Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
методическая разработка (9 класс)
Нысантæ:
хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ
ахуырадон:фæцалх кæнын ахуырдзауты монологон æмæ диалогон ныхасы мидæг бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл; ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; Бетъырбухы тыххæй дзурын; домгæвазыгджын æмæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты бæттæгтæ сфæлхат кæнын; хатдзæгтæ кæнын.
райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; эмоционалон æмæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.
Куысты хуызтæ: лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; аудировани; диалогыл куыст; брэйн-ринг; интерактивон фæйнæгимæ куыст.
Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; текстытæ; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг; классикон музыкæ.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
baltsy_betyrbuhy.docx | 40.29 КБ |
Предварительный просмотр:
Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси)
9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.
Урочы темæ: Балцы Бетъырбухы
(Кæронбæттæн ахуыр лексикон темæ «Уæрæсейы истори æмæ культурæ»-мæ гæсгæ)
Нысантæ:
хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ
ахуырадон:фæцалх кæнын ахуырдзауты монологон æмæ диалогон ныхасы мидæг бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл; ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; Бетъырбухы тыххæй дзурын; домгæвазыгджын æмæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты бæттæгтæ сфæлхат кæнын; хатдзæгтæ кæнын.
райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; эмоционалон æмæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.
Куысты хуызтæ: лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; аудировани; диалогыл куыст; брэйн-ринг; интерактивон фæйнæгимæ куыст.
Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; текстытæ; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг; классикон музыкæ.
Урочы цыд
Ахуырдзаутæ кусынц 3 къордæй . Къордтæн ис нæмттæ: «Невайы проспект», «Лиговкæ», «Фонтанкæ.
Индикатор. Алы къорды стъолыл дæр ис предмет (паддзахы худ, хæфс, нау). Ахуырдзаутæ дзурынц сæ ассоциацитæ ацы предметтимæ.
Паддзахы худ - паддзах, хицау, бæстæ, адæм, сыгъзæрин, зынаргъ æмæ а.д.
Хæфс - дон, цъымара, чъизи, цъæх, цæрын, тæрсын, пайда, къогъотæ …
Нау- денджыз, фидар, дон, аразын, нæзы, бæрзонд, дæсны, рæсугъд, балц...
Ахуыргæнæг: Ссарут ма, ацы предметты ‘хсæн иудзинад. Цы сæ бæтты? Куыд схондзыстæм нæ урочы темæ? Ахуырдзаутæ агурынц бастдзинад предметты ‘хсæн, бæттынц сæ урочы темæимæ.
Паддзахы худ баст у Пётр Фыццæгæмы хицаудзинадимæ, хæфс – цъымаратимæ, нау – Адмиралтействæйы бæстыхаимæ. Хатдзæг: ныхас цæудзæнис Бетъырбухы тыххæй.
Хъуысы классикон музыкæ (С. Рахманинов «Нежность»)
1слайд
Урочы темæ «Балцы Бетъырбухы»
Ахуыргæнæг: Абон мах цæуæм балцы Невайы былгæронмæ, дунейы рæсугъддæр горæттæй иумæ – Бетъырбухмæ. Азилдзыстæм йæ рагон уынгты, атезгъо кæндзыстæм йæ хидтыл, базонгæ уыдзыстæм Эрмитажы хæзнатимæ, нæ рæуджыты дзагæй фæулæфдзыстæм Балтикæйы цæхджын уæлдæфæй. Немæ балцы хонæм нæ уазджыты дæр.
Нæ балц райдайдзыстæм историон цаутæй. Кæд æмæ куыд сырæзыдис Бетъырбух?
1. Лексикон диктант дефиницитæм гæсгæ.
Ахуыргæнæг кæсы дефиницитæ (æмбарынæдтæ), скъоладзаутæ фыссынц, цы дзырдтимæ баст сты,уыдон:
- бæстæйы сæргълæууæг, раджы заманы, хицаудзинад кæмæ уыдис, уый (паддзах);
- дон кæм лæууы, вæййы хъуына (цъымара);
- искæй куынæуал фæарынц, йæ кой куынæуал фæкæнынц (фесæфын);
- хæдзæрттæ æмæ æндæр цæрæн бынæттæ (бæстыхæйттæ );
- саив кæнын (срæсугъд кæнын);
- конд вæййынц цæугæдæтты сæрты (хидтæ);
- хуссары ныхмæ, уазалдæр ран (цæгатаг);
- кад скæнын, хъуыстгонд суæвын (ном скæнын);
- стыр рæсугъд бæстыхай зынаргъ нывтимæ æмæ цыртсурæттимæ (галуан);
- зынаргъ дзауматæ сыгъзæринæй; кæмæндæр та уыдон сты йæ бинонтæ, йæ цот, йæ адæм (хæзнатæ);
- бæлвырд азтæм бахæццæ уæвын (сæххæст уæвын).
2.Ахуыргæнæг:бакæсут-ма , цы дзырдтæ ныффыстат, уыдон , æмæ саразут семæ хъуыдыйæдтæ, баст текст сæ куыд рауайа, афтæ. (Ацы куыст арæзт у рацыд текстмæ гæсгæ)
Паддзах – Бетъырбух аразын райдыдтой 18-æм æнусы паддзах Пётр Фыццæгæмы фæндмæ гæсгæ.
Цъымара – Горæт арæзтой цъымаратыл.
Фесæфын – Уый уыдис тынг уæззау куыст, фесæфтис дзы бирæ хуымæтæг, мæгуыр адæм.
Бæстыхæйттæ - Бетъырбухы архитектурæ никæцы горæтимæ схæццæ кæндзынæ, уымæн æмæ йæ бæстыхæйттæ арæзтой дунейы зындгонддæр архитектортæ: Трезини, Воронихин, Леблон, Растрелли, Монферран.
Срæсугъд кæнын – Горæты уынгтæ скульптурæтæй срæсугъд кодтой номдзыд скульптортæ Фальконе, Клодт, Гордеев.
Хидтæ - Бетъырбухы ис бирæ каналтæ æмæ хидтæ.
Цæгатаг – Уый тыххæй ацы горæт арæх фæхонынц «цæгатаг Венеци».
Ном скæнын, галуан) – Горæтæн ном скодтой йæ диссаджы рæсугъд галуантæ: Зымæгон галуан, Сæрдыгон галуан, Пётры номыл галуан æмæ æндæртæ.
Хæзнатæ – Бетъырбухы хъуыстгонддæр æмæ стырдæр музей – Эрмитажы – фенæн ис дунеон культурæйы хæзнатæ.
Сæххæст уæвын - Бетъырбухыл сæххæст ис 313 азы.
4. Ахуыргæнæг: Ныр та, цы дзырдтæ ныффыстат, уыдонимæ сараздзыстæм логикон рæхыстæ. Нæ куысты пайда кæндзыстæм домгæвазыгджын æмæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты бæттæгтæй (фæлæ, уымæн æмæ, цæмæй) Алы къорд дæр аразы йæхи логикон рæхыс.
2слайд
Цъымаратæ🡪стыр цъымаратæ 🡪 Раджы заман Бетъырбухы бынаты уыдис стыр цъымаратæ🡪фæлæ дзы фæстæдæр сарæзтой хæдзæрттæ.
Cхæццæ кæндзынæ🡪никæцы горæтимæ схæццæ кæндзынæ🡪 Бетъырбухы архитектурæ никæцы горæтимæ схæццæ кæндзынæ🡪уымæн æмæ йæ бæстыхæйттæ арæзтой дунейы зындгонддæр архитектортæ.
Хид🡪 ног хид🡪Æрæджы Бетъырбухы сарæзтой ног хид🡪 цæмæй рахиз былгæронæй галиумæ фæндаг фæцыбырдæр уа.
5. Ахуыргæнæг:Уæ къордтæн ис тынг рæсугъд нæмттæ. Радзурут-ма нын цыбырæй уыдоны тыххæй. (Хæдзары бацæттæ кæнын хъуыдис гыццыл хъусынгæнинæгтæ уыцы бынæтты тыххæй. Алы къорд дæр дзуры йæхи тыххæй)
Невайы проспект - у Бетъырбухы уынгтæй тæккæ даргъдæр. Йæ дæргъ у 4 км бæрц. Ам ис рагон бæстыхæйттæ, бирæ дуканитæ, театртæ. Вæййы дзы тынг бирæ адæм.Ацы проспекты тыххæй фыста номдзыд уырыссаг фыссæг Гоголь, зæгъгæ, фыддисаджы рæсугъд у Невайы проспект.
Лиговкæ- у Бетъырбухы уынгтæн сæ рагондæртæй иу. Ном ын радта гыццыл цæугæдон Лига. Проспекты бынаты раджы заман уыдис Новгородмæ фæндаг.Ацы уынджы ис цалдæр аргъуаны. Лиговкæйы тыххæй арæх фæзары Розенбаум.
Фонтанкæ- у цæугæдоны ном. Фыццаг æй хуыдтой Ерик, фæстæдæр Фонтанты цæугæдон, уымæн æмæ ардыгæй истой дон Сæрдыгон дыргъдоны (Летний сад) фонтантæн. Фонтанкæйы былгæрон ис Бетъырбухы тæккæ чысылдæр цыртдзæвæн – «Чижик-пыжик». Йæ бæрзæнд у 11 см, йæ уæз та у 5 килæйы бæрц. Конд у бронзæйæ.
6. Ахуыргæнæг:Базонут-ма, цæй тыххæй цæуы ныхас.
- Йæ алы экспонаты цур æрмæст иу минут куы алæууай, уæддæр дæ бахъæудзæнис 8 азы бæрц, цæмæй йыл æнæхъæнæй æрзилай, уый тыххæй.
- Ам августы мæйы фæбæрæг кæнынц Гæдыйы бон.
(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ. Раст дзуапп: Эрмитаж).
3слайд
Ахуыргæнæг:Цæмæй саразæм хъусынгæнинаг Эрмитажы тыххæй, уый тыххæй нæ хъæуы дзырдбæстытæ ратæлмац кæнын. Ахуырдзаутæ тæлмац кæнынц дзырдбæстытæ æмæ уыдонмæ гæсгæ аразынц чысыл баст текст.
- один из известнейших музеев мира; собраны сокровища мировой культуры; огромные залы; старинные полотна французских и голландских художников; оружие средних веков; коллекция золотой и серебряной посуды; статуи именитых скульпторов; ежедневно бывают тысячи туристов.
- Эрмитаж у дунейы зындгоддæр музейтæй иу. Ам æмбырдгонд сты дунеон культурæйы хæзнатæ. Егъау залты фенæн ис францаг æмæ голландаг нывгæнджыты рагон нывтæ, астæуккаг æнусты хæцæнгæрзтæ, сыгъзæрин æмæ æвзист мигæнæнты æмбырдгонд, номдзыд скульпторты цыртсурæттæ æмæ бирæ æнд. Æрвылбон Эрмитажы вæййынц мингай туристтæ.
7.Ахуыргæнæг:Алкæмæн дæр ис йæхи Эрмитаж. Дзырдæн, мæнæн уый у Ренессансы зал. Ам ис Рафаэлы ахуыргæнинаг Лоренцо Лоренцеттийы цыртсурæт «Мард лæппу дельфиныл». (4слайд ) Скультор æй сарæзта йæ ахуыргæнæджы эскизмæ гæсгæ. Йæ бындуры ис антикон таурæгъ. Байхъусут-ма таурæгъмæ æмæ бавæрут тексты хъæугæ дзырдтæ. 5слайд
Лæппу æмæ дельфин
Гыццыл лæппу цардис йæ бинонтимæ æдзæрæг ран, ... был. Саби иунæгæй кодта ..., æмбæлттæ йын нæ уыдис. Æрмæст-иу алы бон иу дельфин ... … былгæронмæ æмæ-иу йæхирдыгонау цыдæр хъæлдзæг ныхæстæ кодта сабийæн. Афтæ ... сты дельфин æмæ лæппу. Саби-иу ... дельфиныл æмæ-иу иумæ аленк кодтой денджызы цъæхы.
Иу бон куы уыдис, уæд сыстадис ... уад, уылæнтæ бæрзондæй-бæрзонддæр кодтой. Афтæмæй æрцыдис ...: лæппу фæдæлдон ис. Бæргæ ма рахаста цæрæгой йæ уарзон лымæны былгæронмæ, фæлæ уый йæ цæстытæ нал ... … . Дельфин уый куы бамбæрста, уæд йæхи раппæрста сурмæ.
æнкъард, балымæн, сбадтис, денджызы, æрбаленк кодта, байгом кодта, бæллæх, тыхджын
9. Хъомыладон куыст. Ахуыргæнæг:Куыд уæм кæсы, цæй тыххæй у ацы æнкъард таурæгъ?
Дзуæппытæ: «æмгардзинады тыххæй», «æцæг лымæндзинады тыххæй»…
Ахуыргæнæг:Уæ царды ис ахæм æцæг лымæнтæ? Уæхæдæг та цавæр æмбæлттæ стут? Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.
10.Ахуыргæнæг:Ныр та сараздзыстæм гыццыл брэйн-ринг æмæ базондзыстæм, чи куыд зоны Бетъырбухы зæрдылдарæн бынæттæ, уый . Аудировани 6слайд «Цы у уый?»
- Ацы цыртдзæвæн сарæзта Парижы Аивæдты академийы профессор.Уыцы скульпторы Ус-паддзах Екатеринæйæн бацамыдтой
йæ хорз лымæнтæ Дидро æмæ Вольтер. Цыртдзæвæн цы дурыл лæууы, уый ссардтой Бетъырбухмæ хæстæг. Бæхы бын цы калм хилы, уый та сфæлыста уырыссаг скульптор Гордеев. Цы у уый? Чи йæ скодта?(паддзах Пётр Фыццаджы цыртдзæвæн, скульптор Фальконе) 7слайд
- 2 хатты ацы хидæн конд бæхты (æдæппæтæй сты 4) паддзах Никъала Фыццаг балæвар кодта фæсарæйнаг монархтæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг бæхты баныгæдтой зæххы.1 майы 1945 азы сæ фæстæмæ сæ бынаты сæвæрдтой. Цавæр хиды кой кæнын, чи у уыцы бæхты сфæлдисæг?(Аничковы хид, скульптор Клодт) 8слайд
- Ацы бæстыхай арæзтой 10 азы, конд фæцис 1812 азыФыдыбæстæйы хæсты хæдразмæ.Ардыгæй Смоленскмæ, тохмæ, араст ис фельдмаршал Кутузов.Ныгæд дæр ам ис. Бæстыхайы бæрзæнд у 70 м, ис ын 96 дурдзæдждындзы(колоннæйы). Уыдоны тыххæй Осип Мандельштам фыста:
«А зодчий не был итальянец,
Но русскийв Риме – ну так что ж?!
Ты каждый раз, как иностранец,
Сквозь рощу портиков идёшь» .
Цавæр бæстыхай у уый?Чи у йæ архитектор? (Хъазаны кувæндон, архитектор Воронихин) 9слайд
11.Ахуыргæнæг: Фæззæджы каникулты мæ къласимæ, 11-æм «В»-йы ахуырдзаутимæ, уыдыстæм Бетъырбухы. Ацы горæт нæ зæрдæты ныууагъта бирæ рæсугъд æнкъарæнтæ æмæ райдзаст хъуыдытæ. Уæ бон мæ у бафæрсын нæ балцæй, æрмæст фæрстытæ арæзт уыдзысты лæвæрд фарстон дзырдтæм гæсгæ. 10лайд
Кæд?(Кæд ацыдыстут Бетъырбухмæ?)
Кæимæ? (Кæимæ ацыдтæ балцы?)
Цæуыл? (Цæуыл ацыдыстут Бетъырбухмæ: поездыл æви хæдтæхæгыл?)
Цал?(Цал боны уыдыстут ацы горæты?)
Кæм? (Кæм цардыстут ?)
Цы?(Цы федтат цымыдисагæй?)
Цавæр? (Цавæр зæрдылдарæн бынат нуыууагъта арфдæр фæд уæ зæрдæты?)
Чи? (Чи уæ хуыдта экскурситæм?)
…æви… ? (Бетъырбух рæсугъддæр горæт у æви Дзæуджыхъæу?)
12.Ахуыргæнæг: Фæстаг фарстæн гыццыл фæстæдæр ратдзынæн дзуапп. Кæронбæттæн. Рефлекси. Ныр та уал карточкæтыл фæрстыты бын ныффыссут дзуæппытæ иугай хъуыдыйæдтæй. (Алы скъоладзау дæр æвзары карточкæ йæхæдæг)
Карточкæтæ:
1.Цы базыдтай ногæй абон?
2.Цы фæцыдис (цы нæ фæцыдис) дæ зæрдæмæ?
3. Цы дæм фæкастис зын?
4.Цы дæм фæкастис цымыдисаг?
(Ахуырдзаутæ кæсынц сæ дзуæппытæ).
13.Хæдзармæ куыст: хи ныхæстæй дзурын текст «Лæппу æмæ дельфин».
14.Бæрæггæнæнтæ æвæрд цæуынц къорды архайджытæн сеппæтæн дæр æмхуызон.
Ахуыргæнæг:Уæ фæстаг фарстæн дзуапп дæттын. Рæсугъддзинадæй зын у Бетъырбухимæ ерыс кæнын… Фæлæ мæ зæрдæ мыггагмæ баст у мæ чысыл Дзæуджыхъæу, мæ Ирыстонимæ. Ам цæрынц мæ уарзон адæм, ам сты нæ уидæгтæ, нæ бæллицтæ, нæ фидæн. Мæн фæнды, цæмæй цы фæнды рæсугъд балцы куы ацæуат, уæддæр уæ зæрдæты арф æвæрд уа уæ райгуырæн зæхх, хæхбæстæ. Рæсугъд, райдзаст фæндæгтыл цæут!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Интегрированный урок истории и английского языка. Урок-экскурсия на тему:"Средевековый город. Его жители и их образ жизни".
Тема урока: «Средневековый город. Его жители и их образ жизни». Урок формирует более глубокое усвоение знаний, высокий уровень обобщения, систематизации, эстетическое воспитание, воспитание то...
Удивительный мир камней.Экскурсия в кладовую Земли. Урок - экскурсия
Подробнее узнать о тайнах минералов и горных пород, выяснить их значение в природе, хозяйстве и жизни человека; расширение кругозора в области геологии. Выяснение количественного состава минералов ...
Урок-экскурсия в 9 классе "Экскурсия по городу Кораблино, приуроченная к 50-летию со дня основания города"
ЭКСКУРСИЯ ПО ГОРОДУ КОРАБЛИНО РЯЗАНСКОЙ ОБЛАСТИ, ПРИУРОЧЕННАЯ К 50-ЛЕТИЮ со дня основания города МАРШРУТНЫЙ ЛИСТ1 остановка. Начало экскурсии. Место: пересечение улиц Школьной и Садовой. Объекты ...
урок- экскурсия "Виртуальная экскурсия по Германии"
урок- экскурсия в 9 классе...
Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...
Мæргътæ – æрдзы фидауц (интеграцигонд урок) 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
Урочы темæ: Мæргътæ – æрдзы фидауцДиалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст.Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты растæвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты(фæлхат).Урочы нысантæ: Ахуырадон:фæцалх кæнын ах...
Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...