Ныхасы рæзтыл куыст. Нывæцæнмæ цæттæгæнæн урок Аркадий Пластовы ныв «Фыццаг мит»-мæ гæсгæ 5-æм къласы
план-конспект урока (5 класс)
Сочинение по картине Аркадия Пластова " Первый снег".
Скачать:
Предварительный просмотр:
Ныхасы рæзтыл куыст
Нывæцæнмæ цæттæгæнæн урок
Аркадий Пластовы ныв «Фыццаг мит»
5-æм кълас
Ахуыргæнæг Бырнацты Т.Т.
Урочы нысантæ:
Ахуырадон: ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; нывмæ гæсгæ дзурын нывы сюжет æмæ хи æнкъарæнты тыххæй; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын; рацыд лексикон æмæ грамматикон æрмæгæй (номдарты тасындзæг, модалон конструкцитæ) дзургæ æмæ фысгæ ныхасы пайда кæнын; дзырдтæ-клишетæй пайда кæнын баст текст аразгæйæ; æххæст æмæ æлвæст хъуыдытæ дзурын.
Хъомыладон: скъоладзауты аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.
Райрæзтон: ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; скъоладзауты хъуыдыкæнынад уæрæхдæр кæнын; хатдзæгтæ кæнын.
Куысты хуызтæ: дзырдуатон куыст; лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл куыст.
Урочы фæлгонц:
Аркадий Пластовы къам, ныв «Фыццаг мит» æмæ иннæ нывтæ, Вивальдийы музыкæ «Афæдзы афонтæ («Зымæг»)».
Урочы методикон рацарæзт:
1.Бацæттæгæнæн хай.
2.Индикатор. Хъуысы Вивальдийы музыкæ «Зымæг». Ахуыргæнæг фæрсы скъоладзауты , цавæр æнкъарæнтæ гуырын кæны ацы музыкæ, цавæр ассоциацитæ. Ацы музыкæйы циндзинад ис?
Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ (мит, зымæгон хъæд ,рæсугъд æрдз…)
(Ахуыргæнæг æвдисы Аркадий Пластовы къам, йæ нывтæ музыкæйы фоныл)
3. Дзырдбæстытæй саразын нывгæнæджы тыххæй цыбыр текст,
номдарты кæрæттæ раст æвæргæйæ.
Номдзыд уырыссаг нывгæнæг;19-æм æнус; хуымæтæг зæхкусæджы хæдзар; фæхæццæ ис уыцы курдиат; Мæскуыйы нывкæнынады училище; æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ; нывты сæйраг тематикæ ;хуымæтæг адæм; хъæуккаг царды нывтæ.
Аркадий Пластов у номдзыд уырыссаг нывгæнæг. Райгуырдис 19-æм æнусы хъæу Прислонихæйы хуымæтæг зæхкусæджы хæдзары. Йæ фыды фыд уыдис нывгæнæг. Лæппумæ дæр фæхæццæ ис уыцы курдиат.Нывгæнæджы дæсныйадыл ахуыр кодта Мæскуыйы нывкæнынады училищейы. Ахуыры фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Пластовы нывты сæйраг тематикæ у æрдз, хуымæтæг адæм, хъæуккаг царды нывтæ. (Ахуыргæнæг æвдисы Аркадий Пластовы къам, йæ нывтæ музыкæйы фоныл)
4. Хъуыдыкæнынад.
Ахуыргæнæг: Цæмæй нывæн æрфыст саразæм, уый тыххæй нæ хъæуы ног дзырдтæ æмæ æххуысгæнæг дзырдтыл бакусын.
Дзырдуатон куыст:
а ) скъоладзаутæ кæсынц дзырдбæстытæ, агурынц сæ къæйттæ(тæлмац)
- рог миты гæлæбутæ– деревянный дом
- хауынц арвæй – на крыльце дома
- æмбæрзт сты– радуются
- хъæдын хæдзар– на ветке берёзы
- къабузджын бæлас– зимняя одежда
- бæрз бæласы къалиуыл – ходит по снегу
- хъæлдзæг гæркъæраг– весёлая сорока
- цъæх халон – серая ворона
- рацу-бацу кæны митыл– лёгкие снежинки
- хъарм кæлмæрзæн – тёплый платок
- зымæгон дарæс – ветвистое дерево
- цин кæнынц – покрыты
- хæдзары къæсæрыл– падают с неба
б ) скъоладзаутæ аразынц семæ хъуыдыйæдтæ нывмæ гæсгæ,номдарты кæрæттæ раст æвæргæйæ. (Нывимæ кусгæйæ, сфæлхат кæнын хъæуы рацыд грамматикон æмæ лексикон æрмæг: номдарты тасындзæг; модалон конструкцитæ).
клише: нывы раззаг пъланы; нывы фæстаг пъланы; æвдыст цæуы; ирд æмæ тар ахорæнтæй; мæ зæрдæмæ фæцыд ( нæ) ныв.
5. Физминуткæ
6. Фарстытæн дзуаппытæ раттын:
- Кæй у ацы ныв? Куыд хуыйны?
- Чи у Аркадий Пластов? Цавæр нывтæ кодта?
- Цавæр афæдзы афон æвдыст цæуы нывы?
- Кæцæй хауынц рог миты гæлæбутæ?
- Цы æрæмбæрзта мит?
- Цы уынæм нывы раззаг пъланы?
- Цы ис хæдзары размæ?
- Цы бады бæласы къалиуыл?
- Кæм рацу- бацу кæны халон?
- Кæм лæууынц сабитæ?
- Цы ис чызгыл? Цы ис лæппуйыл?
- Кæдæм кæсынц уыдон?
- Цæуыл цин кæнынц сабитæ?
- Цавæр ахорæнтæй фыст у ныв? Фылдæр дзы цавæр ахорæнтæ ис?
- Уæ зæрдæмæ фæцыдис (нæ) ныв? Цæмæй?
7. Пълан саразын. Ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн пълан саразынæн.
Пълан:
- Нывгæнæг А.Пластов.
- Нывы сæйраг темæ.
- Нывы раззаг пълан (зæронд хъæдын хæдзар,бæрз бæлас,гæркъæраг,халон)
- Сабиты æрфыст.
- Нывы фæстаг пълан.
- Нывы ахорæнтæ.
- Эмоционалон æнкъарæнтæ.
8. Баст текст саразын. Скъоладзаутæ архайынц пъланмæ гæсгæ баст текст дзурыныл.
Аркадий Пластов. «Фыццаг мит»
Аркадий Пластов у номдзыд уырыссаг нывгæнæг. Ныв кодта æрдз, хуымæтæг адæм, хъæуккаг царды нывтæ.
Ацы ныв у А.Пластовы ныв. Хуыйны«Фыццаг мит». Нывы æвдыст цæуы зымæг.Рог миты гæлæбутæ хауынц арвæй. Мит æрæмбæрзта хæдзæртты сæртæ,бæлæстæ æмæ зæхх. Раззаг пъланы мах уынæм зæронд хъæдын хæдзар.Хæдзары къæсæрыл лæууынц сабитæ.Уыдон кæсынц арвмæ æмæ цин кæнынц митыл. Чызгыл ис тæнæг къаба, хъарм кæлмæрзæн æмæ цырыхъхъытæ.Лæппуйы уæлæ ис хъарм пъалто æмæ худ.Хæдзары размæ лæууы бæрзонд бæрз бæлас.Йæ къалиуыл бады хъæлдзæг гæркъæраг.Бæласы бын митыл рацу-бацу кæны цъæх халон. Нывы фæстаг пъланы зынынц хъæдын хæдзæрттæ,лæппу дзоныгъыл æмæ бæх.
Ныв фыст у тар æмæ ирд ахорæнтæй.Фылдæр дзы ис урс, сау æмæ морæ ахорæнтæ. Мæ зæрдæмæ фæцыдис ныв: у рæсугъд æмæ цардхуыз.
9. Кæронбæттæн. Рефлекси. Ахуырдзаутæ дзурынц, ногæй цы базыдтой, цымыдисаг сæм цы фæкаст урочы, кусгæйæ цы зындзинæдтыл сæмбæлдысты, сæ зæрдæмæ цы фæцыдис (цы нæ фæцыдис), уый тыххæй.
10. Х/куыст: ног дзырдтæ сахуыр кæнын, пъланмæ гæсгæ ныффыссын нывæцæн, лæмæгъдæр цы скъоладзаутæ сты, уыдон цыбыр дзуæппытæ фæрстытæн.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Доклад "Скъоладзауты эстетикон рæзтыл куыст ирон литературæйы урокты».
Доклад о пословицах....
Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."
Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...
Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»
Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...
Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...
Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...
Ныхасы рæзтыл куыст. Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Дзуархæссæг»-мæ гæсгæ.
Описание картины Шалвы Бедоева "Несение креста"...
Картина «Летом» Аркадия Пластова
Картина «Летом» Аркадия Пластова...