«Æгас цу, уазæгуарзон Ирыстон!» "Здравствуй, гостеприимная Осетия"
учебно-методическое пособие (11 класс)

Хадикова Лариса Владимировна

Гостеприимство – особенность осетинского народа, важная народная традиция, уходящая корнями соблюдением правил и порядка в глубь

веков . Приём гостя на Кавказе – явление важное , официозное и очень ответственное .А у осетинского народа гостеприимству отведена особая роль. Присутствие гостя обязывало принимающую семью или аул к определенным поведенческим стереотипам в зависимости от торжества, в связи с которым этого гостя принимают, будь-то свадьба, поминки, пиршество. В каждом конкретном случае этикет приема гостя индивидуален.

На сегодняшний день утеряны старинные традиции гостевого этикета, но общая суть соблюдается. Гостеприимство потеряло былое об­щественное значение. Тем не менее, оно сохранило свои основные элементы. Чтобы оно не осталось в прошлом, я  хочу рассказать , как это было у предков осетин, в Нартских сказаниях осетин и  произведениях осетинских писателей.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл "Гостеприимная Осетия"70.87 КБ

Предварительный просмотр:

                  ИССЛЕДОВАТЕЛЬСКАЯ   РАБОТА

             

               

               Направление: этнография

               Название темы: «Æгас цу, уазæгуарзон Ирыстон!»

               Автор работы: Хадикова Лариса Владимировна,

                                       учитель осетинского языка и литературы

               Место выполнения работы: 

               МБОУ СОШ №15 им. Героя Советского Союза  Мильдзихова Х.З.

                                             г. Владикавказ, 2024

                                   

                                    ОГЛАВЛЕНИЕ

1. Введение………………………………………………………………………………….  3

2. Основная часть……………………………………………………………………………  4

-Зындгонд адамы хъуыдытæ………………………………………………………………...  6

- Уазæг сбуц кæнын æгъдæуттæ ирон адæмон сфæлдыстады…………………………….  7

- Уазагуарзондзинады тема ирон фысджыты сфæлдыстады………………………………..9

3. Заключение…………………………………………………………………………………. 14

4. Использованная литература………………………………………………………………...15

5. Иллюстрации………………………………………………………………………………...16

                                               

     

       В  В  Е Д  Е  Н  И  Е

Ис ахæм рагон таурæгъ. Хуыцау, дам, Дуне арæзта. Йæ куыст фæци æмæ загъта: «Ныр та аразын ахæм бынат, мæхæдæг кæм цæрин». Æмæ сфæлдыста… Ирыстон.

         Æнахуыр рæсугъд ран æрбынат кодта Ирыстон – Кавказы астæу. Йæ иу кæрон – Арвы комы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон та – Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ.

         Хæхты цъититæй райгуырынц уынæрджын цæугæдæттæ. Сæ фæндагыл донæй æфсадынц уыгæрдæнтæ æмæ дыргъдæттæ.

         Цъæх-цъæхид сæрвæтты, арвы цъæх хъæбысы, дидинæг калынц рододендронтæ æмæ эдельвейстæ. Æмæ уæлдæф та: нуаз æмæ йæ нуаз!

         Адæймаг куы ракæсы урссæр хæхтæм, æвзсит æхсæрдзæнтæм, уæд æй æцæгæйдæр бауырны, Ирыстон Хуыцауы зæхх кæй у, уый.

        Мæнæн мæ цæрæнбонмæ æрдз балæвар кодта æппæты стырдæр хъæздыгдзинад – Райгуырæн бæстæ, Ирыстон. Уарзын æй æнæкæрон уарзтæй. Мæ зæрдæ вæййы сæрыстыр, куы акæсын мæ алыварс урссæр хæхтæм, цъитиджын къæдзæхтæм, æхсырхуыз дæттæм, бæркадджын хъæдтæм! Фæфæнды мæ ныхъхъæр кæнын  æгас дунейыл, цæмæй  банкъарой Дунейы Фарны къуымы рæсугъддзинад. 

       Мæ уарзон Фарны къуымы цæры  уазæгуарзон адæм. Сæдæ адæмыхаттæй фылдæр сты, фæлæ цæрынц хæларæй, кæрæдзийы уарзгæйæ.

      Ирон адæм фыдæй фыртмæ бæрзонд хæссынц æмæ хъахъхъæнынц цыкурайы фæрдыгау сæ фыдæлты æгъдæуттæ. Стыр кады сæм ис уазæг буц кæнын, фæзæгъынц: «Уазæг – Хуыцауы уазæг».

     Æз тынг бирæ уарзын мæ Райгуырæн бæстæ, нæ истори, æгъдæуттæ. Уыдон тынг бæрзонд æвæрд сты мæ хæдзары.  Арæх уынын, мæ фыд æмæ мæ мад цы æгъдау дæттынц хистæртæн, куыд æххæст кæнынц ирон адæмон бæрæгбæттæ, уæлдай лæггад та мæ мад æмæ фыд кæнынц уазджытæн.      

Фæнды мæ радзурын ирон адæм фыдæй фыртмæ куыд хъахъхъæдтой уыцы рæсугъд æгъдау- уазæгæн лæггад кæнын. Уадз, æмæ алы ирон адæймаг дæр  зона, æххæст кæна йæ фыдæлты æгъдæуттæ,хæццæ сæ кæна йæ кæстæртæм.

      Нæ Республикæйы цæры сæдæ адæмыхаттæй фылдæр, уадз,æмæ уыдон дæр зоной ирон адæмы культурæ, цымыдисаг æгъдæуттæ.

 ОСНОВНАЯ  ЧАСТЬ

Ирон æгъдау, фыдæй фыртмæ уыдтæ,

Цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой дæу адæм,

Рæбинаг цæджындз басгуыхти нæ цардæн,

Фыдохы бон уа, цины уа, хъуыдтæ.

                                               Джыккайты Ш.

 

     Нæ ивгъуыд цардыл дзургæйæ, кæддæриддæр рæгъмæ рахæссæм ирон адæмы уазæгуарзондзинад. Уазæг – Хуыцауы уазæг, афтæ фæзæгъæм, нæ къæсæрыл уазæг куы æрбалæууы, уæд, æмæ йын ис стыр нысаниуæг. Цæмæй нæ рагфыдæлты хорз æгъдæуттæ рохуаты ма уой æмæ сæ кæстæр фæлтæртæм хæццæ кæнæм, биноныг цæуой алкæцы бинонты ‘хсæн дæр, уый тыххæй.

     Ирон адæммæ кад æмæ æгъдауыл нымад уыдис æмæ у уазæг буц кæнын. Алы хæдзар дæр йæ агъуыстыты хуыздæр хай кодта уазæгæн. Уазæгдон фæлгонц уыдис хæдзары хуыздæр  æмæ рæсугъддæр дзаумæттæй. Къултыл фенæн уыдис гауызтæ, хæрдгæбыдтæ, алыхуызон къамтæ æмæ æндæр рæсугъддзинæдтæ. Уым уыдис хуыздæр сынтæг, æвзæрст хуыссæнтæ. Стъол, къæлæтджын бандæттæ, тас æмæ хъуывгъан, хисæрфæн æмæ сапон, кæсæн æмæ дурын. Къултыл фидар кодтой сычъийы æмæ саджы сыкъатæ. Хæдзармæ уазæг цæуын, цæхх æмæ кæрдзыныл рæдау уæвын уыдис хæдзары кад бæрзонд  кæныны миниуæг.

      Уазæгджын хæдзар нымадтой кадджыныл, йæ хорзы кой хъуыстой суанг иннæ кæмтты цæрджытæ дæр. Æндæр комæй,æндæр хъæуæй,дард ранæй æрбафтæг уазæгæн кады тыххæй кодтой кусарт. Фыхтой йæ иууылдæр, уазæджы хуыздæр барæвдауыны тыххæй хуыдтой сыхаг нымад лæгты.

     Æрыгон уазæджы номыл, фæнды лæппу, фæнды чызг уæд, арæзтой хъазт. Бирæ кадджын уазджыты ма-иу уæлдай  буцдæры тыххæй сыхæгтæ дæр ахуыдтой, акодтой-иу сын кусарт, скодтой-иу хъазт. Хæдзары бинонтæ, хæдзарвæндаг æмæ æгас мыггаг сæ уазæджы хъахъхъæдтой искæйы зул цæстæнгас æмæ схуыст ныхасæй. «Нæ уазæгæдæ уазæг», зæгъææиу фæдзæхстой фысымтæ, уырдыглæууæг, хъазты радгæс æмæ фæндагыл  æрвитæг лæппутæн.

      Дард балцы цæуæгæн йемæ æвæрдтой хæрзад фæндаггæгтæ. Бафидар   иу ын кодтой йæ бæхы цæфхæдтæ. Фистæг уазæгæн  иу радтой бæх, æмæ иу æй бæхджын æмбал ахæццæ кодта хъæугæ бынатмæ, стæйæ иу раздæхта бæх.

       Сылгоймаг уазæгæн кодтой лæвæрттæ, йемæ иу хъæуæй иннæмæ цыдысты хæдзары æрвыст чызджытæ æмæ лæппутæ.

       

     «Уазæг исын æмæ уымæн лæггад кæнын ирон адæммæ хицæн æгъдау уыдис. Иу хъæуæй иннæ хъæумæ, комæй-коммæ раздæр адæм кæрæдзимæ стæм хатт æфтыдысты. Уазæг исыны æгъдау адæмы царды ахста уæлдай стыр æмæ ахсджиаг бынат. Уазæг чифæнды ма уыдаид, хъуамæ-иу æй хорз суазæг кодтаиккой. Стыр худинаг æмæ æгадыл нымад цыдис, уазæгæн æмбæлон лæггад куы нæ бакодтаиккой, уый. Цыфæнды мæгуыр лæг дæр-иу йæ сывæллæтты, йæ бинонты æххормагæй ныууагътаид, фæлæ уазæгæн хорз балæггад кодтаид. Ууыл дзурæг сты æмбисæндтæ дæр: уазæг – Хуыцауы уазæг, мæ фыдгулы хæдзармæ уазæг ма бацæуæд. Уазæг иугæр къæсæрыл балæууыд, уæд хъахъхъæд цыдысты йæ бартæ. Искæмæн-иу йæ уазæджы исчи куы фæхъыг кодта, уæд уый нымад цыдис, куыд фысымы бафхæрын, афтæ. Кæд-иу æхсæвиуат кæнынмæ цалдæр уазæджы баззадысты æмæ-иу фысымтæ фæтыхстысты, уæд-иу сыхæгтæй уазджыты байуæрстой сæ сыхæгтыл дæр кæнæ та-иу сыхæгтæй ракуырдтой хуыссæнгæрзтæ. Иууыл стырдæр кад ирæттæ кодтой уæрæсейæгтæн æмæ уымæн та ис историон нысаниуæг». Раздæр сылгоймагæн бар нæ уыдис æмæ уазæгдонмæ бацыдаид. Сылгоймæгтæ уазæгæн лæггад кæнынæй уыдысты сæрибар, æрмæст сын цæттæ кодтой хæринæгтæ. Уазæгæн дæр æгъдаумæ гæсгæ бар нæ уыдис йæхи равдисын.

       Ирыстонмæ-иу чи фæуазæг, уыцы ахуыргæндтæ, миссионертæ, æхсæнадон архайджытæ, хуымæтæг адæймæгтæ-иу дисы бахаудысты ирон адæмы уазæгуарзондзинадыл. Ирон æгъдæуттæ хорз чи зыдта, ахæм ахуыргонд фыста, зæгъгæ, ирон адæм уазæгæн ахæм кад æмæ аргъ кæнынц, æмæ уазæджы охыл се знаг куы бахизы сæ къæсæрыл, уæд дæр ын фысымтæ бакæнынц уазæджы лæггад, æгæрыстæмæй ма цæттæ сты сæ уазæджы сæрыл сæ сæртæ нывондæн æрхæссыныл дæр. «Раздæр уазæджы куыд истой æмæ йын куыд кад кодтой, уый ныртæккæ афтæ нал у. Цы хæдзары-иу уазæг нæ уыдис, уыцы хæдзар нымад нæ уыдис. Нæ рагфыдæлтæ-иу афтæ нымадтой, зæгъгæ, цас фылдæр уазæджы суазæг кæнæм, уас нын фылдæр хорздзинад ратдзæнис Хуыцау. Æгæрыстæмæй ма кусæрттæ дæр кодтой уазджытæн. Сæ хуыздæр хæринæгтæ хастой уазæджы размæ. Уазæг-иу йæхæдæг дæр йæхи уæзданæй хъуамæ дардтаид, йæхиуыл-иу фæхæцыдаид хæрды хъуыддаджы. Уазæджы тыххæй-иу сарæзтой бæрæгбон, хъазт, зарыдысты æмæ-иу кафыдысты, уагътой-иу бæхты дугътæ, æхстой-иу фат æмæ æрдынæй. Фысымтæн уый сæ кадмæ æфтыдта кад æмæ-иу нымад уыдысты æгас комы. Ирон адæм се ‘гъдæуттыл хæцыдысты фидар æмæ тынг тарстысты сæ фехалынæй». Абон нæм рохуаты  ис уазæгæн йæ къæхтæ ныхсыны æгъдау. Кæнæ, зæгъæм, уазæг хæдзармæ хъуамæ ‘рбахызтаид рахис къахæй æмæ куы цыдис фæстæмæ, уæд та галиу къахæй хъуамæ ахызтаид.

Ирон æгъдау афтæ уыдис, æмæ дæм уазæг куы æрбахаудтаид, уæд æй нæ фарстой, чи у, кæцæй у. Цалынмæ къæбæр бахордтаид, цалынмæ йын æртæ куывды ракодтаиккой, йæ ном ын ссардтаиккой, уæдмæ йæ нæ фарстой чи у, уымæй. Бирæ хатт-иу уыдис афтæ, æмæ-иу фысымтæ кæрæдзи афарстой, зæгъгæ, чи уыдис нæ уазæг

    Зындгонд адæмы хъуыдытæ

Аланты паддзах Пуладæ суазæг кодта монголты эмир Утруркы. Тимур бадомдта, цæмæй йын Пуладæ радта эмиры. Пуладæ  загъта  знæт  монголты хан  Тимурæн: « Утрурк  у мæ уазæг, æмæ цалынмæ удæгас уон, уæдмæ йæ æз хахъхъæндзынæн, нæ йæ бауаддзынæн æфхæрын».

 Зындгонд ирон историк æмæ этнограф Кокиты Г.А. фыссы:"В 1913 году, зимою, я выехал верхом поздно вечером из Куртатинского ущелья в сел. Ардон. Глубокая ночь. Поднялась сильная метель. Около трех часов ночи я доехал до первого плоскостного осетинского аула Дзуарикау. Не имея возможности следовать дальше, я постучался в первый попавшийся дом на краю аула... Хозяин принял меня весьма радушно. Немедленно он убрал моего коня, а потом, несмотря па поздний час, накормил и уложил меня спать. На следующий день распогодилось только во второй половине дня, и вечером я собрался в путь. Хозяйка снабдила меня на дорогу горячими пирогами с сырной начинкой -двойной аракой. По обычаю осетин, хозяин проводил меня за село. Когда мы прощались, только тогда он меня спросил - откуда я, чей сын и куда еду? Я сказал. В свою очередь и он назвал свою фамилию и имя. Мы расстались друзьями".

 Ирон æвзаг иртасæг Н.Берзенов фыста: "Гостеприимство осетин такого рода, что хотя бы самый заклятый враг их под именем гостя, пришел в дом к осетину, последний никогда не откажет ему ни в чем, готов жизнь положить за него, — только бы отпустить из-под своей кровли невредимым, а вне дома он имеет по-прежнему право мстить ему".

Немыцаг ахуыргонд,  лингвист-ориенталист Клапрот фыста: «Осетины, -писал он, -имеют подобно другим народам Кавказа очень большое уважение к законам гостеприимства (кунак), почти нет примеров его нарушения. Редко случается, чтобы тот, кто пользовался у них гостеприимством, был обижен или ограблен... Когда чужестранец попадает в осетинское селение, то он может быть уверен, что пока он находится там, его будут охранять наилучшим образом; ему дадут пить и есть, сколько ему нужно, и будут обращаться с ним как с родственником».

Уазæгуарзондзинад, ирон адæммæ (Л. Штедер): «Уазæгуарзондзинад – цардыуаджы культурæйы уазæджы сбуц кæнынæн, йæ барæвдауынæн, фаг æм хъус фæдарынæн цыдæриддæр æгъдау ис, уыдон иумæйаг ном. Уазæгуарзондзинады æгъдау туджджын знаджы тыххæй дæр хæлд нæ цыдис, кæд æмæ-иу хæдзары хицауыл йæхи бафæдзæхста, уæд. Уазæгуарзондзинады æгъдау ирон адæммæ уæлфæдзæхст хъуыддагыл нымад кæй цæуы, ууыл дзурæг у ирон æмбисонд – «Уазæг – Хуыцауы уазæг». Хæдзары хицауæн йæ хæс уазæгуарзондзинад æрмæст бабуц кæныныл, барæвдауыныл æмæ суазæг кæныныл фæуд нæ кодта, фæлæ ма йе’дасдзинады хъуыддаг дæр уымæ хаудис. «Ирон лæг уазæджы хъахъхъæны раст йæхи уды хуызæн æмæ уазæджы знаджы къухтæм раттыны бæсты йæхи мæлæтмæ ратдзæн, йæхимæ райсы уазæджы туг райсы ныхæс дæр».

Уазæг сбуц кæнын æгъдæуттæ ирон адæмон сфæлдыстады.

 

     Хъæздыг æмæ æвидийгæ у ирон адæмы сфæлдыстад. Уый у нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйы рухсæй нывæзт. Йæ диссаджы æвæрæнты сыгъдæгæй зынынц фæлтæрты  сагъæстæ æмæ  бæллицтæ.

     Уæлдай бæркадджын сты ирон адæмы таурæгъон бынтæ. Уыдон æвзæрдысты мингай азты дæргъы , æвдыст сæ цæуы адæмы цард.

      Уазæг стыр кады кæй уыд ирон адæммæ, уый  ирдæй  æвдыт цæуы таурæгъ «Уастырджи уазæгуаты»-йы.

Таурæгъы Уастырджи урс бæхыл бадгæ сиргæ-сиргæ иу дзæбæх стыр ирон хъæуы астæуты уырдыгмæ æрцæйцыди æмæ йæхинымæры фæнд кæны: «Æппын мын ацы бон бæлвырд æнæбазонгæ нæй, мæгуыр лæгæй хъæздыг лæгæй кæрдзындæттондæр чи у,уый».

- Гъей, хæдзары хицау, уазæг нæ уадзут,цы?

Мæгуыр лæг йæ хæдзарæй уыциу згъорд ракодта æмæ сдзырдта:

- Уазæг - Хуыцауы уазæг. Мидæмæ нæм рацу æмæ æрхиз дæ бæхæй.

Уастырджи æрхызт йæ бæхæй.

Мæгуыр лæг ын æрбаста йæ бæхы иу ставд кауы михыл, сæхуыдтæг бацыдысты хæдзармæ, æрбадтысты дыууæ дæр фæрсæй-фæрстæм.

      Мæгуыр лæджы ус нартхоры кæрдзын, цæхх æмæ дон фынгыл авæрдта Уастырджи æмæ мæгуыр лæджы раз.

        Эпос «Нарты кадджытæ» у ирон адæмы хæзнадон,нæ царды айдæн,нæ зонды суадон æмæ алы ирон адæймаг  дæр хъуамæ  зона йæ рагфыдæлты цард.

  Нарты  кадджытæ сты ирон адæмы хуыздæр æвæрæн. Сæ саразджытæ та-нæ Иры номдзыд кадæггæнджытæ: Медойты Сабе, Текъоты Хъуыбады, Сланты Гаха, Джусойты Кудза, Гатуты Дабег, Саулаты Дзæрæх,  Таутиаты Дрис,  æмæ бирæ æндæртæ.

      “Нæ рагфыдæлтæм нæ уыд фыссынад, уымæ гæсгæ сын дзургæ эпос уыд литературæ дæр, истори дæр, царды зондисæн скъола дæр.”Эпос афтæ ахсджиаг кæй уыд адæмæн мин азты сæрты йæ уымæн æрхастой æппæты стырдæр æмæ зынаргъдæр хæзнайау. Ирон æмбисонд зæгъы: “Хур æмæ мад зæронд нæ кæнынц.” Зæронд нæ кæны Нарты эпос дæр. ХIХ æнусы доктор Пфаф фыста: “Нарты кадджытæм ирон лæг абон дæр хъусы, мах Евангелимæ куыд хъусæм, афтæ зæрдиагæй.” Æхцон æмæ йын адджын та уымæн уыд,æмæ дзы лæг уыдта канд фыдæлты сгуыхт хъуыддæгтæ нæ, фæлæ йæ рæстæджы судзаг фарстытæн,æмæ сын кодта карз æцæгтæ.

   Эпос ныр бирæ æнусты дæргъы зæронд нæ кæны.    Нарты эпос нæ дисы бафтауы хъæздыг æмæ алыхуызон сюжетон æрмæгæй.Нæ адæмы царды йын ис стыр ахадындзинад. Абон дæр ирон фынгыл кувынц: “ Сатана къух фæу, зондæй та – нæртон Уырызмæг.” Нартмæ бæрзонд æвæрд уыди уазæг, стыр кад ын кодтой, уый бæрæг дары Сатанайы фæлгонцы.

       Сатана уыд зондджын, æрхъуыдыджын, хиуылхæцгæ сылгоймаг.  Уыди кæрдзындæттон. Бирæ хæттыты нарты фервæзын кодта æххормагæй, фыдбылызæй.

 Кадæг «Уырызмæджы æнæном лæппу», зæгъгæ, уым ныхас цæуы æххормаг азыл, нарты фæсивæд фырæххормагæй зæххыл куыд хуыссыдысты æмæ сæ бæркадарм Сатана куыд бафсæста, сæ къæхтыл сæ куыд слæууын кодта фæстæмæ, уый тыххæй.
Нал уыд нартмæ хæринаг, сæ хъару асасти. Нарты гуыппырсартæ, нарты ныфсджын фæсивæд фырæххормагæй слæмæгъ сты,' зæххыл ныккалдысты. Зæронд Уырызмæг сæ куы федта уыцы уавæры, уæд йæ 'зæрдæ срысти. Мæстыйæ æрбаздæхти сæхимæ, йæ пылыстæг къæлæтджыныл уæззаугомау æрбадти æмæ нартæн куыд баххуыс кодтаид, ууыл хъуыды кæнын байдыдта.
Уæд æй бæркадарм зонынджын Сатана, цы дыл æрцыд, зæгъгæ бафарста.
Уырызмæг ын ахæм дзуапп дæтты:

Сæфынц æххормагæй æппæт нæртон адæм!..
Мæ  бæркадарм  æфсин, куы  ма  сæ  бафсадин, —
æндæр бирæ цардмæ бæргæ нал бæллын, —
Сæ туг та базмæлид нарты фæсивæдæн,
Фæфидар та уаид сæ зæрдæ, сæ хъару,
æмæ та сæ тыхы уайтагъд бацæуиккой.

       Фидиуæг куы фехъусын кодта нартæн, Уырызмæг уæ хоны куывдмæ, уæд ныххæррæтт кодтой Уырызмæджы хæдзармæ: чи дзы йæхæдæг цыд, кæй та хæсгæ кодтой; устытæ та се 'ккой хастой сæ авдæнтæ,æмæ нарт фæминас кодтой иу иннабонæй йннæ иннабонмæ. Фынгтыл бадтысты æртæ Нарты дæр, хастой Сатанайы диссаджы къæбицтæй фыдызгъæл, фæхсынтæ, сау-сауид бæгæны.
Сатанайы ном ныртæккæ дæр ирон адæммæ у бæркадарм, рæдау æфсины æппæлæн ном.

Уазагуарзондзинады тема ирон фысджыты сфæлдыстады.

       Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты 'хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл. 

Æгъдау у царды фидауц. Ирон литературæйы зынгæ бынат ахсынц æгъдауы проблемæтæ.

Къоста! Ацы дзырдимæ баст сты ирон адаймаджы æппæты рæсугъддæр бæллицтæ, йæ сæрыстырдзинад. Цас æмæ цас хъуыдытæ равзæры ацы ном фехъусгæйæ адæймагмæ!

       «Ирон адæмы сæуæхсид», «нæ цæугæ мæсыг», «нæ культурæйы астæуккаг цæджындз» - фыр буцæй ахæм нæмттæй фæхонынц ирон адæм сæ цытджындæр поэт æмæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы.

      Абайты Васо фыссæджы тыххæй афтæ дзырдта: «Алы адæмтæ дæр æхсызгонæй æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæты цæсты сæ кадджын чи скодта, сæ национ гении, уалдзыгон дидинагау, кæй фæрцы райхалд, сæ уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ. Англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспиры ном, шотландиаг – Бернсы, немыцаг – Гетейы, италиаг – Дантейы, уырыссаг – Пушкины.

Мах, ирæттæ та фæзæгъæм Къоста, æмæ ным нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны æгæрон сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы уарзондзинадæй».

     Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы. Уыцы уавæрты йæ цард æппæтæй дæр сбаста адæмы хъысмæтимæ. Йе стыр нафс, йæ куырыхон зонд, йе стыр хъару æнæвгъау лæвæрдта æфхæрд дзыллæты фидæны рæсугъддæр æмæ амондджындæр царды сæраппонд. Йæ алы ногзарæг дæр сын хаста ныфс, æууæндын сæ кодта цардыл,рæсугъддæр фидæныл.

      

Уазæгæн кад кæныны æгъдау ирд æмæ хуызджынæй æвдыст æрцыд Хетæгкаты Къостайы  поэмæ «Фатимæ»-йы.

Саламджындæр кæм ис Наибæй,-

Йæ уазæгдон нæ кæны цух:

Цæцæнæй, кæсæгæй, Гунибæй

Вæййы уым уазджытæ æдзух.

Сæ фысымæн йæ уарзт æмбаргæ,

Хæстон фæдис цыты фæстæ,

Фæкæнынц адджын ныхæстæ.

Фыдæлты “гъдау сæ зæрдыл даргæ,

Кавказы ууæнкджын сахъ фырттæ,-

Куы вæййынц туджджынтæ, уæддæр,

Æваст æмбæлды, йе æрхуынды

Æнæ хæрам, æнæ 'мбæхст хъуыды

Кæрæдзи хистæрæй хынцынц.

        Йе ннæ уацмыс«Кæуæг айнæг»-ы Къоста фыста,-

«У цард ызнæт, æнæнцой – амонд,

Фæлæ ирон лæгмæ бæлццон

Фæззыгон хъызт æмæ къæвда бон

Ыссары уазæгуат бæстон».

       Этнографион очерк «Особа»-йы Къоста фыста «Всякий осетин и вообще горец, не нарушая правил гостеприимства, принимает путешественника очень любезно и по мере сил и возможности сделает все, чтобы только угодить ему».

        Ацы рæнхъытæй бæрæг зынынц суазæг кæныны æгъдæуттæ:

- æхсæвиуат цы уазæг кодта, уымæн кодтой кусарт;

- уазæджы фарстой йе ‘рбацыды сæрæй, æгъдау-иу ын куы радтой, уæд. Уый дæр уæзданæй: «Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста?»;

- фынджы уæлхъус бады фысымтæй исчи, уымæн æмæ алы хæдзары, сыхы, хъæуы, комы йæхи æгъдæуттæ ис;

- уазджытæ фынджы уæлхъус уыдысты æмсæр, туджджынтæ дæр ма бадтысты, кæрæдзи хынцгæйæ;

- алкæйы хæдзары дæр уыдис уазæгдон – æфснайд сатæг, кæнæ хъарм уат;

- уазæгæн дæттынц кады нуазæн;

- уазæджы бафхæрæн нæй;

- уазæгæн хуын хастой сыхæгтæ, фæсивæд йæ номыл арæзтой хъазт.

              Иуныхасæй, уазæгæн уыдис стыр кад кæныны æгъдау, æмæ хъуамæ уазæг дæр йæхи дардтаид, уыцы кады аккаг цæмæй уыдаид, афтæ.

       

     

 Ирон прозаейы даснытаей иу у Дзесты Куыдзаег. Фыссæджы этикон фæдзæхстытæ ӕмӕ адӕймаджы идеал ирдæй æвдыст æрцыдысты  йæ зындгонд  уацмыс «Фæндагсар Уастырджи»-йы

       Мæнæ нæ цы хуызы зонгæ кæны фыссæг йæ хъайтартимæ: «Хъæубæстæ «Ракæсæн» кæй хонынц, уырдыгæй разындысты Æхсæйнаг хъæумæ дыууæ бæлццоны. Фæизæрмилтæ, фæлæ ма уæддæр равзарæн уыд: фистæджытæ, нæлгоймаг – разæй, сылгоймаг – йæ фæстæ…

 - Хъусыс, не 'фсин! Куыд бадзырдтам, афтæ: мæ ном Дзаххо… мæ мыггаг – Алæджыхъотæй. Дæхи ном та – Дзитта, мыггагæй - Дзалиан».

Фыссæг йæ уацауты ныв кæны ирон æгъдæуттæ, адæмы культурон æууæлтæ. Æхсæйнаг хъæуккæгтæ зардиагæй бацин кодтой Дзаххойыл. Дзитта бæлвырд рæстæгмæ рохуаты аззад æмæ лæууыд сисы цур иунæгæй. Лæппутæй чидæр базгъордта, Ныхасмæ æввахсдæр цы хæдзар уыд, уырдæм. Уырдыгæй рауад æмбискар сылгоймаг, бæлццон усмæ батындзыдта, райста йын йæ дзæкъул æмæ йæ сæхимæ бакодта.

Ирон æрхъуыды æмæ уазæгуарзоны ирд нысæнттæ. Ирон адæммæ уазæг тынг кадджын бынаты уыд. Ууыл дзураг у ирон æмбисонд «Уазæг - Хуыцауы уазæг». Уый ма ууыл дзурæг у, æмæ алы уазæг нымад уыд Хуыцауæй æрвыст. Ам дæр хъæуы адæм сæ узæлд æвдисынц хиуылхæцгæйæ, уæзданæй, цæмæй къæйных ныхасæй æрбацæуæджы ма фæкъæмдзæстыг кæной.

Лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ акæнынц. Дзиттайы кæрдзындæттоны кой айхъуыст дæрддыл, йæ фæстаг къæбæр дæр хæларзæрдæйæ дих кæны фæндаггонтимæ. Ахæм миниумæг у хуымæтæг ирон адæмæн. Ирон адæймаг у хæларзæрдæ, рæдау. Йæ фæстаг къæбæр дæр бахæрын кæндзæн йæ уазæгæн, йæ цоты та æххормагæй дæр ныууаддзæн. Стыр бæрæгбонау у æфсинæн уазæджы  бахызт. Зæрдиаг салам дæтты æндæр æвзагыл чи дзуры, уыцы геолæгтæн. Дзадджын уæливыхтæй хынцы сæ хъарм хæдзæрдтæй иппæрд фыййæуты. Боныхъæд куы фехæлы, уæд Дзитта уæларт дары хъарм хæринаг: уазал кæй бацæуы, уыцы бæлццæттæн – æвдадзы хос.

Куыдзæджы уацауы ирон æмбисонд – «Раттаджы къуых райсаг у» - цардæгас хуыз райсы. Фысымты хæрзтæ хордзинадæй фидынц фыййæуттæ – къуымбилæй. Геолæгтæ сын балæвар кодтой хæдзары хъæугæ дзаума. Уæдæ хъæуы куы вæййы Дзаххо, уæддæр автидæй никуы рыздæхт. Дзаххо æмæ Дзиттайы артдзæст сси адæмæн уарзон, сæ кады ном дардыл айхъуыст.

Автор буц у ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæй, фыдæлтæй баззайгæ этикон фæдзæхстытæй. Дзаххо æмæ Дзиттайы æмуддзинад ирон адæммæ «бинонты фарн» хуыйны. Ацы дзырдбасты мидис у уæрæх æмæ арф: уæздан дзырд, æнувыд уарзт, кæрæдзийы цæстæнгасæй æмбарын.

Дзаххо æмæ Дзиттайы миниуджытæ æххæст сты нæртон адæмы æууæлтæй: хæларзæрдæтæ, къæбæрдæттон адæм, хъæбатыр, æфсармдзинад.

   

  Зындгонд ирон поэт, прозаик Гуыцмæзты Алеш йæ уацмыс «Урс фынтæ»-йы равдыста хуымæтæг зæронд лæгты уазæгуарзондзинад.

      Есеты Местъа хъæуы сæр цæры, Есеты Мате та - хъæуы бын. Кæд Саджил Рагъырдыгæй  исчи фæзыны, уæд йæ фыццаг фысым Местъа вæййы. Æмæ, табу Хуыцауæн, сæрддон-сæрддæргъы йæ хæдзар уазæгæй никуы фæцух вæййы.

     Фæлæ йæ бон ныккæлæд Мате – йæ хæдзар тæккæ фæндаджы былыл æрæвæрдта, æмæ, цыма бон изæрмæ дурбиндитæй кæсы, уыйау уазæг  ницыхуызы нæ ауадздзæн йæ рæзты, æнæмæнг æй фыццаг уый хъуамæ суазæг кæна.

     Афтæ дыууæ æрвады  æнхъæлмæ кæсынц уазджытæм, æнæ уымæй сын сæ цард  ад дæр нæ кæны. Алы бон кæрæдзиимæ суанг ерысты дæр ма бацæуынц.Йе афтæ бæрзонд æвæрд уыдис ирон адæммæ уазæг æмæ уазæг сбуц кæнын æгъдæуттæ.

     

Адæмон уарзон поэт, тæлмацгæнæг æмæ драматург Плиты Грис йæ уацмыстæй фæндаг ссардта аивадуарзджыты зæрдæтæм. Бирæвæсыг æмæ хъæздыг у Грисы сфæлдыстад. 

    Арф æмæ  мидисджын хъуыды ис æмдзæвга «Ирон агъдау»-ы. Саниба сæ уазджыты хынцынц,стыр чындзæхсæвы бадынц, рæгъытæ уадзынц, фæсивæд симынц.

 

Раст цыма мæ цæстытыл ныр уайы: 

Саниба йæ уазджыты хынцы, — 

Хъаныхъон Боламæ дзы Сонайы 

Хъæу æрвиты Хъобанмæ чындзы. 

 

Уый бæрц адæм иу кæрты нæма уыд. 

Йе сæм цас чындзхæсджытæ æрцыд! 

Иу-сæдæ сæм барджытæ æрбацыд, 

Иу-сæдæ та галуæрдæттыл уыд. 

 

Симджыты бын зæхх цыма уынæргъыд, 

Уæлдæф та сæ къæрццæмдзæгъдæй рызт; 

Фынгтыл адæм бадтысты рæгъ-рæгъы, 

Кæхц, фынккалгæ, къухæй къухмæ хызт.

 Уазаг тынг барзонд авард кай уыд ирон адæммæ, уый рабæрæг вæййы. Ахæм стыр зиан æрцæугæйæ дæр фысымтæ нæ рахъæр кодтой зианы хабар, фысымтæн сæ бинонты хуыздæр кæй фæхъуаг.

 

Афтæ 'гас къуыри — æхсæвæй-бонмæ, 

Бон-изæрмæ не 'рынцади хъазт, 

Фысым æмæ сыхæгты цæсгомыл 

Иу уысммæ нæ фæбæрæг и маст. 

 

Афтæмæй æрцыд уæззау фыдхабар, 

Æмæ хъæуы ничи скодта хъæр. 

Чындзхонты æрбацыдмæ кæй амард 

Фысымтæн сæ бинонты хуыздæр... 

 

Ды, рæсугъд ирон æгъдау, хъæбæр дæ! — 

Хорз фысым нæ равдыста йæ мард. — 

Загъта: уадз, нæ уазджытæн сæ зæрдæ 

Ма кæна сæ цины бон æнкъард. 

Фæлæ бæрæгбонæн дæр кæрон æрцыд. Мæнæ рацыд размæ Санибайаг урсбоцъо зæронд лæг, уазджытæн  судзаг хабар загъта.

 

Фæлæ хъазтæн дæр кæрон кæм нæ уыд, 

Æмæ чындз куы 'рцыди кæртмæ конд, — 

Чындзхонты раз гомсæрæй æрлæууыд 

Санибайаг урсбоцъо зæронд 

 

Æмæ уым йæ сæр ныллæг æруагъта, 

Радтой йæм бæгæныдзагæй къус... 

Судзаг хабар уазджыты раз загъта 

Æмæ дзыллæ й' алфамлблай фæхъус. 

 

Ахæм джих æваст ныййисты бæстæ — 

Хъазты цинæн атади йæ кой: 

Устытæ æрхæндæгæй дзынæзтой, 

Лæгтæ цæссыг сау къухтæй сæрфтой. 

 

- Мард цæмæй йæ сыджытмæ ныххиза, — 

Загъта зæронд, — рухсаг ын зæгъут, 

Йе стæй сыгъдæг Уастырджи — уæ хизæг 

Æмæ фод уæ сæрвæлтау мæ уд! 

 

Уазджытæ сæ цæстысыг фæкалдтой... 

Мæрдджынтæн сæ хъыджы тых фæсаст... 

Зæронд лæг йæ сæрыл худ æрнадта 

Æмæ, худгæ, уазджытæм фæкаст. 

 

— Ныр фæндараст а фæрныг хъæубæстæй, 

Мардæн радтат хорз ирон æгъдау! — 

Хæхтæ, ризгæ, адæмау дзынæзтой, 

         Адæм та лæууыдысты хæхтау. 

Адæм радтой зианæн ирон æгъдау æмæ  фæндараст кодтой фæстæмæ.

Ахæм фидар æгъдæуттæ уыдис ирон адæмы рагфыдæлтæм. Уыдон сæ фыдæй фыртмæ лæвæрдтой сæ кæстæртæм.

                                         

                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                       

          З А К Л Ю Ч Е Н И Е

З  А К Л Ю Ч Е Н И Е

З  А К Л Ю Ч Е Н И Е

      

       «Фæнды мæ, цæмæй нæ фæсивæд зонгæ кæной нæ рагфыдæлты хорз æгъдæуттимæ æмæ сæ дарддæр кæной царды. Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр уазæгуарзаг уыдысты. Ирон адæм уазæгæн куыд лæггадгæнæг сты, афтæ, æвæццæгæн, никуы. Уый та дзурæг у нæ культурæйыл, нæ уæздандзинадыл»,

Академик В. Миллер æмбисондæн хаста ирон æгъдау: «в осетинской сакле соблюдается этикет строже, чем в  европейских раззолоченных палатах».

        Æгъдау у характеры айдæн. Фыдæй фыртмæ алы адæмæн дæр сæрмагондæй йæхи дзыллон цæсгом ис, уыимæ бæлвырд намыс, æгъдæутты аив ахаст æмæ цæрыны фæрæзтæ иугæндзонæй – хи уаг, хи фæтк.

        Рæстæг цæуы, фæлтæр ивы фæлтæры, æмæ ивы цард дæр. Уымæн æмæ иу фæлтæр иннæйы бынтон нæ фæлхат кæны, кæд ын йæ фæлтæрддзинад исы, уæддæр цардмæ кæсы йæхи цæстæй, хæссы йæм йæхи кæнонтæ æмæ раст кæны.

        Æгъдæуттæ се ‘ппæт æппаринаг не сты. Хъæуы сæ æвзарын, хъæуы сæ царды фæткыл фидар кæнын.

  ИСПОЛЬЗОВАННАЯ  ЛИТЕРАТУРА

             

1.   Абаев В.И. Нартовский эпос осетин. Цхинвал: Ирыстон, 1982

2.   Болатов К.А. Кто есть кто в нартском эпосе / К.А. Болатов, А.К. Болатов.- Владикавказ: Ир, 2009. – 100 с.

3.   Дюмезиль Ж. Осетинский эпос и мифология. Москва: Наука, 1976.

4. Магометов А.Х. Культура и быт осетинского народа.

5. Нарты кадджытæ. Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 1995.

 6.Дзесты Куыдзæг. Фæндагсар Уастырджи: Æвзæрст уацмыстæ – Дз æуджыхъæу,  2007

 7.Миллер Вс. Ф. /Осетины/.

8. Берзенов Н. /Очерки об Осетии/.

9. Кокиев Г. /Очерки этнографии осетинского народа/.

10. Газданова В.С. / Традиционная культура осетин/.

11. Гостиев Казбек /Народные традиции и обычаи осетин/.

12. www.ossetians.com


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Мæ уарзон Ирыстон.

Осетия-горный край. это самый красивый уголок Кавказа. на вершинах гор-вечные ледники. Ущелья в Осетии глубокие. Реки бурные и опасные. Посмотреть на красоту нашей природы приезжают гости со все...

занятие "Гостеприимный хозяин"

занятие о том. как принимали гостей раньше, об старинных обрядах и о нынешних приемах гостей....

Викторинæ темæ: "Мæ Ирыстон"

ПРАКТИКОН ХÆСТÆ: АХУЫР КÆНЫН СКЪОЛАДЗАУТЫ ДЗУРГÆ НЫХАСЫЛ, УÆРÆХДÆР КÆНЫ СКЪОЛАДЗАУТЫ ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ.  НЫСÆНТТÆ:Зонадон: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæбæлвырд кæнын æмæ сæ иумæйаг хатдзæгмæ æрк...

Проект "Гостеприимный Волгоград"

В материале содержится информация о планировании и реализации проекта "Гостеприимный Волгоград", осуществленный обучающимися МОУ гимназии № 3 Центрального района г Волгограда...

Мероприятие "Гостеприимный мой Ямал"

Родной  Ямал  – заметный  край  России. Земля легенд  и  сказок старины. В твои просторы, зори молодые. Мы с детских лет всем сердцем влюблены...

«Æгас цу, уазæгуарзон Ирыстон!» "Здравствуй, гостеприимная Осетия"

Гостеприимство – особенность осетинского народа, важная народная традиция, уходящая корнями соблюдением правил и порядка в глубьвеков . Приём гостя на Кавказе – явление важное , официозное...