Диалогон ныхасы разтыл куыст
статья

Доклад на МО 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл dialogon_nyhasy_rleztyl_kuysty_zer_eze.docx68.47 КБ

Предварительный просмотр:

Рефератон куыст ирон æвзаджы методикæйа

Темæ: « Диалогон ныхасы рæзтыл куыст ирон

æвзаджы урокты».

Дзæуджыхъæуы   4 - æм  гимназы  ахуыргæнæг

Хадыхъаты Л. Т.

Дзæуджыхъæу 2015 аз.

  1. Введение

 Одной из основных форм речевого общения является диалогическая речь.

Развитие диалогической речи  на уроках  осетинского языка, особенно, в не владеющих группах— одна из самых острых проблем современной педагогики. Данная проблема требует дальнейшего методического разрешения, поскольку современные требования к диалогической речи - научить учащихся вести беседу, а сам процесс обучения стал бы посильным, интересным и увлекательным для обучающихся.

Говоря о задачах обучения диалогу, надо отметить, что методика обучения диалогической речи не так давно выделилась в самостоятельный аспект обучения устной речи. В этой области есть еще много вопросов, требующих теоретического и экспериментального исследования. К их числу можно отнести: соотношение диалогической и монологической речи в курсе средней школы; принципы и приемы создания коммуникативной обстановки на уроке; особенности восприятия речи в процессе диалога; отбор ситуаций, лежащих в основе обучения диалогу на разных этапах обучения; способы создания диалогической речевой ситуации на уроке; возможности использования ТСО для обучения диалогу; отбор материала для обучения диалогу.

Цель нашей курсовой работы: проанализировать методическую и теоретическую литературу по предмету исследования, ознакомиться с опытом обучения диалогической речи на начальной ступени обучения.

Для достижения поставленной цели необходимо решить следующие задачи:

1. Проанализировать методическую и теоретическую литературу по проблеме исследования.

2. Раскрыть сущность и задачи обучения диалогической речи

3. Рассмотреть лингвистическую и психологическую характеристику диалогической речи.

4. Изучить методы и приемы обучения диалогической речи на начальной ступени обучения.

 В заключении  представлены выводы по работе.

Теоретической основой моей работы являются труды отечественных методистов и педагогов: Т. В. Роговой, И. Н. Верещагиной, И. А. Зимней, Е. И. Пассова, Н. И. Гез, М. В. Ляховицкого, А. А.Миролюбова, С. К.Фоломкиной, С. Ф. Шатилова и др. В этих работах раскрываются цели, задачи, принципы, условия, технологии, формы и средства обучения диалогической речи.

2. Диалогическая речь как форма говорения

2.1 Лингвистическая характеристика диалогической речи

Под диалогом понимается форма речи, при которой происходит непосредственный обмен высказываниями между двумя или несколькими лицами. В основе любого диалога лежат различные высказывания, комбинирование которыми составляет его сущность.

По цели общепринято выделять повествовательные, вопросительные и побудительные высказывания, каждое из них может быть утвердительным и отрицательным. Повествование состоит в сообщении (положительном или отрицательном) о каком-либо факте действительности, явлении, событии. Вопросы имеют целью побудить собеседника высказать мысль, интересующую говорящего. В побудительных высказываниях выражается волеизъявление говорящего: приказ, просьба, мольба, угроза, совет, предложение, предостережение; согласие, разрешение, отказ; призыв, приглашение к совместному действию; желание.

Диалогическая речь имеет свои особенности в отношении подбора, оформления и функциональной направленности использования языкового материала. Так, для нее, характерно употребление вводных слов, междометий, штампов, выражений оценочного характера, отражающих реакцию, говорящего на полученную информацию, отрицающих или подтверждающих высказанную мысль, выражающих сомнение, удивление, пожелание и т. п.

Для диалога характерно широкое использование экстралингви-стических средств выражения мысли: жестов, мимики, указаний на окружающие предметы.


             2.2 Психологическая характеристика диалогической речи

В психологическом плане диалогическая речь всегда обладает следующими характеристиками:

  1. Диалогическая речь всегда мотивирована. Это означает, что мы всегда говорим по какой-то причине, с какой-то целью, которая определяется либо внешними, либо внутренними стимулами. Эту характеристику непременно нужно учитывать на начальном этапе. Нужно вызывать у ученика желание, потребность говорить, а для этого необходимо создавать условия, при которых появилось бы желание что-то сказать, выразить свои мысли, чувства, а не только воспроизводить чужие, что, к сожалению, часто наблюдается в школе, когда учащемуся не представляется такая возможность, а подменяется воспроизведением заученного наизусть. К таким условиям, прежде всего можно отнести использование таких стимулов, которые бы вызывали у учащегося потребность «выразить себя». Это возможно при создании благоприятного психологического климата располагающего к высказываниям, доброжелательного отношения с учителем и в коллективе класса, заинтересованность в выполнении предложенных заданий, стремление выполнить эти задания хорошо.
  2. Речь всегда обращена к слушателю, адресована аудитории. Это означает, что мы всегда говорим с кем-то, для кого-то, чтобы высказать свое мнение, поделиться мыслями, убедить, доказать, спросить, попросить, и т д. Иными словами, речь должна носить обращенный характер. Эта характеристика тесно связана с предыдущей. Говорящий привлекает слушателей тогда, когда он выражает что-то свое, индивидуальное. Так, если учащийся рассказывает о своем любимом животном, да еще показывает фотографию или игрушку (Например, собаки ), он «создает» себе слушателя, и его речи приобретает обращенный характер. В задачу учителя входит давать такие задания, такие установки, исходя из конкретных условий группы, которые бы реализовали эти характеристики речи
  3. Речь всегда эмоционально окрашена, поскольку говорящий выражает свои мысли, чувства, отношение к тому, что он говорит. При обучении речи, начиная с первых высказываний, нужно, по возможности учитывать эту характеристику. Она также связана с предыдущими двумя. Если ученик говорит о своем, пусть теми же ограниченными языковыми средствами, то его речь будет эмоционально окрашена, она будет выражать его отношение к тому, что он говорит.

ДИАЛОГОН НЫХАСЫ РÆЗТЫЛ КУЫСТЫ ФÆРÆЗТÆ

Ныхасы рæзтыл кусгæйæ, нырыккон методикæйы сæйрагдæр домæнтæй иу у скъоладзауты диалогон ныхасыл ахуыр кæнын, уымæн æмæ адæмы æхсæн ахастдзинæдтæ фылдаæр арæзт цæуынц уыцы формæйы фæрцы.

Бирæ  мадзæлттæ  ис  диалогон  ныхасыл ахуыр кæнынæн. Фæлæ, æвзаг, куыд ахуыры предмет, афтæ хæстæгдæр у литературæмæ. Уымæ гæсгæ сæйрагдæрыл  нымайæм  æвзаг æмæ литературæйы урокты æмбастдзинад.

Диалогон ныхасы рæзтыл куыст аразын ахадгæдæр уыдзæн литературон уацмыстæй пайда кæнгæйæ.  Æвзарын хъæуы уæлдай цымыдисагдæр  диалогтæ. Зæгъæм,  6-æм къласы программæйы  ис Гæдиаты Цомахъы "Дыууæ дидинæджы". Ацы  уацмыс  æвзаргæйæ æнæмæнг  зæгъын хъæудзæн, диалогон уацмысы цы стыр ахадындзинад ис, уый тыххæй. Автор дыууæ  дидинæджы хуызы  равдыста ныхмæвæрд  адæймæгты.  Иуырдыгæй — хъал, зынæрвæссон, хиппæлой; иннæрдыгæй — адæмуарзон, уæздан, сыгъдæг уды хицау. Фыссæг дыууæ архайæгæн комкоммæха-рактеристикæтæ нæ дæтты. Контрасты хуызы уый рабæрæг вæййы диалоджы.  Архайджыты миниуджытæ  ирддæрæй  равдисынæн автор пайда кæны алыхуызон мадзæлттæй. Зæгъæм, сидæнтæй: "мæ хорз æмгар, мæ уарзон" — дзуры быдирон дидинæг; "æнæзонд", —хæххон дидинæг, хайыгæй йæ фæстæ æвæрд дзырдимæ: "гъе, уæууæй, гъе" (хæххон дидинæг); фразелогион дзырдбастæй: "мæ зæрдæйы дзæбæхæн" (хæххон дидинæг). Хъус ма æрдарын хъæудзæн текст аивгæнæн мадзæлттæм дæр.

Диалогæн биноныг анализ  скæнгæйæ,  скъоладзаутæ  æрцæудзысты ахæм хатдзæгмæ:  адæймагæн йæ ныхас  æвдисы йæ зондахаст, миддуне æмæ иумæйаг культурæ. Сæ хъуыды фæбæлвырддæр кæнынæн сын феххуыс уыдзысты ахæм æмбисæндтæ дæр: "Схъæл ныхас хъæдрæбыны дæр нæ фидауы", "Схъæл  дзырдæй  пайда нæй", дунетæй хуыздæр куы фестай, гъе уæддæр дæхи уд ма стау" (Къоста).

Адæймаджы хуыздæр миниуджытыл рагæй-æрæгмæ  нымад сты хиуылхæстæмæ уæздандзинад. Уæлдай ахадындзинад сын ис

диалогон ныхасы. Стыр куыст бакæнæн ис скъоладзауты ацы

миниуджытыл ахуыр кæнгæйæ 7-æм къласы "Кодзырты Таймураз",

зæгъгæ, уыцы  таурæгъмæ гæсгæ. Таурæгъы æвдыст æрцыд ахæм

цау. Быдираг æглдар йæ  фæсдзæуинтимæ хъалон исынмæ  бацыд

Санибайы Кодзырты Таймуразы  хæдзармæ.  Нæлгоймæгтæй бынаты кæй ничи уыд, уымæ  гæсгæ æлдар ныхас  кæны зæронд Дзиццаимæ, æлдар дзуры мæсты æмææвзыстæй:

  • Зæронд ус, ды ацы хæдзаæгн цы бавæййыс?
  • Æз дæн, мæ хур, сæ мад.
  • Уæдæ  ма  мын  зæгъ, дæ  фырттæ  кæмсты?
  • Тепсарыхъо  æмæ  Сæудженыхъо быдыры, Таймураз та — фыййау.
  • Нæ фæлæ кæд, чи зоны, мæнæй  бамбæхстысты?
  • Оххай,  мæ хур, уанцонæмбæхст нæу, лæгæй чи  бамбæхса,ахæм
  • Лæппутæ  мын не сты.
  • Цæй-ма, уæдæ æз чи дæн, уый ды зоныс,æви нæ?
  • Хорз дæ нæ  хъуыды кæнын, фæлæ уæддæр  мæ буц  уазæг дæ.

—        Уæдææз дæн уыцы æлдар, сымах хъалон кæмæн нæ фидут!
Ирон  сылгоймаджы  кад  дæлæмæ  не 'руадзгæйæ, Дзиццамæ  разынд  ахæм  ныфс  æмæ  хъару, æмæ йе знагимæдæр архайы  фæлмæн  дзурыныл: "мœ хур", "нæ буц æлдар", "дæ рын бахæрон", "дæ  фæхъхъау æрбауон", "мæ сыгъзæрин æлдар". Суанг ма йæм  æлдар марынæй  куы  æртхъирæн  кæны, уæддæр  Дзицца зæгъы:
"æз, мæ хур, мæлæтæй нæ тæрсын, мæнæн мæ царды хуыздæр  бонтæ  аивгъуыдтой".

Дурзæрдæ æлдармæ сылгоймаджы  лæгъстæтæ  нæ  бахъардтой.

Фæлæ  цалынмæ  ацы ныхас цыд,  уæдмæ  Тепсарыхъойы чызг Рекомы

Рагъыл  Таймуразмæ  схæццæ. Таймураз  фæдисы  рацыд æмæ сæмыггаг  фервæзын кодта  стыр  худинагæй: æлдарæн  Сæудженыхъойы усы акæнын йæ къухы нæ бафтыд. Чи зоны, ахæм цаутимæ баст сты мæнæ ацы æмбисæндтæ: "Дæмастæй хъуæма дæ зонд фæфылдæруа", "Сабыр ныхасмæ калм дæр хъусы", "Дзæбæх ныхасæй цы бакæнай, æвзæр ныхасæй уый нæ бакæндзынæ".

Ирон авзаджы урокты  сæрмагонд  куыст хъуамæ цæуа ныййарджытææмæ  сывæллæтты, сылгоймаг  æмæ  нæлгоймаджы, хистæрæмæкæстæры  æхсæн диалог аразыныæгъдæуттыл.Зæгъæм, 7-æм къласы программæйы Дзесты  Куыдзагджы  радзырд "Хорхæссæг"-ы  фæзминаг у фыд æмæ фырты æхсæн ныхас. Темсыр  æмæ  Доди æххормаг аз хор агурæг ацыдыстыфæсæфцæгмæ. Тæссаг æмæ зын  уавæрты  бахаугæйæ дæр бустæнæкæнынц разындысты быхсон,  кæрæдзимæ  дзурынц фæлмæн:

  • Цы фæдæ, Доди? Нæ баргъæвстæ?
  • Нырма мын ницы у, фæлæ...
  • Æмæ дын куы загътон, цæуылнæ мæм фæдзырдтай, фæсте куы баззадтæ, уæд? —
  • Мæн дæр куы амардтай  фыдæбонæй æмæдæхи дæр?
  • Æмæ  дæм  куы хъæр кодтон,  уæд та мын дзуапп  цæуылнæ  радтай? Дæкъæхтæ  нæ  басыдысты?
  • Нæ зонын...

Ацы ныхасæн  абарæн ис абоны цардæй ист диалогимæ:

  • Абе, мæ къона, цом цæхæрадонмæ, фæткъуыты згъæлæггæгтæ
  • æруидзæм, — загъта нана.
  • Мæн  ам  хъазын  фæнды, — дзуапп радта Абе.
  • Мæ къона, мæнæн иунæгæй мæ бон нæу.
  • Цæуылнæ?
  • Уымæн  æмæ  зæронд дæн  æмæмæ  бон гуыбыр кæнын нæу.
  • Нæ мæ фæнды, бауадз-ма мæ хъазын, — дзуапп та радта Абе.

Диалогтæм  байхъусгæйæ, скъоладзаутæ æнцонæй сбæрæг кæндзысты æрыгон архайджыты ныхасы  хицæндзинæдтæ. Ахæм куысты фæрцы скъоладзаутæ ахуыр кæнынц, сæ алыварс цы адæм ис, уыдонæн аргъ кæныныл.  Æнæмæнг,  фылдæр сæ  хъусдардзысты ныхасы аивдзинадмæдæр.

Зындгонд  куыд у, афтæмæй  диалоджы  æдзухдæр фæархайынц  Дзурæг æмæХъусæг. Уымæн  ахсджиаг сты, се 'хсæн  цавæрахастдзинæдтæ ис, уыдон.

Диалогон ныхасы рæзтыл кусгæйæ, иронæвзаджы  урокты  æнæмæнг  хъуамæ  хъус дард  цæуа ныхасы этикæмæ, ирон  адæмы  ныхасы  æгъдæуттæм.

Рагæй – æрæгмæ адæймаг хъуыды  кодта,  кæм  æмæ цавæр ныхас  зæгъын æмбæлы, ууыл.  Афтæмæй  нæм  æрхæццæ сты ирон ныхасы æгъдæуттæ:

хистæрмæ  хъусын, кæстæр хистæры  разæй  хъуамæ ма дзура,  дзырд  зæгъыны размæ лæмбынæг ахъуыды кæн æ. а. д. Ацы æгъдæуттæ  сæйрагдæрæххæстгонд цæуынц этикетон  диалоджы.  Этикетон  диалог та  арæзт вæййы ныхасы этикеты домæнтæмгæсгæ. Этикетон диалоджы æххæстгонд цæуынц ахæмкоммуникативон нысантæ: салам раттын æмæсаламдæттæгæн дзуапп раттын; базонгæ уæвын, хи бацамонын;

фæндараст зæгъын; арфæ ракæнын; бузныг зæгъын; хатыр ракурын.

Ныхасы æгъдæуттыл ахуыр кæнгæйæ парахатæй спайда кæнæн ис æмбисæндтæй. Зæгъæм, ахуыргæнæг  амоны, дзургæ  æмæ хъусгæ  чи кæны, уыдон хъуамæ сæ зæрдыл дарой бæлвырд фæтк.

Дзурæг: "Æнæ  дæ рады ма  дзур", "Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны фæтк нæй", "Зондджын лæг дзурынмæ  тагъд нæ кæны", "Хъуыддаграздæр  сбæлвырд  кæн, стæй, уый  фæстæ  дзур", "Хорз ныхас зæрдæйы дæгъæл у", "Буц ныхас — уазæгæн минас", "Алы хъуыддаг æмæ алыныхасæн дæр хъуамæ сæр уа" æ. а. д

Хъусæг: "Хистæр дзуры — кæстæр хъусы", "Зондджын лæг фылдæр хъусгæ кæны, къаддæр — дзургæ", "Дзургæ къаддагр — фылдæр хъусгæ", "Нарт æмвæнд, æмуынаффæ уыдысты: хистæры  дзырдмæкуыд хъуыстой, кæстæры дзырдмæ  дæр афтæ хъуыстой" æ. а. д.

Æмбисæндтæн сæ хъуыды бæстон æвзаргæйæ  скъоладзаутæ арфдæрбанкъардзысты ирон ныхасы этикет.

Æвæджиауы  æххуыс сты диалогон ныхасырæзтыл куыстæн Нарты Кадджытæ  æмæ ирон аргъæуттæ  дæр.  Ам  ахуыргæнæджы бон у ссарын алыхуызон æрмæг скъоладзауты этикетон диалогыл ахуыр кæнынæн:

салам дæттыны,  фæндараст  кæныны, хатыр ракурыны  формулæтæ æ. а. д.

Куыд уынæм, афтæмæй  дзыхæйдзургæ  сфæлдыстад æмæ аивадон литературæ  ахъаз сты скъоладзауты диалогон ныхасы рæзтыл куыстæн.

 Уыдонæй арæхстджынæй пайда кæнгæйæ  ахуыргæнæджы бон

бауыдзæн скъоладзауты айв æмæ уæздан ныхасыл сахуыр кæнын._ ■

Ирон  æвзаджы  урокты ма диалогон ныхасы рæзтыл кусгæйæ раттæн ис æндæр хæслæвæрдтæ  дæр. Зæгъæм, мæнæ ахæмтæ:

  1. Цавæр литературон уацмыстæй ист у ацы диалог? Æрдзурут,

литературон тексты диалогон цы ахадындзинад ис, ууыл.

Аслæнбег, Будзи, Хуысинæ  араст сты æмæ, кæм снысан кодтой,

уырдæм æрцыдысты. Уым сыл сæмбæлди сæ хæрзгæнæг æмæ сын арфæ ракодта:

—        Уæ  бонтæ  хорз, Бæтæйы фырттæ. Уæ сахат амондджын  уæд.

—        Ærac нæм цу, нæ  зынаргъ æмбал, — æмхуызонæй сдзырдтой

Асæнбегитæ.

—        Бахатыр кæнут, чысыл бафæстиат дæн, фæлæ  хъуыддаг йæхæдæг афтæ амыдта, — дзырдта хæрзгæнæг.

— Арфæ дын кæнæм.  Лæг йæ ныхасæн  хъуама  хицау уа.Лæгæн  хъуамæ уаКад  æмææгъдау  дæр.  Æппæтæй  хъахъхъагнинагдæрæмæ зындæр  дарæн у æууæнк, æмæ уыцы хæзнатæ сты  дæумæ.  Макуы  да  ацух  уæнт уыдон.

 (Санаты Уаримæ гæсгæ)

  1. Цавæр ныхасы уавæрты зæгъдзыстут: базонагн ис..., нæ зæгъдзынæ..., бафæрсæн ис?,æз дæ (уæ;)  нæ  бахъыгдардзынæн?, чи дзуры?, кæцæй фæдæ?,

ды та чи дæ?,æз та цы  аххосджын дæн? , дæ хорзæхæй, дзуапп  ратт..., цы дæ

 хъæуы?,  чи дæ?,  дæ мыггаг?, цы хабар у?,  цавæр хъуыддаджы  фæдыл æрбацыдтæ?, цы зæгъдзынæ?, цымæ чи уыдаид?, бар мын дæттыс?, исты ма зæгъдзынæ?

  1. Æнæдзургæ  мадзæлттæй пайда кæнгæйæ  равдисут ахæминформаци:

Ссардтон  раст дзуапп! Дæхимæ-ма мын кæс! Ницы хуызты.!Хæрзбон. Ардæм рауай.  Æппындæр мæ нæ фæнды. Мæнæ цы бакуыстон! Дызæрдыг кæнын. Æнхъæл нæ дæн. Нæ зонын. Уый та куыд? Цæй, цы уа, уый уæд.  Ардыгæй цæугæ кæн!  Загрдиаг арфæ дын кæнын. Мæнæ кæм ис! Æцæг зæгъыс? Ныууадз мæ!

4.        Равдисут, салам дæтгæйæ цы æнæдзургæ мадзæлттæй спайда
кæнæн ис, уыдон.  Зæгьут,  цавæр ныхасы  уæвæрты ис спайда  кæнæн.

5.        Бакæсут æмбисæндтæ уæхинымæр. Ахъуыды сын кæнут
сæ мидисыл. Рафыссут сæ, бацамонут логикон цавд, паузæ, стæй
хъæлæс хъæрдæр æмæ ныллæгдæр кæцы ран кæны, уый: Æвзаг
дур халы. Æвзаджы цæф нæ дзæбагх кæны. Дзырд дзырд сайы.
Дæхинымæры цы дзурыс, уымæн ды дæ тæрхонгæнæг, æргом
кæй зæгъыс, уымæн та адæм. Зæрдæйы дуар — дзых. Зæрдæйы
дуар дзых у, дзурынмæ куы арæхса, уæд. Æвзаджы даргъæй
дзыккуйы даргь хуыздагр у. Дзых рæдыди, æмæ сæры цавтой.
Æвзаг— даргь, зонд — цыбыр. Дзæгъæлдзыхæн — фыццаг цæф.
Æвзагæн — æхсызгон, зæрдæйæн — хъыг. Хъыгыл дзырд —
мастыл дзырд. Адæймаг йæ ныхасæн хицау куы нæ уа, уæд æм
хорзмææнхъæлмæ ма кæс. Дзурæгмæ лæмбынæг байхъусын
дæр куыст у. Стыр ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы.

Хъæрæй бакæсут æмбисæндтæ, интонацимæ уæ хъус дарут, афтæмæй. Æрныхас кæнут æмбисæндты мидисыл.

  1. Æрныхас кæнут, нывгæнджытææнæдзургæ мадзæлттæй куыд пайда кæнынц адæймаджы удыхъагд  æмæ равг  равдисынæн, ууыл. Уæ уарзондæр нывмæ  гæсгæ бацæттæ кæнут раныхас "Æнæдзургæмадзæлтты ахадындзинад дзургæ ныхасы'.

Æрдзурут, цавæр ныхасы уавæры (чи, кæмæн, цæй тыххæй, кæм, кæд) ис спайда кæнæн ацы арфæтæй: дæ лæгдзинадан фесæфæн  ма уæд, дæ  лæгдзинады  кой  адæмыл айхъуысæд, дæ  лæппу дæхи фæндиаг бахъомыл уæд, "дæ  мидбылты фæрнæй худ, дæ намысæй Ирыстон  дæр намысджын  уæд,  дæ  мыггаджы  фарн  дæ уæд, дæ ноггуырд байрæзæд, дæ  ныййарджытæ  дæ  хурæй æфсæст  уæнт,  дæрайгуырæн  бон фарны бон фæуæд,  дæ рынчын  адзæбæх  уæд, дæ сывæллæтты номæй сæрыстырзæ  фæцу, дæ  фыдæбоныл  фæсмон  макуы  фæкæн, дæ фынгæй — бузныг, дæ  хæдзарыл  дзæбæхæй  сæмбæл, де 'хсæв — дæхи  фæндиаг, дунейы хæрзтæ  дыл  æрцæуæнт, уæ иронæгьдау  макуы  фесафут,  уæ  Ирыстонæй амонды  къах  авæрут, уæ  кад  сæрыстырæй  фæхæссут,  уæ  развæндаг лæгъз уæд, уæ  тыллæгæй  куывдтæ  фæкæнут,  кæрæдзи  уарзгæйæ  цæрут, кады гæххæтт дыл  сæмбæлæд,  Лæгтыдзуар  дын  арфæ  ракæнæд,  мæ бирæ фыдæбæттæ  уын — хæлар,  дæ  ракуывд  фидар  уæд,  дæ  фæндагæй райгонд у,  де 'мбæлттимæ  амондджынæй  цæр,  масты  фæдыл макуы  ацу, лæггад кæныныл  дæхи макуы атигъ  кæн,  уæ  бæрæгбон  уæхи  фæндиаг,  уæ  ирон æвзагæй  булæмæргъау  фæзарут,  уæИрыстон  уæ  сæрыстыр  уæд, нæ Ирыстонмæ  фарны  къах  æрбавæрут, уæ  лæвар — бирæ,  уæ  лæггадæй — стыр  бузныг, уæ  ныфс макуы  æсæттæ д, уæ  лæппу стыр  лæг суæд, уæ кæстæрты  амондæй  бафсæдут,  уæ зæрдæтæ  рухс  уæнт,  уæ  бæллицтæ сæххæст  уæнт, кады ном ссар, кады  хъуыддæгтæ  кæн.

8.  Саразут  хъазт "- Æнæдзургæ кино":æнæдзургæ  мадзæлтты  фæрцы де 'мбалимæ   равдис диалог.  Уе 'мбæлттæ  уæ  куыд  бамбæрстой,  уый  сбæлвырд кæнут.

9.  Бацæттæ  кæнут  хъусынгæнинаг "Цы у интонаци?"  Уæ  раныхасы спайда  кæнут  фысджыты,  лингвисты, зындгонд  адæймæгты раныхæстæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы темæ: Зымæджы нывтæ. Грамматикон темæ: Ныхасы хæйттæ. 3 къласс

Конспект урока по родному языку. По учебнику «Ирон æвзаг» 3  кълас   Дзампаты Лариса.      Ныхасы  темæ:  Зымæджы нывтæ.   Грамматикон тем...

Ныхасы рæзтыл куыст. Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Дзуархæссæг»-мæ гæсгæ.

Описание картины Шалвы Бедоева "Несение креста"...