Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)
план-конспект занятия (6 класс) на тему
Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
moi774_urok_ardhord_iron_literatur1237i774y_urok_6-1237m_klasy_1_.docx | 249.06 КБ |
Предварительный просмотр:
Ирон литературӕйы урок 6-ӕм къласы (ахуыргӕнӕг Цӕлыккаты Р.Х.) | ||
Темǽ: | «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау | |
Урочы нысантǽ: | Равзарын уацауы мидис, ǽрдзурын уацмысы жанрыл. | |
Сывǽллǽтты разǽнгард кǽнын рǽстдзинад, хǽлардзинадмǽ, аргъ сын кǽнын ǽмǽ сǽ цардмǽ хǽссын. | ||
Скъоладзауты аив дзурын,æххǽст ǽмǽ мидисджын дзуǽппытǽ дǽттыныл, фǽлтǽрын, сǽхи хъуыдытǽ ǽргом кǽныныл сǽ ахуыр кǽнын. | ||
Урочы фǽлгонц: | Чингуыты равдыст,газетты ǽрмǽг Дǽбейы тыххǽй,фыссǽджы портрет. | |
2) Техникон фǽрǽзтǽ: компьютер, интерактивон фǽйнǽг, презентаци.
| ||
Урочы цыд. | ||
I Организацион хай. Скъоладзауты куысǽввонг ǽркǽнын,урочы нысантимǽ сǽ базонгǽ кǽнын Экраныл фыст урочы эпигрǽф: | Ǽз демǽ хорзǽй иу къǽбǽр хǽрдзынǽн, Кǽндзынǽн демǽ хаттǽй-хатт быцǽу. Ǽз дын дǽ рǽдыд комкоммǽ зǽгъдзынǽн Фǽсаууонмǽ та хъахъхъǽндзынǽн дǽу. (Цǽгǽраты Гиго) | |
| ||
Фǽйнǽгыл Пухаты А. фыст ǽмдзǽвгǽ уазǽджы тыххǽй: | Ирон хǽдзармǽ-иу куы нǽ цыдис уазǽг, Уǽд –иу ǽй нымадтой ǽдзǽрǽгыл хъǽу. Ирон лǽгǽй хуыздǽр фысым ма зǽгъ, Уа хион,ǽддагон,уый хъауджыдǽр нǽу. Ирон лǽгǽн уазǽг йǽ хуыцау,йǽ зǽд уыд, Йǽ фарсмǽ-иу фынгыл рǽбынǽй ǽрбадт. Цыхъармдǽр дзырдтǽй йыл зǽрдǽйǽ узǽлыд, Ǽмǽ-иу басгуыхт ǽфсымǽр ,ǽрвад. Ирон хǽдзармǽ-иу куы нǽ цыдис уазǽг, Cǽрдыгон дǽр кодта уǽд уазалы тǽф. Зǽрватыкк ǽм мидǽмǽ никуы тахт уалдзǽг, Уыд ахǽм хǽдзарǽн йǽ бǽркад дǽр сǽфт. | |
| ||
Эпигрǽф равзарын. | 1. 2. 3. 4. | Иу къǽбǽр хǽрдзынǽн ( ома, фǽстаг комдзаг дǽр дих кǽндзынǽн демǽ). Демǽ кǽндзынǽн быцǽу ( раст кǽм нǽ уай,уый дын ǽргом дзурдзынǽн, раст хъуыдыйыл дǽ ǽфтаудзынǽн). Дǽ рǽдыд дын дзурдзынǽн (кǽддǽриддǽр дын дǽ рǽдыд дзурдзынǽн дǽхицǽн). Фǽсаууонмǽ дǽ хъахъхъǽндзынǽн (хинǽй дыл никуы рацǽудзынǽн, дǽ кой никуы никǽмǽн ракǽндзынǽн, искǽй цǽсты дǽ нǽ бафтаудзынǽн, искǽмǽн дǽ ǽнǽхъуаджы ǽфхǽрын нǽ бауадздзынǽн) |
II Хǽдзармǽ куыст сбǽрǽг кǽнын III Уацмысы мидис равзарын |
(дыууǽ фǽстаг рǽнхъы) (ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ эпигрǽфы тыххǽй)
Ǽрдхорддзинадыл
(скъоладзауты дзуǽппытǽ).
(скъоладзауты дзуǽппытǽ).
(скъоладзауты дзуǽппытǽ).
(скъоладзауты дзуǽппытǽ).
(скъоладзауты дзуǽппытǽ). ( Ацы ǽмбисǽндтǽ комкоммǽ баст сты Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»-ы сǽйраг хъайтар Малхазимǽ).
(скъоладзауты дзуǽппытǽ).
(скъоладзауты дзуǽппытǽ). Куыд уǽм кǽм кǽсы,Виктор бирǽ уарзы Малхазы? (скъоладзауты дзуǽппытǽ)
(скъоладзауты дзуǽппытǽ). | |
IV Чиныгимǽ куыст: |
(240 фарс)
(242 фарс)
(скъоладзауты дзуǽппытǽ)
(скъоладзауты дзуǽппытǽ) | |
Диалог ( Малхаз ǽмǽ Виктор) |
(скъоладзауты дзуǽппытǽ)
(скъоладзауты дзуǽппытǽ)
(скъоладзауты дзуǽппытǽ)
(скъоладзауты дзуǽппытǽ)
(скъоладзауты хъуыдытǽ) (Ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ) | |
V Æрмǽг ныффидар кǽнын тестыты фǽрцы |
| |
1. ЦЫ-ИУ КУЫСТОЙ МАЛХАЗ ǼМǼ БЕСǼ БЫДЫРЫ? а ) ФОС-ИУ ХЫЗТОЙ; ǽ ) АРГЪǼУТТǼ-ИУ ДЗЫРДТОЙ; б ) ЧИНЫДЖЫ-ИУ ЫН КАСТИС; | ||
2. МУСОНГ ЦǼЙ АХХОСǼЙ ССЫГЪДИ? а ) ЧИДǼР ЫЛ БАРǼЙ БАНДЗǼРСТА; ǽ ) ТАМАКО ТǼРХǼГǼЙ РАХАУД; б ) СПИЧКǼЙǼ ЧИДǼР ХЪАЗЫД; | ||
3. БЕСǼ ЦǼМǼЙ ФǼЦǼФ? а ) ЧИДǼР ǼЙ БАГǼРАХ КОДТА; ǽ ) ТОППЫ ЦЫ ГИЛДЗ БАЗЗАД, УЫМǼЙ; б ) АРТǼЙ БАСЫГЪД; | ||
4. МУСОНГ КǼЙ ССЫГЪД, УЫМ АХХОСДЖЫН УЫДИС: а ) ДЗИГУЛА; ǽ ) ВИКТОР; б ) МАЛХАЗ; | ||
5. МАЛХАЗ ЙǼХИ КУЫД ДАРЫ МУСОНГ БАСЫГЪДЫ ФǼСТǼ? а ) КУЫД ДАРДТА, АФТǼ; ǽ ) ХУЫЗДǼР АХУЫР КǼНЫН РАЙДЫДТА; б ) ЙǼ АХУЫР ФǼЦАУДДǼР, ЦǼМǼЙДǼР ТЫХСЫ; | ||
6. ЦǼЙ ТЫХХǼЙ НǼ ХЪǼР КǼНЫ ВИКТОР МАЛХАЗ ТАМАКО КǼЙ ДЫМЫ, УЫЙ? а ) УЫМǼН ǼМǼ ДЗЫ ТǼРСГǼ КǼНЫ; ǽ ) АРД ЫН КǼЙ БАХОРДТА, УЫЙ ТЫХХǼЙ; б ) УЫМǼН ǼМǼ ЙЫН НИЦЫ УǼЛДАЙ У; | ||
7. ВИКТОР ǼЦǼГ ǼРДХОРД КǼЙ У,УЫЙ ЦǼМǼЙ БǼРǼГ У? а ) АЛЫ ХАТТ ДǼР ВǼЙЙЫНЦ ИУМǼ; ǽ ) СЫХǼГТǼ КǼЙ СТЫ, УЫМǼЙ; б ) РǼСТДЗИНАД РАДЗУРГǼЙǼ ЙЕ`РДХОРДǼН ЙǼ УАВǼР ФǼРОГДǼР КОДТА; | ||
VI Хатдзǽгтǽ. |
(скъоладзауты хъуыдытǽ).
(скъоладзауты хъуыдытǽ) (ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ) | |
VII Кǽронбǽттǽн |
| |
Дыууǽ ǽрдхорды Уыдис дыууæ æрдхорды. Кæрæдзиуыл уыдысты тынг æнувыд мады зæнæг æфсымæртау - Хетæг æмæ Батырадз. Иу заман Хетæг бахауд стыр фыдбылызы - ссуд ын кодтой æртын азы ахæстоны фæбадын, стæй йын æрхаудта фынддæс азмæ, æмæ фынддæс азы фæбадтис ахæстоны. Фынддæс азы фæстæ куы рацыд ахæстонæй, уæдмæ йæ мад æмæ йæ фыд амардысты æмæ йын йæ хъæуы ничиуал уыдис. Йæхицæн загъта: « Уæддæр мæ хъæуы мæнæн ничиуал ис æмæ цон æмæ фæцæуон ме ʼрдхордмæ». Йе ʼрдхорд Батырадз цардис хъæздыг. Бахæццæ йе ʼрдхорды кæртмæ, бахоста дуар æмæ йæм ракастис Батырадзы бинойнаг. Дуар куы байгом, уæд Хетæг хæдзары ауыдта йе ʼрдхорды аууон, фæлæ йæм уый æддæмæ нæ ракаст. Йæ бинойнаг загъта, ам нæй, зæгъгæ, мидæмæ дæр ын нæ загъта, афтæмæй. Рацыд уырдыгǽй æнкъард æмæ сæргуыбырæй, ацы хъæуы дæр мын бынат нæй, зæгъгæ, кæд мæ ме ʼрдхорд нæ бахуыдта, уæд. Хъæуы бынмæ куы ныххæццæ, уæд ыл амбæлд иу мæгуыр ус æмæ йæ фæрсы, цы кæныс, лæппу, цæй æнкъард дæ? Лæппу йын радзырдта кæрæй-кæронмæ йæ хабæрттæ, æмæ йын ус загъта. -Æз дæр дæн иунæг, ничи мын ис æмæ кæд æрвæссыс, уæд цом мемæ æмæ мын фырт уыдзынæ. Лæппу сразы ис. Ацыд мæгуыр усы хæдзармæ æмæ цæрынтæ байдыдта йемæ. Цасдæры фæстæ æрхаста бинонтæ, фæлæ йе ʼрдхордмæ нæ фæдзырдта чындзæхсæвмæ, стæй та йын райгуырд лæппу, æмæ та ацы хатт дæр нæ фæдзырдта йе ʼрдхордмæ. Фæлæ йæм уый йæхæдæг æрбацыд. Куывды адæмы цурмæ куы бацыд Батырадз, уæд ракуырдта нуазæн æмæ загъта: «Хетæг уыд æмæ у мæ хуыздæр æрдхорд- æфсымæр, зындзинады куы бахауд, æртын азы йын куы стǽрхон скодтой, уæд ын баххуыс кодтон æмæ дзы фæбадтис ǽрмǽст фынддæс азы. Куы рацыд æмæ мæ хæдзармæ куы ʼрбацыд, уæд æм нæ рацыдтæн, уый тыххæй, æмæ мæ хæдзары цæргæйæ, кодтаид æфсæрмы, ницы бакуымдтаид. Фæлæ йын йæ размæ арвыстон мæ мады æмæ ныр дæр цæры уыимæ, стæй та йын, цæмæй хорз бинонтæ уа, уый тыххæй йæ сæмбæлын кодтон мæ хоимæ æмæ ныртæккæ йæ бинойнаг чи у, уый у мæ хо. Уыцы æртæ хорздзинады йын мæ бон уыд ракæнын, æмæ йын сæ бакодтон»… Уæдæй фæстæмæ дыууæ æрдхорды ноджыдæр балымæн сты. (скъоладзауты хъуыдытǽ) (ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ) |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....
Конспект к уроку осетинской литературе "Куыст – царды фæрæз (Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ)"
Урочы нысантæ: 1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды....
Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
1. Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2. Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...
Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы \'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.
Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-м...
«Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд» Мамсыраты Дæбейы радзырд "Æрдхорд" – мæ гæсгæ.
Урок литературы по произведению Д..Мамсурова "Æрдхорд"....
Конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ
План - конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...
Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ
Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...