Технологическая карта
методическая разработка (10 класс)

Елоева Алла Таймуразовна

Методическая разработка открытого урока по учебной дисциплине "Осетинская литература"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnologicheskaya_karta.docx29.49 КБ

Предварительный просмотр:

                                                                                                                                                                            II курс

                                                                                                                                                             Ахуыргæнæ Елойты А.Т.

Урочы технологион картӕ        

Темæ: Адæймаджы царды нысан Барахъты Гинойы радзырд «Арæбиаты Гуыргъохъ» - мæ гæсгæ.

Урочы  нысантæ.

1.        Ахуырдзауты базонгæ кæнын Барахъты Гинойы цардвæндагимæ,  радзырд «Арæбиаты Гуыргъохъ» - ы сæйраг хъуыдыимæ.

2.        Радзырды сæйраг фæлгонцмæ гæсгæ ахуырдзаутæм æвзæрын кæнын удыхъæды хуыздæр  миниуджытæ, æмбарын кæнын  адæймаджы царды нысан.

3.         Бакусын ныхасы рæзтыл (æмбисæндты , литературон уацмыстæй, цардæй ист хабæртты фæрцы).

4.        Системон – архайдон технологийы метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Урочы хуыз.

           Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

 Предметон: Бакусын радзырды арф хъуыды раиртасыныл; текстмæ гæсгæ равзарын сæйраг архайæджы миддунейы æууæлтæ, фæрстытæн зонын дзуапп дæттын.

Метапредметон: уацмысы персонажы архайд; ахуырдзаутæн æмбарын кæнын урочы нысаны ахадындзинад, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ.

Куысты хуызтæ

Иртасыны метод, индивидуалон куыст, къордты куыст.

Техникон  фæрæзтæ.

Компьютер, презентации, интерактивон фæйнæг.

                                                                         Урочы эпиграф:  «Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй

                                                                                                                                                          Цард рæсугъд кæнынæн у,

                                                                                                                                                          Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй  

                                                                                                                                                          Хъуамæ радта уæд йæ  уд...»

                                                 

                                                                                                                                                                           /Плиты Грис. Баллада «Авд цухъхъайы»/

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Ахуырдзауты куыст.

УАА

Мотиваци

(ахуыргæнæг дæтты æрмæг ног темæ равзарынæнæн æххуыс чи у ахæм).

- Уæ бон хорз, ахуырдзаутæ. Абон нæ урок райдайдзыстæм эпиграфæй, бакæсут ма йæ æмæ уæ зæрдыл æрлæууын кæнут:

1.        Цавæр уацмысæй сты ацы рæнхъытæ æмæ чи у сæ автор?

2.        Цавæр арф хъуыды æвæрд ис ацы рæнхъыты?

3.        Разы стут авторы цæстæнгасимæ?

4.        Чи сбæлвырд кæндзæн абоны урочы темæ?

 

Дзуапп дæттынц фæрстытæн,

сæ хъуыдытæ дзурынц

  1. Плиты Грис. Балладæ «Авд цухъхъайы»;
  2. Цард расугъд кæны адææмаг йæ хорз хъуыддæгтæй.
  3.  Разы дæн авторимæ. Райгуырæн бæстæйæн тæссаг куы уа знагæй, уæд дæ цард дæр хъуамæ ма бавгъау кæнай;
  4. Адæймаг æмæ йæ хæс;
  5. Адæймаджы царды нысан.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын; проблемон фарст æрæвæрын)

Актуализаци

(сбæрæг кæнын ахуырдзаутæ къуылымпытæ кæм æййафдзысты, уый.)

 -Уæдæ абон нæ урочы темæ, кæй зæгъынæй хъæу, раст бафиппайтт: Адæймаджы царды нысан Барахъты Гинойы радзырд      «Арæбиаты Гуыргъохъ» - мæ гæсгæ.

Нæ урочы хæстæ сты базонын Барахъты Гинойы цардвæндаг, бакæсын æмæ равзарын  радзырд «Арæбиаты Гуыргъохъ», сбæрæг кæнын радзырды сæйраг хъуыды, сæйраг персонажы миддуне æмæ йæ царды нысан.

Дзуапп дæттынц фæрстытæн;

Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадимæ зонгæ кæнынц

Зонадон

(Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, хатдзæгтæ кæнынмæ арæхсын)

Урочы темæйыл куыст.

 - Гино царды мидæг йæхæдæг куыд рæстудæй цард, ахæм рæстуд фæлгонцтæ арызта йæ уацмысты дæр, уыд «номдзыд ирон фысджытæй», уымæн æй хонынц «æхсар æмæ намысы поэт», уыди курдиатджын, литературæйы кæцы фæнды жанры дæр стыр æнтыстдзинæдтæ æфтыдис йæ къухы.Æмæ мах, Алагиры цæрджытæ,уæлдай сæрыстыр стæм, ахæм куырыхон, æвидигæ курдиаты хицау не мзæххон кæй уыдис, уымæй.

Фæрстытæ:

  1. Цавæр заман æвдыст цæуы радзырды?
  2. Цы ‘рцыд Гуыргъохъыл?
  3. Раргом кæнут Гуыргъохъы фæлгонц.
  4. Æрхæссут фæзминаг дæнцæгтæ цардæй, литературон уацмыстæй.

дзуапп дæттынц;

хæссынц дæнцæгтæ;

зæрдыл лæууын кæнынц æмбисæндтæ:

- Хæстæй æмæ фæдисæй лидзын — худинаг.

- Нæртон лæг æхсары бын оффытæ нæ кæны.

- Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы.

- Иу мæлæт хуыцауæй дарын.

- Лæгæн дунейыл адджындæрæн цы баззад? — Мад, хæдзар, райгуырæн бæстæ.

- Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!

Зонадон

(хъæугæ информаци ссарын зонын)

удгоймагон

(æмбарын дунейы сабырдзинады ахадындзинад нæ адæмы царды, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад).

Ног æрмæгыл куыст.

Чиныгимæ куыст

Амоны синквейн саразын.

Фæрстытæ дæтты.

Ахуырдзаутæ радзырд аив кæсынц, фæрстытæн, дзуæпп дæттынц, радзырды сæйраг архайæгæн аргъ кæнынц.

                 

1 къорд

1.        Гуыргъохъ

2.        Хъаруджын, сæрибаруарзаг.

3.        Хъхъхъæны æмæ уарзы райгуырæн бæстæ, архайы.

4.        Сæрибарыл тох кæны.

5.        Уæлахиз.

                  2 къорд

1.        Нысан

2.        Сæйраг æмæ бæллиццаг.

3.        Разæнгард кæны, архайын кæны, сиды.

4.        Бæрзæндтæм хизын кæны.

5.        Намыс.

Регулятивон

(зонынадон хъæппæрис æвдисын)

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырдæй æмæ æххæстæй

зонын дзурын)

удгоймагон

патриотизмы нысаниуæг ныффидар кæнын

Зонадон,

(анализ)

коммуникативон

(бæлвырд дзурын хи хъуыдытæ; )

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

  1. Фæбæрæг кæнут, цы у йæ царды нысан, царды йын зынаргъдæр цы у?
  2. Гуыргъохъæн йæ кæцы ныхæстæ,хъуыдытæ сты йæ национ удыхъæдыл дзурæг? Текстæй пайда кæнут, дæнцæгтæ хæссут.
  3. Писмофыссæг сылгоймагæн,  Гуыргъохъы бинойнагæн раттут характеристикæ.

дзуапп дæттынц

- Райгуырæн бæстæ бахъахъæны; адæмы сæрибарыл тох кæнын

- «уарзон сылгоймагæй бæрзонддæр у æндæр хъуыддаг: фесæфæд фæллойгæнджыты къухæй æввонгхорты сæр!..»

- хуымæтæг ирон сылгоймаг, зынаргъ ын сты йæ къонайы фарн æмæ йæ

уды намыс. Къуындæг у йæ дуне, йæ хъуыдытæ нæ цæуынц йæ къонайæ дарддæр,  йæ цардæмбалы миддуне æмæ йæ тох йæ бон бамбарын нæу

Хатдзæгтæ скæнын.

- Гуыргъохъ хъизæмар кæны, зоны йæ мæлæт, фæлæ нæ сафы лæджы æууæлтæ. Мæлгæ-мæлын дæр йæ мæт у, кæй «нæма фæцис æфхæрд дзыллæты тох».

Йæ цард æмæ йæ тыхтæ иууылдæр лæвæрд  æрцыдысты дунейыл рæсугъддæр цы ис уымæн - адæмы сæрибар кæныны сæраппондæн.  

Нæ урокæн эпигрæфæн хуымæтæджы нæ равзæрстам Плиты Грисы æмдзæвгæйы рæнхъытæ:

 «Лæг йæ зонд æмæ йæ   къухтæй

  Цард рæсугъд кæнынæн у,

 Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй  

  Хъуамæ радта уæд йæ  уд...»

Афтæ бакодта Барахъты  Гинойы радзырды хъайтар дæр Арæбиаты Гуыргъохъ.

Анкетæты фыссынц.

1

Урочы

архайттон/нæ архайттон

2

Абон æз базыдтон

__________________________

3

Мæ куыстæй разы

дæн/нæ дæн

4

Мæ цæстæнгас адæймаджы царды нысанмæ

аивта/нæ аивта

5

Ног æрмæг

бамбæрстон/нæ бамбæрстон

6

Хæдзармæ куыст у

зын/æнцон

 

удгоймагон

(адæймаджы раз цы домæнтæ æвæрд ис уыдон æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст.

 1.        Фыссæджы биографи хи ныхæстæй  дзурын.

2.        Радзырд хи ныхæстæй дзурын.

хæдзармæ хæслæвæрд сæ тетрæдты фыссынц


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Технологическая карта урока по теме "Свободное время. Каникулы" (6 класс). Технологическая карта урока "Еда. Кафе"

В технологической карте урока представлена разработка урока по теме"Свободное время. Каникулы." и разработка урока по теме "Еда.Кафе" для 6 класса....

Методическая разработка "От технологической карты раздела к технологической карте урока"

Уровень образования: основное общее образованиеКласс: 5 классПредмет: биологияТип ресурса: технологические картыКраткое описание ресурса: технологические карты разделов по темам: "Введение в биологию"...

Технологическая карта мастер-класса по теме « Использование современных информационных технологий (МТК- мастер технологических карт) в обучении школьников в условиях внедрения ФГОС второго поколения НОО».

Технологическая карта мастер-класса по теме « Использование современных информационных технологий (МТК- мастер технологических карт)  в обучении школьников в условиях внедрения ФГОС вто...

«Технологическая карта - элемент современного урока. Виды универсальных технологических карт». Реферат на конференцию

«Технологическая карта - элемент современного урока. Виды универсальных  технологических карт». Реферат на региональную конференцию "Актуальные проблемы преподавания математики"...

Технологическая карта "Технологическая карта урока биологии в 6 классе по теме «Передвижение веществ в растении»

Цели урока:   сформировать представление о передвижении веществ по растениюЗадачи урока:Предметные: на основе знаний о строении стебля, сформировать представление о процессе транспорта вещес...

Последовательность изготовления деталей из древесины. Технологическая карта. Технологическая карта. Составление технологической карты известного технологического процесса. Алгоритм. Инструкция. Описание систем и процессов с помощью блок-схем. Апробация пу

Последовательность изготовления деталей из древесины. Технологическая карта. Технологическая карта. Составление технологической карты известного технологического процесса. Алгоритм. Инструкция. Описан...