Доклад: «Драмон уацмыс ахуыр кæныны методикæ хистæр кълæсты».
статья на тему

Ситохова Зара Бебоевна

15- æм астæуккаг скъола

                                Ситохаты З.Б.

Скачать:


Предварительный просмотр:

                        15- æм астæуккаг скъола

                        Ситохаты З.Б.

                 Доклад:

   

    «Драмон уацмыс ахуыр   кæныны методикæ хистæр                  

             кълæсты».

                                     

                                       Дзæуджыхъæу

Хистæр кълæсты программæтæ хъæздыг сты эпикон æмæ лирæ-эпикон уацмыстæй. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы жанрты аивадон уацмысты активонæй архайæг вæййы фыссæг йæхæдæг. Автор характиристикæ фæдæтты йæ геройтæн, таурæгъон æрфыстыты æмæ лирикон фæзилæнты раргом вæййынц йæ нкъарæнтæ, йæ цардæвзарæнтæ, йæ зæрдæйыуаг.

       Драмон уацмысы автор архайджытæн характиристикæ нæ фæдæтты, нæ дзы вæййынц авторы номæй таурæгъон ныхас. Геройтæн сæ ддаг бакаст, архайды уавæртæ, бынаты æрфыст хæрз цыбырæй лæвæрд æрцæцынц ремаркæты.

       Драмон уацмысы сæйраг аразæг компонент у архайджыты ныхас – диалог æмæ монолог. Архайджытæн сæ ныхасæй  цæуыл дзурынц, цавæр хъæлæсыуагæй дзурынц, уымæй равдисынц сæ характерон миниуджытæ: æхсæнадон царды цæуыл лæуд сты, цæмæ тырнынц, сæ кæрæдзимæ сын цавæр ахастдзинæттæ ис, сæ тох цæй сæраппунд у. Архайджытæ диалоджы ныхас куыд дарддæр цæйы, афтæ фæд-фæдыл уацмысы рæзынц царды цаутæ дæр, сæвзæры конфликт, æмæ райдайы йæ рæзт.

      Куыд зонæм, афтæмæй драмон уацмысæн ис æртæ сæйраг хуызы: трагеди, драмæ æмæ комеди.

     Æртæ хуызæн дæр сæ иууыл сæйрагдæр миниуæг у сценæйыл æвæрынæн фыст кæй æрцæуынц, уый. Ацы жаныры уацмыстæ ахуыргæнгæйæ литературæйы урочы сæйраг нысан у уацмысы конфликт сбæрæг кæнын, пьесæйы сæйраг хъуыды раиртасын.

       Драмон уацмыс у дыууæуавæрон: иуырдыгæй уый у аив литературæйы жанртæй иу, иннæрдыгæй та драмæ нысангонд вæййы сценæйы равдисынмæ. Дыууæ уавæры дæр хъуамæ уой æмдых, кæннод уацмыс йæ хæс æххæст кæнын хорз нæ фæразы. Куыд фыццаг æууæл, афтæ дыккаг æууалмæ гæсгæ дæр драмон уацмыс у аивады хуызтæй иу. Аивады хуызтæй та алкæцыйæн дæр ис хицан æрмæг, сæрмагонд æрмæг. Зæгъæм: музыкæ арæзт у мыртæй, ныв – ахорæнтæй, архитектурæйы архайынц дуртæй, хъæдæй æмæ æндæр æрмæгæй.

       Драмон уацмысæн та куыд аив литературæйы жанртæн йæ рмæг у дзырд.

      Ирон литературæйы программæты драмон жанртæй ис Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы». Ацы драмæ ахуыр кæнынц 9-æм къласы. Драмон жаныры уацмысыл бакусыны ахсджиагдæр методикон мадзал у текст рольтæм гæсгæ кæсын. Фыццаджыдæр уал ахуыргæнæг кæсы уацмысæй скъуыддзаг, архайджытæй алкæцыйы роль цавæр интонацийæ кæсгæ у, скъоладзаутæ уымæ зæрдиагæй хъусынц, афтæмæй.

   «Дыууæ хойы» - йы драматург равдыста сылгоймаджы хъысмæт, зæронд ирон æгъдæуттæ. Сылгоймаг рагон ирон лæджы цæсты æгад уыд. Зæронд ирон æгъдаумæ гæсгæ сылгоймагæй æмæ æгомыг фосæй уæлдай нæ уыд. Уæззаудæр куыстытæ кæнæд сылгоймаг, стæй йыл фылдæр аргъ, фылдæр ирæд чи бафида, уый йæ акæнæд цагъарæн. Зæрдæйы фæндонæй  ничи бафарстаид сылгоймаджы. Йæ уд, йæ цард уыдис нæлгоймæгты æмæ хистæрты къухы. Хистæрты ныхма исты куы бауæндыдаид сылгоймаг, уæд ыл налат ном æвæрдтой, уæд зарæггаг кодта. Елбыздыхъо рахæцыд ирон сылгоймаджы сæрыл. Уый мæлæтдзаг рæхуыст бакодта ирон æгъдæуттæн…

      Схъоладзаутæ лæмбынæгæй хъусынц ахуыргæнæгмæ. Сбæлвырд кæнынц, архайджытæй алчи цы мигæнæг у, уый. Сæхи куыд дарынц, сæ ныхас цæуыл у. Архайджыты дыууæ къорды сæ кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, ахæм карз ахастдзинадтæ цæмæн ис, скъоладзаутæ уый хъуамæ бамбарой. Цыбырæй, драмæйы текст лæмбынæг куы кæсай, æрмæст уæд раиртасдзысты персонажты характертæ, сæ тохы сæр.

           Драмон жанр эпикон æмæ лирикон уацмыстæй зындæр æмбарæн у. Гæнæн уæвгæйæ уацмыс урокты хъæуы кæсын æнæхъæнæй дæр. Архайджыты номхыгъд зонын хъæуы хорз, литературæйы тетрæдты фыст куы уа, уæд скъоладзаутæн æнцондæр бадарæн уыдзæн зæрдыл. Ахуыргæнæг скъоладзауты размæ æвæры, хъуыды кæныныл сæ чи æфтауа, ахæм фæрстытæ. Драмон уацмысы персонажтæн характиристикæйы раттыны сæйраг фæрæз у уыдонæй алкæмæн йæ ныхасы мидис æмæ хицæн дзинадтæн анализ скæнын. Æрдзурын хъæуы драмæйы æвзагыл дæр. Драмæйы идейон мидис арфдæр бамбарынæн хорз фæрæз у уый театыры сценæйыл фенын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Доклад на семинаре учителей физической культуры : "Методика преподавания акробатических упражнений на первой ступени образования"

Многие учителя физической культуры не любят гимнастику. Во-первых, за сравнительно низкую плотность занятий. Во-вторых, за повышенную в сравнении с уроками по другим разделам учебной программы травмоо...

Доклад на семинаре учителей физической культуры : "Методика преподавания акробатических упражнений на первой ступени образования"

Многие учителя физической культуры не любят гимнастику. Во-первых, за сравнительно низкую плотность занятий. Во-вторых, за повышенную в сравнении с уроками по другим разделам учебной программы травмоо...

Доклад на РМО учителей иностранного языка "Методика оценивания учебных достижений с позиций компетентностного подхода"

Вопросы о том, как оценить уровень достижений ученика и что возможно оценить, относятся к «вечным» вопросам педагогики.Потребность в объективной оценке результатов деятельности человека всегда была и ...

Доклад:"Лексикое ахуыр коеныны методикое астоеуккаг скъолайы"

Доклад на тему: "Лексикое ахуыр коенын методикое астоеуккаг скъолайы"...

"Давын чи сахуыр уа, уый йæхи хæдзарæй дæр давы»-Хетæгкаты Къ. уацмыс «Ахуыр

Открытый урок по произведению великого поэта Коста Левановича Хетагурова "Привычка". Урок объяснения нового материала. На уроке присутствует мотивационный этап. следующий этап -это...

«Фæззыгон аргъау». Иумæйаг ахуыр.

Применение пройденного лексического и грамматического материала в речи.Развитие монологической и диалогической речи.Составление связного текста....