Пунктуация . Закрепление
план-конспект урока (7 класс)
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: Æрхæцæн нысæнттæ хуымæтæг хъуыдыйады.
Чехойты С.О.
29.04.2019.
I. Урочы нысан:
- 1.Ныффидар кæнын æрхæцæн нысæнттæ æвæрыны æгъдæуттæ хуымæтæг хъуыдыйады
- Сфæлхат кæнын хъуыд.æмх уæнгтæ,иуг.дз.,сид, бав.дз.,ирт.у.
- Гуырын кæнын цымыдисдзинад мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинадмæ..
Урочы фæлгонц: интеракт. фæйнæг,схемæтæ,таблицæ,пультытæ.
Урочы цыд:
1.Организацион хай.
- Боныгтæ,чингуытæ,тетрæдтæ,блокноттæ.
- .Чи нæй, уый сбæрæг кæнын.
II Фæлхат :
- Раст у раст нæу(зонындзинæдты актуализаци):
- Морфологи- æвзагзонынады хай, ахуыр кæны дзырды хæйттæ.
- Морфемикæ - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны мыртæ æмæ сæ дих,цавды æгъдæуттæ
- Лексикæ- æвзаджы æппæт дзырдтæ
- Пунктуаци- æвзагзонынады хай, ахуыр кæны растдзурыны æгъдæуттæ.
- Лескикологи - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны æвзаджы æппæт дзырдтæ .
- Синтаксис- æрхæцæн нысæнтæ æвæрыны æгъдæуттæ
2. . - Æвзагзонынадæн цавæр хай ахуыр кæнæм мах 8-æм къласы?
- Синтакисæн кæцы хай?
- Цы хонæм хуымæтæг хъуыдыйад ?
(фæйнæгыл дыууæ хъуыдыйады, кæцы у хуымæтæг, кæцы нæу, цæмæн?- проблемон фарстыл бакусын.
Грисы сатирæ у рæстдзæвин.
Поэтикон драмæтæ фыстой бирæтæ, фæлæ аивады ацы хуыз ног къæпхæнмæ систа Плиты Грис.
3. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм хуымæтæг хъуыдыйады хуызтæ:
ЗНГ ИНТ г
Сæйраг у дыууæ дæр сты
Фæрссаг уæнгтæ дзы ис æви нæй
Æххæст у æви нæу
III .Ног æрмæг:
1.Бакæсут ма нæ абоны темæмæ,ахъуыды кæнут æмæ мын зæгъут:
-- Цæуыл уыдзæн нæ ныхас?
- Цы нæ хъæуы æрлæууын кæнын нæ зæрдыл æмæ ныффидар кæнын:
хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ
иугæнæг дзырдтæ æмхуызон уæнгтимæ.
сидæнтæ
бавæргæ дзырдтæ
хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ
- Цæмæн?
-(уыдон хъуыдыйады хъæуы хицæн кæнын æрхæцæн нысæнттæй)
2. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм :
Раиртæстытæ дзурынц, бæрæг цæуынц фæйнæгыл.
IV.Къордгай куыст : Алы рæнхъ æвзары хицæн хъуыдыйад
цавæр æрхæцæн нысан дзы сæвæрдтат , цæмæн
хъуыдыйæдтæ иугай хаст цæуынц фæйнæгмæ
1.Уæ мæ рогбазыр цæргæстæ,æз уæ ныййарæг куы дæн.
2.О нæ мад , æрхуымæй ма кæс, а уынгæг бон фидар лæуу.
3. Зар, зæгъгæ- иу мауал бахат.
(Цавæр сидæн у,кæм лæууы,хайыг,бавæргæ дзырд,къорд, нæ дыккаг къæдзыг цæуылнæ сæвæрдтам)
Хъудыйæдты схемæтæ саразын :
1.
2.
3.
Б. -Цавæр уацмысæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ?
- Чи у йæ автор?
- Йæ сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?
- Цавæр стыр бæрæгбон æрбахæццæ кæны?
- Цы у нæ бон махæн скæнын йæ цард чи нæ бавгъау кодта раттынæн
- æмæ ма абон не хсæн чи ис, уыцы хæстонтæн?
Скъоладзауты архæйдтытæ: дзуаппытæ дæттынц фæрстытæн.
Хатдзæгтæ скæнын.
Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ,барынц кæрæдзийы дзуæппытæ, иумæйаг хатдзæг кæнынц :
-Цы сабырдзинадыл тох кодтой,уый хъахъхъæнын æмæ сын лæггад кæнын!
- Хæст хæссы фыдбылыз ,зиан,цæссыг.
- Хæст бауадзæн нæй.
-Фыдыбæстæйы сæраппонд чи фæмард знагимæ тохы, уыдоны нæмттæ рох кæнæн нæй.
- Стыр бавæрæн бахастой Уæлахизы бон æрбахæстæг кæнынмæ ирон фысджыты м инæвæрттæ дæр.
- Ныййарæг – дунейы бындар.
- Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд бирæ фæсивæд:
Бинонтæй суанг цыппæргай,фæндзгай,æхсæзгай ,æвдгай,æстгай æмæ фарастгай лæппутæ
В. Иумæйаг æвзæрст
Ныр та фæйнæгмæ ракæсæм, лæвæрд цæуынц хъуыдыйæдтæ.
- Грис ссар..та ирд ныхæстæ,Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард чи радта, уыдоны хъæбатырдзинад æрымысынæн.2) Балладæ «Авд цухъхъайы» у ирон поэзийы хæзнатæй иу. 3) Поэт, арф æнкъарæнтæ æргомгæнгæйæ , равдыста мадыæгæрон хъыг æмæ æфсымæрты сгуыхтдзинæ..тыны..тæ.
2. Хæслæвæрдтæ къордты:
- ссарын æмæ рафыссын хуымæтæг вазыгджынгонд хъуыдыйад, бамбарын кæнын орфограммæтæ æмæ æрхæцæн нысæнттæ.
- равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.(3 –аг хъ-д)
- равзарын дз-б (æгæрон хъыг, мады хъыг, равдыста нывтæ)
- дзырды хæйттæм гæсгæ: сгуыхтдзинæдтæ
- морфологон æвзæрст : равдыста
- скæнын æххæст æвзæрст :(3-аг хъ-д)
V.Хатдзæг:
Цы хъуыдыйæдтæ ныффыстам ,уыдонмæ гæсгæ:
Хуымæтæг хъуыдыйад æрцæуы вазыгджндгонд
С.,æмх.у,бав.дз, ирт.у…..
Уыдон фысгæйæ хицæн кæнæм къæдз.
Къæдзыг не вæрæм
Бав .дз + ма иу та цæсгомон ном.цыбыр форм.
VI.Хæдзармæ куыст : параграф 32-35,фарс 99,фæлт.264 (1-аг хъ-д æххæст æвзæрст)
VII.Рефлекси :
1.пультытæ( куыст цæуы mimiostudio)
Тест : 1.Хуымæтæг хъуыдыйад арæзт у:
2 кæнæ фылдæр ГБ
1 ГБ
2.Хъуыдыйады хъусынгæнинаг куы уа , уæд у:
А. таурæгъон
Æ. разæнгардгæнæн
3.Кæмæ дзурæм ,уый æвдисæг дзырд у:
А. бавæргæ дзырд
Æ. сидæн
4.Дзурæджы ахаст, цы дзуры уымæ, æвдисынц:
А .бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ
Æ. хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ
5.Хъуыдыйады уæнгтæ нæ вæййынц:
А. хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ
Æ. сидæнтæ æмæ бавæргæ дзырдтæ
6. Иртæстгонд цæуынц хъуыдыйады уæнгтæ:
А. сæйрат,зæгъинаг
Æ. бæрæггæнæнтæ, æмхасæнтæ, фадатон дзырдтæ
7. Фæрссагмион здæхт аразы:
А.фæрссагми æнæ дæлбар дзырдтæ
Æ.фæрссагми дæлбар дзырдтимæ
Тесты кæрон ахуырдзаутæ уынынц сæ кусты фæстиуджытæ. Ахуыргæнæгæн йæ бон у сбæрæг кæнын,кæй бон не сси раттын раст дзуæппытæ фæрстытæн , цавæр темæ у лæмæгъдæр æмбæрстгонд.
2.Куыд бакуыстат уæхимæ гæсгæ(таблицæ баххæст кæнæм)
Урочы базыдтон | Фæнды ма мæ базонын | Ацы урочы зонындзинæдтæй мын пайда уыдзæн |
Урочы куыд куыстон , уымæй | ||
разы дæн, уымæн æмæ……… | бынтон разы нæ дæн, уымæн æмæ……….. | разы нæ дæн, уымæн æмæ………………… |
Бæрæггæнæнтæ.
Раст у – раст нæу:
- Морфологи- æвзагзонынады хай, ахуыр кæны дзырды хæйттæ.
- Морфемикæ - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны мыртæ æмæ сæ дих,цавды æгъдæуттæ
- Лексикæ- æвзаджы æппæт дзырдтæ
- Пунктуаци- æвзагзонынады хай, ахуыр кæны растдзурыны æгъдæуттæ.
- Лескикологи - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны æвзаджы æппæт дзырдтæ .
- Синтаксис - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны æрхæцæн нысæнтæ æвæрыны æгъдæуттæ
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Элективный курс по теме "Трудные вопросы орфографии и пунктуации
Данный элективный курс способствует развитию орфографической грамотности учащихся, обобщает и систематизирует знания по орфографии и пунктуации...
Разработка урока в 9 классе "Подготовка к лингвистическому сочинению «Зачем нужна пунктуация?»"
Одним из заданий Государственной итоговой аттестации в 9 классе является сочинение на лингвистическую тему. Этот вид работы позволяет проверить не только знание основных правил и терминов лингви...
Урок-зачет "Синтаксис и пунктуация" 5 класс
Урок в форме игры по станциям.Цель: обобщить и закрепить знания по теме;проверка сформированности знаний по теме (контроль за сформированностью умений и навыков)1 стол Словосочетание. Слов...
Технологическая карта урока обобщения и закрепления изученного по русскому языку в 6 классе по теме " Синтаксис и пунктуация".
В целях обобщения и закрепления изученного...
Различение причастного и деепричастного оброта пунктуация, орфография.Закрепление
Конспект урока на отработку навыков постановки знаков препинания при причастном и деепричастном оборотах....
Урок обобщения и закрепления материала "Синтаксис и пунктуация"
Данный урок проводится с использованием интерактивной доски...
Пунктуация и орфография.Пунктуация и орфография. Знаки препинания: знаки завершения, разделения, выделения
laquo;Знаки препинания существуют, чтобы выделить мысль, привести слова в правильное соотношение и дать фразе легкость и правильное звучание. Знаки препинания – это как...