Урочы темӕ: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ». (Сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн урок).
план-конспект урока (6 класс)
Подготовка к написанию сочинение-описание по теме "Краски осени".
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Подготовка к написанию сочинение-описание по теме "Краски осени". | 127.08 КБ |
Предварительный просмотр:
Муниципалон бюджетон ахуырадон кусӕндон
«Коцойты А. номыл Джызӕлы №1-ӕм астӕуккаг скъола».
Горӕтгӕрон район.
Урочытемӕ: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ»
6 кълас.
Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг
Башираты Ларисӕ.
Урочы темӕ: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ». (Сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн урок).
Урочы нысантӕ:
- Скъоладзауты бацӕттӕ кӕнын сочинени – фӕззыгон ӕрдзы ӕрфыст фыссынмӕ.
- Миногон сфӕлхат кӕнын.
- Дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы рӕзтыл бакусын.
- Ахуырдзаутӕм гуырын кӕнын уарзондзинад ӕрдзмӕ. Ӕнкъарын ӕрдзы рӕсугъддзинад.
Урочы эфиграф:
Фӕззӕг ралӕууыд йӕ рады,
Бон ӕнкъардхуызӕй кӕсы,
Дымгӕ сау мигъты цӕгатӕй
Хуссармӕ хӕссы.
КочысатыМухарбег
Урочы фӕлгонц:презентацион ӕрмӕг, нывтӕ, музыкӕ,фӕззыгон хъӕды зӕлтӕ.
Урочы хуыз:ныхасы рӕзтыл куыст.
Урочы цыд:
I. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
1. Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ.
Мотивацион уавæр.
Ахуыргӕнӕг:Уӕ бон хорз, мӕ зынаргъ хӕлӕрттӕ. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон у, ацы фӕззыгон райдзаст бон,уе ’ппӕты дӕр уынын. Мемӕ уын лӕварӕн ӕрбахастон диссаджы рӕсугъд музыкӕ.
Хъуысы П.И. Чайковскийы музыкӕ «Октябрь. Фӕззыгон зарӕг» ( «Афӕдзы афонтӕ»-йӕ)(Сбæрæг кæнын чи у симфонийы автор, цы хуыйны композици а.д.)
1. Цыбыр беседӕ.
- Цавӕр афӕдзы афон уын уӕ зӕрдыл лӕууын кӕны ацы музыкӕ?
- Цавӕр музыкалон композици у? Чи у йӕ автор?
- Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодтой музыкӕйы зӕлтӕ?
- Уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы фӕззӕг? Цӕмӕй?
- Цавӕр диссаджы ивддзинӕдтӕ ӕрцӕуы ӕрдзы фӕззыгон?
- Куыд ис фӕззӕджы рӕсугъддзинад бахъахъхъӕнӕн зымӕгон?
Дзуапп: Ис ӕрӕмбырдгӕнӕн гербарийтӕ, сисӕн къамтӕ, нывтӕ скӕнын а.д.
- Куыд уӕм кӕсы, нӕ ныхас цавӕр афӕдзы афоныл цӕудзӕн?
Дзуапп: Фӕззӕгыл. (Фехъусын кæнын урочы темæ). (слайд).
II. Ног ӕрмӕгыл куыст.
- Абон нӕ урочы нысан у, сочинени-фӕззыгон ӕрдзы ӕрфыст фыссынмӕ бацӕттӕ кӕнын. (Презентаци)
Ахуыргӕнӕг: Ӕвӕдза, диссаджы рӕсугъд у ӕрдз фӕззыгон. Хъӕдтӕ, быдыртӕ, фӕзтӕ алыхуызон ахорӕнтӕй сӕ хуыз скалынц. Ног тӕфтӕ, хуызтӕ, зӕлтӕ, ӕнкъарӕнтӕ адӕймаджы зӕрдӕ барухс кӕнынц.
Бирӕ зындгонд нывгӕнджытӕ уарзтой ӕмӕ уарзынц фӕззӕг. Ацы афӕдзы афон сӕ разӕнгард кодта сфӕлдыстадмӕ. ( Челӕхсаты М.,ЛевитанИ.,Остроухов И. – нывты равдыст).
- Цавӕр нывтӕ сты, кӕй уынут,уыдон?
Дзуапп: Пейзажон нывтӕ.
2. Хӕс. Нывтӕ равзарын.
- Фӕззӕджы цавӕр хуызтӕй спайда кодтой нывгӕнджытӕ?
Дзуапп:
- Канд нывгӕнджытӕм рӕсугъд нӕ кӕсы фӕззӕг,фӕлӕ фысджытӕм дӕр. Уӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнут цавӕр радзырдтӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ахуыр кодтат?
( Рагацау цы текстытӕ бацӕттӕ кодтой, уыдон кӕсынц. Дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ зӕрдывӕрдӕй)
Ацы ран ӕмбӕлы равзарын урочы эпиграф. (слайд)
- Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, цы у текст?
Дзуапп:
- Цавӕртӕ сты тексты хуызтӕ?
Дзуапп:
- Ахъуыды кӕнут ӕмӕ зӕгъут, нӕ урочы темӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕцы тексты хуыз у? Кӕцы хуызӕй спайда кӕндзыстут? Цӕмӕ?
Дзуапп: Ӕрфыстон текст. Ам ӕвдыст ӕрцӕуынц ӕрдзы фӕзындтӕ, ӕнӕуд предметы, адӕймаджы миниуджытӕ, се ’ууӕлтӕ.
- Цавӕр хӕйттӕй арӕзт вӕййы текст (сочинени).
Дзуапп:Бацӕуӕн хай, сӕйраг хай, кӕронбӕттӕн хай.
3. Хӕс. Бакусын текстыл.( скъоладзаутӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын миногон).
Ралӕууыд фӕззӕг хъӕдыбӕлӕсты сыфтӕртӕ алыхуызон сӕрттывтой ӕмӕ дзы цы хуызӕттӕ нӕ уыдис цӕстытӕ сӕм кӕм лӕууыдысты ӕрмӕст мА цъӕх-цъӕхид дардта хъӕды астӕуӕй нӕзыты къох. (слайд)
Хӕслӕвӕрдтӕ текстмӕ:
1. Тексты хъуыдыйӕдтӕ ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй фӕхицӕн кӕнут.
2. Ӕрхъуыды кӕнут текстӕн сӕргонд.
3. Цавӕр у текст йӕ хуызмӕ гӕсгӕ?
4. Ратӕлмац кӕнут «нӕзыты къох» уырысса гӕвзагмӕ. (сосновая роща)
Аулӕфт. ( Фӕззыгон хъӕды зӕлтӕ). (музыка)
Ахуыргӕнӕг: Уӕ цӕстытыл ауайын кӕнут, цыма фӕззыгон сыфтӕ стут. Райсомы хур ссӕуы,ӕмӕ сыфтӕртӕ сабыргай хъал кӕнынц. Сӕхи хурмӕ ивазынц. Фӕззыгон фӕлмӕн уӕлдӕф хъазы семӕ.
4. Хӕслӕвӕрд. Текст бакӕсын ӕмӕ равзарын.
Фӕззыгон нывтӕ.
Фӕззӕг йемӕ райста иууыл рӕсугъддӕр ӕмӕ хуызджындӕр ахорӕнтӕ ӕмӕ ацыдис хъӕдмӕ. Ныв кӕнын райдыдта .
Бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕрты иууылдӕр сахуырста фӕззӕг. Кӕуыл бур фӕлыст скодта, кӕуыл та – сырх. Ӕрмӕст нӕ бавнӕлдта наз ӕмӕ нӕзымӕ. Уыдон сӕ цъӕх фӕлысты баззадысты.
Уый фӕстӕ фӕззӕ арастис быдырмӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнтӕм. Бафснайдта быдыры сыгъзӕрин ӕфсирты.
Сафтидсты быдыртӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнтӕ. Хъарм бӕстӕм тӕхынц хърихъуппытӕ, хъӕддаг бабызтӕ ӕмӕ аццытӕ. Сырдтӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц зымӕгмӕ.
Тагъд кӕны фӕззӕг. Ног ӕмӕ ног ахорӕнтӕ ары йӕ диссаджы нывтӕн. Фӕлурс мигътӕй ӕхгӕны арвы цӕсгом. Къӕвдайы донӕй ӕхсы бӕлӕсты хъулон – мулон сыфтӕрты. Тагъд зымӕг дӕр райдайдзӕн ныв кӕнын йӕ фендджын нывтӕ.
- Цавӕр афоны тыххӕй бакастыстут?
-Цавӕр у йӕ сӕйраг хъуыды?
- Цавӕр у текст йӕ хуызмӕ гӕсгӕ? Цӕмӕй бӕрӕг у? Куыд арӕзт у ӕрфыст?
- Тексты ссарут хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ.
-Текстӕй рафыссын миногонтӕ.
-Бацамонут дзырдбаст «фендджын нывтӕ»-йы нысаниуӕг.
- Ратӕлмац кӕнут уырыссаг ӕвзагмӕ дзырдтӕ: наз, хърихъупп, ацц. (Ель, журавль, селезень).
-Ставддӕрӕй фыст дзырдӕ баивут синонимтӕй. (Иууылдӕр, фӕлыст, арастис).
-Сырхӕй фыст дзырдтӕн зӕгъут сӕ антонимтӕ. (Рӕсугъддӕр, тагъд, ног, фӕлурс).
5. Хӕслӕвӕрд. Бакӕсут ӕмбисӕндтӕ. Бацамонут сын сӕ хъуыды.
«Уалдзӕг цы байтауай, уый фӕззӕджы ӕркӕрддзынӕ».
« Уалдзӕг рӕсугъд у , фӕззӕг та – хъӕздыг».
« Фӕззӕгӕй зӕрдӕбуц у».
« Фӕззӕг царды къӕбиц у».
5. Дзырдуатон куыст бакӕнын. Æххуысгæнæн дзырдтæ ныффыссын.
Фӕззӕг : рагвӕззӕг, ӕрӕгвӕззӕг, сыгъзӕрин фӕззӕг, дзаджджын фӕззӕг. (Бамбарын кӕнындзырдты растфыссынад).
Фӕззыгон бон: диссаджы, рӕсугъд, ӕнкъард, райдзаста.д.
Уӕлдӕф: рог, сыгъдӕг, хъарма.д.
Хур: фӕлмӕнтынтӕ, хъарм, фӕззыгона.д.
Арв: цъӕх, сыгъдӕг, тар а.д.
Бӕлӕстӕ: бур худы, бур хӕдоны – тӕгӕр, гӕдыбӕлассырхкъабайы, бӕрз – урсдарӕсы.
Сыфтӕ: сыбар – сыбур, хъулон – мулона.д.
6. Эпиграфтӕ бакӕсын:
Æхсæлы ызгъæлы, Нал у сӕрд йӕ сӕрӕн -
Лæджирттæг фæбур… Бур низ ыл фӕзынд.
Мигъ бады цæгаты, — Фӕззӕджы къӕсӕрыл
Нæ йæ тавы хур… Зӕрдӕйӕн фӕзын.
Къоста (Къадзаты С.)
Уж небо осенью дышало, Листья в поле пожелтели,
Уж реже солнышко блистало. И кружатся, и летят…
А.С.Пушкин М.Ю. Лермонтов
7. Пъланыл бакусын.
1. Фӕззӕджы портрет.
2. Фӕззыгон ивддзинӕдтӕ, хуызтӕ, тӕфтӕ, .
3. Цавӕр у уӕлдӕф?
4.Цӕмӕн уарзынфӕззӕг?
Синквейн ныффыссын (Къæйттæй куыст). «Фæззæг». Зонындзинæдтæ бафидар кæнын.
Цалынмæ синквейн фыссой, уæдмæ хъуысы музыка «В осеннем лесу».
Рефлекси
1. Беседӕ:
- Цы базыдтат ногӕй урочы?
- Уӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыдис ? (нӕ фӕцыдис)
- Цавӕр цӕстӕй кӕсын хъӕуы ӕрдзмӕ?
Хатдзӕгтӕ.
2. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. Ахуырдзаутӕн арфӕ ракӕнын.
IV. Хӕдзармӕ куыст.
Лӕвӕрд пъланыл ӕмӕ ӕрмӕгыл ӕнцой кӕнгӕйӕ ныффыссут сочинени: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ».
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Тема: «Вся моя биография -- в моих сочинениях". Жизнь и творчество И. С.Тургенева.Урок по модульной технологии.
Технологическая карта урока помогает обучающемуся самостоятельно организовать работу по биографии Тургенева И.С....
1.урок развития речи в 5 классе. Сочинение - миниатюра "Астра- последняя улыбка осени". 2.урок-концерт "Суть и душа земли родной - её обычай , песня , слово..."
1.урок развития речи в 5 классе. Сочинение- миниатюра "Астра- последняя улыбка осени"2. заключительный урок по теме "Фольклор" в 5 классе (литература)...
Методические рекомендации по организации работы по развитию информационно - коммуникативной компетенции школьников на основе работы над сочинением с элементами рассуждения (раздел «Письмо») на уроках английского языка в старших классах.
Концепция модернизации российского образования на период 2011-2012 года предполагает переход школьного образования от формально – знаниевой к личностно – деятельной парадигме. Она определяет и новое к...
Урок русского языка в 5 классе. Учимся писать сочинение (после изучения русских народных сказок на уроках литературы).
.Урок русского языка в 5 классе. Учимся писать сочинение (после изучения русских народных сказок на уроках литературы)....
Урочы темæ: «Мæсыг куыд амадтой». (Бæлвырд изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст ).
Конспект урока по развитию речи. Подготовка к написанию сжатого изложения в 9 классе....
Темæ: «Хетæгкаты Къостайы «Автопортрет»-мæ гæсгæ сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст»
Технологическая карта урока по развитию речи....
Объективность оценивания сочинения как способ формирования ситуации успеха на уроке: как пройти путь от «Что писать?» до « А можно написать больше?
Здравствуйте, уважаемые коллеги. Пишу о том, с чем жила многие годы. В школе совсем не умела писать сочинения. Получала оценки только благодаря маме. Когда пришла в профессию, поняла, что это для меня...