Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ
материал (9 класс)
Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ
Скачать:
Предварительный просмотр:
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 6-æм къласы
Темæ: Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
Ахуыргæнæджы куысты нысантæ | Бацæттæ кæнын сывæллæтты тексты мидис æмбарынмæ, текстæн анализ кæнынмæ |
Урочы тип | Урок- дискусси |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: Тексты мидис райхалын темæйыл æнцойгæнгæйæ
Метапредметон: Арæхсын геройты архайдæн, ныхасæн аргъ кæнынмæ.
Удгоймагон: Æцæг хæлардзинады æууæлтæ бæрæг кæнынмæ арæхсын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæныныл архайын.
|
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, хъазты формæ, къæйттæй архайды метод |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ (ресурстæ): | Мольберттæ, ахорæнтæ |
Техникон фæрæзтæ | компьютерон презентаци |
Цæстуынгæ æрмæг | скъуыддзæгтæ текстæй, карточкæтæ хъуыдыйæдтимæ, къордты нæмттæ: æмбал, æрдхорд, хæлар, лымæн, æмгар |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд |
Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци
Зонындзинæдты актуализаци
| Дзуры цау: - Вьетнамы хæсты рæстæг иу чысыл хъæуы сидзæр сывæллæтты хæдзарыл сæмбæлд сармадзан. Миссионертæ иууылдæр, стæй цæрджытæй бирæтæ фæмардысты. Цалдæр сывæллоны та цæф фесты. Уыдоны æхсæн уыд иу астаздзыд чызг. Æххуысмæ сæм фæзындысты иу америкаг дохтыр æмæ медицинон хо. Цæфты федтой, æмæ чызгæн æнæмæнг хъуыд операци, науæд ын тæссаг уыд мæлæтæй. Хъуыд донор туг раттынæн. Хистæрты æхсæн иуæн дæр хъæугæ туг нæ разынд. Донæрæн бæзгæ уыд сывæллæттæй цалдæры туг. Дохтыр вьетнаймаг æвзаг нæ зыдта. Куыддæрты бамбарын кодтой тарст сывæллæттæн уавæр æмæ сæ бафарстой, туг раттыныл разы чи у, уымæй. Сывæллæттæ иууылдæр ныхъхъус сты. Уæд се 'ппæты æхсæнæй иу гыццыл къух ризгæйæ сзынд, фæстæмæ æвиппайды амбæхст, фæлæ та ногæй фидарæй разынд. Къух чи сдардта, уыцы лæппуйы ном хуынд Хань. Ханы æрхуыссын кодтой, спиртæй йын йæ цонг асæрфтой, судзин тугдадзины бакодтой… Хань æнцад æнæдзургæйæ хуыссыд. Уалынмæ райхъуыст йæ мынæг куыд. - Риссы, Хань? – бафарста йæ дохтыр. Дæппу, нагъ, зæгъгæ, йæ сæр батылдта йæ кæуын тыххæй уромгæйæ. Йæ цæстытæ ныхгæдта, йæ уæгъд тымбыл къух та йæ дзыхы бакодта, цæмæй йæ кæуын урæдтаид, уый тыххæй. Дохтыр стыхст лæппуйы уавæрмæ кæсгæйæ. Уыцы рæстæг фæзынд вьетнаймаг медицинон хо. Лæппуйы тухæнтæ фенгæйæ йæ сæхи æвзагыл цæмæйдæр афарста. Байхъуыста йæм æмæ йын цыдæр фæлмæн ныхæстæ акодта. Хань йæ кæуынæй фенцад æмæ æдзынæг каст ветнаймаг медицинон хомæ. Уый йын йæ сæрæй ацамыдта, æмæ Хань æнцойы улæфт скодта. Медицинон хо америкаг дохтырæн бамбарын кодта, лæппу афтæ æнхъæл кæй уыдис, æмæ йæ йæ туг иууылдæр раттын хъæуы, цæмæй чызг цæра, уый тыххæй. Дисгæнгæ бафарстой америкаг дохтыртæ: - Ау, æмæ уæд цæмæн сразы? Вьетнаймаг медицинон хо, уыцы фарст радта Ханьмæ. Лæппу сын радта хуымæтæг, цыбыр дзуапп: - Мах æмбæлттæ стæм!
Фæрсы скъоладзауты: - Чи уыдысты Хань æмæ чызг кæрæдзийæн?
- Цавæр дзырдтæй у нæ бон саргъ кæнын Ханы хæлардзинадæн?
Равзарут синонимтæ дзырд æмбал-мæ.
Аргъ кæны сывæллæтты дзуаппытæн.
Ахуыргæнæг хæс дæтты: - Спайда кæнут лæвæрд эпитеттæй, уæ фарсмæ чи бады, уыцы æмбалæн хуыздæр характеристикæ кæцыйæ раттæн ис, уый равзаргæйæ. Уыцы дзырдтæй спайдагæнгæйæ баххæст кæнут уæ разы карточкæтыл фыст хъуыдыйæдтæ. Дзырдтæ спайда кæнынæн: Æцæг, æууæнкджын, æнувыд, аудаг, æнæфæсайгæ, иузæрдион, хæларзæрдæ, зондджын, хъæлдзæг, лæмбынæг, цымыдисаг, æргом, æргомзæрдæ, æнæхин, бæрнон, тæмæнкалгæ, зæрдæмæдзæугæ. Хъуыдыйæдтæ: Ме 'мбал у …. Æппæты … у мæ хæлар. Ме 'рдхордимæ кæрæдзиуыл стæм…. Цыфæнды уавæры дæр ме 'мбал у…. Тыхст рæстæг мæ ныфс мæ … хæларæй фæхæссын.
- Ныр та уæ алкæцы къай дæр айсæд нæ синонимон рæнхъæй иу дзырд йæхицæн йæ хæлардзинады æвдисæндарæн, уыцы дзырды нысаниуæгмæ гæсгæ араздзыстут уæ архайд урочы (къæйттæн бæрæг кæнын нæмттæ) Фæрсы скъоладзауты: - Цавæр темæйыл дзурдзыстæм абон урочы?
Цавæр проблемæтæ ис рахалæн æмбæлтты тыххæй ныхасгæнгæйæ?
Æвдисы слайдыл урочы темæ æмæ фарстытæ: Цæвæр вæййы æцæг æмбал? Цавæр аргъ кæнынц æмбæлттæ кæрæдзийæн? Цавæр уавæрты рабæрæг вæййы æцæг æмбал?
Тексты скъуыддзæгтимæ куыст. - Ацы фарстытæн цæмæй дзуапп раттæм, уымæн нын баххуыс кæндзысты, хæдзармæ цы скъуыддзæгтимæ базонгæ стут, уыдон. Скъуыддзæгтимæ кусгæйæ хъæуы иттæг лæмбынæг архайын, уымæн æмæ нæ разы ис ноджыдæр иу вазыгджын хæс: бабæттын скъуыддзæгтæ кæрæдзиуыл, цæмæй сæ рауайа æххæст текст.
| Хъусынц цаумæ
Дзуапп: æмбæлттæ
Дзуапп: æцæг, хорз, узæлаг, æнувыд Дзуапп: æмбал, æрдхорд, хæлар, лымæн, æмгар
Дыууæ скъоладзауы этимологион дзырдуаты бындурыл æмбарын кæнынц дзырдтæ: æмбал æмæ æрдхорды равзæрд.
Æмбал – спутник, товарищ. Дзырд æмбалы этимологимæ куы æркæсæм, уæд арæзт у афтæ: рагон ирайнаг æвзагæй ист разæфтуан ham, ома æm + bal (къорд, бал), ардыгæй арæзт дзырдтæ: балц, балхон, ома хæстон балцы цæуæг. Ацы дзырд йæ арæзтмæ гæсгæ хæстæг лæууы уырыссаг дзырд «со+ратник»-мæ. Аланты заман ацы дзырдæй пайда кодтой, куыд сæрмагонд номдар, уыдис адæймаджы ном. Абон æмбæлттæ хонынц, хæларæй чи цæры, уыдоны.
Æрдхорд- ард+хæрын, ома «связанный клятвой», названный брат. Æрдхæрдтыл нымад уыдысты, ард-иу чи бахордта, æцæг сыгъдæг æмбалдзинады тыххæй, суанг сæ амæлæты бонмæ дæр, ахæм дыууæ нæлгоймаджы. Абайты Васомæ гæсгæ ард та хордтой афтæ: сызгъæрин, кæнæ æвзист дзаума-иу нывæрдтой кувæн къусы, æмæ-иу дзы фидæны æрдхæрдтæ дыууæйæ дæр бануæзтой. Абон æрдхæрдтыл нымад сты, æнгом хæлардзинад кæй æхсæн ис, ахæм нæлгоймæгтæ.
Хъуыдыйæдтæ æххæст кæнынц эпитеттæй, дæттынц сæ ахуыргæнæгмæ.
Йæ ном алчидæр бæрæг ран йæ размæ йæ æвæры.
Дзуапп: - Темæ: æмбал, æрдхорд, хæлар…
- Æмбæлттæ цавæр вæййынц, ууыл
Хъусынц ахуыргæнæджы амындмæ. Цæттæ кæнынц сæхи лæмбынæг куыстмæ. | Зонадон: æрмæгæй хъæугæ информаци исын зонын
Коммуникативон: арæхсын æрмæгæй пайда кæнынмæ урочы темæ æргомгæнгæйæ
Удгоймагон: хæлардзинадæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын
|
Зонындзинæдтæй пайда кæныны этап | Дзырдуатон куыст: Ахуыргæнæг дæтты тест алы къордæн дæр слайдыл. Къордтæй адкæцыдæр æххæст кæны йæхи тест. 1-аг хаймæ гæсгæ (3-аг къорды тест) 1. Колхозы скъæты фарсмæ уыд а) цатыр æ) мусонг б) халагъуд
2. Мусонг ссыгъд а) изæрдалынгты æ) боныцъæхты б) изæрмилты
3. Цалынмæ Бесæ дыккаг бедра хастаид, уæдмæ а) арт йæ куыст бакæндзæн æ) арт йæ хъуыддаг сараздзæн б) арт йæ фæндон сæххæст кæндзæн
4. Малхаз рæстдзинад зæгъынмæ а) йæ ныфс нал æвæрдта æ) йæ ныфс нал хаста б) йæ ныфс нал æвдыста
2-аг хаймæ гæсгæ (4-æм къорды тест) 1. Малхазыл йæ фыды фыд цæмæй ма а) гуырысхо кодтаид æ) æнæууæнк кодтаид б) дызæрдыг кодтаид
2. Малхаз йæхи фæлитойы бынаты нæ сæвæрдтаид а) скъоладзау уæвгæйæ æ) ногдзау уæвгæйæ б) кæстæр уæвгæйæ
3. Цалынмæ арт хуыссын кодтой, уæдмæ Малхазы а) æфсон райгуырд æ) æфсон сирвæзт б) æфсон сцæттæ
4. Малхазы сæры алыхуызон хъуыдытæ а) кæрæдзийы сырдтой æ) кæрæдзийы ивтон б) кæрæдзийы æййæфтой
3-аг хаймæ гæсгæ (1-аг къорды тест) 1. Офицерты къорды кæстæр æфсæддон цин а) майор æ) булкъон б) лейтенант
2. Тæрхоны уынаффæ рогдæрæй баивыны хъуыддаг а) репресси æ) депортаци б) амнисти
3. Зæронд лæджы хуыссæнтæ æмæ дзаумæттæ а) арты хай баисты æ) арты дзыхы бахаудтой б) арты цæхæрæй басыгъдысты
4. Дзигула фырмæстæй а) пилон калдта æ) маст калдта б) цæхæртæ калдта
4-æм хаймæ гæсгæ (5-æм къорды тест) 1. Дзигула у хъæлдзæг ныхасгæнæг æмæ а) цыргъæвзаг адæймаг æ) цыргъзонд адæймаг б) цыргъныхас адæймаг
2. Дзигулайы сыгъды хъуыддаджы кæнынц а) азымджын æ) аххосджын б) зылынджын
3. Малхаз тæрсы йæ фыдæй а) йе рагъыл æрцæуынæй æ) йе рагъæй гæрзытæ рауадзынæй б) йе рагъы цъар айсынæй
4. Малхаз йе 'рдхордæн уайдзæф кæны: а) мæнгардæй мыл уæлахиз кæныс æ) мæнгардæй мыл тых кæныс б) мæнгардæй мыл рацæуынмæ хъавыс 5-æм хаймæ гæсгæ (2-аг къорды тест) 1. Закъонæй сæйраг аххосджынгæнæг а) нотариус æ) адвокат б) прокурор
2. Бесæ йæхи æруагъта а) тъахтиныл æ) къæлæтджыныл б) сынтæгыл
3. Виктор ард куы нæ бахордтаид, уæд а) фæстæмæ дæр нæ раздæхтаид æ) фæстæмæ дæр нæ фæкастаид б) фæстæмæ дæр нæ разылдаид
4. Викторæн Дзигулайыл мæтгæнгæйæ йæ а) цæстытæ донæй айдзаг сты æ) цæстытæ ныссырх сты б) цæстытæ ныххуылыдз сты
Æххæст кæны сывæллæтты дзуаппытæ Кæны хатдзæг: - Автор тынг парахатæй спайда кодта фразеологион дзырдбастытæй. Уацмысы æвзаг у хъæздыг æндæр аивадон фæрæзтæй дæр. Рахизын скъуыддзæгты анализмæ. - Тексты скъуыддзæгты мидис халгæйæ бакæндзыстæм сфæлдыстадон куыст. Ис нæм дыууæ нывгæнæджы, уыдон цы æнкъарæнтæ нæм æвзæра, уыдон нын мольберттыл æвдисдзысты алыхуызон ахорæнтæй, афтæмæй сараздзыстæм фæлгонцтæ. - Тексты анализ кæрæдзи фарстытыл æнцойгæнгæйæ(мозговой штурм) - Алы къорд дæр бацæттæ колта, йе скъуыддзагимæ базонгæ уæвгæйæ йын цы информации нæ фаг кодта, уый базонынæн фарст иннæ къордтæм.
Сывæллæтты диалогмæ йæ хъус дары, æххæст сын кæны сæ дзуаппытæ, аразы сæ текстæй пайда кæнынмæ.
- Бацархайæм тексты хæйттæ кæрæдзийы фæдыл равæрыныл. - Кæцы къордмæ ис 1-аг, 2-аг… сæргæндтæ. Спайда кæнут фæйнæгыл равдыст пъланæй: 1. Мусонг ссыгъд æмæ йæ хуыссын кæнынц. 2. Хъуыддаг афтæ рауад, Малхаз тамако кæй дымдта, уый аххосæй. 3. Бег кусы, мусонг чи басыгъта, уый сбæрæг кæныныл. 4. Малхаз Викторæн радзырдта æцæгдзинад. 5. Рæстдзинад раргом. Дæтты, уацау цы у, уый æмбарынад. Уацау (повесть) – прозаикон уацмыс, асæй роман æмæ радзырды æхсæн. Архæйдтытæ дзы æвдыст цæуынц кæрæдзи фæдыл, баст сты царды æцæгдзинадимæ. Физминуткæ Тагъддзуринæгтæ æмбалдзинады тыххæй. Гъакон-макъон къахвæндаг, Иумæ балцы цом! Фенæм цъити, тархъæдтæ Ноджы фенæм ком. Фенæм хохы айнæгæй Фæтæхгæ цæргæс. Фенæм, чи у арвы бын Саумигъæн сæ гæс. Рауай, фенæм ноджыдæр Нарты хъазæн фæз. Демæ уадау згъордзынæн Алкæдæмдæр æз. (Баситы Мысост)
Фæлгонцтыл куыст - Цавæр архайджытимæ сæмбæлдыстæм тексты? - Чи сты сæйраг архайджытæ ацы уацауы?
- Кæцы бынæтты æмбæлæм Виктор æмæ Малхазы фæлгонцты характеристикæйыл.
- Кæрæдзийæн цы аргъ кæнынц, уый та кæцы бынæтты æвдыст æрцыд? Фæйнæгыл лæвæрд цæуы цалдæр æмбисонды алы æвзæгтыл. - Равзарут, ацы æмбисæндтæй Виктор æмæ Малхазы хæлардзинадмæ кæцытæ сты хæстæгдæр, уыдон. "My friends are my estate." Мои друзья - мое богатство.
Æмбал ныфс у.
Алцæмæй æххæст æмгар чи агуры, уый æнæ æмгар зайы.
Друг за друга держаться - ничего не бояться. - Сымах та ма сæм цавæр æмбисæндтæ бафтауиккат? - Цавæр темæ раргом кодта Мамсыраты Дæбе йæ уацауы? - Бацархайæм сæргонд раттын ацы уацауæн. - Автор та йын цавæр сæргонд радта? - Цæмæ схуыдта Дæбе йæ радзырд æрдхорд? | Дзуапп дæттынц тесты фарстытæн радыгай.
Тексты скъуыддзæгтимæ кусынц.
Дæттынц фарстытæ кæрæдзимæ фыццаг къордæй райдайгæйæ: 1-аг къорд 3-аг сæргонды бындурыл: - Кæй аххосæй дызæрдыг кæны Бег Дзигулайыл?
2-аг къорд (5-æм сæргондмæ гæсгæ) - Куыд басыгъта Малхаз мусонг?
3-аг къорд ( 1-аг скъуыддзаджы бындурыл) - Малхазы гæды ныхас раргом?
4-æм къорд (2-аг сæргонды бындурыл) - Виктор кæд æцæгдзинад базыдта, уæд цы загъта Малхазæн?
5-æм къорд ( 4-æм сæргонды бындурыл) - Схъæр кодта Виктор Малхазы сусæгдзинад?
Дзуаппытæ дæттынц радыгай, пайда кæнынц æвзаргæ кастæй дæр.
Фæлгонцты кой кæм æмбæлы, уым нывыл ахорæнтæй æвдисынц æнкъарæнтæ, характеристикæ.
Æрмæгмæ лæмбынæг хъусынц.
Архайынц тагъддзуринаг дзурыныл тагъдæй-тагъддæр.
Нымайынц уацауы архайджыты нæмттæ.
Малхаз æмæ Виктор. Æвзаргæ каст. Кæсынц, Викторы æмæ Малхазы фæлгонцтæ кæм бæрæг кæнынц, уыцы бынæттæ текстæй. Алы скъуыддзаджы бындурыл дæр нывмæ æфтауынц ахорæнтæ. Нывгæнджытæ лæууынц мольберты цур. Æвзаргæ каст.
Кæсынц æмбисæндтæ, æмбарын сын кæнынц сæ мидис, бæттынц сæ Малхаз æмæ Викторы ахастдзинæдтимæ.
Æххæст сæ кæнынц, сæхæдæг кæй зонынц, уыцы æмбисæндтæй.
Æмбалдзинады темæ. Дзурынц сæргæндты варианттæ. Чиныджы бæрæг кæнынц 234-æм фарсыл. | Зонадон: зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын
Коммуникативон: арæхсын тексты бындурыл фарстытæ сбæрæг кæнынмæ, хъæугæ информаци тексты сбæрæг кæнынмæ Удгоймагон: хæлардзинады миниуджытæн аргъ кæнын, фæзминаг æмæ фауинаг миниуджытæ иртасын . |
Рефлекси. Урочы хатдзæгтæ
| - Нæ бон у Малхаз æмæ Викторы æрдхæрдтæ схонын? - Æрбакæсæм - ма, Малхаз æмæ Викторæн ахорæнтæй аргъ кæнгæйæ цы нывтæ сарæзтам, уыдонмæ. - Нæ ныв рауад нывкæнынады аивады стильтæй иуы, хуыйны экспрессионизм. Ахæм нывы нывгæнæг ратты эмоционалон (æнкъарæнджын) характеристикæ фæлгонцтæн, уавæртæн. - Цавæр эмоционалон характеристикæ радтам мах та нæ нывы уацауы сæйраг архайджытæн? - Куыд уæм кæсы, Виктор æмæ Малхазы фæлгонцтæ кæрæдзимæ дард сты æви хæстæг? Ахæм дыууæ фæлгонцæн хæлæрттæ уæвæн ис? - Ахæм дыууæ æмбалы, Хань цы уавæры бахауд, уым куыд равдыстаиккой сæхи? - Темæмæ здахы: - Зæгъут уæ хъуыдытæ, Виктор æмæ Малхазы æхсæн æцæг хæлардзинад ис æви мæнгарддзинад? | Нывтæн аргъ кæнынц, дзурынц, фылдæр цавæр ахорæнтæй пайдагонд æрцыд, ууыл. Цавæр аргъ кæнынц уыцы хуызтæ архайджытæй алкæмæн дæр.
Дыууæ нывы иумæ сфидаудзысты æви нæ, уый бæрæг кæнынц.
Дзурынц хъуыдытæ, фидар сæ кæнынц аргументтæй. |
|
Хæдзармæ куыст. | Раттын дзуапп фарстытæн текст æнæхъæнæй бакæсгæйæ. - Бамбæрстой кæрæдзи Виктор æмæ Малхаз ацы цауты фæстæ? Кæм фæрæдыди Виктор? | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
|
И.О.директора Кусова Л.Т.
\
Анализ урока в соответствии с требованиями ФГОС НОО
Дата: 16.10.2021 г.
Учитель: Газзаева Р.Ш.
Класс: 6
Количество учащихся в классе: 23 чел.
Место урока в учебном плане (программе) 3 четверть.
Тема урока: «Хæлардзинад æви мæнгарддзинад Ммсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ».
Тип урока: урок комплексного применения знаний и умений (урок –закрепление).
Дидактические задачи урока: обеспечение осознания и усвоения понятий, закономерностей: усвоение - понимание – запоминание, правильное воспроизведение.
Цели урока (образовательная, воспитательная, развивающая):
образовательные: 1 расширять кругозор детей; формировать ключевые компетентности школьников: ценностно-смысловые, учебно-познавательные, информационные, коммуникативные, личностные;
2.Уметь перерабатывать полученную информацию.
3. Обучать навыкам критического мышления.
развивающие: развивать умения и навыки работы с текстом.
воспитательные: 1. Способствовать воспитанию умения сотрудничать и работать в группе;
2.Соблюдение дисциплины на уроке.
Анализ урока:
Ведущие аспекты анализа урока | Содержание наблюдения |
Дидактическая задача урока (краткий оценочный анализ) | 1.Соответствие дидактической задачи урока отобранному содержанию. 2.Результативность решения дидактической задачи |
Содержание урока | Основное содержание урока соответствует содержанию программы и учебника. |
Методы обучения | Наблюдение, сравнение, обобщение, поиск информации. |
Формы обучения | 1. Соответствие форм обучения (фронтальная, групповая, индивидуальная, коллективная) решению основной дидактической задачи урока. 2. Предложенные задания использовались целесообразно, способствовали развитию образного мышления за счет яркой наглядности; повышению мотивации к учению. |
Результативность урока | Место и роль данного урока определены правильно, урок находится в связи с предыдущими и последующими уроками. Основным в уроке был этап открытия новых знаний. Высокая работоспособность на уроке обеспечивалась сменой видов деятельности , формой организации работы. Учащиеся могли ориентироваться в своей системе знаний , отличать новое от уже известного, добывать новые знания, находить информацию в учебнике. Это способствовало развитию умения работать в сотрудничестве, слышать друг друга, считаться с мнением других, обосновывать свои ответы. На протяжении всего урока учитель работал над развитием умственных способностей, образного мышления. В результате такой эффективной работы учащиеся усвоили новую информацию , воспроизвели пройденный материал. |
Практическая направленность урока | Практическая направленность урока выражена в следующем:
|
Самостоятельная работа школьников как форма организации учебной деятельности | Самостоятельная работа носит творческий характер, присутствует взаимопомощь. Самостоятельная работа проводилась с целью закрепления и углубления знаний учащихся, способствовала развитию мышления. |
Формирование универсальных учебных действий на каждом этапе урока | Этап 1.Самоопределение к учебной деятельности. УУД: -регулятивные – целеполагание -личностные-самоопределение (вижу, слышу, чувствую) -коммуникативные-планирование учебного сотрудничества Этап 2.Вхождение в тему урока и создание условий для осознанного восприятия нового материала. УУД: -познавательные- общеучебные ( умение структурировать знания , контролировать и оценивать процесс и результат деятельности); Логические (анализ, синтез, сравнение) - регулятивные-контроль, коррекция Этап 3.Постановка учебной задачи, выявление места и причины затруднения. УУД: -познавательные –постановка и формулирование проблемы -регулятивные- целеполагание, формирование познавательной цели -логические-формирование проблемы Этап 4.Построения проекта выхода из затруднения. УУД: -регулятивные- целеполагание как постановка учебной задачи -коммуникативные-планирование учебного сотрудничества со сверстниками, прогнозирование пробного действия Этап 5.Реализация построенного проекта. УУД: -коммуникативные-планирование учебного сотрудничества со сверстниками, управление поведением партнёра, умение выражать свои мысли -познавательные-поиск и выделение информации, знаково- символическое моделирование, построение логической цепи рассуждений, анализ, синтез, самостоятельное создание способов решения проблем поискового характера. Этап 6. Проверка полученных результатов. УУД: -познавательные- приём информации -регулятивные –контроль, оценка, коррекция -коммуникативные-управление поведением, умение использовать невербальные средства общения. Этап 7.Самостоятельная работа с самопроверкой по эталону. УУД: -регулятивные-контроль, оценка, коррекция, выделение и осознание того, что усвоено и что ещё подлежит усвоению -личностные- самоопределение Этап 8.Рефлексия по достигнутым или недостигнутым образовательным результатам УУД: -коммуникативные-умение выражать свои мысли -познавательные-рефлексия -личностные - смыслообразование |
Формирование ИКТ-компетентностей | На уроке учитель использовал презентацию по теме урока. |
Структура урока | Структура урока соответствует основной дидактической задаче. |
Педагогический стиль | Учитель соблюдает нормы педагогической этики: доброжелательный тон, умение контролировать внутриколлективные отношения, уважительное отношение к учащимся, создаёт ситуацию успеха. |
Гигиенические требования | Динамическая пауза, чередование видов деятельности, разнообразие форм работы, проветривание класса перед уроком. |
Выводы и рекомендации:
1. Основной результат, достигнутый на уроке – развитие личности ребенка на основе универсальных учебных действий. Принцип организации диалога на уроке, осуществление дифференцированного обучения, повышение мотивации и интереса к учению обучающихся позволило помочь эффективно освоить новую тему.
2.Урок проведён методически грамотно, соблюдены все этапы урока, соблюдался принцип от простого к сложному.
3. На каждом этапе урока учитывались индивидуальные особенности и интересы учащихся, создавалась ситуация успеха.
4. На уроке использовались ИКТ-технологии, здоровьесберегающие, информационные технологии.
Заместитель директора по УВР: /М.Л.Дудаева /
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)
Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.) ...
Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....
Конспект к уроку осетинской литературе "Куыст – царды фæрæз (Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ)"
Урочы нысантæ: 1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды....
Мәшһүр бейеүсе Рәшиҙә Туйсина
Мәшһүр бейеүсе Рәшиҙә Туйсина...
Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
1. Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2. Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...
«Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд» Мамсыраты Дæбейы радзырд "Æрдхорд" – мæ гæсгæ.
Урок литературы по произведению Д..Мамсурова "Æрдхорд"....
Конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ
План - конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...