Урок родного языка в 5 классе
план-конспект урока (5 класс)
Предварительный просмотр:
СОШ№46
ахуыргæнæг - Сапиева Л.Т.
Урочы темæ: «Æцæг хæлардзинад – хæзна у»
Грамматикон темæ: Фæрсдзырд.
Урочы нысан: 1.Зонгæ лексикæ темæйæ иу системæмæ æркæнын.
2. Хъомыладон хæс: ахуыр кæнын сывæллæтты рæсугъд миниуджытыл, æцæгхæлардзинад иртасын, æцæг хæлар уæвыныл.
3 . Бакусын ныхасы рæзтыл.
Цæстуынгæ æрмæг: чиныг, нывтæ, ИКТ.
Уæлæмхасæн æрмæг: æмбисæндтæ, зарджытæ.
Урочы цыд.
1.Организацион хай.
-Уæ бон хорз, сывæллæттæ!
-Чызджытæ сбадут. Лæппутæ сбадут.
-Аныхас кæнæм боныхъæдыл.
2.Фонетикон зарядка.
-Ныр та скæнæм фонетикон зарядка. Кæсæм фæйнæгмæ.
З – С зǽ- сǽ зи – си зу -су
за-са зы-сы зо- со
Зары Зарӕ зарӕг
Зǽлы, зǽлы зард
Зарǽг у йǽ дарǽг
Зарǽг у йǽ цард.
Урочы мотиваци.
-Кæсæм дарддæр фæйнæгмæ.
-Кæй уынут нывы? Чи сты бинонтæ? Куыд цæрынц?
-Кæй уынут дыккаг нывы? Куыд цǽрынц?
-Адон та чи сты? Куыд цǽрынц кǽрǽдзиимǽ?
-Ацы нывы та цы уынут? Куыд цǽрынц маймули ǽмǽ стай?
Хатдзæг:
-Уǽдǽ куыд загътат , афтǽмǽй ацы нывты иу цы кæны? кæрæдзиимæ цǽрынц (куыд?) хǽларǽй.
- Уæдæ абон урочы цæй тыххæй ныхас æндзыстæм?
( -Хæлардзинады тыххæй.)
Хæлардзинад=хæлар+дзинад
æмбал
лымæн
æрдхорд
-Сымахæн та ис хæлæрттæ?
-Æмæ уæдæ чи радзурдзæн йæ хæлары тыххæй?(ахуырдзаут дзурынц)
- Загътам, хǽлардзинад вæййы бинонты æхсæн, адæмыхæттыты , цæрæгойты , фæлæ æнæмæнгæй хæлардзинад хъæуы æмкъласонты æхсæн дæр.
3.Аудирование.(Экраныл фǽрстытǽ.)
Чи у Галя?
-Кǽимǽ нǽ бахǽлар уыдзǽн Галя?
- Лǽмбынǽг байхъусут ǽмǽ сын дзуапп ратдзыстут.
Текст:
Къласмæ æрбацыд ног ахуырдзау. Йæ ном Галя. Зын ын уыдис ног скъолайы уымæн æмæ дзы никæй зыдта ,нæ йын уыдис ам æмбæлттæ.Галя иунæгæй лæууыдис переменæйы.Уæд æм иу хатт бацыд йæ æмкъласон Мæдинæ æмæ йæ фæрсы:
-Дæхицæн хæлæрттæ нæма ссардтай?
-Нæ, - зæгъы -Галя.
-Мæнæн дæр нæ къласы хæлæрттæ нæй: иу дæр дзы нæ бæззы хæларæн .
Æмæ сæ алкæй дæр ранымадта: кæй схуыдта хинæйдзаг, кæй сайæгой, кæй та дыдзæсгом. Æрмæст йæхи тыххæй ницы загъта.
-Нæ зонын, фæлæ дзы иу дæр хæларæн нæ бæззы.Кæимæ дзы бахæлар уыдзынæ, уый зоныс?
-Кæимæ дзы бахæлар уыдзынæн, уый нæма зонын, фæлæ мæ хæлар чи нæ уыдзæн, уый фидарæй зонын.
Хатдзæгтæ скæнын.
4.Фысгǽ куыст.
-Уæдæ ,хъуамæ æцæг æмбал цавæр уа?
-Ныффыссут абоны нымǽц. Саразут дыууæ хъуыдыйæды , лæвæрд дзырдтæй пайда кæнгæйæ. Ныффыссут сæ тетрæдты.
æнувыд
Æцæг æмбал хъуамæ уа ……… хинæйдзаг
чъынды
зæрдæхæлар
рæдау
Æцæг æмбал хъуамæ ма уа … сайаг
æнæхин
хиуарзон
аудæг
зивæггæнаг
Цалдæр ахуырдзауæн бакæсын кæнын сæ фыст хъуыдыйæдтæ.
5.Физминутка.
Ис мын скъолайы хæлар,
У бæрзонд æмæ хæрзконд.
Уарзы кафын æмæ зарын,
Никæй бон у ахæм ссарын.
6.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Хæдзармæ куыст уын уыди бакусын текстыл Чеку æмæ Кекуйы тыххæй ,зонын кæсын æмæ тæлмац кæнын.
-Зæрдыл æрлæууын кæнæм лексикæ.
1. кæрæдзийы
2. мæстæй марын
3. иугæйттæй
4. сæ ныхмæ ницы
бакæндзысты
5. уæлхæдзар
6. размæ бабадын
7. æввахс
8. фæстæдæр
9. къухтæ къæбутыл æрбатухын
7.Чиныгимæ куыст.
Байгом кодтам чингуытæ,ссардтам нæ текст.Дзуапп дæттæм фæрстытæн:
-Чи сты Кеку æмæ Чеку?
-Кæм цæрынц?
-Кæдæм фæцæуынц скъоламæ? Цæмæн?
-Куыд фæцæуынц скъоламæ? Цæмæн?(ссарут уыцы рæнхъытæ æмæ сæ бакæсут)
-Кæд фæкæсынц сæ уæлхæдзæрттæй сæ фæндагмæ? Цæмæн? (ссарут уыцы рæнхъытæ æмæ сæ бакæсут)
- Цæмæн сæ хонæм хæлæрттæ?(Кæрæдзийы арæх кæд фæмæстæй марынц, уæддæр зын сахат сты иумæ )
8.Грамматикæйыл куыст.
-Лæвæрд цæуы хъуыдыйæдтæ .Хъуыдыйæдты уынут фарст. Уыцы фарстæн раст дзуапп раттынæн равзарын хъæуы иу дзырд. Дзырдтæ лæвæрд цæуынц . Бакæсæм ма сæ.
-Цавæр ныхасы хæйттæ сты?
- Зонæм , фæрсдзырдæн цалдæр хуызы ис ,уый. Сбæрæг кæнæм сæ хуызтæ.
уæлейы - бынаты фæрсдзырд
райсомæй- афоны фæрсдзырд
иумæ - миниуæгæвдисæг фæрсдзырд
- Фæрстыты бæсты бавæрут хъæугæ дзырдтæ æмæ хъуыдæйæдтæ рафыссут. Фæрсдзырдты бын бахахх кæнут.
Чеку æмæ Кеку скъоламæ (куыд?) фæцæуынц .
(Кæд?) Чеку æмæ Кеку акæсынц сæ фæндагмæ.
(Кæцæй?) акæсынц сæфæндагмæ дыууæ хæлары?
-( уæлхæдзарæй, райсомæй, иумæ)
Хатдзæг.
Уæдæ ма иу хатт зæгъæм:
- Æцæг хæлар хъуамæ цавæр уа?
9.Къордтæй куыст.
Сæмбырд кæнын æмбисæндтæ лæвæрд дзырдтæй.
Æмбисæндтæ.
Æцæг хæлар зын сахат сбæрæг вæййы.
Нæй дын хæлар – ссар ,ссардтай йæ- хъахъхъæн æй.
Æнæ хæлар адæймаг-æнæуидаг бæлас.
Æнæ æмбал цæрæн нæй.
10.Кæронбæттæн.
-Цы базыдтат урочы, æмæ уæ цæмæн хъæуынц ацы зонындзинæдтæ.
Урочы базыдтон | Фæнды ма мæ базонын | Ацы зонындзинæдтæ мын пайда сты |
Урочы куыд куыстон
Разы дæн | Бынтон разы нæ дæн | Разы нæ дæн |
Уымæн æмæ………….. | Уымæн æмæ………….. | Уымæн æмæ………….. |
11.Хæдзармæкуыст.
171- æм фарс № 6
Текст дзурын фæрстытæм гæсгæ.
Уæлæмхасæн:
Сечъынаты Элитæйы зарæджы зæлтæм равдисын слайдтæ æмбисæндтимæ.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Коеспект урока русского языка 5 класс "Наш родной русский язык"
Данный конспект составлен по теме "Наш родной русский язык" для 5 класса, УМК под редакцией Е.А.Быстровой.Учебник для 5 класса в 2-х частях.Москва. «Русское слово»,2012....
Конспект урока родного языка (русского) в 9 классе по теме "Отражение в русском языке культуры и истории русского народа"
Урок №1 "Язык и культура. Отражение в русском языке культуры и истории русского народа"...
Технологическая карта урока родного языка (русского) в 9 классе "Отражение в русском языке культуры и истории русского народа"
Технологическая карта к уроку № 1 "Язык и культура. Отражение в русском языке культуры и истории русского народа"...
Язык-отражение культуры народа. Урок родного языка, 5 класс
Урок родного языка...
Урок родного языка 8 класс Примеры ключевых слов-концептов русской культуры
Интересная работа со словами - концептами русской культуры....
ТЕХНОЛОГИЧЕСКАЯ КАРТА УРОКА РОДНОГО ЯЗЫКА (РУССКОГО) В 9 КЛАССЕ Урок 1. ЯЗЫК И КУЛЬТУРА. ОТРАЖЕНИЕ В РУССКОМ ЯЗЫКЕ КУЛЬТУРЫ И ИСТОРИИ РУССКОГО НАРОДА
ТЕХНОЛОГИЧЕСКАЯ КАРТА УРОКА РОДНОГО ЯЗЫКА (РУССКОГО) В 9 КЛАССЕ Урок 1. ЯЗЫК И КУЛЬТУРА. ОТРАЖЕНИЕ В РУССКОМ ЯЗЫКЕ КУЛЬТУРЫ И ИСТОРИИ РУССКОГО НАРОДА...