Хæххон æвадат царды нывтæ Дзесты Куыдзæджы уацмыс «Хорхӕссӕг»-ы.
план-конспект урока (7 класс)

Открытый урок в 7 классе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_7klass_fgos_tehn_karta.docx34.62 КБ

Предварительный просмотр:

Æлборты Зæринæ

36-æм  скъолайы

ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг

Ирон литерæтурæйы урок

7-ӕм кълас

Урочы темæ: Хæххон æвадат царды нывтæ Дзесты Куыдзæджы уацмыс «Хорхӕссӕг»-ы

Урочы нысантæ:

1.Скъоладзауты базонгæ кæнын Дзесты Куыдзæджы уацмыс «Хорхæссæг»- имæ.

 2. Ныхасы рæзтыл бакусын.(Равзарын хӕххон ӕвадат царды нывтӕ уацмысы, бамбарын  кӕнын хорхӕссӕджы трагедион уавӕр; абарын хӕххон зынвадат цард  абоны цардимӕ, сбӕлвырд кӕнын куыд сӕххӕст сты архайджыты сӕйраг бӕллицтӕ ныры дуджы).

3. Хъомыладон куыст: Хъомыл кӕнын уарзондзинад Ирыстоны дзӕнӕтон ӕрдзмӕ.

Урочы хуыз:

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ:

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ:

Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

 

  Урочы эпиграф:

О Иры лӕг! Бирӕ хъӕдгӕмттӕ

Уыдис дӕ домбай риуы, фӕлӕ

Байгас сты, ныффӕрӕзтой

Ӕппӕтӕн дӕр.

                             

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци:

(ахуыргæнæг дæтты, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг.)

 Легендæ «Мады хох»

Хъусынц зарæджы скъуыддзагмæ.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Актуализаци:

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

Дзырдуатон куыст:

-Ацы таурæгъмæ байхъусгæйæ цы бамбæрстат?

-Цавæр хохы кой дзы цæуы?

1.Бирӕ таурӕгътӕ ис нӕ хӕхбӕстыл. Ирон лӕгӕн уӕлдай адджын сты уыцы гуымирытӕ. Ӕмӕ сын кӕд царддӕттӕг уыдысты 4 ӕнусы дӕргъы, уӕддӕр бирӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ тухитӕ бавзӕрстой сӕ тызмӕг хъӕбысы.

2. -Уӕдӕ абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?

3.-Абон нӕ урочы равзардзыстӕм Дзесты Куыдзӕджы радзырд «Хорхӕссӕг». Нӕ цӕстытыл ауайын кӕндзыстӕм  хорхӕссӕджы трагедион уавӕр, хӕххон зымӕджы тызмӕгдзинад, абардзыстӕм хъайтарты цард нӕ абоны цардимӕ, сбӕрӕг кӕндзыстӕм, цымӕ куыд сӕххӕст сты архайджыты сӕйрагдӕр бӕллицтӕ. Нӕ урокӕн эпигрӕфӕн равзӕрстон Чеджемты Ӕхсары ныхӕстӕ.

ӕртысгӕн – шипцы для углей

ӕввонгхор – дармоед.

Рӕхснӕг – прямой, гладкий.

 Пут – 16 килограмм

 Къӕсса – кожаный мешок.

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци; проблемон фарст æвæрын), æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координации кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын),

удгоймагон

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)

Урочы темæйыл куыст:

 1.Зӕгъут, легендӕйы цы чызджы кой скодтам, уый кӕимӕ абарӕн ис?

2. Цӕуыл у сӕ мӕт Уӕллагкомы адӕмӕн?

3. Ссарут тексты ӕмӕ бакӕсут, хъӕу уыцы ӕхсӕв цы уавӕры ис, уыцы бынат.

4. Куыд дарынц сӕхи хъӕуы адӕм уыцы уӕззау рӕстӕг?

5. Куыд спайда кодта фыссӕг ирон мифологийæ адӕмы тыхст уавӕр хуыздӕр равдисынӕн?

6. Ссарут тексты ӕфсирты мӕлӕт ӕмӕ йӕ аив бакӕсут.

7. Зӕгъут-ма, цы хонӕм пейзаж?

Хъусынц æрмæгмæ, дзуаппытæ дæттынц.

 Скъоладзау:-Халас куы æрбада, уæд сæ хортæ сæфдзысты.

Дзуапп:Уацилламӕ кувынц.

Дзуапп: Куыд базӕронд сты ӕхсӕвӕй бонмӕ! Сӕ сӕртӕ фӕкъул сты. Цъӕх-цъӕхид цыллӕ сыгтӕ мӕрдон фӕлурс ныйисты ӕмӕ сӕ мидбынаты хуры тӕвдмӕ сӕ цӕстысыг лӕдӕрсы. Кӕуынц ӕфсиртӕ. Кӕуынц сусӕгӕй. Афтӕ ма фӕкӕуы ног чындз сӕрзӕды бын йӕ цӕгаты зиан фехъусгӕйӕ.

Дзуапп:Пейзаж  у францусаг дзырд, амоны бӕрӕг бынатӕн, ранӕн йӕ ӕрдзон сконды сфӕлыст.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст:

Ахуыргæнæджы раныхас:

8. Ссарут тексты, хӕххон зымӕджы ныв ӕмӕ хӕхты тызмӕгдзинад ӕвдыст кӕм цӕуы, уыцы бынӕттӕ.

9. Чи у уацмысы сӕйраг архайӕг? Цавӕр маст ын хӕры йӕ зӕрдӕ?

10. Бакӕсут-ма, Темсыры бинонтӕ ӕвдыст кӕм ӕрцыдыстӕ, уыцы бынат.

11. Цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд Темсыр?

12. Араст сты уӕззау фӕндагыл фыд ӕмӕ фырт. Кӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи Темсыр?

-Ирон адӕммӕ рагӕй дӕр Лӕгтыдзуары ном тынг кадджын уыд. Мӕнӕ цы зӕгъы уый тыххӕй зынгӕ археолог В. Кузнецов: « Культ Уастырджи- покровитель мужчин и путников- очень популярен в Осетии. Это походы по узким горным тропам в соседние ущелья в поисках хлеба, дальние переходы через грандиозные хребты и ледяные перевалы были далеко не безопасными и не всегда кончались счастливым концом. Вот почему отправляясь в путь осетины просят покровительства Уастырджи».

14. Цӕуыл ныхас кӕнынц фыд ӕмӕ фырт сӕ дард фӕндагыл?

15. Ам рабӕрӕг Темсыры стыр бӕллиц. Цавӕр у?

16. Зӕгъут-ма, абоны царды цӕстӕй, куыд сӕххӕст Темсыры бӕллиц?

17.Радтой сын сӕ хӕстӕджытӕ хор. Дыууӕ путы ис Темсыры къӕссайы, иу пут Додийы дзӕкъулы. Цы ма хӕссы ноджыдӕр Темсыр?

18. Цавӕр лӕппу уыд Доди? Цӕмӕ бӕллыд царды?

19. Цавӕр фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой фӕндагыл фыд ӕмӕ фырт?

20. Цӕуыл баивтаид ныр  йе стыр бӕллиц Доди йӕ фӕдӕй куы фӕхицӕн, уӕд?

21. Чи уыд Хъаныхъуаты Бола?

22. Кӕй ма зонут ирон номдзыд богӕлттӕй?

23. Додиимӕ абаргӕйӕ абоны сывӕллӕтты цард куыд аивта?

24. Ис нӕм абон дӕр зын уавӕры чи ис ахӕм сывӕллӕттӕ. Чи сты сымахмӕ гӕсгӕ уыдон?

25. Цавӕр ӕмбисондтӕй спайда кодта фыссӕг Темсыр ӕмӕ Доди куы фӕхицӕн сты, уӕд?

26. Ныр-ма хорз ахъуыды кӕнут ӕмӕ зӕгъут: абоны цардимӕ абаргӕйӕ цавӕр ивддзинӕдтӕ  бахӕссӕн ис текстмӕ?

27. Цӕмӕй фӕцис уацмыс? Цӕмӕн фесӕфтысты фыд ӕмӕ фырт

 Дзуапп дæттынц.

Дзуапп: Лӕгтыдзуарыл.

Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ.

Дзуапп:

цыппар нартхоры кӕрдзыны ӕмӕ фӕлмӕн цыхт.

Дзуапп: Йе стырдӕр бӕллиц Додийӕн уыди скъоламӕ цӕуын.

Дзуапп:Андиаты Сослан, Хӕдарцаты Махарбег, Таймӕзты Артур, Фадзайты Арсен).

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиуджытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)..

 Хъомыладон куыст дзулы тыххӕй:

Къордтимæ куыст:

-Уӕдӕ абон мах дзулӕн цы аргъ кӕнын хъӕуы, ахӕм аргъ ын кӕнӕм? Хъыгагӕн нӕ. Ирон лӕг иу кӕрдзынӕй ард куы бахордтаид, уӕд уымӕн фӕсайӕн нӕ уыд. Ӕнусты сӕрты фӕхастой се рдхӕрӕны ӕртӕ уӕлибӕхы. Ӕмӕ иу искуы дзулы къӕбӕр зӕххы куы фенат, уӕд иу уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд Додийы хъысмӕт. Абон дӕр хор ӕрзайын кӕнын ӕнцон нӕу. Тынг бирӕ адӕм ыл бакӕнынц хидвӕллой.

Дыууæ къорды дæр хъуыды кæнынц æмбисæндтæ.

Сывæллæтты хъуыдытæ.

Сывæллæттæ кусынц, фыссынц æмбисæндтæ.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

Фыдыбæстæм,кæрæдзимæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Адӕмы хӕлардзинад зын сахаты:

 

Эпигрæфæн хатдзæг скæнын:

1.Абон хӕхты фыдбылызтӕ не рцӕуы. Уыдонӕн дӕр баххуысгӕнӕг нæ вæййы?

 Ӕхсары ныхӕстӕ хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстон. Ирыстон нӕлгоймагӕй рагӕй дӕр домбай уыд, ныффӕрӕзта иу алы тухӕнтӕн дӕр, уӕддӕр Ирыстоны кад дӕлӕмӕ никуы ӕруагъта. Ныр та уыцы хӕс ӕрхаудта сымахмӕ. Ӕмӕ кӕд ӕккойӕ хор нал хӕссӕм, уӕддӕр лӕджыхъӕд равдисынӕн ныртӕккӕ дӕр бирӕ гӕнӕнтӕ ис.

Дзуапп дæттынц.

Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Рефлекси:

Сæвæрын бæрæггæнæнтæ:

Уæдæ урочы чи куыд бакуыста , уый сбæрæг кæнæм.

1). Æз урочы куыстон… хорз/æвзæр

2). Урок мæм фæкаст… цыбыр/даргъ

4) Урочы ногæй базыдтон…/ нæ базыдтон.

Аргъ скæнын кæрæдзийæн комментаритимæ.

Æвæрынц бæрæггæнæнтæ.

Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын алыхуызон критеритæй пайда кæнын; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),

удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).

Хæдзармæ куыст:

Ныффыссын нывæцæн «Темсыр æмæ Додийы трагикон хъысмæт»

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Тегайы бæлас» Дзесты Куыдзæг учебник 3 класса, учебник осетинское чтение

Разработка урока к рассказу "Тегайы балас", Куыдзага Дзесова. Урок комплексного применения знаний и умений. Дидактическая задача: создать условия для восприятия и осознания сюжетной линиии эмоциональн...

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "...

Урок осетинского языка в 11 классе "Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йы"

Урок осетинской литературы в 11 классе "Духовные ценности человека в пьесе Дзесова Кудзага "Фаендагсаеры Уастырджи"....

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Темӕ: Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагса Уастырджи».

Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæн cæ бæрзонддæртæй иу уТырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон...

Дзесты Куыдзæг "Фæндагсар Уастырджи"

Куыдзæг уыди гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын. Адæймаджы идеал ын æвдыст цæуы хæрзгæнæджы хуызы.  Хæрзиуæг кæнынæн ис бирæ хуызтæ, б...

Дзесты Куыдзᴂг «Тегайы бᴂлас».

1. Фᴂллойы темᴂйᴂ рацыд ᴂрмᴂг ныффидар кᴂнын...