Конспект урока по родному ( осетинскому ) языку в 6 классе.
план-конспект урока (6 класс)

Урочы темæ:    Ирыстоны номдзыд хъæбултæ

               Плиты Грисы æмдзæвгæ  «Æртхутæгдон»-мæ гæсгæ.

Урочы нысантæ :

  1. Зонынадон:  Æмдзæвгæйы мидис  æмæ Иссæйы фæлгонц раргом кæнын.
  2. Хъомыладон:  Скъоладзаутæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын,  сывæллæттæм æвзæрын кæнын сæрыстырдзинад Ирыстоны хъæбатыртæй.
  3. Рæзынады:  Аив кæсыныл бакусын.

  Уæ бон хорз, чызджытæ æмæ лæппутæ! Арфæгонд ут, нæ уазджытæ!

  Хæст. Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы зæрдæ ныккæрзы. Цас марг æмæ æнæуынондзинад дзы ис! Бирæ цардбæллон удтæ басыгъта йæ сау пиллон артæй. Ирыстоны дæр æмæ æнæхъæн Советон паддзахады  дæр ахæм хъæу, ахæм мыггаг, ахæм хæдзар нæ разындзæн, йæ сау базыры бын кæй нæ акодта æмæ æнустæм дудгæ хъæдгæмттæ кæй зæрдæйы нæ ныууагъта.

  Уыцы зынджы стъæлфæнтæй сæмбæлд мах хæдзарвæндагыл дæр. Фæнды мæ, цæмæй   иумæ бакæсæм цыбыр роликмæ.

Слайд с роликом

 Нæ хистæр кæй кой кæны? ( бæтæхъойыхъæуккаг хъæбатырты).

Кæм фесгуыхтысты ацы хъæбатыртæ? Цавæр хæсты? (Ф.С.х.)

 Раст,  æмæ кæй хоны  хъæбатырты хъæбатырдæр? (Плиты Иссæйы). Цæмæн æй афтæ хоны нæ буц хистæр?

 Цы зонæм Плиты Иссæйы тыххæй? ( У 2 хатты Хъæбатыр æмæ Монг.респ-йы Хъ.).

 Куыд уæм кæсы, цæуыл дзурдзыстæм абон?  Цы у нæ урочы темæ? Æрдзурдзыстæм Плиты Алыксандры фырт Иссæйы хæстон фæндæгтыл, раргом ын кæндзыстæм йæ  фæлгонц куыд хæстон, куыд æфсады  раздзог, куыд адæймаг.

Афыссæм нæ урочы темæ: Ирыстоны номдзыд хъæбултæ Плиты Грисы æмдзæвгæ «Æртхутæгдон»-мæ гæсгæ.

Нæ урочы эпиграф:     

Мæнæй нæ уыдзынæ къæмдзæстыг,

Сыгъдæг у ме 'фсæддон цæсгом,

Æгад нæ фæкæндзынæн хæсты

Рæсугъд ирон дзыллæйы ном!

                         Плиты Грис «Хæцæны»

Мисхал дæр не сты ирон адæм къæмдзæстыг йæ хæстонтæй. Къæмдзæстыг нæ, фæлæ сæрырстыр! Уæлдайдæр та Плийы-фыртæй.

 Иссæйæн кад кодтой канд 'не мзæххонтæ нæ, фæлæ фæсарæнты дæр – Монголы, Кубæйы, Японы цæрджытæ. Абон дæр йæ ном нæу рох.  Уымæн æвдисæн - хæрзæрæджы дæр та, 2017 азы, Иссæйæн кадджын уавæры цы цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Монголы, уый.

Слайд памятник плиеву в монголии

  Бирæ фысджытæ æмæ поэтты сразæнгард кодта нæ номдзыд инæлары фæлгонц чингуытæ, пьесæтæ, æмдзæвгæтæ ныффысынмæ.  

Уыдонæй иу – Плиты Дзамболаты фырт Грис.

Слайд фото Грис Плиев

Поэт, драматург, тæлмацгæнæг Плиты Грис райста ахуыргæнæджы дæсныйад, стæй йæ бафæндыд Мæскуыйы театралон аивады институты сахуыр кæнын. Æмæ йын бантыст.  Куыста   Цæгат Ирыстоны Ирон драмон  театры. Бæргæ, бирæ рæсугъд фæндтæ уыд  æрыгон лæппуйы зæрдæйы. Фæлæ …..

( слайд   фрагмент из фильма Иссайы зарæг 12:45 -13:25  песня юрия бацазова «Тох ныккодта»).  Фæлæ райгуырæн зæхх дывыдон арты ссыгъди. Нæ бæстæйы адæм стырæй – чысылæй, нæлгоймагæй – сылгоймагæй  сыстадысты  уæхски – уæхск знаджы ныхмæ. Тохы  быдырмæ араст кодтой ирон цæхæрцæст лæппутæ дæр. Се 'мрæнхъ  - Плиты Грис дæр. Фыццаг бонæй суанг фæстаг бонмæ поэт уыд хæцæг æфсады. Ноджы ма -  хæстон газеты уацхæссæг. Уыд æхсарджын, намысджын. Уымæн æвдисæн – йæ хæрзиуджытæ: 3 ордены æмæ бирæ майдантæ. Æфсадæй  сыздæхт  1946 азы майоры цины. ÆЦÆГ поэт уыд ÆЦÆГ хæстон! Уымæн у йæ зæрдæмæ хæстæгдæр хæстон темæ.

  «Грисы курдиат райхъал хæсты уынæрæй, бахсыст хæсты цæхæры, срухс и хæсты трагизмæй» - фыссы  Джыккайты Шамил йæ чиныг «Ныхасы фарн»-ы. 

Уæдæ сæрыстыр куыннæ уыдаид Плиты Грис йе 'рвад Плиты Иссæйæ! Адæм зарджытæ кæуыл скодтой, йæ хъæбатырдзинад дунейы дисæн кæмæн хастой. Æмæ фæзынд «Æртхутæгдон» - ирон лит-йы шедевртæй иу.   Уæвгæ, æмдзæвгæ  куыд райгуырд, уый нын ныртæккæ Грис йæхæдæг радзурдзæн.

слайд  Грис дзуры æмдзæвгæйы истори)

Æмдз-гæ кæсгæйæ фембæлдзыстæм ахæм дзырдтыл, се хсæн ис вазыгджын дзырдтæ дæр:

Дзырдуат   (слайд)

Ǽртхутæгдон – пепельница, (картина)

Балхонæг – вожак, предводитель раздзог , къорды размæ чи хоны,

Фæринк – вид меча (дыууæрдыгæй цыргъ æхсаргарды хуыз)

Саулохаг – порода лошадей (хорз æмæ зынаргъ бæхы мыггаг)

Сагсур – быстроногий, энергичный (цæрдæг, сæрæн)

Лæмбынæг байхъусут уæдæ уацмысмæ, цы æнкъарæнтæ уæм сæвзæра, уыдон раргом кæндзыстæм.

(Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ)

 -  Сывæллæттæ, цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы уацмыс? (фыццаджыдæр, нæм сæвзæрд сæрыстырдзинад, уарзондзинад  райгуырæн зæхмæ, патриотикон æнкъарæнтæ, æнкъарддзинад)

 - Чи у уасмысы сæйраг герой? (ирон инæлар Плиты Иссæ)

 - Цавæр адæймаджы сурæт ауад уæ цæстытыл? (хъæбатыр, ныфсджын, æхсарджын, бæрнон, уыимæ  тæригъæдгæнаг)

 - Цы уын фæцагайдта уæ зæрдæтæ? (Йæ бæхы кæй нæ рох кæны инæлар)

Иу хатт ма аив бакæсæм  æмдзæвгæ. Æмæ йын сбæрæг кæнæм йæ темæ æмæ идейæ. Кæй фæнды тынгдæр?

( ахуырдзаутæ кæсынц æмдзæвгæ)

- Цавæр дзырдтæ бæрæг кæнынц Иссæйы хъæбатырдзинад, æмдзæвгæйы кæцы дзырдтæ  уæм кæсынц сæйрагдæр, вазыгджындæр? (Цæргæстæ, Иры инæлар, сау хæстмæ, сагсур бæгъатыртæ, размæ, фæринк кæрдтæ)

- Ацы дзырдты 'руаджы уæ бон у æмдз-йы темæ æмæ идейæ зæгъын? Бацархайут ма

Темæ: кæй тыххæй? Цæй тыххæй у æмдз-гæ? Иссæ мысы, атакæйы рæстæг ын цы хæстон æмбал фæмард, уый.              Афыссæм æй нæ кусæн сыфыл.

Идейæ: уацмысы сæйраг хъуыды, цæуыл нæ ахуыр кæны. Ахуыр нæ кæны патриотизмыл, Райгуырæн бæстæ уарзыныл. Ноджы ма цæуыл? Хъæбатыр Инæлар у рæсугъд уды хицау: кад кæны йæ сæфт æмбалæн. Ома,  йæ саулохæн.

- Æркæсæм ын йæ  композицимæ дæр. Куыд арæзт у æмдзæвгæ?. (Æмдзæвгæ цæмæй райдыдта, уымæй фæци. Астæуæй та – атакæ. Уый хуыйны тæлывæрд композици (кольцевая). Афыссæм æй нæ сыфыл.

- Цал хайыл адих кæнæн ис æмдзæвгæ? (3 хайыл. Цы базыдтам 1 хайы? а) инæлар бады, мысы; б) атака; в) бæхы мæлæт).

- куыд хицæнгонд цæуынц хæйттæ? (ритм, рифмæ). Атакæ куыд стыг ис, афтæ æмдзæвгæйы ритм дæр рæвдздæр кæны. Ам дæр та автор равдыста йæ дæсныдзинад.

- цæимæ бары автор атакæ? (зæимæ - лавина, дымгæимæ). Ссарæм ма атакайы æрфыст æмæ йæ бакæсæм (кæсæм. Зæй нæ ракалди уæлвæзтæй 4-5 куплеты)

 Цавæр мыртæ дзы ис фылдæр? (З - С) афæлварут ма сæ фæлхатын. Уый у  ЗǼЛФЫСТ (звукопись. Фæлгонцтæ алыхуызон мырфæзмæн дзырдты руаджы арæзт куы цæуынц, уæд уый хонæм зæлфыст). Цæй зæлтæ сты? (Дымгæйы). Уæдæ та Грис ацы ран дæр дæсныдзинад æвдисы. Зæйы ракалд æмæ дымгæйы къуыззитт мыртæй дæр дæр хъусæм.

Къордты куыст

Цæмæй уыцы атакæйы эпизод нæ цæстытыл æххæстæй, бæлвырдæй ауайа, уый тыххæй автор пайда кæны алыхуызон аивадон мадзæлттæй. Ссарæм ма сæ æмæ сæ нæ кусæн сыфтыл афыссæм. 1-аг къорд рафысдзæн эпитеттæ, 2-аг къорд та – метафорæтæ. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, цы хонæм эпитет, цы хонæм метафорæ?

Аивадон мадзæлттæ:

  1. Эпитет - Æххуыс кæны предмет кæнæ фæзынды миниуæг ирддæрæй равдисынæн (сау хаст, сагсур бæгъатыртæ, æлвæст кæрдтæ, судзгæ хæцæны, балхонæг хъæбатыр).
  2. Метафорæ (амоны дзырдæн йæ ахæсгæ нысаниуæг. Автор йæ уацмысы иу предметы миниуджытæ ахæссы æндæр предметмæ) нымæт дымгæмæ спака, уæнтыл фестади базыртæ, кæрдтæ хурмæ судзынц сырх пиллонæй).

Алисæ та  ссардзæн Сидæн ( Цæмæй  ныхас зæрдæмæ арфдæр хъара, уый тыххæй поэт фæдзуры чиныгкæсæгмæ, уасмысы хъайтартæм, æрдзы фæзындтæм) размæ, размæ, мæхи мгæрттæ!

Фыссæм. Кæцы къорд рæвдздæр уыдзæн?

(ныффыстой сæ æмæ сæ кæсынц). 

Алисæ, ды дæр нын бакæс, цы рафыстай, уыцы дзырдтæ. (кæсы ).

Цы вдисы ацы  сидæн?

Ацы сидæн æвдисы инæлары ахаст йе фсæддонтæм : аргъ сын кæны, куыд йе мбæлттæн, уарзы сæ, нымайы сæ йæхи 'мсæр.  Кæд æнæхъæн зæххы къорийыл айхъуыст йæ кады ном, уæддæр баззад хуымæтæг æмæ  адæмуарзон лæгæй.

Слайд  «В нем были до последних дней слиты

                Чин генеральский – с простотой солдата» -

фыссы йе мдзæвгæ «Бессмертие»-йы Гуыржыбеты Иринæ.

       (фæйнæгыл равæрдтам эпитетæ, метафорæ æмæ сидæн)

- Уæдæ Иссæйы та куыд хуыдтой йæ салдæттæ фæсномыгæй? (Генерал Вперед. Уымæн æмæ æдзухдæр бырста размæ.

- Хæст фæци, азтæ цæуынц, фæлæ инæларæй нæ рох кæнынц хæстон цаутæ, йæ саулохаг бæх. Йæ цæстыты раз та сыстад атакæ, йæ бæхы сæфт. Поэт афтæ бæлвырд равдыста ацы эпизод, æмæ раст кинойы кадры хуызæн нæ цæстыты раз лæууы æргом.

Цымæ уый та цавæр аивадон мадзалы руаджы? Ссарæм æмæ бакæсæм строфа. (Æваст фæцæф ис саулохаг…)

- Цавæр дзырдтæй пайда кæны поэт бæхы мæлæт равдисынæн? (мивдисджытæй). Бакæсæм ма сæ (ныууасыди, æрхауд, ныррызт, ныссабыр)

Уæдæ ацы  аивадон мадзал та  хуыйны  градаци.

 Слайд Градаци – бæрæггæнæг дзырдтæ, кæрæдзи фæдыл тыхджынæй – тыхджындæргæнгæ кæнæ лæмæгъæй – лæмæгъдæргæнгæ кæм цæуынц, ахæм поэтикон фæзилæн.  

- Уæдæ нын цы ххуыс фесты ацы аивадон мадзæлттæ, сæ сæйраг нысаниуæг цы у? ( Аивадон мадзæлтты руаджы ирддæрæй æвдыст цæуы архайд, ныв. Æххæстæй банкъардтам атакæйы эпизод. Бæлвырдæй раргом инæлары рæсугъд удыхъæд.

 (Кьæйттæй куыст

Ныр,зæгъгæ,  нæ къласы дуар байгом  æмæ нæм æрбахызт уыцы рæсугъд удыхъæды хицау  номдзыд инæлар Плиты Иссæ, уæд ын, цымæ, цы зæгъиккам? Чи йæ цæмæй бафæрсид? Нæхи ма журналисттæй  банкъарæм. Уæ фарстытæ афыссут кусæн сыфтыл. Цалынмæ сымах уæ хъуыдытæ æмбырд кæнут, уæдмæ мын бар раттут, æмæ уал æз райдайон.

Æз ыл, фыццаджыдæр, сæмбæлин тыхджын къухæмдзæгъдæй! Бузныг ын зæгъин, хъазуатонæй кæй тох кодта, цæмæй мах цъæх арвы бын сабыр зæххыл  фæрныг цард аразæм, ахуыр кæнæм, рæсугъд кæстæртæ хъомыл кæнæм. Фæрсгæ та йæ бакæнин афтæ: дæ кæстæртæй сæрыстыр дæ?

Куыд уæм кæсы, цы дзапп мын раттид  нæ куырыхон инæлар? Мæн фидарæй уырны, къæмдзæстыг уæ кæй нæ уыдзæн нæ Хъæбатыр хистæр.

Вопрос – ответ журналисты

Рефлекси:

- цы ногдзидад базыдтат нæ абоны урочы?

- цы уæм фæкаст æппæты цымыдисагдæр?

Уæ разы цы кусæн сыфтæ ис, уым хъуыдыйæдтæ кæронмæ ахæццæ кæнут. Алчи йæ хъуыды ныффыссæд ( слайд батахъойыхъауы цагъдмæ сывæллæттæ кусынц)

  1. Мæ зæрдæмæ арф айстон…..( Плиты Грисы æмдзæвгæ. Иу цыбыр нывы куыд равдыста  Иссæйы ирд фæлгонц )
  2. Цæлынмæ хохæй дур тула,  быдыры та цалх зила……….( уæдмæ рох нæ уыдзысты, абон цъæх арвы бын кæй руаджы цæрæм, уыдоны нæмттæ.
  3. Сæрыстыр дæн ………….( мæ хистæртæй, ирон кæй дæн, уымæй)

(сывæллæттæ бакастысты сæ фыстытæ)

Уæдæ æз та сæрыстыр дæн ме гъдауджын хъæубæстæйæ, мæ уæздан фыдыуæзæгæй, мæ хъæбатыр Бæтæхъойыхъæуæй! Абон дæр мæ армыдзаг хъæубæстæ цух нæу ныфсхаст æмæ æхсарджын фырттæй. Иссæйы фæдонтæ царды стыр фæндæгтыл ирон лæджы кадджын ном сæрыстырæй хæссынц дарддæр.

Раздæхæм ма нæ урочы эпиграфмæ. Иу хатт ма йæ бакæсæм. Цавæр хъуыдытæ фидар кæны? Куыд баст у нæ урочы хатдзæгтимæ?

( Плиты Иссæ у Иры хъæбул, æцæг хъæбатыр, Райгуырæн бæстæйæн йæ царды кæронмæ лæггад чи фæкодта. Знаг дзы æмризæджы рызти. Фæлæ уыимæ у хуымæтæг лæг, тæригъæдгæнаг, сагъæс кæны йæ уарзон бæхы сæфтыл, йæ хæстон æмбалы мысы йæ сабыр царды.

слайд « Осетины – счастливый народ, потому что у них были, есть и будут такие сыновья, как Исса Александрович Плиев».

           Виктор Гаврилович Макаров, адъютант Иссы Плиева

Сывæллæттæ, æз абон сымахæй разыйæ баззадтæн. Уæ цæстæнгасæй æмбæрстон уæ зæрдæйы уаг, уæ зæрдæмæ хæстæг кæй айстат абоны темæ. Уырны мæ,  сæрыстыр кæй стут нæ хъæбатыртæй. Æмæ мæм иу курдиат ис сымахмæ: абон хæдзармæ куы ацæуат, уæд уæ алчидæр йæ ныййарæджы бафæрсæд уæ хæстон хистæртæй. Адæймаг цæры, цалынмæ йæ ном цæра, уæдмæ. Уадз, æмæ уæ хистæртæ дæр рох ма уой!

Рæсугъд æмæ лæгъз фæндæгтыл цæут, мæ хæлæрттæ!

Хæрзбон!

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл novyy_urok.docx42.69 КБ

Предварительный просмотр:

æйнæгыл равæрдтам эпитетæ, метафорæ æмæ сидæн)

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект урока по родному карачаевскому языку "Собственные и нарицательные имена существительные". 5 класс + презентация

Яркое и полное содержание материала урока. Основная цель урока: формирование представлений об именах собственных и нарицательных, их сходстве и различии; воспроизведение в памяти знания о собственных ...

Конспект урока по родному (нанайскому языку) в 5 классе по теме "Гармония гласных"

Материалы к уроку родного (нанайского) языка в помощь учителям родного (нанайского) языка в 5 классе по теме "Гармония гласных"...

План - конспект урока учителя родного (нанайского) языка Донкан В.Л.

Тема урока "Овощи" 4 класс. тип урока : систематизация и обобщение знаний и умений. Форма урока: урок - игра....

Конспект урока по родному русскому языку. Тема: Понятие о варианте нормы. Равноправные и допустимые варианты произношения.

Цели:Специальные: а)познавательные: познакомить учащихся с понятием языковой нормы, с понятием варианта нормы;б) практические: формировать умение применять на практике знания о языковых нормах.Общепре...

Конспект урока по родному (русскому) языку на тему "Слова - историзмы".

В этом учебном году у нас  появился новый предмет (родной (русский) язык.  Предлагаю вашему вниманию конспект урока по данному предмету, который проводился в 3 классе коррекционной школы....

Конспект урока по родному русскому языку в 9 классе «Типичные ошибки‚ связанные с нарушением лексической сочетаемости»

Конспект урока по родному русскому языку в 9 классе на тему «Типичные ошибки‚ связанные с нарушением лексической сочетаемости». В урок добавлены типичные ошибки, присущие своей ...