«Мах стæм æрдзы хъæбултæ»
учебно-методический материал (7 класс)
Урочы нысантæ. | . Æрдзон хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнын, хъахъхъæнын сæ цæсты гагуыйау. |
Урочы хуыз. | Урок - балц |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын. Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын. Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. | Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. | Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон. |
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urok_7kl._nevl_fgos_tehn_karta.docx | 33.41 КБ |
Предварительный просмотр:
Кълас: 7 ( ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутæн)
Ахуыргæнæг: Кцойты М.И.
Темæ: «Мах стæм æрдзы хъæбултæ»
Урочы нысантæ. | . Æрдзон хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнын, хъахъхъæнын сæ цæсты гагуыйау. |
Урочы хуыз. | Урок - балц |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын. Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын. Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. | Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. | Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон. |
Урочы структурæ
Урочы этаптæ | Ахуыргæнæджы архайд. | Скъоладзауты куыст. | УАА |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) | Фæдисы цырен хъæр. Цы рцыдис цымæ, цы хабар у? Хъусынц 50 ай азы Хъæды хæдзарады чи фæкуыста, уымæ( репортаж) ( Дзобелаты Эллæйы раныхас тагъд æххуысмæ) Цæуæм Куырттаты коммæ арт хуыссын кæнынмæ, цалынмæ бæлллæхтæ не рхаста, уæдмæ. Бахæццæ стæм суадоны размæ фæлæ нын дзы исыны бар нæй, цалынмæ дзуапп нæ раттǽм фарстытæн.Ацы суадон у ирон æвзаджы суадон, йæ дæгъæл нæ къухы, фæлæ гуыдыр æнцон гом кæнæн нæу. Дзуапп домы, йæ бонæй уа. | Скъоладзауты дих кæнын дыууæ къордыл. Сæ къордтæн хъуыды кæнынц нæмттæ( Сгарæг, Хъæдгæс…)Алы уæлахизæндæр майдан дæтдзыстæм, урочы кæрон сæ банымайдзыстæм æмæ базондзыстǽм чи рамбылдта ,уыдон. Æртахы ныв, йæ чъылдымыл фыст хæс. 1. … царддæттæг у.( арт, къус, дон) 2. Зонды мæсыг… ( ахуыр у, хæрын у,фынæй кæнын у) Суадоны ныв фæйнæгыл | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын), удгоймагон (иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын) |
Актуализаци (къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.) | -Хъæдæй басыгъд 1 га , цымæ цы хорздзинад æрхастаид уыцы фæзуат адæмæн? Тынгдæр цавæр хъæды мыггаг судзы ,уый зонут? Цы пайда хæссынц заз æмæ нæзы бæлæстæ?( Рæуджыты низ æмæ аллергийæн пайда сты) | Сыгъдæг кæны иу гектар хъæд уæлдæф: ( 1га -70 тонн рыг) ,иу 100 азы кæуыл цæуы ахæм тæрс ( слайд 2) 1 сахатмæ дæтты 1,7 кг. кислород, 50 адæймаджы фаг сыгъдæг уæлдæф. ( презентаци Аветисьянц В «Хихджын бæлæстæ») | Зонадон (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды) коммуникативон (алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын) |
Ног æрмæгыл куыст. Чиныгимæ куыст | - Уæ разы цы тетрæдтæ æмæ чингуытæ ис , уыдон цымæ цæмæй арæзт сты? Абон мах базондзыстæм хъæд ма нын цы пайда хæссы ,уый. Аудировани ( хъæд, хъоло, къаппа-къоппа, къæдзæх)-Цы базыдтам хъæды тыххæй?Алан дæ бон нæу зæгъын къæдзæх æмæ фæтæргай дæ? Зонут, зайæгойтæм дæр адæмау ис алы æнкъарæнтæ, зæгъæм, тæргай кæнынц. Бакæсæм ма сæм. Кæсæм чиныджы цы текст ис, уый.Фарстатæн дзуапп дæттынц.- Цавǽр хǽзнатǽ дǽтты ǽрдз адǽймагǽн?-Куыд ǽгъатыр вǽййы адǽймаг?Куыд чъизи кǽны адǽймаг ǽрдз?Хъахъхъǽнын хъǽуы ǽрдз нын цы хорздзинǽдтǽ дǽтты, уыдон?Дзырдуатон куыст бакæнæм, ис нæм диссаджы бæлас йæ хуссарварс зайынц номдартæ, цæгатварс миногонтæ, ссарут ма сæ тексты. | Презентаци «Цы саразæн ис 1 кубометр хъæдæй» Сывæллæттæ кæнынц хатдзæгтæ. Тагъддзуринаг дзурынц ( Къаппа-къоппа къæбæлдзыг, хъазтæ ,хъазтæ- хъæумæ) Хатдзæгтæ кæнынц сывæллæттæ. Алы къорддæр нымайы йæ сыфтæрты нымæц æмæ уæлахиз чи фæци, уымæн раттын майдан. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон (фæрстытæ æвæрын, хи хъуыдытæ æргом кæнын) удгоймагон (этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын). Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын, ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын), |
Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын. Къордты куыст: | Граматикон хъазт «Ма фехал рæхыс».-Къамæй фæхъазут æмæ уый ницы пайда у, мах та дзы абон скæндзыстæм ерыс.Алы къордǽй дǽр иу сǽйраг архайǽг у. Нывтæ мæм æрхаудта æмæ йæ нæ зонын цы бæрæг кæнынц,уый.( Урочы пълан) - Тынг мæ фæнды цæмæй уæ алчидæр йæхи фена нывгæнæджы хуызы, радзурут ма цавæр ахорæнтæ-иу федтат кусгæйæ, урокæй та цавæр ахорæнтæ хæссут. | Музыкæ водевильæй. Къамтæ исынц къордтæ, сæ чъылдымыл дамгъæтæ фыст, дзырд райдайдзæн уыцы дамгъæйæ иннæ та йæ ахæццæ кæндзæн кæронмæ ( Х- хæрам, марг, гон, нæмыг…)Майдан уæлахизæн. Сывæллæттæ алы нывмæ дæр комментаритæ кæнынц. Сæ зæрдæмæ цавæр куысты хуыз фæцыд, ууыл дзурынц. Иу скъоладзау зǽгъдзǽн сырх,иннǽ -бур ǽмǽ афтǽ дарддǽр. Цǽмǽн, аргументации? | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон ( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ), удгоймагон (мадæлон æвзаджы аивдзинад; Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын) |
Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст. Хатдзæгтæ скæнын. | – Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок? – Цавæр хатдзæгтæ скодтат? – Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй иуæй пайда кæнгæйæ:
Æз ацы урочы бакуыстон хорз. Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз. | дзуапп дæттынц аргъ кæнынц сæ куыстæн | Зонадон (анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын), коммуникативон (бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) удгоймагон (хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын) |
Хæдзармæ куыст. | - Ныффыссын цыбыр нывæцæн « Æрдз нæ дарæг» Спайда кæнут ахæм дзырдтæй: æрдзы рæсугъддзинад, сыгъдæг уæлдæф, нæ хæзна, æнæкæрон хъæд,быдыр, хæл--хæлгæнгæ дон, æнусон цъититæ, мæ хæс, мæ уарзондзинад æрдзмæ. | Нымайынц цы майдантæ бакуыстой ,уыдоны нымæц, æвæрынц сæхæдæг бæрæггæнæнтæ. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
«Сыгъзæрин фæззæг-æрдзы хæзна». Номдар фæлхат кæнын
скъоладзаутæ номдары тыххæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон бафидар кæнын; хъуыдыйæдты мидæг номдартæ иртасын зонын иннæ ныхасы хæйттæй;скъоладзаутæм гуырын кæнын уарзондзинады æнкъар...
Мæргътæ – æрдзы фидауц (интеграцигонд урок) 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
Урочы темæ: Мæргътæ – æрдзы фидауцДиалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст.Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты растæвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты(фæлхат).Урочы нысантæ: Ахуырадон:фæцалх кæнын ах...
«Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сфæлдыстады»
laquo;Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сфæлдыстады»Фыдыбæсты сæраппонд тохыМыййаг, куы фæмард уон рæстæй,Уæд-иу мæ мард фæласут хохмæ,Мæ Ир, мæ фыдæлты бæстæм…К...
Гом урок Адӕймаг ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы . Кӕронбӕттӕны урок.
Урок во 2 классе. Тема урока : Адӕймаг ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы . Кӕронбӕттӕны урок....
Леонид Попов "Ыраах тыаҕа" кэпсээнэ оҕону булт абылаҥар угуйар суолтата
quot;Ыраах тыаҕа" диэн кэпсээҥҥэ Баһылай о5онньор эдэр булчуту Уйбааскыны булт абылаҥар үөрэтэр....