Ныхасы рæзтыл куыст. Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Дзуархæссæг»-мæ гæсгæ.
план-конспект урока (10 класс)

Бурнацева Татьяна Трофимовна

Описание картины Шалвы Бедоева "Несение креста"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon dzuarhassag.doc51 КБ

Предварительный просмотр:

Ныхасы рæзтыл куыст

Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Дзуархæссæг»-мæ гæсгæ

10-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

  Ахуыргæнæг Бырнацты Т.Т.


Урочы нысантæ: 

Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; нывмæ гæсгæ дзурын нывы сюжет æмæ  хи æнкъарæнты тыххæй; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын; рацыд лексикон æмæ грамматикон æрмæгæй (номдарты тасындзæг, модалон конструкцитæ) дзургæ æмæ фысгæ ныхасы пайда кæнын; дзырдтæ-клишетæй пайда кæнын баст текст аразгæйæ; æххæст æмæ æлвæст хъуыдытæ дзурын.

Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; скъоладзауты хъуыдыкæнынад уæрæхдæр кæнын; хатдзæгтæ кæнын.

Куысты хуызтæ: дзырдуатон куыст; лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл  куыст.

Урочы фæлгонц:

Бедойты Шалвæйы къам, ныв «Дзуархæссæг» æмæ иннæ нывтæ; Иоганн Бахы музыкæ.

                    Урочы методикон рацарæзт:

1.Бацæттæгæнæн хай.

2.Индикатор. Ахуыргæнæг нæ хъæр кæны нывы ном, афтæмæй йæ ‘вдисы сывæллæттæн æмæ сæ фæрсы, цавæр ном раттиккой ацы нывæн, уымæй.

Скъоладзауты дзуæппытæй: «Чырысти», «дин», «хъысмæт»   æмæ æнд.  

Ахуыргæнæг зæгъы ахуырдзаутæн нывы æцæг ном æмæ та сæ ногæй фæрсы, разы сты ахæм номимæ æви нæ, уымæй. Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

3. Ахуыргæнæджы эмоционалон ныхас нывгæнæджы тыххæй. Базонгæ кæнын нывгæнæг Бедойты Шалвæйы цард æмæ йæ нывты аивадон мадзæлттимæ (Скъоладзаутæн хæдзармæ лæвæрд уыдис цыбыр текст нывгæнæджы тыххæй кæсын æмæ хи ныхæстæй дзурынмæ, ахуырдзаутæ  цыбырæй дзурынц, цы базыдтой ,уый тыххæй).

Бедойты Шалвæ у нырыккон номдзыд ирон нывгæнæг. Райгуырдис Хуссар Ирыстоны хъæу Монастеры. Нывгæнæг куыд дзуры, афтæмæй йæ райгуырæн зæхх ныууагъта стыр фæд йæ царды æмæ йæ сфæлдыстады. Ам абоны онг дæр ма фенæн ис рагон моладзандоны  хæлддзæгтæ. Куыд дзурынц, афтæмæй уыцы моладзандон уыдис Бедойты мыггаджы, Шалвæйы рагфыдæлтæ та дзы уыдысты лæггадгæнджытæ.

Бедойты Шалвæйы нывтæ сты дунейы алы бæстæты музейты. Нывгæнæджы куыстыты сюжеттæ сты алыхуызон: фольклорон, натюрморттæ. Фæстаг рæстæг фылдæр фыссы дины темæйыл, уымæн æмæ абон сæйрагдæр у адæймаджы уырнындзинад. Нывгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, аивад хъуамæ амона адæймагæн раст фæндаг. Ныртæккæ Бедойты Шалвæ кусы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты хайады, у профессор. Æрæджы йын лæвæрд æрцыдис Уæрæсейы Аивæдты академийы Стыр Æвзист майдан.

(Ахуыргæнæг æвдисы Бедойты Шалвæйы къам, йæ нывтæ музыкæйы фоныл)

4.Хъуыдыкæнынад. Ахуыргæнæг:

-Цавæр нывтæ сты сюжетон ацы нывты ‘хсæн? Куыдæй сæ базыдтат? (æвдыст цæуынц алыхуызон жанрты нывтæ).

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц æмæ хæссынц сæ аргументтæ.

(Ныв «Дзуархæссæг» у сюжетон, ома дзы ис сюжет: Чырысти  хæссы  дзуар).

Ахуыргæнæг: Цæмæй нывæн æрфыст саразæм, уый тыххæй нæ хъæуы ног дзырдтæ æмæ æххуысгæнæг дзырдтыл бакусын.

5. Дзырдуатон куыст: 

  • Дзуархæссæг – тот, кто несёт крест
  • Сагъæс кæнын – переживать
  • Тарстхуыз – испуганный
  • Тыхст – озабоченный
  • Тæригъæд кæнын  – жалеть
  • Æгъатырдзинад – беспощадность
  • Цæстмæхъусдзинад – лицемерие

а) скъоладзаутæ кæсынц дзырдтæ,  аразынц семæ дзырдбæстытæ нывмæ гæсгæ:

  • дзуархæссæджы цæстæнгас
  • сагъæс кæнынц йæ хъысмæтыл
  • тарстхуызæй кæсынц
  • тыхст цæсгæмттæ
  • тæригъæд кæнынц   Чырыстийæн
  • æгъатырдзинады тыххæй
  • цæстмæхъусдзинады ныхмæ

б) аразынц хъуыдыйæдтæ, номдарты кæрæттæ раст æвæргæйæ. (Нывимæ кусгæйæ, сфæлхат кæнын хъæуы рацыд грамматикон æмæ лексикон æрмæг: номдарты тасындзæг; модалон конструкцитæ).

6.Пълан саразын. Ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн пълан саразынæн.

Пълан:

  • Нывы автор. Цы зонут ацы нывгæнæджы тыххæй?
  • Куыд хуыйны ныв?
  • Нывы раззаг пълан: Чырысти – дзуархæссæг.
  • Чырыстийы æрфыст.
  • Нывы фæстаг пълан. Йæ алыварс цы адæм ис, уыдоны æнкъарæнтæ.
  • Нывы ахорæнтæ.
  • Уе ‘нкъарæнтæ.

7.Баст текст саразын. Скъоладзаутæ архайынц пъланмæ гæсгæ баст текст дзурыныл.

                        Бедойты Шалвæ.  «Дзуархæссæг»

     Бедойты Шалвæ у нырыккон номдзыд ирон нывгæнджытæй иу. Райгуырдис Хуссар Ирыстоны хъæу Монастеры. Нывгæнæг куыд дзуры, афтæмæй йæ райгуырæн зæхх ныууагъта стыр фæд йæ царды æмæ йæ сфæлдыстады. Бедойты Шалвæйы нывтæ сты дунейы алы бæстæты музейты. Нывгæнæджы куыстыты сюжеттæ сты алыхуызон: фольклорон, натюрморттæ. Фæстаг рæстæг фылдæр фыссы дины темæйыл, уымæн æмæ абон сæйрагдæр у адæймаджы уырнындзинад.

    Нывы ‘вдыст цæуы Библийæ ист драмон сценæ. Раззаг пъланы Чырысти иунæгæй хæссы уæззау дзуар. Дзуархæссæджы цæстæнгас у фæллад. Уый раст цыма амоны адæмæн раст фæндаг царды.

   Йæ алыварс цæуы бирæ адæм: иутæ дзы хъыг кæнынц, æмбарынц, куыд зын у йæ хъысмæт, уый, æмæ йæм æнкъардæй кæсынц. Иннæтæ сагъæс кæнынц, ис сын тарстхуыз цæстæнгас. Æртыккæгтæ сæхинымæр тæригъæд кæнынц Чырыстийæн, ис сын тыхст цæсгæмттæ. Бирæтæ хъуыды кæнынц, ацы  хъуыддаг раст кæй нæу, ууыл, фæлæ йæм дзы хæстæг ничи цæуы.

     Нывæн ис фæлмæн колорит, фыст у тар æмæ фæлурс  ахорæнтæй, фылдæр дзы ис æрвхуыз ахорæнтæ. Ныв у лирикон, философон. Нысан кæны иунæгдзинад уыйбæрц адæмы ‘хсæн. 

     Ныв гуырын кæны арф æнкъарæнтæ. Нывмæ кæсгæйæ мах хъуыды кæнæм нæ царды сæйраг нысæнттыл.

8.Кæронбæттæн. Рефлекси. Ахуырдзаутæ дзурынц, ногæй цы базыдтой, цымыдисаг сæм цы фæкаст урочы, кусгæйæ цы зындзинæдтыл сæмбæлдысты, сæ зæрдæмæ цы фæцыдис (цы нæ фæцыдис), уый тыххæй.

9.Х/куыст:ног дзырдтæ сахуыр кæнын, пъланмæ  гæсгæ ныффыссын нывæцæн,  лæмæгъдæр цы скъоладзаутæ сты, уыдон цыбыр дзуæппытæ фæрстытæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...