Куыд зонын Ирыстон
презентация к уроку (7 класс) на тему

Саламова Земфира Татариевна

интеллектуальная игра по краеведению

Скачать:

ВложениеРазмер
Office presentation icon intellektualon_hazt_zondabitae.ppt1.02 МБ

Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Интеллектуалон хъазт «Зондабитӕ» Куыд зонӕм Ирыстон?

Слайд 2

Ирыстон! Сарибарӕй цӕр дӕ уалдзыгон бонты, Дӕ зӕрдӕ цӕргӕсау уӕлӕуӕз тӕхӕд. Ӕз райгуырдтӕн дӕ зӕрдӕйӕ, Мӕ зӕрдӕ дын дӕттын. Галуанты Людӕ

Слайд 3

I – аг тур 1. Уый у Ирыстоны сӕйраг зарӕг. Чи у йӕ автор? Цы зонут йӕ авторы тыххӕй? 2. Ирыстоны тырыса цавӕр хуызтӕй у ӕмӕ цы амонынц? 3. Радзурут фыццаг историон зарӕджы тыххӕй. 4. Чи уыдысты ирон адӕмы фыдӕлтӕ? 5. Ирон адӕмы Туркмӕ чи асайдта?

Слайд 4

II – аг тур 1. Ир дунейӕн ирон Отелло радта… Йӕ бӕрзонд ном - нӕ цин ӕмӕ нӕ кад. Кӕй кой кӕнӕм, чи у уыцы ирон Отелло? 2. Ацы зындгонд адӕймаг у Ирыстонӕй рацӕугӕ. Ӕппӕт дунейыл дӕр йӕ ном у хъуыстгонд. У симфонион ӕмӕ оперон дирижертӕй иу. Чи у? 3. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг дзы немыц ӕмризӕджы рызтысты. Уыди Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъӕбатыр, Монголы республикӕйы Хъӕбатыр. Чи у? 4. Уый - иу Мӕскуыйы Стыр театры сценӕмӕ куы рахызт, уӕд ын- иу адӕм стыр къухӕмдзӕгъд сарӕзтой. Ирон сылгоймаг - балеринӕ. Чи у? 5. У не ' мзӕххон. Уӕрӕсейы адӕмон артист. Таджикистаны Рудакийы номыл лауреат. Ирыстоны цалдӕр уынджы хӕссынц йӕ ном. Чи у уый?

Слайд 5

III – аг тур 1. Уый у лаппуйӕ лӕггӕнӕг, байрагӕй - бӕхгӕнӕг. Цавӕр дзуар у? 2. Цавар ӕрдзон цыртдзӕвӕн ис Ирыстоны ӕмӕ куыд фӕзынд? 3. Сылгоймаджы ацы дзаумайӕн раздӕр уыди стыр тых , уый – иу баурӕдта хыл дӕр, бирӕты – иу фервӕзын кодта мӕлӕтӕй. Уый цы у? 4. Лӕппу- иу ус куы хаста, уӕд- иу чызджы фыдӕн цы бафыста? 5. Раздӕр- иу ацы адӕмон тӕрхон уыди ӕппӕты карздӕр. Куыд хуынд?

Слайд 6

IV - ӕм тур 1. Ирыстон хонынц хӕххон бӕстӕ , уымӕн ӕмӕ ӕрбынат кодта Кавказы цӕгат фарсыл. Ирыстоны хӕхтӕй кӕцы у бӕрзонддӕр ӕмӕ ма йыл цавӕр ном сӕвӕрдтой ирон адӕм? 2. Ранымайут Ирыстоны кӕмтты нӕмттӕ. 3. Ирыстоны хъӕутӕ Бирӕгъзӕнг ӕмӕ Суадаг цы дамгъӕтӕй арӕзт сты, уыдоны фӕткӕвӕрд нӕ халгӕйӕ саразӕн ис фӕйнӕ 5 ног дзырды. Ахъуыды - ма сыл кӕнут. 4. Ирыстоны цал районы ис? Кӕцы у ӕппӕтӕй стырдӕр? 5. Ацы хъӕу зӕронд никуы кӕны?

Слайд 7

Дзырдбыд бахынцын Бафысс Къостайы ӕмдзӕвгӕты сӕргӕндтӕ Ъ К О С Т А

Слайд 8

Бакӕсын ребустӕ Бирӕгъызӕнг Хидыхъус Хӕтӕлдон Фиагдон

Слайд 9

Ӕрыгон фасивӕд! Иузӕрдион ут уӕ райгуырӕн Ирыстоныл.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ  КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ...

«Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта».

Уарзут райгуырæн Батрадзау, Арæхстæй куыд уат Ацæмæз, Намыс, хъомысæй –Уырызмæг,Ут хъæбатыр сымах Сосланау....

«Куыд ӕхсадта чызг сӕ рудзынгӕмбӕрзӕн»

Как девочка помогает в домашних делах своей маме...

Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæр...

Стандартмæ гæсгæ арæзт ирон литературæйы урок куыд ахуырадон фæрæз.

Урок  цы у, ууыл бирæ чингуытæ, бирæ æрмæг фыст æрцыд. Ивд цæуынц ахуырадæн йæ нысантæ æмæ йæ мидис, фæзынынц ног технологитæ, фæлæ цавæрфæнды реформæтæ дæр куы æрцæуа арæзт скъолаты  , уæдд...

Архайды технологийы метод-куыд универсалон ахуырадон зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдты ахъаззаг бындур

laquo;Настоящий  учитель показывает  своему ученику не готовое задание, над которым положены тысячелетия труда, он ведет его  к  разрабатыванию  строительного материала,...

Урочы темæ: «Мæсыг куыд амадтой». (Бæлвырд изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст ).

Конспект урока по развитию речи. Подготовка к написанию сжатого изложения в 9 классе....