Открытый урок по осетинскому языку в 5 классе на тему "Лексика"
методическая разработка (5 класс)
Данный урок построен в форме игры "Путешествие в страну лексики".Дети должны выполнить все задания и в конце урока -путешествия получить заслуженные подарки!
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urok-hazt_5.docx | 136.53 КБ |
Предварительный просмотр:
Урок- балц ирон œвзагœй 5-œм къласы.
Темœ: «Балц лексикœйы бœстœмœ»
Урочы нысан: 1.Лексикœйœ рацыд œрмœг сфœлхат кœнын.
2.Фœхъœздыгдœр кœнын скъоладзауты дзырдуат.
3. Разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр
кæнынмæ.
Урочы хуыз: урок-балц
Урочы эпиграф
Ирон œвзаг ,
Œз дœ ныфсœй дœн хъаруджын,
Ды мœ хотыхты цыргъдœр.
Ахъардтай дзырдгай мœ туджы,
Мады ’хсырау дœ сыгъдœг!
Пухаты Алыкси
Урочы цыд
I.Организацион хай
-Уœ бон хорз,сывœллœттœ!
-Абон нœм нœ урочы ис уазджытœ œмœ уыдонœн дœр салам раттœм
-Ныр та кœрœдзимœ бахудœм œмœ райдайœм нœ урок!!!
1.Ахуыргœнœджы раныхас
Ӕвæдза, дуне дзаг у алы диссæгтæй. Ӕмæ уыцы диссæгты ‘хсæн мах нæ хъус нал дарæм æппæты стырдæр диссагмæ – не ‘взагмæ. Адæмы æвзаг у, æмбал кæмæн нæй, ахæм царциаты диссаг. Нœ фыдœлтœ нын ныууагътой хъœздыг œмœ рœсугъд œвзаг.Мах дзы абон стœм сœрыстыр œмœ буц .
- Цœмœй хъœздыг у не ’взаг? (дзырдтœй)
-Раст зœгъут,не взаг у хъœздыг дзырдтœй.
Ахуыргœнœг. Абон скъоламœ куы œрбацœйцыдтœн,уœд мœ размœ фœцис постхœссœг.Уый мœм радта фыстœг.Фыстœг œрвыст у сымах къласмœ.
-Фœнды уœ базонын ,кœмœй у œмœ дзы цы фыст ис, уый?
(сывœллœттœй иу рацœуы œмœ байгом кœны фыстœг,кœсы йœ хъœрœй)
Уœ бон хорз,мœ зынаргъ хœлœрттœ!
Зœрдиагœй уœ хонын нœ абоны хъазт «Зондабитœм».
Тынг œхсызгон мын уыдзœн уœ фенд.
Нœ хъазты кœрон та уœм œнхъœлмœ кœсдзœн сюрприз.
Зондаби
-Фœнды уœ балцы ацœуын?
-Кœдœм ацœудзыстœм ,уый та базондзыстœм дзырдбыды цы œмбœхст дзырд ис,уый куы базонœм ,уœд .
Фœрстытœ дзырдбыдœн.
1. Ныхасы хœйттœ цы œвзаджы хай ахуыр кœны,уый хуыйны….
2.Иумœйаг темœ œмœ грамматикон œгъдауœй баст хъуыдыйœдты къорд.
3. Мыртœн сœ равзœрд,сœ классификации œмœ сœ ивддзинœдтœ цы ныхасы хай ахуыр кœны,уый хуыйны…
4.Сœ нысаниуджытœ œмхуызон кœнœ œнгœс кœмœн вœййынц,уыцы дзырдтœ хуыйнынц…
5.Сœ нысаниуджытœ ныхмœвœрд цы дзырдтœн вœййынц,уыдон хуыйнынц …
6.Дзырдтœн вœййы ахœсгœ нысаниуœг œмœ….нысаниуœг.
7.Œмхуызон чи фœхъуысы,фœлœ алыхуызон нысаниуджытœ кœмœн вœййы,ахœм дзырдтœ хуыйнынц…
1м | о | р | ф | о | л | о | г | и | ||||||||||||||||||||||||||||||
2т | е | к | с | т | ||||||||||||||||||||||||||||||||||
3ф | о | н | е | т | и | к | œ | |||||||||||||||||||||||||||||||
4с | и | н | о | н | и | м | т | œ | ||||||||||||||||||||||||||||||
5а | н | т | о | н | и | м | т | œ | ||||||||||||||||||||||||||||||
6к | о | м | к | о | м | м | œ | |||||||||||||||||||||||||||||||
7о | м | о | н | и | м | т | œ |
- Цавœр дзырд œмбœхст уыдис нœ дзырдбыды?
-Раст!Лексикœ.
-Цы хонœм лексикœ?
-Уœдœ цавœр бœстœмœ араст уыдзыстœм мах нœ абоны урочы ?
-Раст зœгъут,лексикœйы бœстœмœ. Уœдœ нœм автобус œнхъœлмœ кœсы. Кœй фœнды ,уый бахизœд œмœ райдайœм нœ балц. Цœмœй нœ ма ферох уа кœд ацыдыстœм балцы,уый тыххœй та рœвдз байгом кодтам нœ тетрœдтœ œмœ абоны нымœц ныффыстам
Райдыдта нœ балц.
-Фыццаг œрлœууœн (остановка) хуыйны «Синонимты быдыр»
1.Хœс :Лœвœрд дзырдтœн сœ синонимтœ зœгъут (дзургœйœ)
рœсугъд-аив,зœрдœмœдзœугœ.
мœллœг-къœсхуыр
гыццыл-чысыл
стыр-егъау,дынджыр,бœрзонд
хъœздыг-бонджын,исджын
тыхджын-хъаруджын,фидар
худын-кœл-кœл кœнын,пœррœстытœ кœнын
скъоладзау-ахуырдзау
2.Хœс :Фразеологон дзырдбœстытœ баивын синонимтœй.Ныффыссын хъœуы œрмœстдœр синонимтœ.(фысгœйœ)
Куыдз œмœ гœдыйы цард кœнынц
Йœ цœстытœ ныуурс сты.
Мœ зœрдœйы ныххаудта.
Йœ къухтœ хъилœй дары
Хуртœ œмœ дзы мœйтœ кœсы
Мœ зœрдыл œй дарын
Хатдзœг: -Цы хонœм уœдœ синонимтœ?
-Цœмœ нœ хъœуынц œвзаджы мидœг? цæмæй уыцы иу дзырд алыхуызон дзырдтæй зæгъон.
Нœ дыккаг œрлœууœн хуыйны «Омонимты цад»
1.Хœс :Бирœстъœлфыты бœсты зœгъут цухгонд омонимтœ.Цœмœй уын œнцондœр уа,уый тыххœй та уын бацœттœ кодтон œххуысœн нывтœ.
1.Тоны мад йœ пакъуы хъазœн,
Райста саби дœр йœ ….
2.Кœд къœрмœг тъыст ис йœ хъусы,
Гъе уœддœр йœ ныхас …
3.Уыгœрдœны федтон ахстон,
уым уœрццы лœппынтœ …
4.Сœрвœты дын хœрœг хизы,
Зонд йœ сœрмœ ’ппын нœ …
Хатдзœг: - Цы хонœм омонимтœ?
-Цœмœн нœ хъœуынц уыдон та? раст сæ куы нæ пайда кæнай, уæд æфсæрмыйы аныгъуылдзынæ.
Аулœфт Галиу къух – рахиз къух
Галиу къах – рахиз къах
Ӕз уæлæмæ – мах дæлæмæ
Ӕз фæстæмæ – мах та размæ
Рахизырдæм – галиуырдæм
Цæй æрбадæм – ныр та сыстæм
Цæст æрæхгæн – байгом æй кæн
Цæсгом амбæхс – равдис-ма йæ
Ӕз мæсты дæн – мах та хъæлдзæг!
«Базон-базон,уый та циу?»
- Базон-базон,уый та циу?
Нœу цœргœс ,бœлон,йе цъиу.
Фœлœ уый тœхы бœрзœндты,
Хœхтœн,быдыртœн сœ сœрты.
2.Ленк кœны бœрзонд цъœх арвыл,
Ирд цœстœй фœлгœсы дардыл:
Мидбыл худы уый œрмœст,
У йœ цинœй дуне фсœст,
Фœлœ йœм нœ лœууы цœст.
3.Тулы-тулы,фœлœ никœдœм хœццœ кœны
4.Уырызмœгыл фондзыссœдз хœдоны
Нœ œртыккаг œрлœууœн хуыйны «Антонимты хъœд»
1.Хœс :Нывтœм гœсгœ ныффыссут антонимтœ.Кœрœдзимœ раттын тетрœдтœ œмœ сбœлвырд кœнын куыстытœ.
2.Хœс :Œмбисœндтœ ахœццœ кœнут дарддœр .Бамбарын кœнут œмбисœндты нысаниуœг. Зœгъут антонимтœ.
Къœйттœй куыст.
Хорз ма ракœн œмœ….
Хорзœн бын ма скœн…
Уœззау хъуыддаг…
Абон бакœнœн кœй ис,уый…
Куыстœн йœ сœр сындз,йœ…
Размœ куы лидзай,уœд…
3. Хœс .Тексты ставддœрœй фыст дзырдтœ баивын антонимтœй.Текст ногœй рацаразын.Раттын сœргонд фыццаг вариантœн дœр œмœ дыккаг вариантœн дœр.
Ралœууыд уалдзœг.Бонтœ фœхъармдœр сты.Хур кœсы œмœ тавы.
Мœргътœ œртахтысты хъарм бœстœйœ.Кœрдœг фœцъœх.
Бœлœстœ цъœх адардтой.Адœм сœ уалдзыгон куыстытœ кœнынмœ бавнœлдтой.
Хатдзœг :
-Цы хонœм антонимтœ?
-Цœмœ нœ хъœуынц œвзаджы? (уыдоны фæрцы нæ бон у алыхуызон ныхмæвæрд æнкъарæнтæ œмœ архœйдтытœ равдисынœн.)
Ахуыргœнœг.
œрбахœццœ стœм нœ балцы кœронмœ.Зондаби нын куыд загъта,афтœмœй нœм œцœгœй дœр œнхъœлмœ кœсы цавœрдœр œхсызгондзинад.Байгом –ма кœнœм уœдœ рœвдздœр уœдœ къоп œмœ йœ фенœм.
Криптограммœ
Хœс:Нымœцтœ баивын дамгъœтœй œмœ базонын,цы фыст ис фыстœджы
Дзуапп « Œрхъуыдыдзинад стыр хъуыддаг у»
2 | 24 | 31 | 28 | 39 | 7 | 39 | 9 | 14 | 20 | 1 | 7 |
25 | 26 | 39 | 24 |
31 | 28 | 39 | 7 | 7 | 1 | 5 |
28 |
-Сывœллœттœ,нœ абоны урочы сымах œрхъуыдыдзинад,сœрœндзинад œмœ хорз зонындзинœдтœ кœй равдыстат,уый тыххœй уын Зондаби бацœттœ кодта майдантœ!!!Уœ хорзœхœй,рауайут,œмœ уын сœ œз раттон.
Лексикæйœ пайда кæнын хъуамæ алы адæймаг дæр зона… Уымæн æмæ дзырд тыхджын у. Алы дзырдæй дæр хъæуы пайда кæнын тынг арæхстджынæй . Дзырдæн йæ бон бирæ у: бафхæрын, . зæрдæ фæриссын кæнын, . ныфс бауадзын, зæрдæ бахъæлдзæг кæнын. Ӕмæ уæздан, фендджын адæймаджы ныхасы кæддæриддæр хъуамæ разына ахæм дзырдтæ.
Иу рагон мысираг паддзах йæ фырты афтæ ахуыр кодта: «Будь искусным в речах – слово сильнее, чем оружие».
9. Хœс. Саразын синквейн дзырд «Лексикœ»имœ.
1.Лексикœ.
2.Хъœздыг,рœсугъд
3.Ахуыр кœнын,уарзын,зонын.
4.Лексикœ-œвзаджы œппœт дзырдтœ.
5.Зонындзинœдтœ.
III.Рефлекси.Хатдзœгтœ.
- Ныр та сымах зæгъут уæ хъуыдытæ нæ абоны балцы тыххæй. Табуафси.
IV.Хœдзармœ куыст. Ныр та хæдзармæ куы æрбацæуат, уæд уæ зæрдыл нæ балц æрлæууын кæнут, æмæ уæ мысинæгтæ цыбырæй сочинении-миниатюрœйы хуызы ныффыссут
«Мœ балц лексикœйы бœстœмœ»
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок по осетинскому языку в 8 классе
Тема: Исторические памятники Осетии (Знаки препинания при однородных членах предложения)...
Открытый урок по осетинскому языку. Проекты темæ "Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау"
Открытый урок по осетинскому языку...
Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"
Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"...
Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"
Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах...
Конспект открытого урока по осетинскому языку "Фразеологизмы" для 6 класса
В данной работе использованы методы индивидуального подхода в обучении...
Открытый урок по осетинскому языку в 6 классе
Открытый урок по осетинскому языку в 6 классе.Тема урока : местоимение (повторение)"Зынаргъ мын да,Арыдон"-Ты дорог мне,Ардон...
Открытый урок по осетинскому языку в 7 классе
Открытый урок по осетинскому языку в7 классе.Тема урока :" Фасавард"Куыдз-адаймаджы амбал!...