«Фæззыгон аргъау». Иумæйаг ахуыр.
план-конспект урока (6 класс)
Применение пройденного лексического и грамматического материала в речи.Развитие монологической и диалогической речи.Составление связного текста.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
faezzygon_argau.docx | 18.16 КБ |
Предварительный просмотр:
Гом урочы пълан ирон æвзагæй 6-æм къласы
Урочы темæ: «Фæззыгон аргъау».
Иумæйаг ахуыр.
Ахуыргæнæг Бырнацты Т.Т.
Темæ: Фæззыгон аргъау. Иумæйаг ахуыр
Урочы нысантæ:
а) рацыд лексикон æмæ грамматикон æрмæгæй пайда кæнын бæлвырд ныхасы мидæг; аразын диалогон æмæ монологон ныхас; аудионыхасмæ хъусын, йæ бындурыл баст текст аразын;
æ) разæнгард кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ дзурынмæ;
б) бацархайын ахуырдзауты эстетикон æнкъарæнтæ фæхъæздыгдæр кæныныл
Урочы цыд
I.Индикатор
Рудзынгæй æрбатахтис тæгæры сыф. Скъоладзаутæ дзурынц сæ ассоциацитæ уыцы сыфимæ (фæззæг, хур, бæлас, тæгæр, дымгæ, сыгъзæрин, ахорæнтæ, арм, нывгæнæг)
1.Урочы темæ сбæлвырд кæнын, интерактивон фæйнæгыл æй равдисын.
2.Диктант дефиницитæй.
- У рæсугъд афæдзы афон, бæлæстыл скæны ирд дарæс. Фæззæг
- Бæлæстæй хауынц зæхмæ. Згъæлынц
- Йæ сыфтæ сты армы хуызæн, ис Канадæйы тырысайыл.Тæгæр
- Цæры бæласыл, уарзы къозотæ, гыркъотæ. Æхсæрæг
- Ис ын судзинтæ, у тымбыл, уарзы æхсыр. Уызын
- Уыдон гуырæн бонмæ æрбахæссынц. Лæвæрттæ
- Лæвæрттæ куы раттынц. Балæвар кæнынц
- У зынаргъ, бур, тынг æрттивы. Сыгъзæрин
- Вæййы цымыдисаг, гыццылæй нын сæ фæкæсынц нæ нанатæ æмæ ныййарджытæ. Аргъау
- Сыфтæ æрызгъалы, вæййы тыхджын æмæ уазал. Дымгæ
3. Саразын вазыгджын хъуыдыйæдтæ бæттæгтæ куы-уæд-имæ.
Карточкæтимæ куыст (№1)
Дымгæ—дымгæ æрызгъæлдта --- … Дымгæ сыфтæ куы æрызгъæлдта, уæд бæлæстæ афтæ рæсугъд нал уыдысты.
Фæззæг ---- фæззæг ралæууыдис ---… Фæззæг куы ралæууыдис, уæд цъиутæ атахтысты.
Уызын --- уызыны федтой ----… Сабитæ уызыны куы федтой, уæд цин кодтой.
4.Текстыл афæлгæст. Саразын цыбыр текст интерактивон фæйнæгыл. Хъуыдыйæдты кæрæттæ ссарын.
5.Диалоджы репликæтæ баххæст кæнын.
Карточкæтимæ куыст (№2)
- ….. ….. ….. …..? (Цæмæн баззадис Агуындæ хъæуы?)
- Уымæн æмæ æххуыс кодта зæрæдтæн.
- …. …… …..? (Цы ‘рцыдис иу æхсæв?)
- Дымгæ æнгуз бæласы сыфтæр æрызгъæлдта.
- ….. ….. ……? (Чи æфснæйдта сыфтæр?)
- Агуындæ йе мбал Зæринæимæ.
- …. ….. ….. …..? (Цы скодта нана чызджытæн?)
- Нана чызджытæн скодта уæливыхтæ.
- ….. ….. …..? (Кæмæн ракодта арфæтæ зæронд ус?)
- Зæронд ус Зæринæйæн арфæтæ ракодта.
5.Диалог аив бакæсын
6.Зарæгмæ байхъусын. «Хъæды зайынц бæлæстæ» Рахизын аргъауы темæмæ.
7.Бакусын аудированийы размæ дзырдбæстыты тæлмацыл. Ссарын дзырдбæстытæн сæ къæйттæ
Карточкæтимæ куыст (№3)
Стыр æрдуз | Никогда не грустил |
Цъæх-цъæхид дардта- | Умный ёж |
Æнкъард никуы кодта | Большая поляна |
Зондджын уызын | Ловкая белка |
Зæронд къæрта | Сверкали как золото |
Цæрдæг æхсæрæг | Гордился своим одеянием |
Сыгъзæринау æрттывтой | Дальше дуба |
Хъал уыдис йæ дарæсæй | Ярко зеленел |
Тулдз бæласæй дарддæр | старое деревянное ведро |
8.Аудировани.
Фæззыгон аргъау
Хъæды астæу, стыр æрдузы, цардис тæгæр бæлас. Уыдис бæрзонд æмæ къабузджын. Сæрды-иу йæ сыфтæр цъæх-цъæхид дардта, æмæ иу дзы гыццыл цъиутæ сæ хъæлдзæг зарджытæ кодтой. Тæгæр бæлас æнкъард никуы кодта, уымæн æмæ йын уыдис бирæ хæлæрттæ. Иу дзы уыдис уызын – гыццыл зондджын уызын. Йæ хæдзар уыдис зæронд къæртайы тæгæр бæласы фарсмæ. Йæ иннæ хæлар та уыдис æхсæрæг – хъæлдзæг, цæрдæг æхсæрæг. Уый цардис гыццыл дарддæр тулдз бæласыл.
Ралæууыдис фæззæг, фæуазал ис. Тæгæр бæласы сыфтæ фæбур сты æмæ сыгъзæринау æрттывтой дардмæ. Бæлас тынг хъал уыдис йæ рæсугъд дарæсæй. Фæлæ йын иухатт æхсæвы дымгæ йæ сыфтæр иууылдæр зæхмæ æрызгъæлдта. Тæгæр бæлас æрæнкъард ис æмæ скуыдта: «Мæ рæсугъд сыгъзæрин къаба фесæфтис! Цы ма кæндзынæн ныр?» …
9.Фæрстытæн дзуæппытæ раттын:
- Чи цардис хъæды?
- Цавæр уыдис уый?
- Кæд зарыдысты цъиутæ йæ сыфтæры?
- Цал хæлары уыдис тæгæр бæласæн? Чи уыдысты?
- Цавæр къаба скодта тæгæр бæлас фæззæджы?
- Цы ‘рцыдис иухатт?
10.Æрхъуыды кæнын аргъауæн кæрон.
Ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн, æвдисы сын нывтæ. Нывты хъæды цæрæгойтæ хæссынц лæвæрттæ.
Ахуырдзаутæ кæсынц, цы хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кодтой, уыдон.
- Уызын æбахаста тæгæр бæласæн фæткъуытæ, æхсæрæг та – зокъотæ. Тæгæр бæлас бацин кодта.
- Тæгæр бæласы æрдхæрдтæ баныхас кодтой æмæ йын æрбахастой алыхуызон лæвæрттæ: кæрдотæ, мыртгæ, æхсæртæ.Тæгæр бæлас йæ мидбылты бахудтис.
- Æхсæрæг æмæ уызын бадзырдтой хъæды цæрæгойтæм: рувасмæ, тæрхъусмæ ,мыстытæм, мæргътæм. Уыдон æрхастой рæсугъд сыфтæ тæгæр бæласæн: бур, сырх, сырхбын. Цъиутæ сæ æрцауыгътой бæласыл. Тæгæр бæлас бахудтис.
11.Кæронбæттæн. Хатдзæгтæ. Бæрæггæнæгтæ
12.Рефлекси.
Тæгæр бæласыл скъоладзаутæ ауындзынц алыхуызон сыфтæ: бур - урок сæ зæрдæмæ фæцыдис, хæслæвæрдтæ иууылдæр бамбæрстой; сырх - цыдæртæ нæ бамбæрстой; кæрдæгхуыз – бирæ хæслæвæрдтæ нæ бамбæрстой.