Урочы темæ: «Мæсыг куыд амадтой». (Бæлвырд изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст ).
план-конспект урока (9 класс)
Конспект урока по развитию речи. Подготовка к написанию сжатого изложения в 9 классе.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Подготовка к написанию сжатого изложения в 9 классе | 33.79 КБ |
Предварительный просмотр:
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 9-æм къласы
Урочы темæ: «Мæсыг куыд амадтой». (Бæлвырд изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст ).
Ахуыргæнæг: Башираты Ларисæ Таймуразы чызг.
Урочы нысантæ | Æлвæст изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст бакæнын; - тексты структурон ӕвзӕрст зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын; ныхасы хӕйттӕ сфӕлхат кӕнын; - гуырын кæнын скъоладзауты зæрдæты цымыдисдзинад ирон цардыуаг æмæ æгъдæуттæм. |
Урочы хуыз | Ныхасы рæзтыл куыст. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: Текст– тæрхæттæйы структурон æвзæрст зæдыл æрлæууын кæны. Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын. Удгоймагон: Фыдыбæстæмæ, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, нывтæ,изложенийы текст, тетрæдтæ. |
Урочы эпиграф:
«Мæсыг хи дурæй хæлы».
Æмбисонд
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд (УАА) |
Организацион хай | - Уæ бонтæ хорз, мæ зынаргъ хæлæрттæ. - Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты. | Cалам дæттынц | Удгоймагон: (æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ) |
Мотиваци. | - Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, ирон æгъдæутты урокты ахуыр кодтам, рагон фидæртты амады хуызтæ. Загътам, хæстон мæсгуытæ кæй амадтой æвзаргæ дурæй фидар, бæрзонд æмæ аив. Цалгай уæладзгуытæ-иу дзы уыдис хæцæн мæсгуыты? - Куыд-иу хастой дуртæ амады бынатмæ? - Абон на урочы цæуыл дзурдзыстæм? | -Уыдис дзы фондз, авд, æмæ фараст уæладзыгонтæ дæр. - Гыццыл дуртæ-иу хастой къухæй. Стырдæртæ - галтæй. -Мæсгуыты арæзты тыххæй. | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын) |
Актуализаци (зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ) | Равдисын хъаггæнæг мæсыг экраныл.(Скъоладзауы раныхас) Равдисын хæстон мæсыг экраныл.(Скъоладзауы раныхас) -Уæдæ йæ нæ зæрдыл дзæгъæлы не ’рлæууын кодтам, куыд амад цыдысты æмæ цы пайда хастой хæстон æмæ хъаггæнæг мæсгуытæ, уый. Нæ изложенийы тексты хъуыды æмæ сæргонд дæр комкоммæ баст у ацы темæимæ «Мæсыг куыд амадтой». (Фехъусын кæнын урочы темæ)
| - Хъаггæнæг мæсгуытæ амад цыдысты тæккæ рындзыл, зындæр бынæтты. Знаг-иу куы æрбабырста, уæд-иу комбæсты хабар хъусын кодтой рухсыты – æртыты ’ руаджы. - Мæсыг амад цыд иннæ цæрæнбынæттæй уæлдæр, цæмæй сæ бон уыдаид уæлейæ дæлæмæ æхсын фатæй, топпыхосæй æмæ а.д. Уыдис-иу афтæ, æмæ-иу стырдæр дуртæ æппæты уæлæмæ систой . Бахъуыды заман сæ-иу знагыл дæр раппæрстой. Æмбарын кодтой фыдгулæн цавæр тыхджын адæм, мыггагимæ хæцынмæ хъавынц, уый. Хæдзарвæндаг-иу мæсыгы номыл скодтой куывд. | Зонадон: (рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын) Коммуникативон: (искæй архайдæн аргъ кæнын) |
Ног æрмæгыл куыст. Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст. | 1. Дзырдуатон куыст. (Слайд) Сæмæн- ось, стержень. Æхсæмæр- хмелеграб, Ирыстоны зайы Дыгургомы. Сæмæн кодтой æхсæмæрæй. 2.Бакæсын изложенийы текст. «Мӕсыг куыд амадтой». | Раттын скъоладзаутæн бар сæ хъуыдытæ зæгъынæн. (Скъоладзаутæ изложенийы текст уынынц интерактивон фæйнæгыл). | Зонадон: (рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын) Коммуникативон: (тексты сæйраг хъуыды раргом кæнынмæ арæхсын) Удгоймагон: (æнкъарын ирон æвзаджы,культурæйы ахадындзинад нæ адæмы царды) |
Текстимæ куыст | 3. Тексты бындурыл цыбыр беседæ саразын. - Цы базыдтат ногæй, нæ фыдæлтæ мæсыг куыд амадтой, уый тыххæй? - Цæуыл дзурæг сты мæсыг амайынимæ баст зындзинæдтæ? - Ирыстоны кæцы кæмтты ис мæсыгтæ? - Цавæр мыггæгтæн хъуыды кæнут мæсгуытæ? - Уæдæ цæмæн амадтой нæ фыдæлтæ мæсгуытæ? Равзарын æмбисонд: «Мæсыг хи дурæй хæлы». (Урочы эпиграф равзарын). -Кæд сбæттынц æмбисонд цардимæ? 4.Текст структурон æвзæрст ракæнын.. - Куыд фыст цæуы æлвæст изложени? -Цавæр у текст йæ хуызмæ гæсгæ? - Цал хайæ арæзт вæййы ахæм текст? (Тексты сæ фæбæрæг кæнын). - Цæмæй бæрæг у таурæгъы элементтæ дзы ис, уый? - Цал абзацæй æмæ( ВСИ) арæзт у? - Цы æвдисы абзац фысгæ ныхасы æууæлтыл дзургæйæ? - Цал микротемæйы ис, зæгъæм, æртыккаг абзацы?(Тексты сæ фæбæрæг кæнын). - Цавæр у хъуыдыйæдты ’хсæн бастдзинад? | -Мæсыгæн хуыздæр амайæг кæй хъуыд, уый. -Æфсæйнаг зын ссарæн кæй уыд, уымæ гæсгæ хæрдмæисæнæн сæмæн кодтой, нæхимæ чи задис, ахæм бæлас æхсæмæрæй. - Куырттаты комы, Туалгомы, Дыгургомы. - Уырыхъæуы- Хъæрæцаты мæсыг. - Хъобаны- Хъаныхъуаты мæсыг. - Дæргъæвсы- Мамсыраты мæсыг. -Цæмæй сæхи фыдгулæй бахъахъхъæдтаиккой. Скъоладзауты дзуæппытæ. -Æлвæст изложенийы фыст цæуы тексты сæйраг хъуыды цыбыргондæй,текстæн йæхи æвзаджы мадзæлттæй пайда кæнгæйæ. -Текст- тæрхæттæ таурæгъы элементтимæ. -Æртæ хайæ: тезис, аргументтæ, хатдзæгтæ. -Тексты хъуыды хæлд цæуы кæрæдзийы фæдыл. Ис дзы мивдисджытæ æмæ фæлхатæнтæ. -Арæзт у æхсæз абзацæй, кæцытæ сты хицæн (ВСИ). -Алы абзац дæр æвдисы ног хъуыдыйы райдайæн, стæй тексты хай иу сырх хаххæй иннæ сырх хахмæ. - Дыууæ. - Цæгон. | Регулятивон : (тексты хъæугæ информаци ссарын) Зонадон: (ног зонындзинæдтæ фидар кæнын) |
Ауылæфт. | -Гыццыл баулæфæм æмæ нæ куыст адарддæр кæнæм. | Ирон музыкæмæ хъусгæйæ, кæсынц Ирыстоны æрдзы нывтæм. | Удгоймагон: (баулæфын) |
Ног зонындзинæдтæ фидар кæнын. | Тексты æрмæгимæ бакусын Хæс. Бацамонын дзырдты, дзырдбæстыты нысаниуæгтæ: дисы ’фтауын, дуртæ лæгæй хæссын, мæсыджы уæладзыг,бахъуаджы рæстæг,фыдгул, лæугæ хох. (Къæйтты куыст) Хæс. Фæйнæгыл ныффыссын, бацамонын сæ растфыссынад: ныффидар кодтой, æмбийгæ, кодтаиккой, Дыгургом. Хæс . Дыккаг абзацы æрхæцæн нысæнттæ сæвæрын. Хæс. Æртыккаг абзацы къæлæтты æвæрд бамбарын кæнын. Хæс .Хъуыдыйады сраст кæнын дзырдты рæнхъæвæрд: Лæгæй хастой гыццыл мæсыгмæ дуртæ иу. (Мæсыгмæ-иу гыццыл дуртæ хастой лæгæй.) Хæс .Хъуыдыйад кæронмæ ахæццæ кæнын: Æнæуи та мæсыг уыд зын райсæн,.. (лæугæ хох дæр æй уымæн хуыдтой.) (интеракт. фæйнæг). 6.Текстæн пълан саразын. Пълан саразæн ис текстæй ист цитатæтæй.
1). Иу хатт ма бакæсын текст. 2). Пъланмæ гæсгæ радзурын текст. | Кусынц къæйтты цалдæр минуты, стæй дзуапп дæттынц. Дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ ныффыссын тетрæдты. Иу скъоладзау рацæуы фæйнæгмæ æмæ фыссы дзырдтæ. Иннæ сывæллæттæ сæ фыссынц сæ тетрæдты. Иу скъоладзау интерактивон фæйнæгыл кусы. Дуапп. (Къæйтты куыст) Хъуыдыйад ныффыссын тетрæдты. Хъуыдыйад ныффыссын тетрæдты. Пълан: 1.Мæсыг уыд тынг зын амайæн. 2.Æвзæр дурæй мæсыг амайæн нæ уыд. 3.Мæсыджы сæрмæ-иу стыр дуртæ истой хæрдмæисæнæй. 4.Мæсыгæн йæ сæр æмбæрзтой хæдзары сæры хуызæн. 5.«Мæсыг хи дурæй хæлы». 6.Мæсыг уыд тынг зын райсæн. | Зонадон: (зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) |
Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст. | - Цы базыдтат ногæй ? -Цы уæм фæкаст зындæр? Æнцондæр? -Куыд цæрын хъæуы бинонты, адæмы ’хсæн? | Сæ хъуыдытæ дзурынц | Зонадон: (ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) |
Хатдзæгтæ скæнын. | -Цы æрмæг райстат урочы, уый уын феххуыс уыдзæн изложени ныффыссынмæ? | Сæ хъуыдытæ дзурынц (Скъоладзаутæ кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнынц). | Регулятивон: (æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын ) |
Хæдзармæ куыст | Ныффыссын изложени лӕвӕрд пъланмӕ гӕсгӕ. | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ
КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ...
«Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта».
Уарзут райгуырæн Батрадзау, Арæхстæй куыд уат Ацæмæз, Намыс, хъомысæй –Уырызмæг,Ут хъæбатыр сымах Сосланау....
«Куыд ӕхсадта чызг сӕ рудзынгӕмбӕрзӕн»
Как девочка помогает в домашних делах своей маме...
Куыд зонын Ирыстон
интеллектуальная игра по краеведению...
Темæ: «Хетæгкаты Къостайы «Автопортрет»-мæ гæсгæ сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст»
Технологическая карта урока по развитию речи....
Урочы темӕ: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ». (Сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн урок).
Подготовка к написанию сочинение-описание по теме "Краски осени"....
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»
Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....