Конспект урока по теме "Путешествие по древнему Владикавказу"
план-конспект урока (5 класс) на тему
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: Балц рагон Дзæуджыхъæуыл
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.
Урочы нысантæ: 1)рацыд лексикон-грамматикон æрмæг темæйæ иу системæмæ æркæнын;
2)лексикон-грамматикон æрмæгыл бакусын;
3)скъоладзауты ахуыр кæнын бæлвырд темæмæ гæсгæ хи хъуыдытæ дзурыныл, хатдзæгтæ кæныныл.
Фӕстиуджытӕ | ||
предметон | метапредметон | удгоймагон |
Фӕцалх кӕнын : -диалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл кусыныл; -дзургӕ ныхас ӕмбарыныл; -ныхасы мидæг хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæй пайда кæнын | Фӕцалх кӕнын : -хибарӕй хатдзӕгтӕ кӕныныл; -хи куыстӕн аргъ кӕныныл; -размӕ лӕвӕрд хӕстӕ хибарӕй ӕххӕст кӕныныл | Фӕцалх кӕнын : Райгуырæн бæстæйы архитектурон хæзнатæн аргъ кæныныл |
Æххуысгæнæн æрмæг: презентации, карточкæтæ.
Урочы хуыз:урок-балц
Урочы цыд:
I. Организацион хай.
1.Салам раттын.
2.Скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ сбæрæг кæнын.
II.Ныхасы зарядкæ.
-Абон кæцы нымæц у?
-Къуырийы бонтæй цы бон у?
- Ныр цавæр афæдзы афон у? Æрдзурын боныхъæды тыххæй.
III.Мотивацион уавæр
Ахуыргæнæджы раныхас.
Бакæсут фæйнæгмæ æмæ зæгъут,цавæр уыдзæн нæ абоны урочы темæ.
IV. Зонындзинæдты актуализации.
1.Фонетикон зарядкæ.
-хъус æрдарын скъоладзауты растдзурынадмæ.
Ахуырад-ахудын
Куыстой-кусын
Хуыдтой-худын
Æххуысæй-хуссар
2.Лексикон зарядкæ. (Слайд 3)
Жили, работали, появились, ходили, любили, собирались, гуляли, был построен.
V. Зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.
Къордгай куыст
Къорд №1
1.Бакæсын тексты сæргонд. Зæгъын, цæуыл ныхас цæудзæнис тексты. Ныхасы спайда кæнын ахæм дзырдты къордтæй:
-мæнмæ гæсгæ,тексты…
-æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ…
2.Бакæсын 1 абзац æмæ йæ ратæлмац кæнын.
Къорд №2
1.Бакæсын 2 абзац. Рафыссын абзацæй сæйраг хъуыды æвдисæг хъуыдыйад.
2.Текст кæронмæ бакæсын. Сбæрæг кæнын,цы ис иумæйагæй бæрæггонд дзырдтæм,уый. (уыдон сты хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ).
Текст.
Рагон Дзæуджыхъæу.
Дзæуджыхъæу арæзт æрцыд 18-æнусы-1784 азы. Фыццаг уый горæт нæ уыдис, фæлæ уыдис гыццыл фидар цæугæдон Терчы былгæрон. Ам уыдис хъæдын хæдзæрттæ, цардысты дзы салдæттæ, афицертæ. Фæстæдæр фæзындысты дуканитæ, аргъуантæ, прогимнази, дурæй амад хæдзæрттæ.
Горæты рæсугъддæр уынгтæй иу уыдис Алыксандры бульвар. Ам уарзтой тезгъо кæнын горæты цæрджытæ.Изæрæй адæм æмбырд кодтой Театралон фæзы.Уыдон цыдысты театрмæ.
Дзæуджыхъæуы театр у Кавказы театртæй тæккæ рагондæр. Ам куыстой зындгонд уырыссаг актертæ æмæ режиссертæ: Аничкова, Книппер-Чехова, Москвин, Тарасова, Вахтангов. Хетæгкаты Къоста фыста декорацитæ Уырыссаг театры спектакльтæм.
VI.Улæфты рæстæг.
Иу фыдуаг лæппу нæм ис,
Адæм ыл фæкæнынц дис:
Ленк кæнын нырма нæ зоны,
Фæлæ цæугæдонмæ згъоры..
Цары хъуынчъы цардис мыст,
Иубон уый бынмæ æрхызт.
Къуымты разгъор-базгъор кодта,
Нартхоры гагатæ хордта
VII. Аудировани.
1.Текстмæ дыууæ хатты байхъусын æмæ тест баххæст кæнын.
19-æм æнусы Владикавказы цардысты алы адæмыхæттыты минæвæрттæ.Уыдон бирæ хорздзинæдтæ сарæзтой нæ горæтæн. Сæ иу у барон Штейнгель. Рацыдис немыцаг бинонтæй. Кодта стыр æхсæнадон куыст,барон Грозманимæ байгом кодтой агуыридуры завод. Ацы заводы уагътой диссаджы фидар дур. Нæ горæты рагон бæстыхæйттæ амад сты уыцы дурæй. Барон Штейнгелы æххуысæй Владикавказы байгом ис Трек ,афтæ хуыдтой раздæр фæлладуадзæн парк. Уый уыдис Уæрæсейы рæсугъддæр парк.
Тест.
1.Штейнгель рацыди :
а ) немыцаг бинонтæй
æ ) уырыссаг бинонтæй
2.Байгом кодтой барон Грозманимæ:
а ) цалцæггæнæн завод
æ ) агуыридуры завод
3.Штейнгелы æххуысæй Дзæуджыхъæуы байгом ис:
а ) театр
æ ) парк
4. Трек уыдис:
а ) горæты ном
æ ) парчы ном
VIII.Лексикон-грамматикон фæлтæрæнтæ баххæст кæнын.
1.Карточкæ№1 Текст бакæсын.
Пълан саразын текстæн.
Фæйнæгыл лæвæрд пъланимæ йæ абарын.(Слайд 8)
Текст.
Уырыссаг театримæ баст у номдзыд театралон режиссер,Советон театры бындурæвæрæг Евгений Вахтанговы ном.
Евгений райгуырдис сомихаг бинонты хæдзары.Вахтанговтæ цардысты Къупецаг уынджы (ныртæккæ ацы уынг хæссы Байаты Чермены ном)Евгений каст фæцис нæлгоймæгты гимназ (ныртæккæ 5-æм скъола).Хæрзæрыгонæй райдыдта архайын студенты аивадон къорды.
Вахтангов зонгæ уыд зындгонд театралон архайджытимæ:Станиславский.Качалов,Ермоловимæ. Куыста Парижы, Швецийы, Германы,фæлæ йын аивадмæ уарзондзинад йæ зæрдæйы бавæрдта Владикавказы театр.
Режиссерæн ном скодта спектакль «Принцесса Турандот». Ацы спектакль абоны онг дæр цæуы ацы театры сценæйыл.
2. Карточкæ №2Текст бакæсын . Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ рафыссын.(Слайдтæ 9-10)
Тæбæхсæуты Бало.
Тæбæхсæуты Балойы ном зонынц канд Ирыстоны æмæ Уæрæсейы нæ,фæлæ дунейы бæстæты дæр.
Хуымæтæг æрыдойнаг лæппу йæ сабибонтæй фæстæмæ бæллыд театры сценæмæ. Йæ бæллиц сæххæст ис - Бало сси актер. Уый бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй хъазыд ирон театры сценæйыл, сарæзта бирæ хъайтарты зæрдæмæдзæугæ сурæттæ.
Стыр кад æмæ ном скодта Балойæн Шекспиры драмæ «Отелло». Ацы сурæт саразыныл актæр бирæ фæкуыста ,бирæ йыл фæтухи кодта : куы агырдта хъæугæ хъæлæсыуаг, куы сæрыфæзылд , куы хъæугæ цæстæнгас. Æмæ йæ тухитæ дзæгъæлы нæ уыдысты . Англисаг туристтæ , нæ горæты уазæгуаты уæвгæйæ , федтой спектакль « Отелло» æмæ загътой : «Диссаг у ,фæлæ Ирыстоны Шекспиры уацмыстæ сценæйыл йæ райгуырæн бæстæйæ хуыздæр æвæрынц!»
Советон Цæдисы хицауад стыр аргъ скодта нæ зындгонд æмзæххоны курдиатæн – лæвæрд ын æрцыд бирæ хæрзиуджытæ. Сæ кадджындæр у Советон Цæдисы Адæмон артисты ном.
IX. Кæронбæттæн.(Слайд 11)
- Хатдзæгтæ скæнын.
- Рефлекси
-Цы базыдтам ногæй?
-Кæимæ базонгæ стæм?
-Цæуыл сахуыр стæм?
3.Х/куыст: темæйы бындурыл диалог аразынмæ бацæттæ кæнын.
4.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын комментаритим
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Конспекты уроков МХК. Понятие культура. Древний мир.
В данном разделе публикуется материал к уроками МХК, который можно использовать и для интегрированных уроков. Первая тема рассаматривает понятие культура, культурология, виды и жанры в искусстве, кате...
Конспект урока в 5 классе: "Древние Афины"
Конспект урока с применением ИКТ "Древние Афины". Подходит ко всем УМК по истории Древнего мира (раздел Древняя Греция).В ходе урока рассматриваются вопросы о возникновении Афин, реформы Солона. Все ч...
Конспект урока "Природа и люди Древней Индии". 5 класс
Урок-путешествие с использованием элементов игровой и проблемно-поисковой технологии, можно использовать презентацию и кинофрагменты из фильма "Садко"....
Конспект урока по теме "Религия древних греков" (5 класс)
Конспект урока по теме "Религия древних греков", 5 класс. Учебник "История Древнего мира" Вигасин...
Конспект урока по теме "Боги Древней Греции"
Конспект открытого урока в 5 классе...
План-конспект урока в 5 классе. Древние образы в народных игрушках. Щепные птицы.
Урок- знакомство с древнейшим ремеслом на земле русской. Изготовление игрушек и оберегов из самого доступного материала - дерева. Развитие творческой фантазии и дальнейшее раз...
План-конспект урока в 5 классе: "Древний промысел. Дымковская игрушка"
История появления промысла. Этапы росписи. Роспись игрушки....