр хъуамæ уа æцæг патриот?
  • Цымæ нæ абоны царды патриоттæ ис?
  • Цæмæй бæрæг у?
  • Уæ бон у патриоттæ схонын уæхи?
  • Цæмæй сты актуалон ацы æмдзæвгæтæ?
  • Куыд уæм кæсы, цæмæн ис æвæрд бирæстъæлфыг Калоты Х. æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъы «Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл…»?

(Дзуапп: Кæд ацы æрыгон лæппутæн сæ цард æрдæгыл аскъуыд саст бæласы дидинджытау, уæддæр сæ ном дарддæр цæрдзæн адæмы зæрдæты, цалынмæ ирон адæм зæххыл цæрой, уæдмæ)

  • Урокæн кæронбæттæн скæндзынæн Кочысаты М. ныхæстæй:

Цæмæй кæддæриддæр æз уон

Нæ хъал Теркау ныфсхаст,

Цæмæй мæ зæрдæмæ хæссон

Хæстæг дæ цин, дæ маст.

Цæмæй ды искæд бон, Кавказ,

Мæнæй зæгъай рæстмæ:

«Уый уарзта уарзон мадау раст

Йæ райгуырæн бæстæ»

Хатдзæгтæ скæнын, бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст: Сахуыр кæнын зæрдывæрдæй Кочысаты М. æмдзæвгæ «Фыстæг мæ мадмæ».

Кочысаты Мухарбеджы фыст ныхæстыл зарæг

«Бахсæв ис…» зарынц скъоладзаутæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр , адджындæр нæ уыдис æмæ нæй!»

«Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр , адджындæр нæ уыдис æмæ нæй!»(Цæрукъаты  Алыксандры  æмдзæвгæ « Гъе уæдæй куы зонын , Фыдыбæстæ, дæу!»-мæ гæсгæ)...

Темæ: «Фыдыбæстæ, дæуæй мæнæн зынаргъдæр, адджындæр, нæ уыдис æмæ нæй».

Абон махмæ ис стыр бæрæгбон. Дзурдзыстæм  сæрыстыр æмæ буц кæмæй стæм, æрцæуæг  адæмы дисы чи бафтауы йæ рæсугъддзинадæй, аргъауы бæстæ кæй хонынц, уыцы Ирыстоныл, нæ Фыдыбæстæйыл....

«Мах стæм æрдзы хъæбултæ»

Урочы  нысантæ. . Æрдзон хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнын, хъахъхъæнын сæ цæсты гагуыйау.Урочы хуыз.Урок - балцУрочы ахуырадон фæстиуджытæ.Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ...

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъ...

Зынгхуыст поэт.

Внеклассное мероприятие....

Леонид Попов "Ыраах тыаҕа" кэпсээнэ оҕону булт абылаҥар угуйар суолтата

quot;Ыраах тыаҕа" диэн кэпсээҥҥэ Баһылай о5онньор эдэр булчуту Уйбааскыны булт абылаҥар үөрэтэр....