Тесты
тест (6, 7 класс)

Бедоева Таира Артемовна

Тесты - это оценка уровня знаний, умений и навыков обучающихся. 

Скачать:


Предварительный просмотр:

Тест

Номдар

1.Номдар нысан кӕны:

а) предметы ӕууӕл

ӕ) предмет

б) предметы архайд

       2. Номдар ивы:

а) нымӕцтӕ ӕмӕ хауӕнтӕм гӕсгӕ

ӕ) афон ӕмӕ нымӕцтӕм гӕсгӕ

б) цӕсгом ӕмӕ хауӕнтӕм гӕсгӕ

    3. Номдары ивынад хауӕнтӕм гӕсгӕ хуыйны:

а) ифтындзӕг

ӕ) тасындзӕг

   4. Номдарты хауӕнтӕ фӕд-фӕдыл раст амынд кӕцы цӕджындзы сты:

а) ӕфсымӕрӕй

æ) фыды

б) мадимӕ

в) нанайыл

а) Г., Ц., Ир., Ӕд.-б.

ӕ) Ир., Г., Ц., Ӕд.-б.

б) Ц., Ир., Г., Ӕд.-б

в) Ӕд.-б., Ц., Г., Ир.

  5. Цухгонд бынӕтты уыцы иу дамгъӕ кӕцы рӕнхъы дзырдты фыссын хъӕуы:

а) ...бау, ...лоли, б...ныг

ӕ) дыр..., хыр..., дзӕр...

б) ба...ар, ...аума, аив...инад

  6. Кӕцы рӕнхъы номдарты –ад у фӕсӕфтуан:

а) аивад, къайад

ӕ) аивдзинад, ӕрвад

б) мадымад, ӕнӕзонддзинад

    7. Кӕцы рӕнхъы номдартӕ нысан кӕнынц мӕргъты нӕмттӕ:

а) нартхор, дымгӕ, нас

ӕ) домбай, калм, мӕнӕу

б) зӕрватыкк, хуыргарк, бӕлон

8. Кӕцы рӕнхъы номдарты ӕм- у разӕфтуан:

а) ӕмбаст, ӕмбырдгонд

ӕ) ӕмпъузӕг, ӕмбӕлццон

б) ӕмбӕстаг, ӕмном

9. Цухгонд бынӕтты уыцы иу дамгъӕ кӕцы рӕнхъы номдарты фыссын хъӕуы:

а) фыр...тӕ, ро..тӕ, фадæ...тӕ

ӕ) куырӕ...тӕ, сахæ...тӕ, бынӕ...тӕ

б) кӕр...тӕ, фӕрӕ...тӕ, ху...тӕ

в) дзыр...тӕ, горӕ...тӕ, радзыр...тӕ

 10. Кӕцы рӕнхъы номдартӕ иууылдӕр сты вазыгджын:

а) сӕрдасӕн, хӕринаггӕнӕг, артдзӕст

ӕ) сабырдзинад, дурвӕткъуы, хӕрӕндон

б) донгалм, комбӕстӕ, уӕздандзинад




Предварительный просмотр:

Тест

Номдар

1.Кӕцы рӕнхъы дзырдтӕ иууылдӕр сты номдартӕ:

а) денджыз, лӕууы , сӕрд

ӕ) дзӕбидыр, быдыр, хъӕд

б) сырх, ахуыргӕнинаг, дыууадӕс

2.Кӕцы рӕнхъы номдартӕ иууылдӕр сты конкретон:

а) фыссӕг, дур, адзал

ӕ) зӕрватыкк, намыс, ерыс

б) скъапп, хырх, ӕрхуы

3. Кӕцы рӕнхъы нӕмдартӕ иууылдӕр сты сӕрмагонд:

а) хох, Хъулон, « Мах дуг»

ӕ) Плиты Иссӕ, Бӕтӕхъо,  « Ӕртхутӕгдон»

б) мад, бӕлас, Дзӕуджыхъӕу

4. Кӕцы рӕнхъы номдартӕ иууылдӕр сты бирӕон нымӕцы:

а) ӕхсӕртӕ, къутӕртӕ, хъӕд

ӕ) къуыбар, цӕсгӕмттӕ, ӕхсӕрдзӕн

б) давӕттӕ, уӕрмытӕ, цӕстытӕ

5. Кӕцы рӕнхъы номдартӕ арӕзт сты разӕфтуан  ӕм- ы руаджы:

а) ӕмбал, ӕмбисонд, ӕмбаст

ӕ) ӕмдзӕвгӕ, æмхуызон, ӕмбӕрзӕн

б) ӕмном, ӕмсиахс, ӕмгар

6. Кӕцы рӕнхъы номдартӕ арӕзт сты фӕсӕфтуан –ад-ы руаджы?

а) хӕдзарад, къайад, зонад

ӕ) аивдзинад, ӕрвад, мадымад

б) ӕнад, хицӕндзинад, ӕмбарынад

7.Номдар ӕмгуыстдзинад арӕзт у

а) разӕфтуаны руаджы

ӕ) фӕсӕфтуаны руаджы

б) разӕфтуан ӕмӕ фӕсӕфтуаны руаджы

8. Ацы номдартӕй вазыгджын у

а) сабырдзинад

ӕ) дурвӕтъкъуы

б) зыгуымдон

9. Кӕцы рӕнхъы номдартӕ иууылдӕр ӕвӕрд  сты иртӕстон хауӕны

а) зӕрдӕйӕн, галы, быдырӕй

ӕ) амонд, хурæй, сабиимӕ

б) магусайӕ, чызгӕй, хохӕй

10. Кӕцы рӕнхъы номдартӕ арӕзт сты номдартӕ кӕрӕдзимӕ ӕфтауыны руаджы?

а) хоргалм, бӕхуӕрдон, Бирӕгъзӕнг

ӕ) кӕсаглас, дуканигӕс, киноныв

б) хиаргъ, тыхми,скъоладзау

 



Предварительный просмотр:

Тест

Миногон

  1. Миногон нысан кæны:

а) предмет

æ) предметы архайд

б) предметы æууæл

2.  Миногонтæ домынц фæрстытæ:

а) цавæр?  цы хуызæн?

æ) чи?  цы?

б) цы ми кæны?  цы кæны?

3. Миногонæн ис :

а) 3 бæрцбарæны

æ) 2 бæрцбарæны

б) 4 бæрцбарæны

4. Кæцы дзырдбасты миногон у ахастæвдисæг:

а) уазал зымæг

æ) рæсугъд æрдз

б) хъæдын бандон

5. Кæцы рæнхъы миногонтæ иууылдæр сты миниуæгæвдисæг:

а) тар, рæсугъд, аив

æ) дынджыр, хохаг, сырх

б) райгуырæн, митын, стыр

6. Кæцы дзырдбасты миногон æвæрд у уæлахизон бæрцы:

а) райдзаст бон

æ) урсдæр къаба

б) æппæты стырдæр бæлас

7. Бацамонут, дывæргонд  æмхъæлæсонтæ кæцы миногонты фыссын хъæуы, уыдон:

а) амон…джын

æ) рæсугъд…æр

б) æнæу…æнк

в) хæх…он

8. Ссарут «уæлдай»  миногон:

а) рæсугъд

æ) хъулон

б) бакастджын

в) аив

9. Номдар  хох –æн  йæ миниуæгæвдисæг дзырдтæ сты:

а) бæрзонд

æ) тыхджын

б) урссæр

в) мæгуыр

10.  Кæцы рæнхъы миногонтæ иууылдæр арæзт сты разæфтуанты руаджы:

а) æгуыст, æнусон, æмгуыст

æ) æнæхицау, æдзæхх, æгæрон

б) хæдзарадон, æмбаст, æнæзонд

11. Кæцы рæнхъы миногонтæ иууылдæр арæзт сты фæсæфтуанты руаджы:

а) æмхъæлæсон, цæдисон, зноныккон

æ) зæрондгомау, донджын,  дзураг

б) æдзæрæг, æмфæндаггон,  гæххæттын

12. Кæцы рæнхъы миногонтæ иууылдæр сты вазыгджын:

а) уымæлгомау,  хъæбæрцъар,  хъаруджын

æ) сауæрфыг, æмхуызон, хæдзайраг

б) сурвых, саугуырм, тæнцъар

13. Кæцы рæнхъы миногонты разæфтуан æм-ы фæстæ æзылангон æмхъæлæсон аивта зылангонæй:

а) æм(тых), æм(цæдисон), æм(хъæуккаг)

æ) æм(фæтæн), æм(тымбыл), æм(кæрон)

б) æм(фæндаггон), æм( куыст), æм(хæрд)



Предварительный просмотр:

Тест

Миногми

1. Миногми æвдисы:

а) предметы архайд

æ) предметы æууæл

б) предметы миниуæг архайдмæ гæсгæ

2. Миногмийы баиу сты:

а) миногон  æмæ мивдисæджы æууæлтæ

æ) номдар æмæ миногоны æууæлтæ

б) номивæг æмæ миногоны æууæлтæ

3. Нырыккон афоны миногмитæ кæцы рæнхъы сты:

а) цæуæг, дзуринаг, хуынд, кафæг

æ) худæг, амонæг, лæбурæг, хæссæг

б) къахт, фаст, ивинаг, даринаг

4. Кæцы рæнхъы миногмитæ сты раст фыст:

а) кæрдзынкæнæг, хъыгдарæг, ныхас гонд, хуымконд

æ) хæрзрывд, хиарæзт,  хуымбакæнд, лæваргæнæг

б) сугсæттæг, аргъгæнæг, æлгъгæнæг, хосгæнæг

5. Кæцы рæнхъы миногмитæ æвдисынц, искæй архайд кæмæ рахиздзæн, ахæм предметы миниуæг:

а) æфснайд уат, æвзæрст дзаума, къахинаг цæхæрадон

æ) æлхæнинаг дзаума, каст чиныг, дзурæг адæймаг

æ) барст сæкæр, ныхæст гæххæтт, кафæг лæппу

6. Кæцы рæнхъы фæсæфтуанты руаджы арæзт цæуынц ивгъуыд афоны миногмитæ:

а) –д, -т, -инаг, -ст

æ) –д, -т, ст, -ад, -ыд

б) –æг, -ад, -инаг, -т

7. Кæцы рæнхъы миногмитæ рахызтысты номдартæм:

а) уайаг, рæдийаг, зонаг, тарст

æ) зонд, хæст, æрдхорд, худт

б) барст, тад, цард, дзуринаг

8.  Баивын мивдисджытæ суинаг афоны  миногмитæй:

а)  Дæ кад мыггагмæ у (цæрын).

æ)  Зæххыл дын нал баззад (кæнын).

б) (Ӕрцæуын) хабарæн рагацау нæй базонæн.

9.  Дзурæг йæ ныхас фæурæдта.

Ацы хъуыдыйады миногми у:

а) æххæстгæнæн

æ) бæрæггæнæн

б) сæйрат



Предварительный просмотр:

Тест

Фæрссагми

1. Фæрссагми æвдисы:

а) предметы миниуæг архайдмæ гæсгæ

æ) предметы æууæл

б) фæрссаг архайд

в) предметы архайд

2. Фæрссагми хъуыдыйады мидæг вæййы:

а) æххæстгæнæн

æ) бæрæггæнæн

б) фадатон дзырд

3. Кæцы рæнхъы дзырдтæ иууылдæр сты фæрссагмитæ:

а) хъазгæ, тауинаг, хæрд, кусы

æ) згъоргæ, уаргæйæ, уарзгæйæ, цæугæ-цæуын

б) цæринаг,куыст, рувинаг, заргæ

в) фæллайгæ, ахуыргæнгæйæ, смæстыуæвæг, хуымгонд

4. Кæцы рæнхъы фæрссагмитæ сты æххæст хуызы:

а) кусгæ, ракæсгæйæ, згъоргæйæ, саразгæйæ

æ) æппаргæйæ, æрæмбаргæйæ, хъахъхъæнгæйæ, уарзгæ

б) тæрсгæйæ, тæригъæдгæнгæйæ, кафгæ, дæтгæйæ

в) сахуыргæнгæйæ,  баууæндгæйæ, баивгæйæ, сызмæлгæйæ

5. Кæцы рæнхъы фæрссагмитæ иууылдæр  сты раст фыст:

а)  хъыг даргæйæ, хæргæ-хæрын, нæкæсгæйæ, змæлгæйæ

æ) худгæ  худгæ, ныхъхъæргæнгæйæ,  хæцгæйæ, æнæзæгъгæйæ

б) бадгæ-бадын, хылгæнгæйæ, æнæ заргæйæ, нæ кусгæйæ

в) бахъавгæйæ , æнæ фæкæугæ, ахуыркæнгæйæ, нембаргæйæ

6. Кæцы хъуыдыйады ис фæрссагми:

а) Арфæтæгæнгæ, адæм сæ хæдзæрттæм цыдысты.

æ) Адæм арфæтæ кодтой æмæ сæ хæдзæрттæм цыдысты.

б) Арфæтæгæнæг адæм сæ хæдзæрттæм цыдысты.

7. Кæцы  хъуыдыйады  фæрссагми у  фразеологион иуæгы хай:

а) Кæрæдзи сæрты хаугæйæ, ратахтысты уынгмæ.

æ) Бæласы сыфтæртæ ,хаугæйæ,  уæлдæфы зилдух кодтой.

б) Былæй хаугæйæ, цуанон къалиуыл фæхæцыд.

8. Баивын мивдисджытæ фæрссагмитæй:

а) Кадмæ (бæллын) æгадæй мæлæм.

æ) Адон (цæрын) уарзтой кæрæдзийы.

б) Тар хъæды иу саг (пырх калын) йæ уæнтæй, (уынæргъын) уад.

в) Алæууыд иудзæвгар лæг дæр зæхмæ (кæсын).

9. Кæцы хъуыдыйады фæрссагмион здæхт раст  арæзт нæу:

Къостайы сфæлдыстад  ахуыргæнгæйæ,…

а) дис кæныс йæ курдиатыл.

æ) йæ курдиат дисы æфтауы.

б) зæрдæ сæрыстырдзинадæй байдзаг вæййы.

10. Кæцы хъуыдыйады æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрд не сты :

а) Бæх, фатау тæхгæйæ, йæ сæр ныттилы.

æ) Донæй, рабыргæйæ, куыддæртæй зæххыл æрхауд.        

б) Адæмы фæзмгæйæ, иухатт мæ ерæдзыпп ахастон тулдзджынмæ мемæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тесты по русскому языку, итоговый тест для 5 класса, тест "Выразительные средства", уроки по произведениям Воронковой и Чивилихина

Тренировочные тесты для подготовки к ЕГЭ. Можно использовать в качестве контрольной работыТест для отработки знаний задания В8Итоговый тест для 5 классаМетодические разработки уроков по произведениям ...

Мастер класс «Создание тестов с помощью конструктора тестов RomeXoftMultiTesterSystem 3.3»

Мастер класс «Создание тестов с помощью конструктора тестов  RomeXoftMultiTesterSystem 3.3» Ознакомиться педагогов с программой «RomeXoftMultiTesterSystem 3.3” и дать  им первоначальные...

Тест по физике_Итоговый тест. Законы электрического тока

Тест по физике для учащихся 8 класса, обучающихся по учебнику А. В. Перышкина. Тема: итоговый - Законы электрического тока. Работа выполнена в программе MyTest....

Тесты. Виды тестов

Важнейший элемент рейтиноговой системы - тестирование. Тесты позволяют в кротчайший срок проверить знания больших групп учащихся, выявить пробелы при изложении учебного материала, применить методы мет...

ЕГЭ английский Тест toefl Тест ielts CAE tests Тесты по аудированию Тесты по чтению Словарный запас Что нужно знать для успешной сдачи ЕГЭ

Тест toeflТест ieltsCAE testsТесты по аудированиюТесты по чтениюСловарный запас Что нужно знать для успешной сдачи ЕГЭЧему бы ни учился человек на протяжении всей своей жизни, его всегда бу...

Урок по технологии. "Блюда из теста. Понятие о разных видах теста. Песочное тесто"

Разработка урока по теме "Блюда из теста. Понятие о разных видах теста. Песочное тесто"....