Темæ: «Хетæгкаты Къостайы «Автопортрет»-мæ гæсгæ сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст»
план-конспект урока (10 класс)

Лариса Таймуразовна Баширова

Технологическая карта урока по развитию речи.

Скачать:


Предварительный просмотр:

                                                Технологон картæ ирон æвзаджы  урокмæ 10 -æм къласы

   Темæ: «Хетæгкаты Къостайы «Автопортрет»-мæ гæсгæ сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст»

   Ахуыргæнæг: Башираты Ларисæ Таймуразы чызг.

Урочы  нысантæ

  1. Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын адæймаджы æддаг бакаст бæрæггæнæг дзырдтæй, дзырдбæстытæй. Ахуырдзауты бацæттæ кæнын сочинении- автопортреты æрфыст ныффыссынмæ.
  2. Автопортреты нысаниуæг: адæймаджы портрет канд йе 'ддаг бакастыл дзурæг кай нæу, фæлæ ма йæ монон фæлгонц, йæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ раргом кæныны фæрæз дæр.
  3. Къостайы сурæтыл, йæ царды хабæрттыл дзургæйæ,скъоладзаутæм гуырын кæнын патриотон æнкъарæнтæ.

Урочы хуыз

Ныхасы рæзтыл куыст.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: зонын тексты хуызтæ æмæ стильтæ; арæхсын автопортреты композици райхалынмæ. Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Удгоймагон: генион поэты цард æмæ сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад æвзæрын кæнын.

 Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Къостайы нывгонд  портреттæ, чингуытæ, нывтæ, музыкæ, презентаци, дидактикон æрмæг.

                                                                                                                                    Урочы эпиграфтæ:

«Курдиатджын нывгæнæджы арæзт портреты, фенæн ис æнæхъæн дуджы цæсгом»

                                                                                                                                                                  В. Иванов

                                                                                                                                              «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

                                                                                                                                                Куы бафидин искуы мæ хæс,

                                                                                                                                                Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

                                                                                                                                                Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…»

                                                                                                                                                                                        Къоста

                                            

                                                                    Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион хай

- Уæ бон хорз, зынаргъ уазджытæ æмæ  сывæллæттæ. Тынг æхсызгон мын у уæ уынд!  

  Райуарын   скъоладзаутæн

æххуысгæнæн æрмæг:                                                                                                       1. Къостайы æмдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ;                                                              2.Сочинени- портреты æрфысты иумæйаг пълан;

3.Сыгъдæг сыфтæ.

Cалам дæттынц

Удгоймагон:

(хæдуагæвæрд;

эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Мотиваци

- Урок  райдайдзыстæм,  Дзанайты Лейлæ, Къостайы 160 азы юбилеймæ цы æмдзæвгæ ныффыста, уымæй .(1-слайд)

- Иу хъуыдыйадæй ма  зæгъ, чи у Хетæгкаты Къоста?

(2-аг слайд)

- Абон нæ ныхас кæуыл уыдзæн?

- Скъоладзау кæсы йæхи фыст æмдзæвгæ «Къоста».

-Хетæгкаты Къоста у ирон литературæйы бындурæвæрæг, поэт, прозаик, публицист, этнограф, нывгæнæг.

- Къостайыл.

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

- Абоны урокмæ уын   лæвæрд уыд, цыбыр проектон-иртасæн куыст баххæст кæнын «Къоста – нывгæнæг».

- Цы базыдтат ногæй уе ‘мбæлтты куыстæй?

- А.Фадеев Къостайы цæмæн абарста Леонардо да Винчиимæ?

- Цы æрмæг фехъуыстам, уымæ гæсгæ на урочы темæ цавæр уыдзæн? Кæуыл æмæ цæуыл дзурдзыстæм, бæлвырддæр? (Скъоладзаутæн фехъусын кæнын урочы темæ æмæ нысантæ) (слайд).

Дыууæ скъоладзауы кæсынц проектон куыст. Фæйнæгыл Къостайы нывгонд портреттæ.

(Æххуысгæнæн æрмæг урочы пъланы фæстæ).

Скъоладзауты дзуаппытæ.

-Къоста дæр Леонардо да Винчийы хуызæн уыд нывгæнæг дæр, фыссæг дæр, мæнæ «универсалон адæймаг» кæй хонынц, ахæм. Цæмæ фæнды дæр куы бавнæлдтаид Къоста, уæддæр ын-иу иттæг хорз рауад. Фæнды декорацитæ кодтаид,сценæйыл хъазыдаид, æви гимнаст уыдаид…

-Къостайы портреттыл.

Зонадон:

(хъæугæ информации агурын; хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын).

Коммуникативон:

(искæй архайдæн аргъ кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

Аулæфт

- Урокæн равзæрстон дыууæ эпиграфы  (бакæсын эпиграфтæ). Равдисын Хетæгкаты Къостайы  «Автопортрет».( 3, 4- æм слайдтæ)

             

- Цымæ цæмæн сныв кодта Къоста йæ автопортрет?!  Цы нын зæгъынмæ хъавыд?! (Урочы дæргъы бацархайын дзуапп ссарын фæрстытæн).

-Цæмæй хицæн кæны портрет автопортретæй?

- Нæ эпиграфтæй иу у ахæм:  «Курдиатджын нывгæнæджы арæзт портреты, фенæн ис æнæхъæн дуджы цæсгом». Куыд æмбарут Вячеслав Ивановы  хъуыды? Зæгъæм, Къостайы автопортретмæ кæсгæйæ.

-  Поэты  сурæтыл æрдзурынæн нын феххуыс уыдзысты йæ рæстæджы адæмы мысинæгтæ Къостайы тыххæй.     ( Слайд)

- Уæдæ цавæр уæлæдарæс уарзта дарын Къоста?

(Равдисын Джанайты Азанбеджы  æмæ Калманты Батыры конд нывтæ)

       

Хæс. Ныффыссын антонимтæ: (слайд).

Урс-урсид   -    

Хъарм хуызтæ –

Хъæлдзæг –

Ирд –         

Гыццыл цæстытæ –

Фыдуынд –

- Цы дзырдтæ ныффыстат, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты?

- Кæцы миногонты цæджындзæй спайда кæндзыстут сочинени фысгæйæ?

- Автопортретмæ кæсгæйæ дзуапп раттут цыбыр фæрстытæн:

Чи?

Цы?

Цавæр?

Цы кæны?

- Сочиненийы цавæр ныхасы хæйттæй фæпайда кæндзыстут фылдæр?

  Къордты куыст.        

I. Ратæлмац кæнын уырыссаг æвзагæй иронмæ.

1-аг къорд.

 «…Я считаю, что каждый осетин в той мере может считаться достойным сыном своего народа, в какой он ценит и любит Коста».

                     В. Абаев

    2-аг къорд        

   « Пройдут годы, пройдут века, но имя славного сына осетинского народа не померкнет и будет по – прежнему сиять, подобно снежным вершинам Кавказа».

                      С.Михалков

   II. Ахæццæ кæнут Къостайы æмдзæвгæты рæнхъытæ.

  1-аг къорд

Тæхуды, йæ дзыллæйы раз

  ________________________________

 _________________________________

  2-аг къорд

Æрцыдтæн…Мæхицæй фыддæр –

 __________________________________

__________________________________

       Автопортретмæ кæсгæйæ хъусынц зарæг «Катай»-мæ.

                                                     

    (Музыкæмæ хъусгæйæ цыбыр беседæ саразын)

     - Æвиппайды куы бакæсай портретмæ, уæд кæй хуызæн у?

- Иоган Шиллер загъта: «В лице своих богов человек рисует свой собственный портрет».

     Равзарын автопортрет.

- Кæй уынут автопортреты?

   - Портреты жанртæй цавæртæ зонут? Къоста йæхи ныв кæнгæйæ цавæр равзæрста?

       

- Цæмæн æвдисы æрмæст цæсгом? Цы нымадта сæйрагдæрыл адæймаджы фæлгонцы?

- Цавæр æмбисонд уын уæ зæрдыл лæууын кæнынц?

- Цавæр у йæ цæстæнгас? Цавæр адæймаджы цæстæнгас у?

- Цæимæ абарæн ис поэты цæстытæ, æрфгуытæ?

- Зынаргъ та цæмæн?  

(Цыбыр беседæ).

- Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæрын кæны ацы цæстæнгас?

-Портрет цы адæймаджы æвдисы, уымæ мах кæсæм нывгæнæджы цæстæй. Портретмæ кæсгæйæ банкъарæм авторы зæрдæйы уаг. Зæгъæм,бæлвырд у, Къоста хуымæтæджы кæй никæй ныв кодта, йæ алы ныв дæр йæ зæрдæйы кæрдих кæй уыд. Раст йе ’мдзæвгæйы рæнхъытæ зæрдæйæ куыд цыдысты, афтæ хæстæг ын уыдысты йæ нывты сурæттæ дæр.

 - Автопортрет нывгонд æрцæуы автор кæсæнмæ фæкæсы афтæмæй. Авторæн йæхицæй хуыздæр ничи зоны йæ уды уавæр, йе ’ нкъарæнтæ, йæхи куы ныв кæны, уæд.

- Фыццаджыдæр, сбæрæг кæнын хъæуы нывы авторы. Дарддæр портретыл чи ис, æмæ кæд цардис. Йæ уæлæдарæс, йæ дзыккуты фаст, йæ алыварс цы предметтæ ис (кæд дзы ис)уыдонмæ гæсгæ…

Рагæцау æрмæг бацæттæ кодта иу скъоладзау.               (Æххуысгæнæн æрмæг урочы пъланы фæстæ).

-Ирон  уæлæдарæс. Морæ æмæ кæрдæгхуыз хуызтæ.

Урс-урсид   -  сау-сауид  

Хъарм хуызтæ – уазал хуызтæ

Хъæлдзæг – æнкъард

Ирд – тар        

Гыццыл цæстытæ – стыр цæстытæ

Фыдуынд – рæсугъд.

- Миногонтæ

- Рахиз

Чи? – Къоста

Цы? – автопортрет

Цавæр? – æнкъард

Цы кæны?- кæсы        

- Номдартæй, миногонтæй, мивдисджытæй…

Скъоладзауты дзуаппытæ.

«…Алы ирон дæр йæ адæмы аккаг хъæбул уый бæрц у, Къостайы цæй бæрц зоны».

                      Абайты В.

«Рацæудзæн  азтæ, рацæудзæн æнустæ, фæлæ ирон адæмы кадджын фырты ном не ’рмынæг уыдзæн, æмæ дарддæр цæхæртæ калдзæн Кавказы цъитиджын хæхты хуызæн».

                   С.Михалков

Скъоладзауты дзуаппытæ.

(Скъоладзауты дзуаппытæм гæсгæ цыбыр беседæ саразын).

- Хетæгкаты Къостайы.

- Портреттæ вæййынц: астæуæй уæлæмæ нывгонд, адæймаджы лæугæйæ æвдисæг, адæймаджы æндæр искæимæ æвдисæг; пейзажы  фоныл нывгонд. Къоста сныв кодта æрмæст цæсгом æмæ гуыр.

- Автопортреты сæйрагдæр сты цæстытæ.

-«Глаза зеркала души». «Цæст хуылфы айдæн, зæрдæйы гагуы у».

-Æнкъард. Йæ адæмы хъысмæтыл чи тыхсы , ахæм адæймаджы цæстæнгас.

- Æрфгуытæ-  цæргæсы базырты хуызæн. Цæстытæ- зынаргъ сау фæрдгуыты хуызæн.

- Ирон адæмæн тынг зынаргъ адæймаг у Къоста.

- Генион поэт æмæ нывгæнæг раджы баззад æнæ мадæй, бинонтæ не скодта. Йæ уавæрыл  катай кæны.Бирæ фæтох кодта хицæутты ныхмæ мыхуыр ныхасæй адæмы сæраппонд.Фæлæ сын куыд æй фæндыдаид афтæ йæ бон баххуыс кæнын кæй нæ уыд, уый бæрц йæ уд тыхсти,йæ зæрдæ катай кодта æмæ уыцы æрхæндæгдзинад зыны йæ цæстæнгасыл.

Зонадон:

(зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды; генион поэт æмæ нывгæнæгæн аргъ кæнын)

Регулятивон :

(лæвæрд æрмæгай  хъæугæ информаци ссарын)

Метапредметон: . (ахуыргӕнинӕгты коммуникативондзинад уӕрӕхдӕр кӕнын).

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын; къордты кусын)

Удгоймагон:

(баулæфын)

- Дзуаппмæ гæсгæ, Къостайы æмдзæвгæтæй кæцы рæнхъытæ равзардзыстут ?(Лæвард æрмæгæй равзарын) (слайд).

  - Поэт цæуылдæр арф кæй ныхъхъуыды кодта, ууыл дзуры йæ ныхы æвæрд дæр. Цавæр ных ын ис?

Хæс. Ныффыссын æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ.

Рæсугъд цæсгом, саулагъз, сау- сауид цæстытæ, æнтъыснæг, лæмбынæг, бæзджын  сæрыхил, зæрдæмæдзæугæ; ирон уæлæдæрæс, бæгæныхуыз, цъæх, куырæт, тар хæдон.(Слайд)

Хæс. Саразын дзырдтæй æмæ дзырдбæстытæй хъуыдыйæдтæ.(Цыбыр текст).

- Цæмæн афтæ æнкъардæй сныв кодта йæхи Къоста? Цы нын зæгъынмæ хъавыд?(Цæлхдур аиуварс кæнын).

- Дзуаппмæ гæсгæ, Къостайы æмдзæвгæтæй кæцы рæнхъытæ равзардзыстут ? (Æрмæг).(Слайд).

Урочы эпиграфы рæнхъытæ.

- Чи зоны Къоста ацы автопортрет скодта хасты рæстæг. Уæлдай æвадат цæрдтытæ кодта поэт Херсоны. 1899 азы фыста Цæлыккаты Аннæмæ дæр:

  «Город Херсон хуже всякого осетинского аула, и о каком либо заработке здесь не может быть и речи». «… если не найду работу, то придется положить зубы на полку».  Иногда мне в голову приходит ужасная мысль… И в конце концов я на ней могу остановиться – жду только ответа паддзахы кабинетæй». «Я довел  все свои потребности до минимума».  ( Кæд сныв кодтаид йæ автопортрет Къоста, ууыл æрдзурын)(Слайд).

- Цымæ æцæгæйдæр сныв кодтаид йæ автопортрет уыцы рæстæг.

- Цавæр дарæсы сныв кодта йæхи поэт?  ( Тугъанты М. мысинæгтæ).

- Къостайы æмдзæвгæтæй кæцы рæнхъытæ равзардзыстут йæ уæлæдарæсмæ гæсгæ ?(Æрмæг)

(Экраныл сæ равдисын)

   - Къоста Райгуырæн бæстæ бирæ кæй уарзта, уый бæрæг у суанг ирон дарæсыл  йæ зæрдæ кæй нæ ивта, уымæй дæр.

Херсоны уæвгæйæ йæ бафæндыд йæ куырæт европæйаг костюмæй аивын, цæмæй йæм къаддæр кæсой уынгты.

  Аннæмæ фыссы:

   «В тот же день, как я приехал, я пошел и купил себе две крахмальные сорочки, галстук, запонки. Надо же, думаю, явиться европейцем, а то явлюсь в черкеске,- они меня сразу же оскандалят, отобрав у меня кинжал. Принес я свой наряд в номер и стал приспособлять его к своей грации. Ужас! Я не мог даже приладить галстука…Ну, думаю, вас – к черту! Не надену! Пусть и кинжал отберут, пусть и в тюрьму засадят – не надену…к черту! Сбросил я все с себя и повесил их на стену…Отправился я в своей серой черкеске, в чесучовом башмете да серой папашке…Ну, думаю, держись Херсон!»(Слайд).

Дарддæр æвзарын  автопортрет.

- Цавæр у нывы композиции?

- Цавæр стилы фыст уыдзæн уæ сочинени?

- Сочиненийы текст цавæр уыдзæн йæ функционалон хуызмæ гæсгæ?

- Цавæр аивгæнæн – нывæфтыд мадзæлттæй спайда кæндзыстут?

- Сочинени – æрфыст цал  хайæ арæзт цæуы?

              Алы скъоладзауы цур дæр ис  сочинени – портреты  æрфысты пъланы фæтк:   (пълан экраныл равдисын)        

  1. Портрет саразыны истори (кæд æмæ цавæр уавæрты нывгонд æрцыд, цавæр цаутимæ баст у йæ сæвзæрд).
  2. Нывы мидис:

а). Куыд бантыстис нывгæнæгæн адæймаджы характер, йæ зондахаст, йæ миддуне, йæ идеалтæ раргом кæнын?

æ). Нывы композицион арæзт.

б). Нывы ахорæнтæ, сæ мидис, куыд æргом кæнынц нывгæнæджы цæстæнгас.

3.   Цавæр хъуыдытыл уæ æфтауы портрет, цавæр æнкъарæнтæ уæм гуырын кæны?

«Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды,-                                                     Бар ма йын ратт!..                              Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды

Иуæй – иу хатт».      

«Гъей – джиди!»

- Ис ын стыр  бæрзонд ных. Йе ‘рфгуыты астæу чысыл æнцъылдгонд зыны.

- Йæ цæсгом у рæсугъд.Стыр сау-сауид цæстытæ чысыл æнтъыснæгæй,фæлæ лæмбынæгæй кæсынц дунемæ. Иттæг хорз фидауынц йæ саулагъз цæсгомыл,цæргæсы базырты хуызæн æрфгуытæ, аив боцъо.Йæ сæрыхил у къæбæлдзыг æмæ бæзджын. Цæсгом мæллæггомау, дæргъæлвæст.

- Куыд загътам афтæмæй, цы йæ цæстæнгасыл, иууыл йæ цæсгомыл бæрæг у поэт кæй ис сагъæсы æмæ мæты. Уæлдай зын уромæн ын у йæ адæм дæр, йæхийау, мæгуыр æмæ æфхæрд кæй сты. Уый нæй, уæд йæхи мастыл хæцид. Фæлæ куыд Фыдыбæстæйы патриот, ирон адæмы хъæбул, уыцы уавæр йæ зæрдæ нæ уромы.

- Йæхи снывонд кодта мæгуыр адæмы рухс фидæнæн. Йæ фæстаг сулæфты онг дæр сидтис ирон адæммæ: « Ме ‘фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!»

…Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,                                    

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс

«Ныстуан».

-Йæ ныхæстæ æмæ йæ уавæртæм гæсгæ, сныв кодтаид.

- Морæ,тар.

«Морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы  зæрдæ

Нал æсрухс кодтай, мæ мад!»                                                    «Салдат».

«Мæ хæдон – четæнæй,                                                              

Мæ куырæт – кæттаг,

Мæ цухъхъа – цъæх тынæй-

Нæхи хохбæстаг».

«Чи дæ?».

-Портретмæ кæсгæйæ, нæ цæстæнгас фыццаджыдæр æрлæууы цæсгомыл,- астæуæй ис, фылдæр рухс ууыл хауы. Нывы фон у тар, фылдæр дзы ис уазал хуызтæ…(кæронмæ ахæццæ кæнын дзуапп).

-Аивадон (аив литературон) стилæй. Спайда кæнæн ма дзы уыдзæн  публицистон стилы элементтæй.

- Сочинени – æрфыст.

- Абарстытæй, эпитеттæй, метафорæтæ…

- Бацæуæн хай,сæйраг хай, кæронбæттæн.

Регулятивон :

(лæвæрд æрмæгай  хъæугæ информаци ссарын)

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

- Куыд райдайдзыстут уæ сочинени? (Дзуапп дæттынц пъланмæ гæсгæ).

- Сæйраг хайы цы фыссут?

- Нывы композицийы тыххæй цы зæгъдзыстут?

- Цавæр хъуыдытыл уæ æфтауы ныв, цавæр æнкъарæнтæ уæм гуырын кæны?

- Цæмæй фæуыдзыстут уæ сочинении?

- Нæ урочы цы фехъуыстат, цы æрмæг уæм ис, уыдон уын феххуыс уыдзысты сочинени ныффыссынæн. Фæлæ цæмæй мæ зæрдæ ма хсайа,уый тыххæй ма мæ фæнды синквейны фæрцы сбæрæг кæнын, куыд бамбæрстат автопортреты хъуыды, уый.

Синквейны  темæ «Къоста».

- Æрхъуыды йын кæндзыстæм сæргонд,зæгъæм: «Уынын дæ цæстыты Ирыстон, уынын дæ цæстыты дæ уарзт». Ныффысдзыстæм эпиграф, нывгæнæджы тыххæй цыбыртæй радзурдзыстæм, кæд æмæ цавæр уавæрты конд æрцыд автопортрет…

-Раргом канын хъæуы поэты миддуне, бацархайын йæ психологон портрет саразын, нывы фон, Къостайы сурæт…

- Ныффысдзысдзынæн   нывы фоны тыххæй. Йæ уæлæ- Къостайы сурæт. Поэты æддæг бакастæй рахиздзынæн йæ мидуавæры характеристикæмæ. Куыд бантыстис Къостайæн йæ характер, йæ зондахаст,йæ миддуне раргом кæнын автопортреты,уый.

-Къоста ирон адæмы зæрдæйы цавæр бынат ахсы, уый…

- А.Вассо æмæ С. Михалковы хъуыдытæй…

1-аг къорды синквейн

1. Къоста

2. Хъуыстгонд, адæмон

3. Уарзы, тох кæны, ныв кæнын

4. Ирон литературæйы бындурæвæрæг

5. Поэт.

2-аг къорды синквейн

1. Къоста

2. Рæсугъд, зондджын

3. Сагъæс кæны, фыссы, уарзы

4. Ирыстоны стъалы

5. Нывгæнæг.        

Зонадон: 

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

- Сæххæст æй кодтам?

- Зæгъут уæ хъуыдытæ.

- Нæ урок мæ фæнды фæуын Гете Рембранд автопортретты тыххæй цы ныхæстæ загъта: «…Это осколки большой испеведи».

Скъоладзауты дзуаппытæ.

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын )

Хатдзæгтæ скæнын.

Скъоладзауты куыстӕн аргъ скӕнын. Арфӕ сын ракӕнын.

Сæ хъуыдытæ дзурынц

Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын )

Хæдзармæ куыст

Лæвæрд æрмæг æмæ пъланмæ гæсгæ  ныффыссын  сочинени темæмæ гæсгæ.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...

Урочы темæ: «Мæсыг куыд амадтой». (Бæлвырд изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст ).

Конспект урока по развитию речи. Подготовка к написанию сжатого изложения в 9 классе....