«Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд» Мамсыраты Дæбейы радзырд "Æрдхорд" – мæ гæсгæ.
методическая разработка (6 класс)

Урок литературы по произведению  Д..Мамсурова  "Æрдхорд".  

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл 4urok_aembaly_horzaeh.docx32.74 КБ

Предварительный просмотр:

Ирон литературæйы урок 6 къласы.

Урочы темæ. «Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр  уæд»

Мамсыраты Дæбейы радзырд "Æрдхорд" – мæ гæсгæ.

Урочы нысан. 

 1.  Раиртасын уацмысы сæйраг хъуыды.

 2. Скъоладзауты фæцалх кæнын æцæг æмбалдзинад хъахъхъæныныл,

      ахуыр сæ     кæнын, цæмæй кæрæдзиуыл гадзрахатæй ма цæуой.

 3.  Гуырын сæм кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм, хистæртæн аргъ

      æмæ кад   кæнын.

Урочы эпиграф:   «Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры.

                                    Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…»

    Урочы хуыз.   Урок – дискусси.

Уæлæмхасæн æрмæг  - карточкæтæ.

Синквейн — у сфӕлдыстадон куыст , кӕцыйӕн ис ӕмдзӕвгӕйы формӕ, арӕзт у 5 ӕнӕрифмӕйы рӕнхъӕй. Синквейн – хуымӕтӕг ӕмдзӕвгӕ нӕу, фӕлӕ фыст у ахӕм домӕнтӕм гӕсгӕ:

1.Фыццаг рæнхъы фыссæм синквейны темæ.

2 . Дыккаг рæнхъы характеристикæ дæттæм темæйæн дыууæ миногонæй.

3. Æртыккаг рæнхъы фыссæм æртæ мивдисæджы, темæмæ гæсгæ архайд куыд æвдисой, ахæмтæ .

4. Цыппæрæмы фыссæм цыбыр хъуыдыйад , авторы ( дæ ) ахаст темæмæ , кæнæ темæйы сæйраг хъуыды чи æвдисы.

5. Фæндзæм рæнхъы фыссæм иу дзырд , темæйы хъуыдыимæ æнгом баст , кæнæ темæйы синоним ( арæхдæр загъд вæййы номдарæй .

Урочы цыд.

 I.Организацион хай.

II. Урочы интригæ. Слайдты сывæллæтты  къамтæ  музыкæимæ. Куыд уæм кæсы, мæ хуртæ,куыд баст  сты уæ къамты равдыст æмæ зарæг иумæ?

-Уæ хъуыдытæ сты раст.Уæдæ ма мын зæгъут, цæуыл дзурдзыстæм абоны урочы?

(Скъоладзауты дзуæппытæ)

III. Нæ урочы  темæмæ рахизын.  «Æмбалы хорзæх  уæ алкæй дæр  уæд». Урочы æрдзурдзыстæм æцæг лымæндзинадыл, æмбалдзинад хъахъхъæныныл.

Ныр та байхъусут, æз уын ныртæккæ бакæсдзынæн æмбисонд.

              Кæддæр дыууæ æмбалы бирæ рæстæг цыдысты сур зæххыл. Иухатт фæбыцæу сты æмæ иу иннæйы æхсæрфарс ныдздзæхст кодта. Йе 'мбал банкъардта цæфы рыст, ницы загъта, æрмæст змисыл ныффыста: «Абон мын мæ хуыздæр æмбал ме 'хсæрфарс ныццавта». Цас фæцыдысты чи зоны, фæлæ иу бон  бахæццæ сты диссаджы рæсугъд цадмæ, сфæнд  кодтой сæхи ныннайын. Йе 'хсæрфарс кæмæн ныццавтой, уыцы лæппу доны фæцæйныгъуылд æмæ йæ йе 'мбал  фервæзын кодта.

Йæхимæ куы  æрцыд, уæд  дурыл фæкъахыр кодта: «Абон мæ мæ хуыздæр  æмбал фервæзын кодта мæлæтæй».

              Фыццаг  æй  бафарста:

 -Куы дæ бафхæрдтон, уæд æй змисыл ныффыстай, ныр та йæ дурыл фæкъахыр кодтай. Цæмæн?

    Йе 'мбал ын загьта:  

 -Исчи дæ куы æфхæра, уæд æй хъуамæ змисыл ныффыссæм, цæмæй йæ дымгæйы  бон уа фехалын. Фæлæ дын исчи хорздзинад куы кæна, уæд æй хъуамæ дурыл фæкъахыр кæнай, цæмæй йæ цавæрфæнды тыхджын дымгæйы бон дæр скъахын ма уа.

Ах.-г. Цæуыл дзурæг у ацы æмбисонд?      /сывæллæтты дзуæппытæ/

IV. Нæ урочы темæ.  Мамсыраты Дæбейы радзырд  «Æрдхорд».

          Дзырдуат.   Æрдхорд – ард хæрын

                                Мусонг- шалаш, стан

Лæмбынæгдæр æрдзурын радзырд «Æрдхорд»-ыл.

Мæсыг цыфæнды сусæгæй амайай, уæддæр фæстагмæ йæ сæрæн æнæ разынгæ нæй.

Фæрстытæм гæсгæ æвзæрст радзырды мидис.  

1. Цавæр хъуыдытæ  уыд Бесæмæ, арт куы ауыдта, уæд?

2. Цæуылнæ загъта Малхаз рæстдзинад  Бесæйæн?

3. Куыд фæцæф Бецæ?

4.Куыд хъуыды кодта Малхаз, Бесæ йын йæ мæнг ныхæстæ куы фæзмыдта, уæд?

5. Чи уыди Дзигула? Цæмæн ыл фæдызæрдыг сты адæм?

6. Цæмæй тарсти Дзигулайæн Малхаз?

 Урочы хъомыладон хæс.

Равзарын æмбисонды хъуыды.  

Йе ’рдхорды æвзæрдзинæдтæ чи 'мбæхсы, уый йæхæдæг дæр хæрзтæй нæу.

Фæрстытæ.  

1. Чи уыди Виктор?

2. Цы иу куыстой Малхаз æмæ Бесæ?

3. Куыд фæцахуыр Малхаз сайыныл?

4. Куыд ссыгъди мусонг?

5. Цæуыннæ загъта Малхаз рæстдз.?

6. Цæуыл фæфæсмон кодта Малхаз?

Урочы хъомыладон хæс.

Равзарын æмбисонды хъуыды.  

 Дæ рæдыдыл афойнадыл басæтт.

 

Æрдзурын адæймаджы æвæрццæг æмæ æппæрццæг миниуджытыл.

-Ныртæккæ та уæ фæйнæ иу адæймаджы рацæуæд фæйнæгмæ. (интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы дукани)

 Нæ дуканийы балхæнæн ис адæймаджы æппæрцæг æмæ æвæрццæг миниуджытæ. Рафыссут ма дзы, Малхазмæ æмæ Виктормæ кæцытæ хауынц, уыдон.

Ах.-г. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Мамсыраты Дæбейы  радзырды мидис цыбырæй. (Фæрстытæм гæсгæ æвзæрст).

-Зæгъут ма, цæуылнæ разынд Виктор йæ ныхасæн хицау? Сымах та уый бынаты куыд бакодтаиккат?

-Куыд уæм кæсы Малхаз мæт кодта, фæндыди йæ, цæмæй  йæ базоной?

-Куыд уæм кæсы, Викторы мæнгард схонæн ис?

-Виктор æцæг æрхорд у?

Ах.-г. Кæнæм хатдзæгтæ.  

       Дыууæ къордыл фæдих кæнын скъоладзауты æмæ адæймаджы æвæрццæг æмæ æппæрццæг  миниуджытыл  æрдзурын.

  • æвæрццæг миниуджытæ - куыстуарзаг, рæстдзинадуарзаг, æрдхордуарзаг, хистæртæн кадгæнæг.
  • æппæрцæг  миниуджытæ - тамакодымæг, сайæгой, тæппуд, хинæйдзаг.

V. Хъуыдытæ бафидар кæнын æмбисæндтæй.

1. Сайын æвзæр у.

2. Адæймаг иу æвзæр миниуæгыл куы фæхæст уа,уæд йæ фæдыл сайы фылдæр æвзæр хабæрттæ.

Хатдзæгтæ нæ урокæн.

1. Малхазы фыдуаг ми æмæ йæ фæстиуджытæ.

2. Лæппуйы мидхъуырдухæнтæ

3. Хæрзуагон - хъомыладон фарстатæ уацмысы:

                 а) æнаххос лæгыл дау кæнын тæригъæд.

                 б) рæдыдыл басæттын.

                 в) рæстдзинад дзурыны ныфс

                 г) æцæг хæлардзинад æмæ мæнгарддзинад.

Ах.-г. Сымах  та куыд бакодтаиккой Малхазы бынаты?

/сывæллæтты дзуæппытæ/

VI. СИНКВЕЙН.

1-аг.     Номдарæй (чи? цы?) предмет
2-аг.     Миногон
3- аг.    Мивдисæг
4-æм.   Æмбисонд, афоризм, цыргъ хъуыды
5-æм.   Резюме - номдар.

1.  Малхаз.

2. Тамакодымаг, тæппуд.

3. Сайы, дымы, æфсон кæны.

4. Йæ рæдыдыл чи нæ сæтты, уый дыккаг  хатт рæдийы.

5. Лæппу.

Ах.-г. Ардыгæй нæ бон у скæнын хатдзæг. (Бакæсут æмбисæндтæ æмбалы тыххæй)

Хорз  æмбал зын ран сбæрæг вæййы.

Алы адæмыхатмæ дæр æрдхорд кадджын у.

 ( 2скъоладзауы проектон куыстытæ)

(Ах.-г æмæ скъоладзауты хъуыдытæ) Хъуамæ уæхи хъахъхъæнат æвзæр миниуджытæй.

VII. Рефлекси.  Дзуапп дæтгæйæ, пайда кæнынц хъуыдыйæдтæй:

- Æз урочы сахуыр дæн…

- Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ …

- Урок мæм фæкаст цымыдисаг …

- Æз ахъуыды кодтон …

 VIII. Бæрæггæнæнтæ.

 IX. Хæдзармæ куыст.  Ныффыссын нывæцæн хорз æмбалы тыххæй.

                                                 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)

Внеклассное мероприятие  по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.) ...

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

1.     Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2.     Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...

Конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ

План - конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...

Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ

Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...