Цæгатаг сахар - Бетъырбух
план-конспект урока (9 класс)

Урочы технологон картæ «Цæгатаг сахар - Бетъырбух». 9 кълас (уыр. къорд)

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tsaegatag_sahar_-_betyrbuh.docx54.46 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы технологон картæ.

Ахуыргæнæг: Дзгойы А. Т.

Предмет: ирон æвзаг

                                                                           Кълас: 9 (уыр. къорд)

Урочы технологон картæ

Темæ: «Цæгатаг сахар - Бетъырбух».

Урочы тип: Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

Урочы нысантæ: хъомыладон: ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ;

ахуырадон: фæцалх кæнын ахуырдзауты монологон æмæ диалогон ныхасы мидæг бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл; ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын;  Бетъырбухы тыххæй дзурын; домгæвазыгджын æмæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты  бæттæгтæ  сфæлхат кæнын;  хатдзæгтæ кæнын;

райрæзтон: ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; эмоционалон æмæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Фæстиуджытæ

Предметон

- Бетъырбухы тыххæй цымыдисаг æрмæг зонын;

- дунейы рæсугъддзинад уынын;

Метапредметон

-урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

-хатдзæгтæ кæнын, ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын;

-хицæн миниуджыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын;

Удгоймагон

- гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ;

- эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын;

Предметты хсæн бастдзинад: литературон кæсынад (хъуыдыйæдтæ аив кæсын)

Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; текстытæ; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг; классикон музыкæ.

Урочы цыд

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Ахуырдзаутæ кусынц  3 къордæй . Къордтæн ис нæмттæ: «Невайы проспект», «Лиговкæ», «Фонтанкæ».

Индикатор. Алы къорды стъолыл дæр ис предмет (паддзахы худ, хæфс, нау). Ахуырдзаутæ дзурынц сæ ассоциацитæ ацы предметтимæ.

Ахуыргæнæг: Ссарут ма, ацы предметты ‘хсæн иудзинад. Цы сæ бæтты? Куыд схондзыстæм нæ урочы темæ? Ахуырдзаутæ агурынц бастдзинад предметты ‘хсæн, бæттынц сæ урочы темæимæ.

Хъуысы классикон музыкæ (С. Рахманинов «Нежность») 1слайд

Ахуыргæнæг: Абон мах цæуæм балцы Невайы былгæронмæ, дунейы рæсугъддæр горæттæй иумæ – Бетъырбухмæ. Азилдзыстæм йæ рагон уынгты, атезгъо кæндзыстæм йæ хидтыл,  базонгæ уыдзыстæм Эрмитажы хæзнатимæ, нæ рæуджыты дзагæй фæулæфдзыстæм Балтикæйы цæхджын  уæлдæфæй.

Нæ балц райдайдзыстæм историон цаутæй. Кæд æмæ куыд сырæзыдис Бетъырбух?

1. Лексикон диктант æмбарынæдтæм  гæсгæ.

Ахуыргæнæг кæсы æмбарынæдтæ.

  • бæстæйы сæргълæууæг,  раджы заманы, хицаудзинад кæмæ уыдис, уый уыд …
  • дон кæм лæууы, вæййы хъуына …
  • искæй куынæуал фæарынц, йæ кой куынæуал фæкæнынц…
  • хæдзæрттæ æмæ æндæр цæрæн бынæттæ …
  • саив кæнын
  • конд вæййынц цæугæдæтты сæрты …
  • хуссары ныхмæ, уазалдæр ран…
  • кад скæнын, хъуыстгонд суæвын
  • стыр рæсугъд бæстыхай зынаргъ нывтимæ æмæ цыртсурæттимæ…
  • зынаргъ дзауматæ сыгъзæринæй; кæмæндæр та уыдон сты йæ бинонтæ, йæ цот, йæ адæм…
  • бæлвырд азтæм бахæццæ уæвын

Паддзахы худ - паддзах, хицау, бæстæ, адæм, сыгъзæрин, зынаргъ æмæ а.д.

Хæфс - дон, цъымара, чъизи, цъæх, цæрын, тæрсын, пайда, къогъотæ …

Нау- денджыз, фидар, дон, аразын, нæзы, бæрзонд, дæсны, рæсугъд, балц...

Паддзахы худ баст у   Пётр Фыццæгæмы  хицаудзинадимæ, 

хæфс – цъымаратимæ,

нау – Адмиралтействæйы бæстыхаимæ.

Хатдзæг: ныхас цæудзæнис Бетъырбухы тыххæй.

-скъоладзаутæ  фыссынц, цы дзырдтимæ баст сты,уыдон:

- паддзах,

- цъымара,

- фесæфын,

- бæстыхæйттæ,

- срæсугъд кæнын,

- хидтæ,

- цæгатаг,

- ном скæнын,

- галуан,

- хæзнатæ,

- сæххæст уæвын.

Зонындзинæдты актуализаци

2.Ахуыргæнæг:бакæсут-ма , цы дзырдтæ  ныффыстат, уыдон , æмæ саразут семæ хъуыдыйæдтæ, баст  текст сæ куыд рауайа, афтæ. (Ацы куыст арæзт у рацыд текстмæ гæсгæ)

3. Ахуыргæнæг: Ныр та, цы дзырдтæ ныффыстат, уыдонимæ сараздзыстæм  логикон рæхыстæ. Нæ куысты пайда кæндзыстæм домгæвазыгджын æмæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты  бæттæгтæй  (фæлæ, уымæн æмæ, цæмæй)  Алы къорд дæр аразы йæхи логикон рæхыс.

2слайд

4.  Ахуыргæнæг:Уæ къордтæн ис тынг рæсугъд нæмттæ. Радзурут-ма нын цыбырæй уыдоны тыххæй. (Хæдзары бацæттæ кæнын хъуыдис гыццыл хъусынгæнинæгтæ уыцы бынæтты тыххæй. Алы къорд дæр дзуры йæхи тыххæй)

Паддзах – Бетъырбух аразын райдыдтой 18-æм æнусы паддзах Пётр Фыццæгæмы фæндмæ гæсгæ.

 Цъымара – Горæт арæзтой цъымаратыл.

Фесæфын – Уый уыдис тынг уæззау куыст, фесæфтис дзы бирæ хуымæтæг, мæгуыр адæм.

Бæстыхæйттæ - Бетъырбухы архитектурæ никæцы горæтимæ схæццæ кæндзынæ, уымæн æмæ йæ бæстыхæйттæ арæзтой дунейы зындгонддæр архитектортæ: Трезини, Воронихин, Леблон, Растрелли,  Монферран.

Срæсугъд кæнын –  Горæты уынгтæ скульптурæтæй срæсугъд кодтой номдзыд скульптортæ Фальконе, Клодт, Гордеев.

Хидтæ - Бетъырбухы ис бирæ каналтæ æмæ хидтæ.

 Цæгатаг –  Хидтæ дзы бирæ кæй ис, уый тыххæй ацы горæт арæх фæхонынц «цæгатаг Венеци».

Ном скæнын - Горæтæн ном скодтой йæ диссаджы рæсугъд галуантæ

 Галуан –Петербургы галуантæн ис ахæм нæмттæ: Зымæгон галуан, Сæрдыгон галуан, Пётры номыл галуан æмæ æндæртæ.

Хæзнатæ – Бетъырбухы хъуыстгонддæр æмæ стырдæр музей – Эрмитажы – фенæн ис дунеон культурæйы хæзнатæ.

Сæххæст уæвын - Бетъырбухыл сæххæст ис 313 азы.

Цъымаратæ🡪стыр цъымаратæ 🡪 Раджы заман Бетъырбухы бынаты уыдис стыр цъымаратæ🡪фæлæ дзы фæстæдæр сарæзтой хæдзæрттæ.

Cхæццæ кæндзынæ🡪никæцы горæтимæ схæццæ кæндзынæ🡪 Бетъырбухы архитектурæ никæцы горæтимæ схæццæ кæндзынæ🡪уымæн æмæ йæ бæстыхæйттæ арæзтой дунейы зындгонддæр архитектортæ.

Хид🡪 ног хид🡪Æрæджы Бетъырбухы сарæзтой ног хид🡪 цæмæй рахиз былгæронæй галиумæ фæндаг фæцыбырдæр уа.

Невайы проспект - у  Бетъырбухы уынгтæй тæккæ даргъдæр. Йæ дæргъ у 4 км бæрц.   Ам ис рагон бæстыхæйттæ, бирæ дуканитæ, театртæ. Вæййы дзы тынг бирæ адæм.Ацы проспекты тыххæй фыста номдзыд уырыссаг фыссæг Гоголь, зæгъгæ, фыддисаджы рæсугъд у Невайы проспект.

Лиговкæ- у Бетъырбухы уынгтæн сæ рагондæртæй иу. Ном ын радта гыццыл цæугæдон Лига. Проспекты бынаты раджы заман уыдис Новгородмæ фæндаг. Ацы уынджы ис цалдæр  аргъуаны. Лиговкæйы тыххæй арæх фæзары Розенбаум.

Фонтанкæ- у цæугæдоны ном. Фыццаг æй хуыдтой Ерик, фæстæдæр Фонтанты цæугæдон, уымæн æмæ ардыгæй истой дон Сæрдыгон дыргъдоны (Летний сад) фонтантæн. Фонтанкæйы былгæрон ис Бетъырбухы тæккæ чысылдæр цыртдзæвæн – «Чижик-пыжик». Йæ бæрзæнд у 11 см, йæ уæз та у 5 килæйы бæрц. Конд у бронзæйæ.

Аулæфт

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды арæзт

5. Ахуыргæнæг: Базонут-ма, цæй тыххæй цæуы ныхас.

  • Йæ алы экспонаты цур æрмæст иу минут куы алæууай, уæддæр дæ бахъæудзæнис 8 азы бæрц, цæмæй йыл æнæхъæнæй æрзилай, уый тыххæй.
  • Ам августы мæйы фæбæрæг кæнынц Гæдыйы бон.

3 слайд

Ахуыргæнæг:Цæмæй саразæм хъусынгæнинаг Эрмитажы тыххæй, уый тыххæй нæ хъæуы дзырдбæстытæ ратæлмац кæнын. Ахуырдзаутæ тæлмац кæнынц дзырдбæстытæ æмæ уыдонмæ гæсгæ аразынц чысыл баст текст.

  • один из известнейших музеев мира; собраны сокровища мировой культуры; огромные залы; старинные полотна французских и голландских художников; оружие средних веков; коллекция золотой и серебряной посуды; статуи именитых скульпторов; ежедневно бывают тысячи туристов.

6.Ахуыргæнæг:Алкæмæн дæр ис йæхи Эрмитаж. Дзырдæн, мæнæн уый у Ренессансы зал. Ам ис Рафаэлы ахуыргæнинаг Лоренцо Лоренцеттийы цыртсурæт «Мард лæппу дельфиныл». (4 слайд )  Скультор æй сарæзта йæ ахуыргæнæджы эскизмæ гæсгæ. Йæ бындуры ис антикон таурæгъ. Бавæрут тексты хъæугæ дзырдтæ æмæ йæ бакæсут . (5 слайд)              

                                     Лæппу æмæ дельфин

Гыццыл лæппу цардис йæ бинонтимæ æдзæрæг ран, ... был. Саби иунæгæй кодта ..., æмбæлттæ йын нæ уыдис. Æрмæст-иу алы бон иу дельфин ... … былгæронмæ æмæ-иу  йæхирдыгонау цыдæр хъæлдзæг ныхæстæ кодта сабийæн. Афтæ ... сты дельфин æмæ лæппу. Саби-иу ... дельфиныл æмæ-иу иумæ аленк кодтой денджызы цъæхы.

  Иу бон куы уыдис, уæд сыстадис ... уад, уылæнтæ бæрзондæй-бæрзонддæр кодтой. Афтæмæй æрцыдис ...: лæппу фæдæлдон ис. Бæргæ ма рахаста цæрæгой йæ уарзон лымæны былгæронмæ, фæлæ уый йæ цæстытæ нал ... … . Дельфин куы бамбæрста йе ‘мбал амардис, уæд йæхи раппæрста сурмæ.  

7. Хъомыладон куыст.

Ахуыргæнæг:Куыд уæм кæсы, цæй тыххæй у ацы æнкъард таурæгъ?

Ахуыргæнæг:Уæ царды ис ахæм æцæг лымæнтæ? Уæхæдæг та цавæр æмбæлттæ стут?  

8. Рацыд грамматикон æрмæджы фæлхат (амад нымæцонтæ).

9. Ахуыргæнæг:Ныр та сараздзыстæм гыццыл брэйн-ринг æмæ базондзыстæм, чи куыд зоны Бетъырбухы зæрдылдарæн бынæттæ, уый . Аудировани          

«Цы у уый?»  (6 слайд)

  • Ацы цыртдзæвæн сарæзта Парижы Аивæдты академийы профессор.Уыцы скульпторы Ус-паддзах Екатеринæйæн бацамыдтой

йæ хорз лымæнтæ Дидро æмæ Вольтер. Цыртдзæвæн цы дурыл лæууы, уый ссардтой Бетъырбухмæ хæстæг. Бæхы бын цы калм хилы, уый та сфæлыста уырыссаг скульптор Гордеев.  Цы у уый? Чи йæ скодта? (7 слайд)

  • 2 хатты ацы хидæн конд бæхты (æдæппæтæй сты 4) паддзах Никъала Фыццаг балæвар кодта фæсарæйнаг монархтæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг бæхты баныгæдтой зæххы.1 майы 1945 азы сæ фæстæмæ сæ бынаты сæвæрдтой. Цавæр хиды кой кæнын, чи у уыцы бæхты сфæлдисæг? (8 слайд)
  • Ацы бæстыхай арæзтой 10 азы, конд фæцис 1812 азыФыдыбæстæйы хæсты хæдразмæ.Ардыгæй Смоленскмæ  тохмæ  араст ис фельдмаршал Кутузов. Ныгæд дæр ам у. Бæстыхайы бæрзæнд у 70 м, ис ын 96 дурдзæдждындзы(колоннæйы). Уыдоны тыххæй Осип Мандельштам фыста:

«А зодчий не был итальянец,

Но русскийв Риме – ну так что ж?!

Ты каждый раз, как иностранец,

Сквозь рощу портиков  идёшь» .

Цавæр бæстыхай у уый?Чи у йæ архитектор? (9 слайд)

  1. Ахуыргæнæг: Æрæджы  каникулты мæ къласимæ уыдыстæм Бетъырбухы. Ацы горæт нæ зæрдæты ныууагъта бирæ рæсугъд æнкъарæнтæ æмæ райдзаст хъуыдытæ. Уæ бон мæ у бафæрсын нæ балцæй, æрмæст  фæрстытæ арæзт уыдзысты лæвæрд фарстон дзырдтæм гæсгæ. (10 слайд)

  1. Ахуыргæнæг: Фæстаг фарстæн гыццыл фæстæдæр ратдзынæн дзуапп.

 - Эрмитаж

- Эрмитаж у дунейы зындгоддæр музейтæй иу.  Ам æмбырдгонд сты дунеон культурæйы хæзнатæ. Егъау залты фенæн ис францаг æмæ голландаг нывгæнджыты рагон нывтæ, астæуккаг æнусты хæцæнгæрзтæ, сыгъзæрин æмæ æвзист мигæнæнты æмбырдгонд, номдзыд скульпторты цыртсурæттæ æмæ бирæ æнд. Æрвылбон Эрмитажы вæййынц мингай туристтæ.

- æнкъард,  балымæн, сбадтис, денджызы,  æрбаленк кодта,  байгом кодта, фыдбылыз, тыхджын

- «æмгардзинады тыххæй», «æцæг лымæндзинады тыххæй»…

- Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

- Скъоладзаутæ кæсынц цыбыр информаци (хъ-ты ис амад нымæцонтæ) Бетъырбухы тыххæй слайдтыл.

- паддзах Пётр Фыццаджы цыртдзæвæн, скульптор Фальконе

- Аничковы хид, скульптор Клодт

- Хъазаны кувæндон, архитектор Воронихин

Кæд?(Кæд ацыдыстут Бетъырбухмæ?)

Кæимæ? (Кæимæ ацыдтæ балцы?)

Цæуыл(æви)? (Цæуыл ацыдыстут Бетъырбухмæ: поездыл æви хæдтæхæгыл?)

Цал?(Цал боны уыдыстут ацы горæты?)

Кæм? (Кæм цардыстут ?)

Цы?(Цы федтат цымыдисагæй?)

Цавæр? (Цавæр зæрдылдарæн бынат нуыууагъта арфдæр фæд уæ зæрдæты?)

Чи? (Чи уæ хуыдта экскурситæм?)

…æви… ? (Бетъырбух рæсугъддæр горæт у æви Дзæуджыхъæу?)

  • Рефлекси

Ныр та уал карточкæтыл фæрстыты бын ныффыссут дзуæппытæ иугай хъуыдыйæдтæй.

Карточкæтæ:

1.Цы базыдтай ногæй абон?

2.Цы фæцыдис (цы нæ фæцыдис) дæ зæрдæмæ?

3. Цы дæм фæкастис зын?

4.Цы дæм фæкастис цымыдисаг?

- скъоладзаутæ æвзарынц карочкæтæ сæхæдæг

 - Ахуырдзаутæ кæсынц сæ дзуæппытæ.

  1. Хæдзармæ куыст.

Хи ныхæстæй дзурын текст «Лæппу æмæ дельфин».

13.Бæрæггæнæнтæ æвæрд цæуынц къорды архайджытæн сеппæтæн дæр æмхуызон.

Ахуыргæнæг:Уæ фæстаг фарстæн дзуапп дæттын.  Рæсугъддзинадæй зын у Бетъырбухимæ ерыс кæнын…  Фæлæ мæ зæрдæ мыггагмæ баст у мæ чысыл Дзæуджыхъæу æмæ Ирыстонимæ.  Ам цæрынц мæ уарзон адæм,  ам сты мæ уидæгтæ, мæ бæллицтæ, мæ абон, мæ фидæн…  Мæн фæнды, цæмæй цы фæнды рæсугъд балцы куы ацæуат, уæддæр уæ зæрдæты арф æвæрд уа уæ райгуырæн зæхх, хæхбæстæ. Рæсугъд, райдзаст фæндæгтыл цæут!

Хи куысты анализ

Ӕнтыстдзинӕдтӕ

Зындзинӕдтӕ

Фӕндон

Директор         _______________        Н. Т. Течиева

          подпись                          расшифровка

           М.П.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок "Технология приготовления творога с сахаром и сметаной " 6 класс

Создание условий для обучения приготовлению творога с сахаром и сметаной...

Об использовании учебников: В.И.Сахаров, С.А.Зинин «Литература 19 века» (10 класс); В.А. Чалмаев, С.А. Зинин «Русская литература 20 века» (11 класс)

При переходе к профильному обучению нельзя отрицать актуальность и значимость учебника. На идее двухуровнего (базового и профильного) федерального компонента государственного стандарта основана ...

"Промышленная хромотография для оптимизации выработки сахара"- МЕТОДИЧЕСКИЙ ДОКЛАД.

В докладе рассматривается новый метод оптимизации выработки сахара -метод хромотографии....

Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Нысантæ: хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæахуы...

Тема урока осетинского языка в 9 кл. "Санкт-Петербург - славный город России" («Уæрæсейы цытджын горæт - Бетъырбух»)

План урока осетинского языка в 9 классе в дефференцированной группе на тему: "Санкт-Петербург - славный город России" ....

Сахар детям не игрушка или выбираем здоровое лечебное питание Сахар скорее вреден для малышей или скорее полезен? Этот вопрос уже многие годы не теряет своей сложности актуальности, и здесь мы постараемся систематизировать последние медицинские данные на

Сахар детям не игрушка или выбираем здоровое лечебное питание Сахар скорее вреден для малышей или скорее полезен? Этот вопрос уже многие годы не теряет своей сложности актуальности, и здесь мы по...