Тема урока "Хъуыдыйад.Мадæлон æвзаг - æвзæгты сæр "
план-конспект урока

Конспект урока по осетинскому языку

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл zh_.i.madalon_avzag.docx166.52 КБ

Предварительный просмотр:

          Ирон  æвзаджы  урок  2-æм  къласы.

 

  Темæ:            Хъуыдыйад .  

 Мадæлон  æвзаг - æвзæгты сæр .

                                                                                  МБОУ  45-æм гимназы

ирон  æвзаджы ахуыргæнæг

                                                                 Хуыгаты Ж.И.                                                                                  


1.Бацæттæгæнæн рæстæг .

Зивæггæнаг не стæм,

Ахуырмæ цæрдæг стæм.

Чиныг боныг ,тетрад-

Нæ разы сты ,цæттæ сты!

Ахуыргæнæг:

-Уæдæ райдайæм  нæ урок.

-Цæмæй урочы рæсугъд дзурæм нæ мадæлон æвзагыл ,   уый тыххæй нæхи бацæттæ кæнæм.

Скъолардзаутæ дзурынц тагъддзуринæгтæ

2.Скъоладзауты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ.

Фæйнæгыл нымæцтæ фидаргонд:1,2,3,……..10.

-Ацы нымæцтæ цы нысан кæнынц?

-Математикæйы  урок нæм ис?

-Абон уæ алчидæ р урочы кæрон йæхицæн равзардзæн  бæрæггæнæн (10баллы онг)

Ахуыргæнæг:

Мæн уырны,абон уын æцæгдæр урочы бирæ кæй бантысдзæн, æмæ ацы урок уæ зæрдыл кæй  бадардзыстут ,уый.

3.Зоныдзинæдты актуализации.

-Базонут-ма,цæуыл дзурдзыстæм урочы!

Экраныл–эпиграф ,сыв-ттæ йæ кæсынц :

«Куыд хорз ,куыд кадджын дæ мæ цæсты,нæ ирон,мадæлон æвзаг!» (Чеджемты Г.)

-Цæмæн зæгъы поэт афтæ?

Сыв. дзурынц сæ хъуыдытæ.

Урочы кæрон ма раздæхдзыстæм  нæ эпиграфмæ

4. Рацыд æрмæгыл кусгæйæ къуылымпытæ кæм æййафынц, уый сбæрæ г кæнын.

Экраныл слайд:

Дзырд  æвзаг -æн ис цалдæр ныс-джы.,цавæртæ? (Сыв. дзурынц  сæ хъуыдытæ.)

-Дзырдбаст«мадæлон æвзаг» та цы нысан кæны?»

-Бамбарын  ма кæнут  æмбисонды  хъуыды .. --                -Мах зонæм ,нæ ныхас арæзт кæй у хъуыд-тæй.

-Кæцы дзы у хъуыд-д?

-Уæдæ ма  цæуыл кусдздзыстæм  урочы?

5.Сыгъдæгфыссынадыл  куыст.

Тагъддзуринаг бакæсын  экраныл:

Хъæуæй  хъазты  хъæр хъуысы,

Хъæдхой  хъæндилмæ  хъуызы.

-Цавæр  æмхъæлæсон  ис алы дзырды  дæр ?([Хъ]- æмхъæлæсон, æзылангон)

-Куыд æй нысан кæнæм фысгæйæ ?(х æмæ ъ)

Скъоладзаутæ фыссынц   тетрæдты  дамгъæ хъ, уæнгтæ  хъ-имæ.

-Тагъддзуринаг  цæмæй арæзт  у ? (хъуыдыйæдтæй)

Скъоладзаутæ кусынц  къæйттæй.

-Ныффыссут  хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдты, куыд  сæ бахъуыды кодтат,  афтæ, стæй уæ тетрæдтæ баивут æмæ кæрæдзийы рæдыдтытæ сраст кæнут фæйнæгмæ  кæсгæйæ.

6.Дзырдуатон куыст.-Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнын,дамгъæты æмæ  мырты  нымæц  фæбæрæг  кæнын.

7.Цæстытæн зарядкæ.  

Иускъоладзау  дзуры, иннæтæ та цæстытæй  амонынц:

Æз цæуын  хъæды. Æвиппайды  мæ размæ фæцис  арс. Фæтарстæн. Акастæн галиуырдæм – ничи дз ыис, акастæн рахизырдæм – уым дæр ничи. Скастæн  бæласмæ – æгæ р бæрзонд у, нæ йæм  схиздзынæн. Мæ цæстытæ бахгæдтон, дæсмæ анымадтон, байгом сæ кодтон, кæсын æмæ арс мæ цуры нал и. Нал мын  у тас!

8.Æмбисæндтæ  бакæсын, сæ хъуыды сын бамбарын  кæнын:

   1.Райгуырæн бæстæ уарзæн нæй, дæ адæм ыæвзаг куы нæ уарзай, уæд.

   2.Сырддонцъиу  дæр ма йæхи ‘взгыл дзуры.

- Дыккаг  хъуыдыйады бахахх  кæнын  сæйраг  уæнгтæ.

Хатдзæг.

-Æмбисонд  дзырдты  къорд у æви хъуыдыйад? Цæмæн уæм афтæ  кæсы?

9.Хъазт «Дзырдтæ ныппырх сты.

-Сæмбырд  кæнут  дзырдтæ, цæмæй сæ хъуыдыйад рауайа.

-Разы стут ацы хъуыдыимæ?

-Цавæр хатдзæгскæнæн  ис?Цы у хъуыдыйад?

10.Физминуткæ.

Текстимæ куыст.

Ахуыргæнæг:

-Иу скъоладзау  ныффыста  цыбыр  радзырд йæ мадæлон  æвзагыл. Бакæсæм æй  æмæ  йын йæ  рæдыдтытæ сраст  кæнæм.

-Цы  уæм  фæкаст  худæг?

-Раст  вариант  скъоладзауты дзуаппыты  фæстæ  æвдыст  цæуы  экраныл.

Радзырдæн  кæрон  æрхъуыды  кæнут.

Хатдзæг.

-Цавæр  æмбисæндтæ  уæ  зæрдыл  æрлæууыдысты?

Экраныл  К.Паустовскийы  ныхæстæ  бакæсын:

-Цавæр  адæймагмæ  хауынц  ацы  ныхæстæ?

-Мах та куыд уарзæм нæ мадæлон  æвзаг?

Эпиграф.(Кæсынц  сывæллæттæ)

11.Баххæст  кæнут  æмбисæндтæ  хъæугæ  дзырдтæй (тетрæдты):

Мадæлон  æвзаг – æвзæгты… (сæр)        

Райгуырæн  бæстæ  æмæ  мадæлон  æвзаг  мады… ( ад кæнынц)

- Æххæст  хъуыды æвдисынц æмбисæндтæ  æнæ  ацы  дзырдтæй?

- Ныр та сæ схонæн  ис  хъуыдыйæдтæ? Цæмæн ?

12. Рефлекси.

-Нæ  урочы  цæуыл дзырдтам?

- Сывæллæттæ,  куыд уæм кæсы, нæ урочы хæстæ  сæххæст  кодтам?

- Урочы  уæ зæрдæмæ  тынгдæр цы фæцыдис?

- Зындæр та уæм  кæцы куыст фæкаст?

12. Бæрæггæнæнтæ.

-Стыр  бузныг,урочы  активон  кæй  уыдыстут,  кæрæдзийæн  кæй   æххуыс кодтат.

- Уæ  мадæлон  æвзаг  бирæ  кæй  уарзут, уый  бæрæг у. Дзурут иронау æмæ уæ ныййарджыты  зæрдæтæ  рухс  кæнут!

13. Хæдзармæ  куыст.

Мадæлон  æвзаджы  тыххæй  æмбисæндтæ  сахуыр  кæнут.

Цыбыр  сценкæ  æрхъуыды  кæнут.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тема: Обобщение, систематизация и проверка знаний по теме "Имя прилагательное" (На материале декоративно-прикладного искусства. Русская матрёшка). 6 класс. (тема рассчитана на 2 часа)

Тема: Обобщение, систематизация и проверка знаний по теме "Имя прилагательное"  (На материале декоративно-прикладного искусства. Русская матрёшка). 6 класс.   ...

Урок психомоторики 2 класс Тема «Мозаика из рваной бумаги. Птицы.» Урок психомоторики 2 класс Тема «Мозаика из рваной бумаги. Птицы.» Урок психомоторики 2 класс Тема «Мозаика из рваной бумаги. Птицы.»

урок "Развитие психомоторики и сенсорных процессов" предназначен для учащихся 1-4 классов коррекционной школы VIII  вида. Урок "Мозаика из рваной бумаги.Птицы" развивает мелкуюмоторику, мышление,...

Конспекты по экологии с контрольными вопросами по темам: Тема № 4: « Понятие мониторинга окружающей среды». Тема № 5: Источники загрязнения и основные группы загрязняющих веществ в природных средах. Тема урока № 6: Организация рационального природопо

Конспекты по экологии по темам:4.Понятие мониторинга окружающей среды,5. Источники загрязнения и основные группы загрязняющих веществ в природных средах, 6.Организация рационального природопользования...