ТЕМӔ: « НАРТЫ КАДДЖЫТӔ» - ирон адӕмы эпос.
план-конспект урока (8 класс)
« Нарты кадджытӕ» сты хъӕбатырон эпос.
Ӕвдыст сӕ цауы бӕгъатырты тох ӕмӕ скъуыхтытӕ. Уыдон сты аив ӕмӕ цымыдиссаг таурӕгътӕ, хъусӕн ӕнцон, зӕрдӕйӕн- ӕхсызгон, адӕймагӕн хӕссынц цин, ӕфтауынц ӕй сагъӕстыл ӕмӕ уӕздан хъуыдытыл.
Джыккайты Ш.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urok_narty_kad.docx | 29.74 КБ |
Предварительный просмотр:
ТЕМӔ: « НАРТЫ КАДДЖЫТӔ» - ирон адӕмы эпос.
Эпиграф: Нарты кадджытæ сты зонды суадон.
« Нарты кадджытӕ» сты хъӕбатырон эпос.
Ӕвдыст сӕ цауы бӕгъатырты тох ӕмӕ скъуыхтытӕ. Уыдон сты аив ӕмӕ цымыдиссаг таурӕгътӕ, хъусӕн ӕнцон, зӕрдӕйӕн- ӕхсызгон, адӕймагӕн хӕссынц цин, ӕфтауынц ӕй сагъӕстыл ӕмӕ уӕздан хъуыдытыл.
Джыккайты Ш.
Урочы нысантӕ: 1. Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кӕнын Нарты эпосы фæлгонцтæ.
2. Ахуыр кӕнын ӕнӕ кӕсгӕйӕ дзурын, хъуыды кӕнын
3. Скъоладзауты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын
уарзондзинад нӕ адӕмы хорз ӕгъдӕуттӕм.
Урочы хъомыладон хӕс: 1. Рӕзын кӕнын уарзондзинад мадӕлон ӕвзагмӕ;
2. Хъомыл кӕнын сӕрыстырдзинад нӕ хистӕртӕм,
райгуырӕн бӕстӕмӕ.
Разныхас.
Нæ чысыл ирон адæммæ ис æмбисонды Нарты кадджыта. Нæ ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сты ирон адæмы энциклопедии, сæ аивады истори. Сæдæгай азты дæргъы нæ фыдæлтæ цы уыдтой сæ алыварс, цы зыдтой, цы хъуыды кодтой æмæ цæмæ бæллыдысты, уыдон иууылдæр æвдыст æрцыдысты эпосы.
-Уæдæ уæм куыд кæсы, цæуыл дзурдзыстæм абон?
Нæ урочы темæ цы уыдзæн?
«Нарты кадджытæ» сты хъæбатырон эпос. Ǣвдыст сæ цæуы бæгъатырты тох æмæ сгуыхтытæ.
Нарты эпос нæ дисы бафтауы хъæздыг æмæ алыхуызон сюжетон æрмæгæй. Таурæгъты сюжеттæ сты алыхуызон, фæлæ дзы иуæй-иуты нымайæн ис типиконтыл: уæйгуытимæ тох, хæтæнты, цуаны цæуын, цуаны æмбисæндтæ, мыггæгты æхсæн тох кæнын, хицæн хъайтартимæ тох кæнын.
Нарт уыдысты цардуарзаг, адæймагуарзаг. Стыр аргъ кодтой сæрибар, кад æмæ уыдон раттыны бæсты мæлæтыл разы уыдысты.
Нарты кадджыты сæйрагдæр хотыхыл нымад уыд адæймаджы зонд, æрхъуыдыдзинад, уыдысты хъæбатыр æмæ æхсарджын.
Нарты хъайтартæй иу дæр нæ равзæрд хуымæтæг, æрдзон уагыл.
-Чи уыди сæ хистæр æмæ куыд равзæрд?
Сæ хистæр Уæрхæджы сфæлдыста æрдзы фарн æмæ Хуыцауы комы тæф.
-Чи сты Уырызмæг æмæ Хæмыц?
Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц дæр сты фурды чызджы фырттæ, Донбеттырты хæрæфырттæ.
-Куыд равзæрдысты Сослан æмæ Батырадз?
Сослан равзæрд дурæй, Батырадз райгуырд зынгæй æмæ а. д.
- Уæдæ афтæ цымыдисæй цæмæн ахуыр кæнæм Нарты кадджытæ?
Уымæн æмæ йæхи чи нæ зоны,уый никæй базондзæн, йæхи чи нæ уарзы,уый никæй бауарздзæн! Эпос Нарты кадджытæ у ирон адæмы хæзнадон,нæ царды айдæн,нæ зонды суадон æмæ алы ирон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ рагфыдæлты цард.
Нарты кадджытæ сты ирон адæмы хуыздæр æвæрæн. Сæ саразджытæ та-нæ Иры номдзыд кадæггæнджытæ: Медойты Сабе, Текъоты Хъуыбады, Сланты Гаха, Джусойты Кудза, Гатуты Дабег, Саулаты Дзæрæх, Таутиаты Дрис, æмæ бирæ æндæртæ.
Фæндырдзæгъдæгæн (кадæггæнæгæн) уыди кæцыфæнды заманы дæр стыр кад. Нæ куырыхон хистæрты руаджы мах абон кæсæм диссаджы таурæгътæ (чингуыты равдыстимæ куыст)
- Чи уыдысты Нарты хъайтартæ?
Нарты эпосы хъайтартæ сты Уырызмæг, Сослан, Батырадз æмæ иннæтæ. Уыдонæн алкæман дæр ис хицан миниуджытæ.
Уырызмаг ахсы хистæры бынат нæртон адæмы æхсæн, у домбай хæстон æмæ дзырддзæугæ раздзæуæг. Зæронды бонмæ фæцыди Нарты разæй алыхуызон стæрты.
Эпосы æппæт сурæтты æхсæн уæлдай уарзондæр æмæ номдзыддæр хъæбатыртæ сты Сослан æмæ Батырадз, - сæ дыууæ дæр Уырызмаг æмæ Сатанайы хæсгæ фырттæ.
Сослан райгуырд дуры гуыбынæй. Йæ буары нæдæр кард хизы, нæдæр фат, йæ кæрц та у лæджы сæры цæрмттæйхуыд.
Батырадз у æндонбуар, нарты хистæртæ йæ банымадтой нæртон адæмы хуыздæрыл. Рæстзæрдæ, хин æмæ галиу митыл кæны æлгъ.
Нарты кадджыты стыр бынат ахсы Сырдоны фæлгонц. Уый у Нарты кадджыты уарзондæрх хъайтартæй иу. «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн», «Нарты фыдбылыз», «Гæтæджы фырт, гæды Сырдон». Нарты æхсæн фыдбылызæй цыдæриддæр цыд, уыдон цыдысты Сырдоны аххосæй. Фæлæ йæ хинтæ йæ сæрыл æрцыдысты. Йæ фырттæ куы бабын сты, уæд йæ хистæр фырты цонджы стджытæй фæндыр сарæзта, иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта 12 тæны. Ныхасмæ бацыд, ныццагъта æмæ йемæ ныззарыд:
--- Нарт, ай уын мæ лæвар, æмæ уемæ цæрын бауадзут.
Нарт уыцы фæндыр райстой æмæ кæрæдзийæн загътой:
«Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион!»
Уæдæ музыкæ цæмæй райгуырд?
Трагедийæ равзарди музыкæ – ахæм у кадæджы сæйраг ахсджиаг хъуыды. Рæстдзинад басаста фыддзинады.
Ацæмæз – диссаджы зараг. Йæ уадындзы зæлтæй ныррухс вæййы дуне, райхъал кæны æрдз, йæхимæ æрыхъусын кæны адæмæй, маргъæй, сырдæй, бæласæй, къæдзæхæй се ппæты дæр.
Хæмыц – иннæ номдзыд нартæй уæлдай сгуыхтдзинæдтæ не вдыста, уыдис рог адæймаг. Йе нæуаг миты тыххæй дзы бирæтæ се сæфт федтой. Хæмыц у Уырызмæджы фаззон æфсымæр, Ǣхсæртæг æмæ Дзерассæйы фырт.
Нарты кадджыты зынггондæр сылгоймаг чи уыд?
Сатана уыд зондджын, æрхъуыдыдэжын, хиуылхæцгæ сылгоймаг. Уыди кæрдзындæттон. Бирæ хæттыты нарты фервæзын кодта æххормагæй, фыдбылызæй.
Таурæгътæм гæсгæ Нартæ уыдысты хъæбатыр, лæгдзинадæй æххæст. Сæ бæстыл цъиу атæхын дæр нæ уагътой.
Нарт сæ сæртæ дæлæмæ нæ уагътой, суанг Хуыцауы раз дæр: «Нæ дуæртты уæлкъæсæртæ бæрзонд аразæм, кæннод нæ нæ сæртæ гуыбыр кæнын куы бахъæуа, уæд Хуыцау мыййаг афтæ куы банхъæла, æмæ уымæн кувæм», - дзырдтой нарт.
Нæртон адæм уарзтой хъазæн æмæ хъæлдзæг ныхæстæ, стыр аргъ кодтой дзырдарæхстдзинадæн.
Нæртон адæммæ нæ уыд сæрмагонд ахуырад æмæ хъомыладон кусæндæттæ. Фæлæ кæстæртæ зыдтой хистæртæн лæггад кæнын, кастысты сæ коммæ, æххæст кодтой сæ фæдзæхстытæ, уымæн æмæ сæ хистæртæ ахуыр кодтой сæ фæлтæрддзинадыл.
- Цæуыл ма ахуыр кодтой хистæртæ сæ кæстæрты?
- Цавæр зындгонд бынæттæ уыдис Нартмæ?
Нарты адæмы царды зынгæ бынат ахстой ерыстæ. Ерыс кодтой цыргъ ныхас кæнынæй, фат æхсынæй, бæхыл бадынæй, кафынæй, зарынæй, музыкалон инструменттыл цæгъдынæй, дугъы уайынæй.
Стыр ахадындзинад уыдис Нарты ныхасæн. Ныхас уыдис хъæубæсты ас лæгты æмбырд æмæ æмбырды бынат, иумæйаг фæрстытæ лыггæнæн бынат. Ныхасы уынаффæ уыд æнæмæнг æххæстгæнинаг алкæмæн дæр. Нарты ныхас æххæст кодта æртæ ахсджиаг функцийы:
1) хъæубæсты æхсæны цардмæ хъус дарын æмæ йæ раст фæндагыл æвæрын
2) уæгъд рæстæг иумæ æрвитыны хуыз сбæрæг кæнын
3) фæсивæды хъомыл кæнын æмæ сын ирон æгъдæуттæ бацамонын æмæ бамбарын кæнын
«Нарты хъазæн фæз» æмæ «Зилахар» уыдысты, нырыккон культурæйы хæдзæрттæ æмæ стадионтæ куыд сты, афтæ сæхи ирхæфсыны, курдиат, арæхстдзинад равдисыны бынæттæ.
Ирон адæммæ ма ис бирæ нæртон нæмттæ: Уырызмæг, Сослан, Батырадз, Ацæмæз, Ацырухс…
Мыггæгтæ: Хæмыцатæ, Ǣхсаратæ…
Хъæу: Нартыхъæу
Кувæндæттæ: «Реком» - Цъæйы комы, «Мыкалгабыртæ» - Къасарагомы…
- Цавæр нывгæнджытæ ныв кодтой Нарты кадджытыл?
Нарты эпосы сюжеттæм гæсгæ диссаджы нывтæ скодта Тугъанты Сафарбийы фырт Махарбег (1881-1953). Уый уыд ирон зындгонд нывгæнæг, адæмон сфæлдыстад иртасæг, график. Нарты эпос сахуыр канынæн Махарбегæн стыр ахъаз фесты йæ фыд, йæ мады фыд æмæ мады æфсымæр Санаты Дзантемыр. Уыдон уыдысты ирон фольклор æмбырдгæнджытæ. Реалонучилище каст фæуыны фæстæ Махарбег ахуыр кодтаБетъырбухы Аивæдты Академийы, уый фæстæ та Германы, Мюнхены.
Стыр ахуыргонд, этнограф Тугъанты Махарбег ирон историмæ бацыд, куыд нывгæнæг. Уæлдай зындгондæр та сты, Махарбег Нарты кадджыты сюжеттæм гæсгæ цы нывтæ сарæзта,уыдон: (равдисын æппæт нывтæ)
Нарты кадджытыл ма скодтой нывтæ Хохты Аслæнджери, Дзанайты Азанбег, Хъаныхъуаты Умар æмæ иннæтæ.
Ǣмбисæндтæ та цавæртæ зонут Нарты адæмыл?
Ирон адæммæ бирæ рæсугъд æгъдæуттæ ис. Уыдон сын ныууагътой сæ рагфыдæлтæ скифтæ – алантæ. Нæ рагфыдæлтæ куыд дзырдтой, афтæмæй зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр сты Хуыцауы фæндонæй. Уый сфæлдыста зæхх, дон æмæ уæлдæф. Уымæ гæсгæ ирон мифологийы ис æппæты сæргъы.
Нæ куырыхон хистæртæй ма нын баззад æртæ чъирийы кувын. Ǣртæйы символикæ амоны зæхх, дон æмæ хур.
Уæдæ нын не ртæ чъирийы чи акува?
Кæронбæттæн.
«Ханты цагъды» райгуырд.
Зæлтимæ хъуысынц æмдзæвгæтæ
- Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй,
У махæн та нæ хæзнаты хуыздæр.
Ирон фандыр! Рæсугъд зæрдæйы фæндтæй,
Уый равзæрди, уый райгуырди кæддæр.
Ǣнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон!
Ǣнæ фæндыр мæгуыр кæны нæ зæхх!
- Нæ чысыл Ирыстон! Нæ райгуырæн бæстæ!
Дæуыл у нæ, хъуыды, нæ мæт!
Тæхуды куы ариккам дæу аккаг ныхæстæ
Дæ номыл нæ зарæг фыссиккам.
- Нæ чысыл Ирыстон! Нæ мадау дæ уарзæм,
Ǣнæ дæу нын цард у æнкъард.
Кæмфæнды куы вæййæм – дæуыл у нæ зарæг,
Дæуæй хæрæм алкæддæр ард.
Кæд абон ирон адæм бирæ не сты, уæддæр зæлы æмæ зæлдзæн ирон дзырд, ирон зарæг. Ǣнустæм цæрдзæн нæ рæсугъд мадæлон æвзаг.
Хæдзармæ куыст.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Русский героический эпос. Герои русского героического эпоса
Основные черты русского героического эпоса были представлены былинами.Былины – стихотворный героический эпос Древней Руси, отразивший события исторической жизни русского народа.Былины, как прави...
Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.
История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...
Нартский эпос. Религия Нартов
У каждого человека есть своя малая Родина.С раннего детства я знакома с нартскими сказаниями благодаря своему дедушке. Любое начатое сказание всегда хотелось дослушать до к...
Героический эпос «Нарты» и его вербальные версии средствами искусства.
quot;... Героический эпос всегда занимает среди фольклорных жанров особое место. Эпос больше, чем любой другой жанр, связан с историческими судьбами народов, и в нем ярче, чем в любом другом жа...
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».
Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын аив дзурын æмæ кæсыныл....
Нарт Нарт уæд уыдысты…
КВН на тему Нарт Нарт уæд уыдысты&helli...
«Нарты кадджытæ»-нæ зонды суадон.
Скъоладзауты зонгæ кæнын Нарты эпосимæ,нæртон адæмы...