Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"
план-конспект урока (9 класс)
Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Открытый урок | 30.4 КБ |
Предварительный просмотр:
15.12.2022 ах.аз.
Ахуыргӕнӕг | Хохаты Ж.Э. |
Предмет | Ирон ӕвзаг (диф.къорд). |
Кълас | 9 |
Автор УМК | Боллоты Л.М. |
Урочы темӕ | «Фыццаг ирон скъола». |
Урочы нысантæ. |
|
Урочы хуыз. | ног зонындзинæдтæ райсыны урок |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын. Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын. Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын; ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. | Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. | Презентаци, интерактивон фæйнæг, компьютер,чиныг. |
Урочы структурæ
Урочы этаптæ | Ахуыргæнæджы архайд. | Скъоладзауты куыст. | УАА |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) | - Байхъусут -ма ӕмдзӕвгӕмӕ æмæ мын зæгъут, кæй тыххæй у? ( слайд 1) - Чи у Абайты Васо? - Цавӕр куыстытӕ ныффыста Васо? - Ирыстоны зындгонд адæмæй ма кӕй зонут - Æмæ цæмæй адæймаг зындгонд суа, уый тыххæй та цы кæнын хъæуы? | хъусынц ӕмдзӕвгӕмӕ æмæ кæсынц презентацимæ дзуапп дæттынц | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын), удгоймагон (иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын) |
Актуализаци (къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.) | - Раст загътат, цæмæй райсомбон ахуыргонд ӕмӕ кадджын, уат, уый тыххæй хъæуы хорз ахуыр кæнын, хиуыл кусын. Хъуамæ алчидæр йæ размæ сæвæра хæс æмæ тырна уыцы хæс сæххæст кæнынмæ. Ныртæккæ та уæ размæ ис иу бæрнон хæс – райсын бира зонындзинæдтæ. - Уӕ бон кӕм у уыцы зонындзинадтӕ райсын? - Зæгъут-ма уæдæ, сымахмæ гæсгæ цæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы? - Тын- -Раст зæгътат. Нæ абоны урочы темæ у баст у «Фыццаг ирон скъола». ( слайд 2) | дзуапп дæттынц дзуапп дæттынц | Зонадон (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды) коммуникативон (алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын) |
Ног æрмæгыл куыст. Чиныгимæ куыст |
- Байхъусæм Дауырæйы æмдзæвгæйæ скъуыддзагмæ. (Раст дзур, кæсы диктор) (Хъус æрдарын бæрæггонд дамгъæты азæлдмæ). - Бакæсæм – ма йæ. 2. Монологон ныхасы рæзтыл куыст. - Дарддæр дзур дæхæдæг. - Лерӕ ныхас райдыдта. Сымах радыгай ныхасмæ иугай хъуыдыйæдтæ æфтаут. 1.Текстыл бакусын. а) дзырдуатон куыст: (слайд 3) гуырысхо кæнын – сомневаться иууыл трагикондæр цауты рæстæг – время самых трагических событий сæфты къахыл ныллæууын – быть на грани исчезновения хъысмæт – судьба динхæссæг къамис – комиссия по распространению религии хыгъдæг – ведомость æ)- Байхъусæм текстмæ. - Кæй æмæ цæй кой цæуы тексты? - Цы дзы ис цымыдисагæй? - Цавæр сæргонд ма ис раттæн текстæн?(слайд 4 ) б)- Кæсæм текст абзацгай æмæ æххæст кæнæм хæслæвæрдтæ. - Алы абзац кæсгæйæ аразæм текстæн пълан. - Ракæсут фæйнæгмæ. Пълан – хуызæг (слайд 5)
тыххæй. 2. Нæ адæмы трагикон цауты рæстæг. 3. Ирон адæмы ног истори. 4. Иры динхæссæг къамис. 5. Фыццаг ирон скъола. | хъусынц кæсынц хæслæвæрд æххæст кæнынц æвзарынц дзырдтæ æмæ сæ тæлмац кӕнынц хъусынц тексмӕ дзуапп дæттынц кæсынц æмæ æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ кæсынц æмæ алы абзацæн дæттынц сæргонд. кæсынц пълан. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын;хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон (фæрстытæ æвæрын, хи хъуыдытæ æргом кæнын) удгоймагон (этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын). Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын, ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын), |
Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын. Тӕлмацыл куыст. Къордты куыст: | Текстмæ гæсгæ дзуапп раттын фæрстытæн. (слайд 6) 1.Цæмæй хъуыстгонд уыдысты рагæй нырмæ алайнаг адæм? 2. Цæвæр трагикон цауты кой цæуы тексты? 3. Цавæр зынгæ цау æрцыдис Ирыстоны историйы 1774 азы? 4. Цавæр хъуыддæгтæ арæзта Иры динхæссæг къамис? Цæмæн? 5. Куыд æмæ цавæр уавæрты ахуыр кодтой скъоладзаутæ Мæздæджы скъолайы? -Чиныгӕй рафыссут фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм абзацтӕ тетрадмӕ ӕмӕ сӕ ратӕлмац кӕнут. - Ныртæккæ та бакæсæм æмæ байхъусæм къордтæ цы проектон куыстытæ бацæттæ кодтой, уыдонмæ. Фыццаг къорд: презентаци «Ирыстоны зындгонд адӕм». Дыккаг къорд: презентаци «Колыты Аксо – ирон чызджытæн байгом кодта скъола
| дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ фыссынц ӕмӕ тӕлмац кӕнынц æвдисынц æмæ дзурынц сæ презентациты æрмæг | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын;хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон ( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æмгæрттимæ), удгоймагон (мадæлон æвзаджы аивдзинад; Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын) зонадон |
Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст. Хатдзæгтæ скæнын. | – Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок? – Цавæр хатдзæгтæ скодтат?
Æз ацы урочы бакуыстон хорз. Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз. Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди урок… Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди урок. | дзуапп дæттынц аргъ кæнынц сæ куыстæн | Зонадон (анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын), коммуникативон (бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) удгоймагон (хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын) |
-Хæдзармæ куыст. | 1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын. 2.Ӕвзаргӕ кастмӕ бацӕттӕ кӕнын. | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок трудового обучения в 3 классе коррекционной школы Тема: «Изготовление клумбы с цветами из ниток» (коллективная работа)
Учащиеся выполняют коллективную работу из текстильных цветов....
Открытый урок по развитию речи в 8 классе школы глухих
Предлагаю урок по развитию речи для 8 класса школы глухих (1 вид) на тему "Описание природы на основе картины Н.П.Крымова "Зимний вечер" с использованием презентации"...
конспект открытого урока по столярному делу "изготовление мебели для школы"
открытый урок на тему "изготовление меели для школы"...
Конспект открытого урока по истории России в Специальной (коррекционной) школы - интернат №9 VIII вида.
Конспект открытого урока по истории России в 8 классе на тему "Полтавская битва"...
Открытый урок "Смена супинатора" в 9 классе коррекционной школы 8 вида
Открытый урок "Смена супинатора" в 9 классе коррекционной школы 8 вида...
План-конспект открытого урока по русскому языку в 9 классе школы V вида по теме «Вводные слова и знаки препинания при них».
Данный материал используется на уроках русского языка в 9 классе школы Vвида (детей с тяжёлыми нарушениями речи), а также возможно его использование на логопедических занятиях в школе c учащимися II с...
Конспект и презентация к открытому уроку по технологии швейного дела в коррекционной школе VIII вида.Тема: "Пижама". Тема урока: " Отделка, применяемая при пошиве пижамной сорочки". 7 класс.
КОНСПЕКТ И ПРЕЗЕНТАЦИЯ к открытому уроку по технологии швейного дела в коррекционной школе VIII вида. Тема: "Пижама". Тема урока: " Отделка, применяемая при пошиве пижамной сорочки". 7 класс....