"Давын чи сахуыр уа, уый йæхи хæдзарæй дæр давы»-Хетæгкаты Къ. уацмыс «Ахуыр
план-конспект урока (8 класс)
Открытый урок по произведению великого поэта Коста Левановича Хетагурова "Привычка". Урок объяснения нового материала. На уроке присутствует мотивационный этап. следующий этап -это
актуализация знаний по предложенной теме. После того, как учитель познакомит с произведением они работают над сложными словами. Учитель выявляет затруднения: в чем сложность нового материала, что именно создает проблему, поиск противоречия. Далее идет разбор произведения. Разработка проекта, плана по выходу их создавшегося затруднения.
Реализуется выбранный плана по разрешению затруднения. Это главный этап урока, на котором и происходит "открытие" нового знания. далее идет первичное закрепление нового знания.
Самостоятельная работа и проверка по эталону. Включение в систему знаний и умений. Рефлексия, включающая в себя и рефлексию учебной деятельности, и самоанализ, и рефлексию чувств и эмоций. Фишкой урока было выступление психолога. Она рассказала какие бывают привычки. Как можно от них избавиться.
Скачать:
Предварительный просмотр:
Гом урок 8-æм къласы.
Темæ: «Давын чи сахуыр уа, уый йæхи хæдзарæй дæр давы»-Хетæгкаты Къ. уацмыс «Ахуыр»-мæ гæсгæ.
Эпиграф: «Чи йæ мæгуырæй давы, чи- йæ хъæздыгæй».
Урочы нысантæ: 1. Скъоладзауты зонгæ кæнын уацмысимæ. Йæ темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом кæнын.
2. Æрдзурын адæймаджы хорз æмæ æвзæр миниуджытыл.
3. Ирон аив литературæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Универсалон ахуырадон архайдтытæ.
Ахуырадон: текстимæ куыст, тексты мидæг темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом кæнын.
Коммуникативон: Хи хъуыды дзурын æмæ фæлварын фидар кæнын. Къордты куыст.
Регулятивон: Хатдзæгтæ кæнын. Текст аив кæсын.
Æрмæг: чиныг, презентаци.
Урочы цыд.
1.Ахуыргæнæджы разныхас.
Фæнды мæ, цæмæй нын ацы урок нæ зæрдæты байдзаг кæна рæсугъд æнкъарæнтæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы зæрдæргъæвдæй кусын канд абон нæ, фæлæ дарддæр дæр.
2.Байхъусæм ма уæдæ æмбисондмæ.
Ахуыргæнæг кæсы æмбисонд «Дыууæ бирæгъы»
Раджы кæддæр иу зæронд лæг йæ фырты фыртæн амыдта:
-Алы адæймаг йæ хъуыдыты хъуырдухæн кæны, раст цыма дыууæ бирæгъимæ тох кæны. Иу дзы у хæрам, зæрдæхсайд, гæдыдзинады бирæгъ. Дыккаг бирæгъ та у зæрдæхæлар, ныфсджын, растзæрдæ.
Лæппу бирæ фæхъуыды кодта, стæй бафарста:
-Æмæ кæцы бирæгъ фæуæлахиз вæййы?
Зæронд лæг бахудт æмæ дзуапп радта:
-Цы бирæгъ æфсадæй, уый фæуæлахиз вæййы.
-Зæгъут-ма, цæй кой цæуы æмбисонды?
3.Абон мах цæуыл дзурдзыстæм? (Адæймаджы хорз æмæ æвзæр миниуджытыл)
Цавæр хорз æмæ æвзæр миниуджытæ зонут?
Нæ урочы темæ сбæлвырд кæнæм.
Ахуыргæнæг хъус æрдары урочы темæ æмæ эпиграфмæ.
Уацмыс ахуыргæнгæйæ Хетæгкаты Къостайы кой куы нæ скæнæм, уæд уый раст нæу.
4.Иу скъоладзау зæрдыл æрлæууын кæны йæ цардæй цымыдисаг цаутæ.
Хетæгкаты Къ. Чи нæ зоны, ахæмтæ стæм разындзæн. Йæ диссаджы «Ирон фæндыр» кæсынц Зæххы къорийы бирæ бæстæты. Къоста махæн у нæ сæрбæрзонд, ирон литературæ æмæ æвзаджы бындурæвæрæг, поэт, прозаик, драматург æмæ нывгæнæг. Уымæй уæлдай уыд мæгуыр адæмы бартыл тохгæнæг. Кæддæр Къоста афтæ фыста:
Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæ мард,
«Рухсаг у, рухсаг, — зæгьдзыстут,
Ницæмæн уал уыд дæ цард!»
Зонын, æргæвддзыстут исты, —
Мардыл ма чи дары ком? —
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.
Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —
Ничи уал зондзæн мæ цырт.
Æмæ цымæ раст фыста? Ферох кодтой адæм йæ ном?
Суанг ма арвыл стъалыты гуппары дæр ис Къостайы стъалы.
5.-Къостайы тыххæй алы бон дæр куы дзурæм, уæддæр нын рæстæг фаг нæ уыдзæн.
Рахизæм йæ уацмысмæ.
Йæ бирæ уацмыстыл фæзынд адæмон сфæлдыстады тæваг. Уыдонæй иу у «Ахуыр».
-Цы нысан кæны дзырд «ахуыр»? ( Скъоладзаутæ тæлмац кæнынц.
6.Абон нæ урокмæ æрбахуыдтам скъолайы психологы. Байхъусæм-ма йæм. Уый та цы зæгъдзæн ахуыры тыххæй. (Психологы разныхас).
Уацмысæн йæ сюжет æмæ композици зæгъæн ис æмæ ист сты адæмон сфæлдыстадæй. Вæййы ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæхицæй дæр давынц.
Кæддæр,дам, Црауы цард Бурсарты Болат, зæгъгæ, иу лæг.Уый иу бахъуызыд йæ лæгæтмæ æмæ иу сусæгæй йæ хæринаг радавта, стæй иу æй цæмæй мачи фена, афтæ бахордта. Арæх иу дзырдта, нæ дам, зонын æнæ радавгæ. Адæмы æхсæн бирæ ахæм таурæгътæ уыд. Къоста дæр зонгæ куыннæ уыдаид уыдонимæ.
7.-Дзырдуатыл куыст.
Цалынмæ уацмыс нæма бакастæн, уæдмæ æнæзонгæ дзырдтæ разарæм.
- Ахуыр –привычка,учение, учеба
- Ерæдзыпп-кремневое ружье
- Зиу-помощь кому-либо в работах
- Хызын-сумка, рюкзак
- Хуыснæг-вор
- Хуыснæгад-краденый, ворованный
- Уайсадæг чындз-невестка, соблюдавшая обычай молчания при старших
- Къæмдзæстыг-застенчивый
- Туджджын-кровник
- Ныккæрзын-вздрогнуть
- Ныр та байхъусæм уацмысмæ.
- Скъоладзаутæ кæсынц дыккаг хат уацмыс.
8.Фæрстæм гæсгæ æвзарын.
- Чи у хабархæссæг?
- Йæхи тыххæй цы зæгъы?
- Йæ ерæдзыпп рахуыдта фыдæлты хæзна. Цæмæн? Æндæр номæй йæ цæуылнæ рахуыдтæ?
- Адæм цы кусынц? (Зæххы куыст кæнынц. Джигиты рæстæг фæци, кусын хъæуы зæххыл)
- Цы федта хъæдбыны æмæ цæуыл дис кæны?
- Цавæр давæг уыди?
- Автор цы зæгъы хуыснæгæй йæхинымæр æмæ æргомæй?
- Куыд æвдисы хабаргæнæг хуыснæджы уавæр?
- Хуыснæг йæхи куыд дары? (уайсадæг чындзау ныкъкъæмдзæстыг, ома ныфсæрмы)Цæмæн? (цард æй ахæм уавæры сæвæрдта)
- Цæмæн æй рахуыдта «æрра»? Туджджын ын цæмæн фестад?
- Цы хабар раргом кодта хуыснæг? Цæмæн? (æндæр гæнæн ын нал уыд)
- Цæмæн афтæ зæгъы «..худгæ мыл ма фæкæ…»(худинагæй тарст, куы рахъæр уа, худинаджы зарæг ыл куы скæной)
- Цы нысан кæнынц ацы ныхæстæ: «..фæхæст дæн хуыснæгыл»
- Æвиппайды цы æрцыд?
- Чи амардта бирæгъы?
–Хъуыды-ма кæнут урочы райдайæн уын цы æмбисонд бакастæн, уый? Кæцы бирæгъы амардта? Цæмæн?
-Ерæдзыпп ифтыгъд нæ уыд, афтæмæй фехста.
Фыццаг строфамæ ма рахизæм. Ам фыдæлты хæзна къулыл фынддæс азы ауыгъдæй фæлæууыд. Ныр фехста. Куыд зонæм афтæмæй хæцæнгарз фыдæй фыртмæ лæвæрдтой. Абон уый у, чи нал хъæуы, ахæм дзаума.Кæроны та йæ уынæм, уæддæр ма йæ куыст кæй кæны, уый.
Къоста нын уый тыххæй афтæ зæгъы:
— Оу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ! —
Армытъæпæнтæ фæцагътон, —
Лæг ма цыфæнды фæуæд, фæлæ йерæдзыпп, —
Ифтыгъд нæу зæгъгæ нæ загътон?!.
А.П.Чехов та афтæ зæгъы: « Если в начале пьесы на стене висит ружье, то (к концу пьесы) оно должно высрелить.
9.Æмбисæндтыл куыст.
- Давæг йæхицæй давы.
- Тасдзинадæн йæ цæстытæ стыр сты.
- Давæгыл хуыссæг нæ хæцы.
- Къæрных сæдæ боны куы басусæг уа, уæддæр иу бон схъæр вæййы.
10.Къордты куыст.
Тæрхонгæнджытæ | Фарсхæцджытæ |
Куысын дзы хъуыд | Сидзæр уыд |
Давын хорз нæу | Йæ уавæртæ афтæ амыдтой |
Цыфæндыйæ дæр фæрæзтаид | Æндæр гæнæн ын нæ уыд |
—Автор цавæр поэтикон фæрæзтæй спайда кодта? (метоними)
-Цы у метоними?
Ссарæм –ма сæ?
11.Хатдзæгтæ скæнын
Цавæр æнкъарæнтæ, хъуыдытæ уæм сæвзæрд?
Автор цы зæгъынмæ хъавыд ацы уацмысæй?
Рефлекси:
- Цæуыл нæ сахуыр кæндзæн уацмыс?
- Уæ зæрдæмæ цы фæцыд?...
- Ногæй цы базыдтат?...
Хæдзармæ куыст: уацмыс зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Доклад: «Драмон уацмыс ахуыр кæныны методикæ хистæр кълæсты».
15- æм астæуккаг скъола Ситохаты З.Б....
Доклад:"Лексикое ахуыр коеныны методикое астоеуккаг скъолайы"
Доклад на тему: "Лексикое ахуыр коенын методикое астоеуккаг скъолайы"...
Музыкалон аргъау «Иу хъæды, дам,уыд хæдзар»
Сценарий мероприятия...
Музыкалон Аргъау «Хӕдзар».
сценарий для детей...
Хæххон æвадат царды нывтæ Дзесты Куыдзæджы уацмыс «Хорхӕссӕг»-ы.
Открытый урок в 7 классе....
«Фæззыгон аргъау». Иумæйаг ахуыр.
Применение пройденного лексического и грамматического материала в речи.Развитие монологической и диалогической речи.Составление связного текста....