Ныхасы темæ: Зымæджы нывтæ. Грамматикон темæ: Ныхасы хæйттæ. 3 къласс
план-конспект урока

Тадтаева Зарема Оливеровна

Конспект урока по родному языку. По учебнику «Ирон æвзаг» 3  кълас   Дзампаты Лариса.      Ныхасы  темæ:  Зымæджы нывтæ.   Грамматикон темæ: Ныхасы  хæйттæ. 

Скачать:


Предварительный просмотр:

«Ирон æвзаг» 3  кълас   Дзампаты Лариса

Ныхасы  темæ:  Зымæджы нывтæ.

Грамматикон темæ: Ныхасы  хæйттæ.

Урочы  нысантæ:

1.Бацамонын  ныхасы  хæйттæ.

2.Ныхасы  рæзтыл бакусын.

3. Сахуыр кæнын пайда кæнын ныхасы хæйттæй. Зымæджы  рæсугъддзинад банкъарын кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг: презентаци, карточкатæ, чиныг, пантомима.

Урочы цыд:

  1.  Бацæттæгæнæн рæстæг.

-Абон цы бон у? Райсом та цы бон у?

-Цавæр афæдзы афон у?

 (Слайд:   Раст  сæвæрын  нывтæ афæдзы афонтимæ).

-Цæмæй   хицæн кæнынц кæрæдзийæ афæдзы афонтæ?

(боныхъæд, æрдзы  ивддзинæдтæ  æмæ фæзындтытæ,  хуыз, адæмы  куысты  хуызтæ)

  1. Мотивацион  уавæр.

- Абон  цæуыл  дзурдзыстæм, уый сбæрæггæнæн ис фæйнæгыл цы хæслæвæрд ис, уый фæрцы.Дамгъæты `хсæн æмбæхст сты дзырдтæ, ссарут сæ.(Слайд)

хпзымæгдыцъæхфикусынкъпнмиттълзонын

хъæдынфмчыргъæдджæзокъотæскабайуæрсташв

зымæгонрс

- Фæнысан  кæнут  дзырдтæ.

- Цавæр  фарстатыл дзуапп дæттынц, адих сæ кæнæм  æртæ  къордыл.

чи? цы?                    цавæр? цыхуызæн?          цы ми кæны?  цы кæны?

зымæг                                 цъæх                                   кусын

       чыргъæд                             хъæдын                              зонын

       зокъотæ                              зымæгон                             байуæрста

        мит

-Алы къордæн дæр зæгъæм йæ нысаниуæг, ома цы æвдисы, уый.

1-аг къорд- предмет         2-аг къорд- миниуæг      3-аг къорд- архайд

-Ацы  дзырдтæ сты ныхасы хæйттæ, фарстатæм гæсгæ сæ бæрæг кæнæм, цавæртæ сты, уый.  (Слайд)

Предмет  æвдисæг  хуыйны   номдар.

Предметы  миниуæг  æвдисæг  хуыйны   миногон

Предметы  архайд  æвдисæг  хуыйны    мивдисæг

  1. Чиныгимæ  куыст. (фарс 71, фæлтæрæн 1)

  1. Дзырдуатыл  бакуыст  (Слайд)

цырыхъытæ-

чыргъæд-

æнгуз-

  1. Текст  бакæсыны  фæстæ сывæллæтæ дзуапп дæттынц  ахæм фарстайæн:

-Кæм  уыдысты  Аланæн  æхсæртæ  æмæ   хус  зокъотæ?

     

  1. Ныхасы рæзты куыст. Бакæсын текст

-дзуапп    раттын фарстайæн.

-ссарын  тексты  ног дзырдтæ æмæ бакæсын хъуыдыйæдтæ.

-текст адих кæнын хицæн хæйттыл. Алы  хайæн дæр раттын сæргонд.(Слайд)

Улæфты рæстæг.

  1. Къордты  куыст. Хъазт.(æртæ къордыл адих кæнын кълас) (Слайд)

                -  фæйнæ æртæ дзырды  ссарын æмæ рафыссын текстæй.

                1-аг къорд агуры номдарæ.

                2-аг къорд агуры миногонтæ.

                3-аг къорд агуры мивдисджытæ

                                           

                 -фарста  раттын  дзырдмæ.

                - зæгъын  дзырды   нысаниуæг.

       

  1. Хъазт:  «Чи  тагъддæр?».

   -кæцы  къорд æрхъуыды  кæндзæн  тагъддæр хъуыдыйæдтæ, цы дзырдтæ        ссардта тексты,  уыдонимæ.

  1. Текст куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын. (карточкатæ)

-  скъуыддзаг  райсын  æмæ йæ равдисын  пантомимайы  хуызы.  

Зæгъæм: Алан чыргъæд райста, фæцæуы хъæдмæ.

  1.  - Правила  бакæсын  72-æм фарсыл

 - 3-аг  фæлтæрæн скæнын.

8.     Хаддзæгтæ  скæнын  фарстаты   руаджы.  

       - Уæдæ цæмæй не взаг уа аивдæр, рæсугъддæр  æмæ  нын  адæм æмбарой

  нæ хъуыдытæ, уый тыххæй пайда кæнæм  алыхуызон  ныхасы   хйттæй.

  1.  Хæдзармæ куыст.
  2. 4-æм фæлтæрæн,  72-æм фарс.                                                                                                                                                          

       


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»...

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи"....

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 10-æм кълассы

quot;Æз цард афтæ æмоарын..."(Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ "Аууон" æмæ "Фæсмон"-мæ гæскæ)...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 7-æм кълассы

Темæ: Мивдисæг.Фæлхат кæныны урок.Ныхасы темæ: "Дуне нæ алыварс"....