урок 3 класс
план-конспект урока

конспект урока родного языка

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл план урока 3 класс29.81 КБ

Предварительный просмотр:

Кълас  : 3 «А»  (диф. къордты),  ахуырганаг :Хадыхъаты Людмила Тадейы чызг.

Урочы темӕ: «Мӕ бинонтӕ».

Урочы эпиграф:   «Ӕнгом бинонтӕ цард арынц»

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ структурӕ

Ахуыргӕнӕджы архайды мидис

Скъоладзауты архайды мидис

Универсалон ахуырадон  архайд(УАА)

Организацион хай

Мотиваци

-Уӕ бон хорз,сывӕллӕттӕ, ӕмӕ уазджытӕ!(1-слайд)

« Уӕ бон хорз!» уын зӕрдӕйӕ дзурын

Ӕмӕ уе’ппӕтӕй дӕр курын:

Кӕрӕдзимӕ фӕлмӕн фӕхудут,

Ӕмӕ мӕм лӕмбынӕг хъусут…

-Акӕсут фӕрсагӕй ӕмӕ зӕгъут,цавӕр боныхъӕд у абон?

-Уӕдӕ нӕ урочы хорз бакусӕм, нӕ зӕрдӕтӕ ноджы фӕхъӕлдзӕгдӕр кӕнӕмЗӕгъут- ма,ӕрвылбон кӕдӕм фӕцӕуӕм?

-Сывӕллӕттӕ, азарӕм зарӕг «Скъоламӕ».

Тагъддӕр уайут уе скъоламӕ-

Уасӕг зарджытӕ кӕны,

Цырддӕр акӕнут уӕ дарӕс-

Хур уӕм рудзынгӕй кӕсы.

Адӕм,сырдтӕ,гыццыл цъиутӕ-

Алчи куысты сӕр лӕууы…..

-Уӕдӕ мах дӕр балӕууӕм нӕ куысты сӕр .

-Ӕгас цу!

Скъоладзауты дзуапп.

-Скъоламӕ.

Регулятивон: ахуырадон нысан æвæрын.

Коммуникативон: хи хъуыды æргом  кæнын.

Удгоймагон: зивæг кæнын хорз кæй нæу , ууыл цайдагъ кæнын сывæллæтты.

Актуализаци

Рацыд ӕрмӕгыл афӕлгӕст

-Сывӕллӕттӕ, абон нӕм нӕ урокмӕ ӕрбацыд куклӕ- Гӕбыдзи. Йемӕ ӕрбахаста альбом къамтимӕ. Цыма кӕй къамтӕ сты, куыд хъуыды кӕнут?(2-слайд)

Ахуыргӕнӕг йӕ къухыл акодта куклӕ ӕмӕ дзуры:

-Дӕ бон хорз,Гӕбыдзи! Куыд цӕрыс?(Гӕбыдзийы

хъӕлӕсӕй).

-Уӕ бон хорз! Цӕрын мӕхицӕн дзӕбӕхӕй.

-Сывӕллӕттӕ,Гӕбыдзийы фӕнды уемӕ зонгӕ кӕнын. (Куклӕ алкӕмǣн дǣр исы йǣ къух. Алчидǣр зǣгъы йǣ ном).

-Сывӕллӕттӕ,ӕрбакӕсут фӕйнӕгмӕ ӕмӕ зӕгъут, кӕй уынут нывы (3-слайд)

-Бинонты тыххай цавӕр ӕмдзӕвгӕ сахуыр кодтам? («Бирӕ сты нӕ бинонтӕ»).

-Ӕмдзӕвгӕмӕ гӕсгӕ раст вариант фӕнысан кӕнут.

а) Бирӕ сты….. а) ӕмбӕлттӕ;ӕ)бинонтӕ.

ӕ)Махцӕрӕм…а)фӕрнӕй;ӕ)хӕхӕларӕй.

б) Семӕ уарзон….. а) сабитӕ;

 ӕ)лӕппутӕ,

в) Базонгӕ ут….. а) ныр; ӕ)цӕй.

-Ӕрбакӕсут бинонты нывмӕ,алкӕмӕн дӕр радтут ном, зӕгъут чи сты?

-Нæ урокæн  эпиграфæн райстон ӕмбисонд :                                                                                                                                             «Ӕнгом бинонтӕ цард арынц»

-Куыд ын ӕмбарут ӕмбисонды хъуыды?

-Уӕдӕ нӕ абоны урочы темӕ у…?

-Раст. Абон нӕ урочы дзурдзыстӕм бинонты тыххӕй..

-Йӕ бинонты къамтӕ.

-Нывы уынӕм бинонты.

«Бирӕ сты нӕ бинонтӕ.»

Нысан кӕнынц раст вариант.

Дӕттынц дзуаппытӕ.

Съоладзаутӕ дзырдты иугай тӕлмац кӕнынц уырыссаг ӕвзагмӕ, дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

-«Мӕ бинонтӕ.»

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст

Фонетикон куыст.

Чиныгимæ куыст

Къӕйттӕй куыст

-Ныр та кусæм ног дзырдтыл. Ацы дзырдтæ уæ бахъæудзысты текстыл кусгæйæ.

рӕвдауын –ласкать, заботиться

рӕвдауӕндон – детский сад

фӕлмӕн-мягкий

зӕрдӕ-сердце

фӕлмӕнзӕрдӕ – добрый, мягкосердечный

коммӕгӕс - послушный

зӕрдӕргъӕвд – способный

Раст дзур хъӕлӕсон мыртӕ:

     а

о        ы

    ӕ

Дзырдты адих кӕн уӕнгтыл: рӕвдауӕндон,

фӕлмӕнзӕрдӕ, коммӕгӕс , зӕрдӕргъӕвд.

-Кӕцы дзырды ис кавказаг хъӕбӕр мыр?

-Ног дзырдтӕ ныффыссут уӕ тетрӕдты. 

Лæмбынæг байхъусут текстмæ æмæ дзуапп раттут фæрстытæн.

-Лӕвӕрд хъудыйӕдтӕ атӕлмац кӕнӕм уырыссаг ӕвзагмӕ:

1) Ме’фсымӕр Давид цӕуы рӕвдауӕндонмӕ-

2) Мӕ нана у фӕлмӕнзӕрдӕ

3) Ды коммӕгӕс лӕппу дӕ?-

4) Ме’мкъласон Заур у зӕрдӕргъӕвд ахуырдзау

Чиныг 11 фарс

-Кӕуыл цӕуы дзырд тексты?

-Куыд хуыйны Тамуйы фыд?

-Цавӕр адӕймаг у Тамуйы мад?

-Кӕцы къласмӕ цӕуы Тамуйы хо?

-Гыццыл Давид та кӕдӕм цӕуы?

Скъоладзаутӕ фӕлхат  кӕнынц ахуыргӕнӕджы фӕстӕ ног дзырдтӕ.

-рӕв-да-уӕн-дон; фӕл-мӕн-зӕр-дӕ; ком-мӕ-гӕс;

зӕр-дӕ-ргъӕвд

-Дзырд «зӕрдӕргъӕвд»-ы

Скъоладзаутæ хъусынц текстмӕ

-Мой брат Давид ходит в детский сад.

-Моя бабушка добрая.

-Ты послушныймальчик?

-Мой одноклассник Заур – способный мальчик.

Дӕттынц дзуаппытӕ.

Зонадон: хи ныхас раст рацаразын зонын,  хъæугæ информаци ссарын зонын, ног лексикæйыл бакусын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын,  искæй ныхасмæ хъусын æмæ аргъ кæнын.

Регулятивон: чиныджы æрмæгæй раст пайда кæнын, хъомыл кæнын хибарæй ахуыр кæныныл.

Зонадон: ног зонындзинæдтæ фидар кæнын.

Релаксаци

-Гыццыл аулæфæм æмæ нæ куыст дарддæр акæнам.

-Аулæфыдыстæм æмæ кусæм  дарддæр.

Зарæг «Уæрдон тулы»-мæ сывæллæттæ æзмæлынц

 ( кафынц)

Удгоймагон: фæллад уадзын.

Ног æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Къордты куыст .

-Сывӕллӕттӕ, ӕрбацӕуы нӕм зонды Ӕхсин-Грамматикӕ ӕмӕ йын равдисӕм нӕ зонындзинӕдтӕ.

Зӕгъут ахӕм дзырдтӕ , фӕрстытӕн чи? (кто?);кӕй? (кого?) дзуапп цы дзырдтӕн дӕттынц .Семӕ зӕгъут хъуыдыйӕдтӕ.

Фӕлмӕнзӕрдӕ (чи?) нана    (4-слайд)

Коммӕгӕс (чи?) лӕппу          (5-слайд)

Зӕрдӕргъӕвд (чи?) чызг        (6-слайд)

Рӕвдауы (кӕй?) сабийы (7-слайд)

Карточкатыл хӕслӕвӕрдтӕ;  дзырдты къордтӕй саразут хъуыдыйӕдтӕ.

1-къорд

а) фыд ,бӕрзонд, Тамуйы, бӕрзонд ,у ,ӕмӕ, тыхджын

ӕ) кусы, рынчындоны, фыд,Тамуйы

б) хуыйны ,Дзерассӕ, мад ,Тамуйы

в) Тамуйы, кусы, ахуыргӕнӕгӕй, мад, скъолайы

2-къорд

а) ӕфсымӕр ,ис, ӕмӕ, Тамуйӕн, хо

ӕ) 7-ӕм, ахуыр, хо ,къласы, кӕны, Тамуйы

б) цӕуы ,ӕфсымӕр, Тамуйы , рӕвдауӕндонмӕ

в) ӕнгомӕй ,Тамуйы, цӕрынц, бинонтӕ

- Мӕ нана у фӕлмӕнзӕрдӕ- Моя бабушка добрая.

-Алан у коммӕгӕс лӕппу-Алан послушный мальчик

Зӕлинӕ у зӕрдӕргъӕвд чызг-Залина способная девочка.

Мад рӕвдауы йӕ сабийы -Мама ласкает своего ребенка.

Ахуырдзаутæ кусынц къордты.

Зонадон: ног зонындзинæдтæ ныффидар кæнын, проблемæ раст сбæрæг кæнын.

Регулятивон:æнтыстытæн, искæй куыстæн аргъ кæнын.

Зонадон: хи ныхас рацаразын зонын.

Кæронбæттæн       хатдзӕгтӕ скӕнын.

Бӕрӕггӕнӕнтӕ

сӕвӕрын.

-Цы фӕцыдис абоны урочы уӕ зӕрдӕмӕ?

-Цы дзы райсдзыстут уӕхицӕн?

-Уӕ царды уын цы ӕххуыс уыдзӕн абоны ӕрмӕг?

-Абон тынг хорз бакуыстат иууылдӕр!      Уӕ кӕрӕдзийы куыстӕн саргъ кӕнут

Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

Дзурынц сӕ бинонты тыххӕй

Аргъ кæнынц сæ кæрæдзийы куыстæн.

Коммуникативон: хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнын, искӕй раныхасмӕ лӕмбынӕг хъусын.

Регулятивон: ӕнтыстытӕ бӕрӕг кӕнын.

Рефлекси.

-Цавæр ног дзырдтæ базыдтат?

-Кæй кой кодтам урочы?

-Раздæхæм нæ урочы эпиграфмæ.  

«Ӕнгом бинонтӕ цард арынц»

Ацы ӕмбисонды бындурыл зӕгъут уырыссаг ӕвзагыл ӕмбисонд.

-Цард чи ары, уый амондджын фӕхонынц, ӕмӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы: байрӕзут уӕ мадӕлты фӕндиаг !

Дӕттынц дзуаппытӕ.

Семья крепка ладом.

Семья — опора счастья.

Удгоймагон: æнтыстытæ бæлвырд кæнын, ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст.

11 фарс,12-ӕм фӕлт.

Сахуыр кӕнут ног дзырдтӕ зӕрдывӕрдӕй.

Фыссынц боныгты хӕдзармӕ куыст.

Удгоймагон УАА: зонындзинӕдтӕм тырнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ПЛАН-КОНСПЕКТ УРОКА. Тема урока: Класс Земноводные, происхождение, особенности строения, жизнедеятельности как первых наземных позвоночных.

Цель  урока: дать общую, полную характеристику класса Земноводных, особенности их происхождения, строения, жизнедеятельности как первых наземных позвоночных, имеющих определенные приспособления к...

План – конспект урока по изобразительному искусству, рассчитанный на 2 урока. Класс: 5-6 на тему «Украшения в жизни древних обществ. Роль декоративного искусства в эпоху Древнего Египта»

Конспект урока , с помощью которого ученики подробно познакомятся с искусством ДревнегоЕгипта и выполнят практическое задание по предложенной схеме....

Конспект урока Класс: 6 Курс: «История средних веков» Тема урока: «Франкское государство в VI –VIII веках»

Можно использовать для проверки знаний как самостоятельную работу....

Технологическая карта урока биологии. Тема урока «Класс Земноводные. Общая характеристика земноводных».

Ознакомление  учащихся с информацией о представителях класса Земноводные, как с животными, занимающими особое место в истории развития позвоночных, их многообразием, особенностями внешнего строен...

План – конспект урока по истории России. Тема: «Петр I: чудо или чудовище?» (интерактивный урок) Класс: 7

План – конспект урока по истории России.Тема: «Петр I: чудо или чудовище?» (интерактивный урок)Класс: 7     Учитель: Кузнецова Мария Александровна   Школа: МОУ Удельнинская ги...

К уроку Класс Пресмыкающиеся Рабочий лист для учащихся к уроку.doc

К уроку Класс Пресмыкающиеся Рабочий лист для учащихся к уроку.doc...

К Урок Класс Пресмыкающиеся, или Рептилии. Технологическая карта урока Класс Пресмыкающиеся, или Рептилии. Общая характеристика, образ жизни, значение.doc

Урок Класс Пресмыкающиеся, или Рептилии.  Технологическая карта урока Класс Пресмыкающиеся, или Рептилии. Общая характеристика, образ жизни, значение.doc...