Конспект открытого урока по осетинскому языку "Фразеологизмы" для 6 класса
план-конспект урока (6 класс)
В данной работе использованы методы индивидуального подхода в обучении
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
konspekt_otkrytogo_uroka.docx | 20.34 КБ |
Предварительный просмотр:
6-æм къласы ирон æвзаджы урочы пълан -конспект
Ахуыргæнæг: Хуыдæлты Мæдинæ Таймуразы чызг
Ахуырадон уагдон: ПБИУ Дзæуджыхъæуы скъола-интернат
Датæ: 20.10.2022
Урочы темæ: Фрæзеологизмтæ.
Урочы хуыз: зонындзинæдтæ фидар кæныны
Урочы нысан: рацыд æрмæг ныффидар кæнын.
Урочы фæлгонц: карточкæтæ, слайдтæ
Урочы цыд
- Организацион уавæр.
- Мотиваци
Сценка
Мад хæдзар æфснайы.
М. - Ацы лæппу кæм и цымæ? Абон та мæм цы кæсы? Цал «2» йы та мæм æрбахæсдзæн !?
Уыцы рæстæджы лæппу дуар фегом кодта æмæ хъæлдзæгæй дзуры:
Л. - Æххормагæй мæлын мамæ! Истыма мын авæр!
М. - Цыдæр хъæлдзæг дæ! Æвæццæгæн «5» райстай?
Л. - О, фондз райстон!
М. - Мæ зæрдæ дæ куыд барухс!
Мад цингæнгæйæ боныг исы хызынæй.
М. -Фæлæу-ма, фæлæу! Ам фондз «2» йы куы ис.
Л. - Уæмæ уый «5» нæу ?
М. - Оу, мæнæ мæ зæрдæ куыд фæрыст дæ дыууæтæй! Мæ зæрдæ фæцъæх!
Лæппу бадын кæны йæ мады.
Л. - Куыд фæцъæх? Æз ныртæккæ дохтырмæ адзурдзынæн. Дохтыр, дохтыр! Тагъддæр! Мæ мады зæрдæ фæрыст, ныцъцъæх!
Дохтыр æрбахызт:
Д. -Чи у рынчын? Цы рцыды?
Л. -Мæ мад мын мæ дыууæтæ федта, æмæ дам мæ зæрдæ фæцъæх!
Д. - Ай æцæг куы ницы ахуыр кæныс скъолайы! Ам мæ хуызæн дохтыр нæ хъæуы, фæлæ филологион кæндидатты дохтыр!
III. Актуализаци
Ахуыргæнæг: Цæмæн загъта афтæ дохтыр? Цавæр фрæзеологизмтæ дзы фехъуыстат сценкæйы? Уæдæ абоны урочы цæй тыххæй дзурдзыстæм? (фразеологизмты тыххæй рацыд æрмæг ныффидар кæндзыстæм)
Абон нæ размæ ис ахæм хæс: сбæрæг кæнын куыд зонæм фрæзеологизмтæ æмæ сæ царды куыд пайда кæнæм?
Фæла уал мæ фæнды бафæрсын: цы зонут нарты къус Уацамонгæйы тыххæй? Искуы фехъуыстат? Радзурын Уацамонгæйы тыххæй. Уæдæ уын абон уæ куыст аргъ кæндзæн Уацамонгæ. Раст дзуаппæн- хæрзиуæг, раст куы нæ уа, уæд та… уæд та йæ уæхæдæг фендзыстут.
Фрæзеологизм цы у, уый тыххæй нын радзурдзæн филологион нæукæты кæндидат. (дзуры ахуырдзау фрæзеологизмтæ зæрдыл æрлæууын кæныны тыххæй). Байхъусæм ма йæм! Иронау хорз чи не мбары, уыдонæн та нæм ис тæлмацгæнæг.
Фæрстытæ докладгæнæгмæ.
- Прием «Фыстæг дзыхъхъытимæ (къахыртимæ)» Къорды куыст. Текстимæ. Чи тагъдæр цухгонд дзырдтæ баххæст кæндзæн. Къорды алы архайæг дæр кæсы текст. Рамбулдзæн уыцы къорд, кæцыйы архайджытæ се ппæт дæр радтой раст дзуапп
Къостайы фæдзæхст
Ирон номдзыд _________, ирон аив литературæ æмæ литературон æвзаджы ______________________, фыццаг ирон профессионалон ____________________, зынгæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы ном зынаргъ у алы ирон адæймагæн дæр. Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы, фæлæ уыцы уавæрты дæр йæ ___________ иууылдæр __________ адæмы хъысмæтимæ. Æгæрон уарзтæй уарзта йæ фыдыбæстæ, æнæ уый йын цард _____________. Йæ мæт, йæ сагъæстæ æдзухдæр уыдысты Ирыстоныл. Поэт адæмы зæрдæтæм ________________________, уымæн æмæ йæхи _________________ не ’ндзæрста, дзырдта рæстдзинад. Уымæй балхæдта _____________________, уымæн ыл æууæндыдысты. Къоста йæ адæмы раз бафыста йæ _________. Æнустæм нын ныууагъта «Ирон фæндыр» – йæ ______________ тæгтæй фыст чиныг. Уый махæн у цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг. Къоста хорз æмбæрста, адæмы тых, адæмы хъару иудзинады кæй ис, уый, æмæ йæ фæстаг фæдзæхст дæр уымæн уыдис: «Ме ’фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!»
Прием «Фарст» «Дзуапп»
Куыд бамбæрстат, цы сты фрæзеологизмтæ?
Нæ царды сæ кæм ис спайдæ кæнын?
Цавæр фразеологизмтæ арæхдæр фехъусут æрвылбон?
Чи уæ пайда кæны фрæзеологизмтæй æмæ цавæртæй?
Наукæты дохтыр нын бацæттæ кодта дзырдбыд Уæ хорзæхæй, фæкæсæм уымæ дæр. .
Прием: рацыд æрмæджы бындурыл саразын дзырдбыд. Хуыздæр чи арæхсы ирон æвзагмæ, йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæмæн сты, ахæм ахуырдзау хæдзары скодта дзырдбыд. Ныхасы бар ын дæттæм.
- Фразеологизмтæ афтид ирон æвзаджы нæй, фæлæ ма вæййынц историон дæр. Уæ зæрдыл сæ æрлæууын кæндзæн историйы ахуыргæнæг.
- Ребята, здравствуйте! С древнего мира к нам пришли несколько ребусов, с зашифрованными фразеологизмами. Давайте попробуем их отгадай. За каждый правильный ответ, команда получает один бал. Поднимите флажки, если знаете ответ. Если команда выкрикивает у нее забирает балл.
Слайдтимæ куыст ребуста.
- Физминуткæ
Физминутка:
Встанем как аршин проглотили.
Проголосуем обеими руками.
Согнемся в три погибели.
Попрыгаем, как заяц.
Дадим задний ход.
Посмотрим друг другу в глаза.
Сделаем хорошую мину при плохой игре
Побьем друг другу челом.
Разведем руками.
А теперь руки в брюки.
Подержим нос по ветру.
Намылим друг другу головы
Но в ногах правды нет.
Занимайте свои места.
- Составьте предложение со следующими фразеологизмами уырыссаг æмæ ирон æвзагыл.
1. Кануть в лето
2. Йæ къах æй нæ хаста
3. Ахиллесова пята
4. Сæ цæст æрæвæрдтой
5. Богат как Крёз
6. æвзаг æм бахастæуыд
VI. Рефлекси. Уæдæ цæуыл дзырдтам абон?
Хъæуынц нæ фрæзеологизмтæ? Цы пайда сты нæ царды?
Уæ партæтыл карточкæтæ æмæ ма уыдонмæ гæсгæ уæ куыстæн аргъ скæнут: Симды бацыдтæ, уæд дзы симын хъæуы! Мæхицæй ныббуц дæн! Хæрæджы фæллад бадæн! (ныхасы стиль) Мæ зæрдæ барухс! Базыртæ мыл базад! Сæр мæ бахъуыд!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Конспект открытого урока для учащихся 2 класса
Тип урока сюжетно - игровой, наиболее актуальный в начальной школе. Для поднятия эмоционального фона урока подготовительная часть проводится под музыку. При совершенствовании навыков ловли мяча исполь...
Конспект открытого урока русского языка в классе-комплекте (2 и 4 классы)
В сельских школах существуют классы-комплекты, уроки в которых очень специфичны. Можно, например, проводить русский язык в 1 классе и окружающий мир в 3 классе, причем одновременно. Я считаю, что учит...
Конспект открытого урока биологии в 7 классе по теме: «КЛАСС ХРЯЩЕВЫЕ РЫБЫ»
Рыбы -это позвоночные животные, обитающие в воде. Условия их обитания, состав пищи,конкуренты и враги повсюду различны, от этого зависит и большое разнообразие в строении и поведениирыб. Всего к...
Конспект открытого урока по истории. 8 класс. Тема урока "Восстание декабристов".
Конспект открытого урока по истории в 8 классе. Тема урока "Восстание декабристов"....
Конспект открытого урока по письму 8 класс (класс со сложной структурой дефекта) по теме «Части речи и члены предложения» «Праздник мужества и чести».
Тип урока: «Праздник мужества и чести» Закрепление пройденного материала.Цель урока: Обобщение, закрепление и актуализация знаний о частях речи и членах предложения....
Конспект открытого урока по кубановедению 10 класс. Раздел VII. «Духовные истоки Кубани». Тема урока: «Традиционные семейные ценности».
О традициооных ценностиях семьи на Кубани....
Конспект открытого урока письма в 6 классе. Тема урока: «Правописание безударных окончаний имён прилагательных единственного и множественного числа».
Цель урока: закрепить умения учащихся грамотно писать безударные окончания имён прилагательных единственного и множественного числа....