Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
учебно-методический материал (6 класс) на тему
Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Козаева Фатима Ивановна | 23.72 КБ |
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
Урочы нысан:
- Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.
- Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй кусыныл.
- Ныхасы рæзтыл бакусын.
Урочы эпиграф:
…Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,
Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…
Чеджемты Æхсар
Урочы цыд: Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Нæ урок райдайдзыстæм хæдзармæ куыст сбæрæг кæнынæй. Нæ зæрдыл æй æрлæууын кæнæм.
Скъоладзау. Хæдзармæ куыст нын уыдис бакæсын Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд», сбæрæг кæнын дзырдтæ æрдхорд æмæ мæнгарды нысаниуджытæ.
Проектон куыст баххæст кодтой 2 скъоладзауы.
1-аг скъоладзау.
Æрдхорд – ард хæрынæй. Ард у ирайнаг дзырд арта-йæ.
Ард хæрын баст у, нæ фыдæлтæ ацы æгъдау куыд æххæст кодтой, уыимæ. Зæгъæм, Нарты Батрадз сомы кæны зæххæй æмæ йæ бахордта. Ард фæхæрынц цæххæй, къæбæрæй. Йæ синонимтæ-æмгар, æмбал.
2-аг скъоладзау.
Мæнгард – клятвопреступник, бесчестный. Йæ ардбахæрд чи фехæлдта.
Мæнг – синоним сайд, арæзт у ирайнаг дзырд манг-æй. Нысан кæны сайд.
Ахуыргæнæг. Тынг хорз сын сбæрæг кодтат сæ нысаниуджытæ. Зæгъут-ма, цавæр дзырдуатæй спайда кодтат?
Дзуапп. Абайты Васойы «Историко-этимологион дзырдуат»-æй.
Равдисын дзырдуат.
Ахуыргæнæг. Уæдæ ма ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, цымæ нæ урочы цæуыл æрныхас кæндзыстæм.
Дзуапп. Нæ урочы дзурдзыстæм ард бахæрд æмæ йæ фæсайдыл, æрдхорд æмæ мæнгардыл.
Равдисын фæйнæгыл урочы темæ.
Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ, цæмæй нæ урок æвзарынмæ бавналæм, уый тыххæй нæ хъæуы иу къæпхæны сæрты ахизын.
Къордты куыст. Сывæллæтты раз æмбисæндты чингуытæ. Иу къорд фыссы æмбисæндтæ æрдхорды тыххæй, иннæ къорд та- мæнгарды тыххæй.
Фыццаг къорды æмбисæндтæ.
- Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы.
- Æрдхæрдтæм паддзах дæр нæ уæнды.
- Ардбахæрдæн фæсайæн нæй.
- Хорз æрдхорд æфсымæрæй уæлдай нæу.
Дыккаг къорды æмбисæндтæ.
- Мæнгард лæгæй дардмæ лидз.
- Ардфæсайæг Хуыцауæй æлгъыст у.
- Лæг хъуамæ йæ ныхасæн хицау уа.
Ахуыргæнæг. Бузныг, æнтыстджынæй ахызтыстæм къæпхæны сæрты.Нæ рагфыдæлтæй нын цы бирæ фæрнджын æгъдæуттæ баззад,уыдонæй иу у æмгардзинад,æрдхорддзинад. Тынг бæрзонд æвæрд сæм уыд,æмæ йын уæлдай стыр аргъ кæй кодтой, уый бæрæг у сæ карз сомы æмæ ардбахæрдæй дæр: «О Хуыцау! Æмгары фыдæхæй нæ бахиз!»
Фæлæ,цымæ,сымах та æрдхорд,æмгар куыд æмбарут, раст аргъ кæнын ын зонут,уый сбæрæг кæндзыстæм.
Ныр уал уацауы сюжет цыбыртæй радзурæм. Дзуапп дæтты иу скъоладзау.
Ахуыргæнæг.
Бакæсæм чиныджы 253-æм сыфыл Беджы дзуапп Викторы фарстæн. Куыд уæм кæсы сымахмæ та, кæм фæрæдыд Виктор?
Скъоладзауты дзуаппытæ.
1-аг скъоладзау. Виктор раст нæ бакодта,Малхаз тамако дымы,уый кæй басусæг кодта,уымæй. Малхазы рæдыд афоныл куы схъæр кодтаид,уæд ахæм фыдбылыз не рцыдаид,æмæ Малхаз дæр сайыныл нæ фæцахуыр уыдаид.
2-аг скъоладзау.Æцæг æрдхорд æз уый нæ хонын,æмæ дын дæ рæдыд чи æмбæхса,фæлæ дын дæ рæдыд сраст кæнынæн чи баххуыс кæна цыфæндыйæ дæр.
3-аг скъоладзау.Мæнæ не мбæлттæй дæр чидæртæ фембæхсынц,уроктæй чи алидзы, уыдоны,фыдуаг митæ чи фæкæны, уыдоны.Уымæй сæ рæдыд фæндагыл æрлæууынмæ кæй схойынц, уый не мбарынц.
4-æм скъоладзау. Виктор зæрдæхудтæй тарст, йæ ардбахæрд куыд фехала,уымæй тарст. Фæлæ уый цæй æрдхорд у: де мбал рæдийы, ды та йæ æмбæхсыс йæ ныййарджытæй, йæ ахуыргæнджытæй. Фæлæ йæм ахæм хъару разынд, æмæ Малхазы хабæрттæ радзырдта.
Ахуыргæнæг. Уæдæ Виктор мæнгард у?
1-аг дзуапп.Виктор мæнгард нæу. Мæнгард куы уыдаид,уæд ма ноджы Малхазы ардыдтаид æвзæр митыл.Уый та йын дзырдта, цæмæй йæ тамако дымын ныууадза ,цæмæй, мусонг уый аххосæй кæй ссыгъд,ууыл дæр басæтта.Нæ фæндыд Викторы Малхазы æвзæр.Æмæ йæ ардбахæрд дæр Малхазы хорзæн фæсайдта.
2-аг дзуапп. Амæй размæ ахуыр кодтам Нигеры таурæгъ «Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман».Уым мæнгард æрдхорд разынд Хъасбол. Уый комдзогæй рацыд Гуыйманыл. Гуыйман уымæй сæрæндæр кæй у,уый йын æнцой нæ дæтты, цалынмæ йæ нæ амардта, уæдмæ. Викторы та Малхазы хорз фæнды.
Ахуыргæнæг. Куыд уæм кæсы, Малхаз йæ митыл фæсмон фæкодта æви нæ?
Дзуапп. Мæнмæ гæсгæ,Малхазмæ фæсмон æрцыд. Мæн уырны, хорз лæппу дзы кæй рауайдзæн.Къостайы загъдау, « лæппуйæ рæдийаг нæ вæййы æвзæр».Викторимæ та сæ хæлардзинад кæй нæ фехæлдзæн.
Ахуыргæнæг. Сымахæй, сывæллæттæ,Малхаз кæнæ Викторы уавæры искуы исчи бахауд?
Скъоладзауты дзуаппытæ.
Аулæфт.
Къордты куыст. Саразын 2 синквейны. Иу къорды темæ у Виктор,иннæ къорды темæ та у Малхаз.(Хъуысы зарæг «Æмгары зæрдæ»-йы мелоди.)
Радыгай кæсынц сæ синквейнтæ.
Рефлекси.
Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ,нæ абоны урокæй цавæр хатдзæгтæ скæндзыстут,исты пайдайаг уын фæци æви нæ?
1-аг скъоладзау.
Ацы урок мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд,æз бамбæрстон,æцæг æмбал цавæр хъуамæ уа,уый.
2-аг скъоладзау.
Æз та мæхицæн Викторы хуызæн æрдхорд агурдзынæн.
3-аг скъоладзау.
Æз та архайдзынæн,цæмæй мæхæдæг уон Викторы хуызæн æцæг æмбал искæмæн.
Ахуыргæнæг.
Стыр бузныг, сывæллæттæ.Æгайтма уæ чысыл зæрдæтæ тырнынц рæсугъд æнкъарæнтæм.Æмæ та дæнцæгæн нæ буц фыдæлтæм аздæхæм. Уыдонæй нæм æрхæццæ сты ацы ныхæстæ: «Мулкмæ макуы бахæлæг кæн,мулк у хъæды сыфтæрау. Уалдзæг рæсугъд у, фæлæ фæззæг азгъæлы».Уый æмбæрстой нæ хистæртæ,æмæ сæ цæсты мулкæй кадджындæр уыди æрдхорддзинад. Уыдон сæхицæн агуырдтой ахæм æмбæлттæ, кæцытæм лæгдзинад, æхсар, æгъдау уыдысты бæрзонд æвæрд.Нæ хистæртæн-иу сæ ахсджиагдæр куывд уыдис «Æмгарджын у!» Æмæ уын æз дæр уыцы арфæ кæнын. Æмгарджын куы уат, уæд уæ фарнæй хох дæр нæрдзæн.уæ фарсмæ та амонд цæрдзæн.(Фæйнæгыл эпиграфимæ куыст).
Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.
Хæдзармæ куыст.
Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ.
Уæ хъуыдытæ сочиненийы хуызы ныффыссут.
Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы
…Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд…
Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
Ахуыргæнæг: Козаты Ф. И.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)
Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.) ...
Конспект к уроку осетинской литературе "Куыст – царды фæрæз (Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ)"
Урочы нысантæ: 1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды....
Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
1. Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2. Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...
«Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд» Мамсыраты Дæбейы радзырд "Æрдхорд" – мæ гæсгæ.
Урок литературы по произведению Д..Мамсурова "Æрдхорд"....
Конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ
План - конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...
Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ
Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 11-æм къласы Урочы темæ: « Фæлææфсарм та, цæсгом та? » Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.
1. Уацауы арф этикон проблематикæ равзарын.2. Бамбарын кæнын скъоладзаутæн, уацау куырыхондзинад æмæ удварны къæбиц кæй у.3. Ахуырдзауты фæцалх кæнын аивадон уацмысы комплексон анализыл.4. Адæймаг æмæ...